Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Танхълаты Георги (Жоркæ)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Танхълаты Георги (Жоркæ) 

(1910-2004)  

Финты хæсты активон архайæг, хъæбатыр хæстон тæхæг-бомбæппарæг. 

 

 
Джызæлы кадджындæр хистæртæй иу Танхълаты Жоркæйы (Георгийы) хæстон хабæрттæ чи зоны, уыдон абон дæр дис кæнынц, йæ хъысмæт куыд рауад, ууыл. 

Хъæуккаг лæппу æдзух цы хорздзинадмæ бæллыд, уый 1936 азы йæ къухы бафтыд. Каст фæци Севостополы хæстон-авиацион училище æмæ сси тæхæг. Уыцы аз æй арвыстой горæт Ржевы уæззау бомбæтæ æппарæг тæхджыты полкъмæ. Уый фæстæ та — горæт Калининмæ. Хорз цыдис йæ службæ. Цыбыр рæстæгмæ уæлдæфы йæ хæдтæхæгыл фæцис 1600 сахаты. Æмæ кæд дыууæ азы йеддæмæ нæма службæ кодта, уæддæр ын полчъы æрыгон тæхджытæ ахуыр кодтой йæ фæлтæрддзинад. 

Йæ арæхст, йæ хорз службæйы тыххæй йын полчъы командир зæрдæ бавæрдта отпуск радтынæй. Цин кодта Жоркæ, æмæ йæ бирæ хотæ, йæ мад æмæ йæ фыдмæ йæ писмойы фыста: «Ма тыхсут, тагъд кæрæдзи фендзыстæм». 

Фæлæ йæ писмо Ирыстонмæ нæма схæццæ, афтæ райдыдта Финляндиимæ хæст. Знагимæ уæлдæфон тохты ноджы тынгдæр рабæрæг сты ирон лæппуйы арæхст, йæ ныфс æмæ йæ лæгдзинад. Иу бон та йæ хæстон хæс сæххæст кодта æмæ фæстæмæ здæхт йæ аэродроммæ. Фæлæ æваст цыдæр кодта йæ хæдтæхæг æмæ сау пиллон калгæ сау хъæдмæ æрхаудта. Йæ уд, бæргæ, аирвæзт, фæлæ бахауд уацары. Фæстæдæр райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Бынтон зынтæ æмæ тухитæ та уæд бавзæрста. Кæм — уазал, каем стонгæй æрвыста йæ бонтæ. Хæст фæци, уæддæр. 

Жоркæйæ хабар нæма уыд. Зæронд мад æмæ фыд ын æгас æнхъæл нал уыдысты, мардыл æй банымадтой. Бирæ йыл фæхъыг кодтой, стæй йын уæлмæрдты афтид ингæныл хъæдын цырт ныссагътой. Фæлæ Жоркæйы амонд разынд адзалæй тыхджындæр. Фæллад хæстон лæг сæрæгасæй сæмбæлд йæ райгуырæн хæдзарыл æмæ Джызæлы стыр хъæубæстыл атахт цины хабар.  

 
 

Жоркæ йе 'мгæрттæй цалдæримæ ныццыдис уæлмæрдтæм, джихæй бирæ фæкастис афтид ингæнмæ, стæй сласта зæххæй йæ цырт. Схаста йæ сæхимæ æмæ йæ йе стыр куывды бон æхсидгæ цуайнаджы бын арты басыгъта. Уæдæй нырмæ кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр йæ буц хистæрæн зарæгæй æгъдау скодта хорз кæстæр, хæдахуыр композитор Моргуаты Эльбрус. Æз та уыцы хорз æгъдауы мидæг балæууыдтæн Эльбрусы фарсмæ æмæ зарæгæн ныффыстон ныхæстæ:  

 

Чеджемты Æхсар 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

ТАНХЪЛАТЫ ГЕОРГИЙЫ ЗАРÆГ.  

Моргуаты Элбрусы мелоди, Чеджемты Æхсары ныхæстæ.  

Зары Цæгат Ирыстоны сгуыхт артистка Хадыхъаты Алла  

(МР3 Format) 

 

Нæ Иры зæхмæ фарн амондимæ  

Æрцыд Хуыцауæй; 

Хистæр нæм буц у, хистæр нæм буц у,  

Кæстæры 'гъдауæй. 

 

Жоркæ та махæн нæ буц хистæр у,  

Мæ хорз æмгæрттæ.  

Ныр дæр ма риссынц фæллад хæстоны  

Зæронд хъæдгæмттæ. 

 

Хъæбатыр тæхæг Райгуырæн бæстæ  

Цы уарзтæй уарзта!  

Карз тохы заман ирон лæджы ном  

Кадджынæй хаста. 

 

«Тыхсгæ ма кæнут, мæ бирæ хотæ,— 

Фыста сæхимæ,— 

Æз уæм зындзынæн иу амондджын бон 

Уæлахизимæ». 

 

Хъæбатыр тæхæг фидæнмæ касти  

Хуыздæр æнхъæлмæ.— 

Йæ хæдтæхæгыл сау нæмыг сæмбæлд  

Сау хъæды сæрмæ. 

 

«Хæрзбон, Дадинка, йæ рухс фæндтæй дæ  

Дæ фырт фæсайдта».  

Судзгæ хæдтæхæг сау пиллон калгæ  

Сау зæхмæ хаудта. 

 

Ныййарæг мадмæ афтæ бадзурынц  

Сæркъул — фæлмæстæй.  

Мæнæ дæм, зæгъы, сау хабар ыссыд  

Судзгæ сау хæстæй. 

 

Æнкъард хъæубæстæ сæ хорз кæстæрæн  

«Рухсаг у»,— загътой.  

Хъæдæй конд цырт ын уæлмæрдты кæрон  

Хибар ныссагътой. 

 

Фæлæ адзалæй Жоркæйы амонд  

Тыхджындæр разынд,  

Йæ царды рухс хур ныгуылæн арвæй  

Фæстæмæ разылд. 

 

Иу сæумæрайсом фæлмæцыд хæстон 

Сæ кæртмæ бахызт. 

— Гъей, хæдзар!— зæгъгæ, тынг зонгæ хъæлæс 

Мидæмæ байхъуыст. 

 

Зонгæ хъæлæсмæ фондз уарзон хойыл  

Базыртæ базад. 

Ныййарæг мад та уаты къæсæрыл  

Сагъдауæй баззад: 

 

«Диссаг — æмбисонд, цы хур мыл ракаст  

Мæнæ Джызæлы!»  

Йæхицæн, зæгъы, йæ цины цæссыг  

Æваст нызгъæлы. 

 

Йе стæй йын загътой сæ рыст зæрдæты  

Цы хъыг, цы мает и.—  

Жоркæ уæлмæрдты афтид ингæнмæ  

Бирæ фæкасти... 

 

Фæллад хæстон лæг сау зæххы риуæй  

Йæ цырт ысласта.  

Йæ куывды бон æй арты судзынмæ  

Сæхимæ 'рхаста. 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ