Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Зиан дæр мæрдтæм æнæ худгæйæ нæ цæуы.
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын

 

Ирон адæм рагæйдæр хъæлдзæг ныхас æмæ аив хъазæн митæн хорз аргъ кодтой. Ныхасы, кæнæ фынджы бадты мидæг арæх кодтой кæрæдзийæн алы хъæлдзæг хабæрттæ. Суанг ма-иу хатгай зианы рæстæг дæр æрцыдис исты хабар, кæцы адæм уый фæстæ хъæлдзæгæй мысыдысты. Дзæгъæлы-иу нæ загътой нæ фыдæлтæ: «Зиан дæр мæрдтæм æнæ худгæйæ нæ цæуы». 

 

Нæ мæ уырны 

Иу хъæуы зиан æрцыдис, æмæ йе'вæрæн боны мæрддзыгой адæм иронвæндаг кæнынц зианы цурмæ. Тынг бирæ дзыллæ æрцыдис æмæ, куыд æмбæлы афтæмæй, къордтæй, кæрæдзийы фæстæ уынджы ныххал сты, тæфæрфæс ракæнынмæ. Дуармæ хистæртæ лæууынц æмæ æрцæуæг хъиамæтгæнæг адæмæн арфæ кæнынц. Хиуæттæ та куыд вæййы афтæ, кæртмæ хизынц.  

Уалынмæ, кæртмæ цæуæг къорды иу сылгоймаг кулдуары раз ныллæуыдис æмæ йæ уæрджытæ хойы, хъарджытæ кæнгæйæ: 

«Мæнæ мæ бон куыд бакалдис! Нæ мæ уырны! Нæ мæ уырны! Нæ мæ уырны!»  

Афтæмæй мæгуыр сылгоймаг бахизæны астæу лæууы æмæ йæ разæй никæй уадзы. Уæд хистæр нæлгоймæгтæй иу хæстæгдæр бацыдис æмæ йæм аивæй дзуры: 

«Хорз ус, дæ хорзæхæй! Мæнæ уал кæй уырны, уыдоны ауадз...»  

 

 

Ног чындзы хабар.  

Кæддæр нæ сыхы уæззау хабар æрцыдис. Зæронд Тугъанæн, дуканимæ цæугæйæ, фæндагыл йæ зæрдæ бавзæр. Уый адыл лæг уым йæ уд систа (рухсаг уæд). Рынчындоны «Тагъд Æххуысы» хæдтулгæйыл æй сындæггай сыхы уынгты сласынц йæ хæдзармæ изæрдалынгты. Йæ фæстæ лæгты къорд сæркъулæй цæуынц. Уæдмæ сых фæфæдис сты. Сылгоймæгтæй чидæртæ Тугъаны хæдзармæ бауадысты, афснайынмæ (иунæгæй цардис, мæгуыр). Уæдмæ зиан дæр схæццæ ис хæдзары размæ. Сыхæгты ног чындз рухс кæм ссудза уый агургæйæ, талынджы рæдыдæй радиойы резеткæ баиу кодта æмæ хæдзарыл хъæрæй айзæлдис хъæлдзæг ирон кафты цагъд. Чындз йæхæдæг фæтарстис, цы бакуыстон, зæгъгæ, æмæ ралыгъдис.  

Афтæмæй зæронд Тугъаны зиан, йæ мæгуыр хæдзармæ гъайт-мардзæ ирон тымбыл кафты цагъдимæ бахастой. 

 

 

Нæ хæдзармæ йæ нæ хæссын  

Михал куыстæй сæхимæ сихорыл суадис. Рæвдз-рæвдз ахордта, æмæ фæстæмæ фæцæуæг. Фæндагыл ма йæ бауайын хъуыдис зианмæ, - йæ сыхаг зæрон ус амарди, æмæ дзы тæфæрфæс уæддæр ракæнон, зæгъгæ. Иу цасдæр алæууыдис зианджынты кæрты, уæдæ цы уыдаид. Мæнæ ныр хатыр ракурон æмæ мæ куыстмæ цæуон, зæгъгæ куыд ахъуыды кодта, афтæ йæ размæ æрбалæууыдис Серби, зианджын хæдзары уынаффæгæнæг.  

- Мæнæ ма хæстæгдæр æрбалæу æмæ иннæ кæстæртимæ зиан иу чысыл ахæсдзыстут – бадзыртта йæм ныллæг хъæлæсæй.  

- Серби, бахатыр кæн. Мæ куыстæй рауадтæн, æмæ рæджы кæнын. 

- Бирæ дæ нæ батыхсын кæндзыстæм. Уæдмæ дæ исчи аивдзæн. Дæ куыст дæр уыцырдыгæй куы ис... 

Цы ма гæнæн уыдис Михалæн. Хистæры ныхасмæ куыд нæ байхъуыстаид. Æгъдау æгъдау у. Кæстæртимæ схæцыдис чырыныл æмæ разæй (къæхтырдыгæй) цæуы. Иу фисынæй (тигъæй) æрхызтысты, иннæмæй – Михалы ивæг нæй. Уæхск нындзыг ис, кустмæ байрæджы, чырынæн æруадздзæн нæй... Афтæмæй цæуынц дарддæр. Уæд Михал фæстæмæ дзуры: 

- Уæ хорзæхæй, исчи ма мæ аивæд! Æз дæр æй кæд нæ хæдзармæ нæ хæссын...  

 

 

Сымахмæ йæ хæссынц. 

Иу хæдзармæ уазæг арбамбæлдис. Талынг æмæ йæ уазал агъуысты схуыссын кодтой фысымтæ. Æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ цъынд дæр не 'ркодта. Иннæ бон æм йæ фысым дзуры: 

- Нæ сыхæгтæм зиан ис, æмæ сæм бауайæм тæфæрфæс кæнынмæ.  

Мæрддзыгойы лæгтимæ лæууынц æмæ сæм кæртæй хъуысынц хъарæджы ныхæстæ: «Уæ, цæй мæгуыр дæ, цæй мæгуыр, талынг уазал ранмæ кæй фæхæсдзысты» 

Уæд уазæг йæ фысыммæ дзуры: 

- Æнхъæлдæн æмæ йæ сымахмæ хæссынц... 

 

 

(уыдзæн ма) 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ