Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Къубалты Алыксандр
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Къубалты Бызийы фырт Алыксандр  

(1871-1944) 

Ирон зындгонд поэт æмæ æхсæнадон кусæг 

 

 
Райгуырд 1871 азы Бæтæхъойыхъæуы «Хорз ирон хæдзар уыдысты Къубалтæ», — зæгъы йæ цардфыссæг. Йæ фыд Бызи уыд ахуыргæнæг. Афтæмæй зæрдæргъæвд лæппу рæзт æмæ рахъомыл ис, ирон хæрзæгъдау æмæ ахуырады рухс кæм баиу сты, ахæм уавæрты. Ахуыр кодта хъæууон скъолайы, уый фæстæ Дзæуджыхъæуы гимназы. 1898 азы каст фæци Киевы университеты барадон хайад. Сси адвокат æмæ йæ цæргæбонты кодта уыцы куыст. 

Алыксандр райста хорз ахуырад. Уыди сыгъдæг интеллигент, фæлмæнзæрдæ æмæ аудæг адæймаг. Йæ рæстæджы цард фæйлыдта знæт фурдау тохы тымыгътæй. Алыксандр никуы бацыди уыцы уылæнты, нæ абухта сæ фыцæны. Фæлæ иуварс нæ лæууыд культурон цардæй, йæхи нæ хызта рухсады куыстæй. Уыди æнувыд «Хæххон адæмы ахуырады æхсхнад» ы (Общество распространения образования среди горцев). Æхсæнадæн хъуыдис фæрæзтæ, æмæ Алыксандр æвзыгъдæй арæзта литературон изæртæ, театрон æвдыстытæ. 1907 азы Дзæуджыхъæуы фæзынд чиныгуадзæн æхсæнад «Ир». Алыксандр уым дæр куыста зæрдиаг æмæ хъæппæрисджынæй. Йæ хæдзар ирон фæсивæдæн уыд культурон артдзæст, нæртон фысымуат. Поэт ахуыры фæндагыл арæзта иры кæстæрты, æххуыс æмæ сын ахъаз кодта æппæт мадзæлттæй. 

Къубалы-фырт уыдис барадхъахъхъæнæг. Фæлæ йæ бон нæ баци йæхи бавæрын, рæстæджы фыдæхæй йæхи бахизын. Æртынæм азты бæстæйыл сыстад хæрамы рын, уæлдай тынгдæр фæзынд Ирыстоныл, бафтыд фысджытыл æмæ сæ кодта га-гадзагьд. Хахуырты азар басыгъта Алыксандры дæр. 1937 азы зæронд поэт бахауд ахæстонмæ æмæ бабын, нал разынд йæ царды фæд. Фæлæ ирдæй зыны, ирон поэзийы цы фæд ныууагьта, уый. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ