Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хорз ракæнын - рæстæджы домæн
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХОРЗ РАКÆНЫН — РÆСТÆДЖЫ ДОМÆН 

Гоститы Хъазыбег 

 

Æгъдæуттæ нæ фыдæлтæ æрымысыдысты адæмы хорздзинадæн. Абон уыцы хорздзинад сабыргай сæфын байдыдта, æмæ нæм фæзындис, адæмæн æрмæст фыдбылызы хос чи у, ахæм хъуыддæгтæ. Уый аххосæй хъæздгуытæ ноджы хъæздыгдæр кæнын райдыдтой, мæгуыртæ та — мæгуырдæр. Дзыллæйы фылдæр хай бахауди уæззау æгъдæутты æфсондзы бын. Ацы уавæр знон кæнæ абон нæ равзæрди, фæлæ ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты. Æгъдæуттæн сæ мидис цæхгæр аивта: кæд раздæр адæмы пайдайæн уыдысты, уæд сын ныр та зианы хос систы. Рæдыд раст кæнинаг у: не ’гъдæутты сыгъдæгдзинадыл аудгæйæ, раздахын хъæуы хæрзæгъдау. Хъуамæ мæгуыр, æвæрæз адæймаг йе ’хцайы муртæ мауал хардз кæна хъæздыджы цины æмæ зианы, хъæздыг та мæгуыры муртæ мауал иса. Мæгуыр лæг, æгъдауы сæр хъуыды кæнгæйæ, йæ рæстаг капеччытæ хъæздыгæн кæй хæссы, уый нын кады хос нæу. 

Нæ фыдæлтæ кæд æнахуыргонд уыдысты, тыхст æмæ уырыд уавæрты цардысты, уæддæр нырыккон фæлтæрæй хуыздæр æмбæрстой хъуыддæгтæ. Уыдон мæгуырты хардз кæнын нæ уагътой. Уый нæ, фæлæ ма сын æххуыс дæр кодтой. Сидзæртæ, сидзæргæстæ, сабитæ, зæрæдтæ сæ рох никуы уыдысты. Уæды заман чи, цы æмæ цас радта, уый нæ нымадтой, худинаг сæм касти, номхыгъдтæ дæр нæ арæзтой. Ахæм мадзæлттæ-иу ссардтой, мæгуыр зæрдæхудтæй куыннæ баззайа. Зæгъæм, зæронд лæг йæ капеччы муртæ дæтты хъæздыг зианджынтæн. Уæд-иу æхца æмбырдгæнæг раарфæ кодта лæгæн, фæлæ дзы æхца нæ иста. Уый уыди фæтк, æхсæнадон уаг. Адæммæ афтæ растдæр каст æмæ уыцы æгъдау домдтой алкæмæй дæр. Кавказы иуæй-иу адæмтæ абоны онг дæр бахъахъхъæдтой уыцы фæтк: номхыгъдтæ нæ аразынц. Мах дæр уыцы уаг куы раздахиккам, уæд-иу мæгуыртæ сæ æфстайуаг капеччытæ нæ хардз кæниккой хъæздгуыты цины кæнæ зианы. Йæ раздахын та нæ бон у. Куыд, цы хуызы, уый та нæ культурæ, нæ психологи, нæ уды æмæ нæ зонды хъаруйæ аразгæ у. 

Абоны тыхст рæстæджы ахæм фыдвæтк ныффидар, æмæ мæгуыр лæгæн цины кæнæ зианы хъуыддагмæ æнæ ’хца цæуæн нæй, æхца та йæм нæ вæййы. Адæймаг зианмæ куы бацæуа, уæд æм хæдзармæ бахизæны æнхъæлмæ фæкæсынц номхыгъды бæзджын тетрадимæ. Уый бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ фæткæвæрды ныхмæ сдзурын сæ бон нæу, уымæн æмæ хæдзары хицауы зæрдæхудтæй тæрсынц, нæ уæндынц «æгъдау» фехалын. фылдæр адæм уыцы æгъдæуттæ хорз æнхъæлынц, сахуыр сыл сты æмæ сæ сæхи фыдбылызæн кæнынц. 

Æвæстиатæй саразын хъæуы афтæ, цæмæй нæ дзыллæ бамбарой, нæ царды бирæ митæ ивинаг кæй сты. Æрмæст уыцы хабар хъуамæ алчи дæр йæ зæрдæмæ арф айса, баууæнда йыл. Хъуамæ нæ хуыздæр æгъдæуттæ парахат кæнæм æмæ не ’хсæнады ныфс бауадзæм. Уадз, алчи дæр нæ бамбара, банкъара, нæ абоны цард, алы адæймаджы уавæр дæр æмæ скæна бæлвырд хатдзæгтæ. Цард ивгæ цæуы, ахæм у йæ миниуæг. Мах дæр хъуамæ хуыздæрмæ тырнæм, нæ авналæнтæ хынцæм. Æмæ мæ зæрдæ дарын, ацы сагъæссаг хъуыддагыл кæй бакусдзысты бæрнондæр æмæ активондæр æхсæнадон архайджытæ — республикæйы сæргълæууæг æмæ йе ’мкусджытæй куырыхон хистæрты онг. 

Ацы ныхас уымæн кæнын æмæ ныронг фаг критикон цæстæнгас нæ уыди нæ национ культурæмæ, цардыуагмæ. Æнæ критикон цæстæнгасæй та размæ цæуæн нæй. 

Абон нæм парахат у ахæм хъуыды: цас фылдæр адæм æрæмбырд уа мæ зиан кæнæ мæ цинмæ, уыйас æхца дæр фылдæр æрæмбырд уыдзæн. Æхца куыд фылдæр уа, афтæ та æгъдæутты арæнтæ дæр уæрæхдæр кæнынц. Фынг кæд хъæздыгдæр уа, уæд дзы хæрд æмæ нозт дæр фылдæр ис: искæй хардзæй хорз бахæрын æмæ баназын чи уарзы, уыдонæн — цæттæ бæрæгбон! 

Стыр хъыгагæн, нæ цины æмæ нæ зианы фынгтæ сæмхуызон сты. Хатгай афтæ дæр рауайы: исты хъуыддаг кæмæ вæййы, уый номхыгъдмæ æркæсы, æмæ дзы хæстæджытæй, зонгæтæй исчи къаддæр схардз кодта, уæд ыл йæ зæрдæ фæхуды. Иуахæмы иу хъæздыгæн йæ бинойнаг амард. Иæ мæгуыр сыхаг æртæ боны зæрдиагæй фæлæггад кодта, æхца та йæм нæ уыд æмæ ницы радта. Уæд ын иу бон хъæздыг афтæ: «Кæм уыдтæ ды та, куынæ дæ федтон?» Ома номхыгъды фыст куынæ дæ! 

Ныры дуджы алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр æхца у йæ сæр, йæ ном, йæ кад, йæ уынаффæгæнæг. Хуыцауæй разы, фæзынд ахæм хъæздгуытæ, амалджын адæймæгтæ, æмæ цыфæнды хъуыддаджы дæр нал уадзынц номхыгъдтæ аразын. Уый у хорз, раппæлинаг фæзынд. Æрмæст æй нырма бирæтæ нæ фæзмынц æмæ сæрмагонд лæджы æд тетрад æрбадын кæнынц кæрты. 

Мæ разы ис иу фыстæг. «Цалдæр азы размæ мæ чызг, æрыгон ахуыргæнæг, амард, — фыссы зæронд лæг. — Æз загътон: иунæг капекк дæр никæмæй райсдзынæн, мæхи хъаруйæ йын кæнын æппæт æгъдæуттæ дæр. Мæ хæстæджытæ уый куы базыдтой, уæд мæ сдзурын дæр нал бауагътой, кой дæр, дам, æй мауал скæн». 

Æндæр цау. Дыгуры районы цæрынхъуагæй амард амалджын бинонты мад. Хæдзары хицау, кадджын хистæр, йæ чызгмæ дзуры: 

— Чызг, нæ бон у, æнæ искæй æххуысæй, нæхи хъарутæй марды æгъдæуттæ скæнын? 

— Уый та куыд? — дзуапп радта чызг. — Адæмы зæрдæхудты цæмæн цæуыс? Адæмы хардз кæнын фæнды. 

Уымæй æбуалгъдæр хабар ма цы уа! Мæгуырæн йæ фæстаг капекк йæ хъуырæй ралас — уый худинаг нæу! 

Абоны царды стыр сагъæссаг у чындз æрхæссын, чызг раттын. Хæдзары хицау хонджытæ арвиты хуымæтæг зонгæтæм дæр, уымæн æмæ чындзæхсæвы æхца хъæуы. Æхца кæмæ нæ вæййы, уый æфстау райсы, чындзæхсæвы цы æрæмбырд уа, уыдонæй сæ бафиддзынæн, зæгъгæ. Ныр уæхæдæг хатдзæг скæнут: ахæм тыхмадзæлтты æххуысæй арæзт æгъдæуттæн нывыл рахонæн ис? Кæд дæ фадат нæ амоны, уæд цæмæн хъæуы утæппæт адæмы хонын! 

Зианджын æгъдау раттыны охыл æппындæр ницæмæуал фæкæсы, хæсты бацæуы æмæ æрцæуæг адæмы хорз фены. Ома, дам, хъуамæ хъаст мачи ахæсса. Стæй йæм цы æхца æрбафты, уымæй йæ хæстæ бафиды, йæхæдæг та афтидармæй аззайы. 

Афтæ, гъе, чи фылдæр схардз кæна, зæгъгæ, нæ адæм ерысы бацæуынц. Хистытæ нæм куывдты хуызæн систы, уæлдайдæр дыууиссæдзæм бонтæ. Фынгмæ куы бакæсай, уæд æй нæ раиртасдзынæ, адæм цины фынгыл бадынц æви зианы. 

Махмæ цæйбæрц фæлхæстæ скæнынц зианы хъуыддæгты, махмæ цæйбæрц адæмы æрæмбырд чындæуы, уыйбæрц зæххы цъарыл иу адæмыхатмæ дæр нæ фендзынæ. Ам фыццаджы-фыццаг аххосджын сты хъæздгуытæ æмæ бæрнон бынæтты кусджытæ: исты хъуыддаг сæм куы вæййы, уæд бæрц нал фæзонынц, уымæн æмæ сæм ис. Уыдонæй хъуамæ рох ма уаид: сæ алывæрсты бирæ мæгуыртæ цæры, уымæ гæсгæ хъуамæ сæхи уæздандæр дариккой. 

Уæдæ цы бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдбылызы уавæрæй фервæзæм, уый тыххæй? Иу хатт ма йæ зæгъын: раздахæм, нæ фыдæлтæм цины æмæ зианы хъуыддæгты цы æгъдæуттæ уыд, уыдон. Къух сисæм номхыгъдтæ аразыныл. Нæ сыхаг адæмтæм хорзæй цы ис, ууыл дæр былысчъил кæнын нæ хъæуы, истæмæйты сæ куы бафæзмæм, уæд уым æвзæрæй ницы ис. 

Иу хъуыддаджы тыххæй ма мæ фæнды зæгъын. Уый хауы дзыллон информацийы фæрæзтæм. Уыдон сты хъæргæнæг дæр æмæ хонæг дæр: республикæйы æппæт дзыллæты дæр æрхонынц. Æмæ кæд афтæ зæгъæм, бонзонгæдæрæй, хиуылхæцгæдæрæй кæнæм не ’гъдæуттæ, зæгъгæ, уæд дзыллон информацийы фæрæзтæ та уый ныхмæ кусынц. 

«Стыр Ныхас» цы уынаффæтæ рахаста, уыдон ницæмæ дарынц. Ау телеуынæн æмæ газеттæн сæ бон æнæ хъæргæнджыты æмæ тæфæрфæсгæнджыты æхцатæй кусын нæу! 

Æгъдæуттæ хицæн бинонтæ сæхæдæг нæ фæкæнынц — æхсæнады фæфæзмынц, ома, дам, иумæйаг фæтк ахæм у, æмæ йæ махæн дæр æнæкæнгæ нæй. Уымæ гæсгæ æвæстиатæй саразын хъæуы афтæ, цæмæй алыхуызон цæлуарзджытæ, арахъхъдзуангæнджытæ, не ’гъдæуттæ, нæ цард нын чи æгадæнад кæны, уыдон уынаффæгæнæг ма уой. Хъуыддæгтæ хъуамæ сæхимæ райсой æмбаргæ, уæздан хистæртæ æмæ кæстæртæ. Хæстæг уадзын нæ хъæуы æнæсæр «алцызонæг» сылгоймæгты, номхыгъдтæ фыссынмæ чи фæвæййы, ахæмты. 

Цæмæй «Стыр Ныхас»-ы фæнд царды рацæуа, ныффидар уа, уый тыххæй бæлвырдæй зонын хъæуы адæмы хъуыды, не ’гъдæуттæм ногæй цы хæссынц Ирыстоны хистæртæ. Процессæн нæдæр тагъддæр кæнæн и, нæдæр уромæн — хъуамæ баргæ къахдзæфтæй цæуа йæ нысанмæ. Иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр хæцын нæ хъæуы, талф-тулф митæй никуы ницы рауади, къуылымпыйы хос цы вæййынц, æндæр. Адæмы ’хсæн цы хорздзинæдтæ райгуыры, уыдон сæ цæфыл уынын æмæ æмбарын хъæуы. Хъуамæ рæстæгимæ æмдзу кæнæм, хынцæм уавæртæ. Хорз миниуджытæ куыд фæзынынц, цауд миниуджытæ дæр афтæ фæзынынц, æмæ сæм лæмбынæг кæсгæ у, хорзæн хъуамæ фæндаг дæттæм, æвзæр та æмгæрон ма уадзæм. 

Хорз фæтк дæр фесæфы цыфæнды культурон æхсæнады дæр, ног структурæ йын куынæ уа, уæд. Уыцы структурæ та хъуамæ адæмимæ куса иудадзыг. Афтæ куынæ уа, уæд нæ мидбынаты цоппай кæндзыстæм. Структурæйы (схонæм æй Координацион Центр) уæнгтæ хъуамæ уой республикæйы фыццаг лæгтæ, адæмы ’хсæн нымад чи у, кад кæмæн ис, ахæмтæ: паддзахадон хицаудзинады разамонджытæ, уæллаг къæпхæнæй бинаг къæпхæны онг цы бæрнон кусджытæ ис, уыдон, дзыллон информацийы фæрæзты сæргълæуджытæ, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ, культурæйы, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, мидхъуыддæгты, фæллойы æмæ социалон рæзты министртæ, ахуыргæндтæ, дины кусджытæ, республикæйы кадджындæр хистæртæ æмæ а.д. Республикæйы фыццаг лæгтæ хъуамæ фæзминаг уой æгъдæуттæ банывыл кæныны хъуыддаджы, цæмæй адæм дæр уыдонмæ гæсгæ рацаразой сæ уаг, сæ царды фæтк. Адæм иугæйттæй сæ ныфс нæ хæссынц уавæр раивынмæ. Кæд Координацион Центры Совет сарæхса, уæд нæ фæндтæ дзæгъæлы нæ фæуыдзысты. Амидингæнæг та хъуамæ уа «Стыр Ныхас». 

Кадджындæр, нымаддæр лæгты схонæн ис «адæмы минæвæрттæ». Хъуамæ уыдон сæ хъус дарой æхсæнадмæ, бинонты цардмæ, æгъдæуттæм. Адæмы минæвæртты куыст та аразгæ уыдзæни, «Стыр Ныхас»-æн районты, хъæуты цы хайæдтæ ис, уыдонæй, стæй бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджытæ æмæ Хистæрты советæй. Минæвæрттæм хъуамæ уа «Рекомендацитæ» — уым та алы фарстæн дæр уыдзæни дзуапп. «Рекомендацитыл» хъуамæ рагацау ныхас æрцæуа куыстуæтты, хъæууон æмбырдты, стæй ирон адæмы сæрмагонд съезды. Æрмæстдæр афтæмæй æрцæуæн ис иу фæндмæ. Уый фæстæ хъуамæ иумæйаг хъуыдытæ мыхуыргонд æрцæуой газетты, рауадзæм сæ хицæн чингуытæй иронау æмæ дыгуронау. 

Фыццаг рæстæг ахæм адæймæгтæ дæр разындзæн, барæй кæнæ æнæбары «Стыр Ныхас»-ы «Рекомендацитæ» чи ницæмæ дара. 

Цæмæй уыдоны фæнд нæ, фæлæ мах фæнд ацæуа, уый тыххæй сæ хъæуы раиуварс кæнын. Хъуамæ бамбарой: мах фарс чи нæ уа, уыцы консерватортæн сæ цинмæ дæр æмæ сæ зианмæ дæр ничиуал цæудзæни. Ахæм уавæрты сæ куы сæвæрæм, уæд бар-æнæбары дæр æрсæтдзысты. 

Загътон ма йæ: иннæ адæмтæм дæр хорзæй цы ис, уыдон национ æгъдæуттæм куы хæссæм, уæд нæ культурæ хъæздыгдæр кæндзæни, нæ сыхæгтимæ нæ ахастдзинæдтæ хуыздæр фæуыдзысты, кæрæдзи дзæбæхдæр æмбардзыстæм. Уый ныры рæстæджы иттæг ахсджиаг хъуыддаг у. 

Нæ бæстæйы уавæр йæхи бындуронæй æвдисы Уæрæсейы Президент В. Путины программæ «Тох мæгуырдзинады ныхмæ»-йы. Программæ цæмæй царды рацæуа, адæмæн фарн æрхæсса, уый тыххæй мах, ирон-дыгурон адæм, не ’гъдæуттæм хъуамæ бæстон æркæсæм æмæ сæ банывыл кæнæм. Афтæ куынæ уа, уæд Президенты программæ царды зынтæй рацæудзæни. Цæмæй æххæстгонд æрцæуа, уый тыххæй хъуамæ нæ мæгуырты бахизæм цины æмæ зианы хæрдзтæ кæнынæй. Уый зын саразæн нæу, уымæн æмæ хæстæджытæ, сыхæгтæ, æмбæлттæ хорз зонынц, чи куыд цæры, уый. Ацы хъуыддаг къухы куы бафта, уæд уый фылдæр адæмы цардыл хорзырдæм фæзындзæни. Цины æмæ зианы хабæртты хъуамæ æххуыс кæной æрмæст бынтон хæстæджытæ æмæ лымæнтæ. Уæд номхыгъдтæ аразын дæр ницæмæнуал хъæудзæни, ды — мæнæн, æз та — дæуæн, ахæм хъуыдыгæнджытæ дæр нал уыдзæни, цинмæ æмæ зианмæ къаддæр адæм цæудзæни. Бонджынтæ æмæ хицæуттæ бирæ адæммæ нал æрвитдзысты. Раст мæ бамбарæнт: зианджыны фарсмæ балæууыны ныхмæ нæ дæн. Æз дзурын æмæ дзурдзынæн: æххуысхъуаг чи у, уымæн æххуыс кæнын хъæуы. Æрмæст уыцы хæс сæхимæ исæнт хæрз хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ. 

 

(Журнал «Мах дуг», 2007, №3) 

Æрмæг ист æрцыдис мæнæ ардыгæй  

http://allingvo.ru/POLITICS/gostity.htm 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ