|
Тлаттаты Чермен
Адæмон хъайтар, цардис XVIII-XIX æнусты, Хъобаны хъæуы, Цæгат Ирыстоны.
Чермен уæздан æлдары Бестолы фырт, фæлæ номыл усæй гуырд, æнæбар, æнæбындур. Тыхджын æмæ ныфсджын уæвгæйæ, йæ кард систа Хъобаны æмæ йæ мыгкаджы хъæздыджыты ныхмæ. Уыдон Бестолы мæлæты фæстæ зæххытæ уæрстой æмæ Чермены кæвдæсардыл банымадтой, æвзæр дурджын цъыфдзæстытæ йын бахай кодтой. Уæд Чермен уæздæттимæ стох кодта йæ бартыл, иннæ мæгуырты бартыл. Уыдон æргом йæ ныхмæ рацæуын нæ бауæндыдысты. Сæхиуыл æй баууæндын кодтой, æмæ йæ мæнгардæй амардтой.
Адæм нæ ферох кодтой Чермены, скодтой йыл хъæбатыры зарджытæ æмæ сæ абон дæр зарынц Цæгаты æмæ Хуссары.
Чермены зарæг
Тылаттатæ, дам, байуæрстой
Æрнæджытæ, гæмæхтæ
Черменæн дзы хай равзæрстой
Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ
Уæд Чермен цыди хæтæны
Лæбурдта-иу бирæгъау!
Тыхгæнджыты ныхмæ,
Æрбатардта иу рæгъау!
Йæ мад бадтис æнкъардæй
Арты фарсмæ къонайыл
Куы фæцæрон æгадæй –
Хæрам мын уæд дæ фæллой!
Чермены тыххæй ма æрмæг бакæсæн ис мæнæ ацы ран
http://www.iriston.com/logos/HISTORY/chi_uydis_Chermen.htm
|