Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Бардзинты Мысосты мысинæгтæй
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ирон адæммæ аив хъæлдзæг ныхас кæддæриддæр уыдис кадджын. Бирæ æзты дæргъы иу дзыхæй - дзыхмæ дзырдтой чи цы худæг хабар æрыхъуыста, уый. Уымæ гæсгæ уын мæнæн дæр мæ зæрды ис ахæм хабæрттæй иу цалдæр радзурын. Фылдæр цардæй ист сты, æцæг чи æрцыд мæ хæлæрттыл æмæ зонгæтыл, ахæмтæ. Æрмæст дзы нæмттæ аивтон  

 

Кæм вæййыс?  

Битта хæрзæрыгонæй нырмæ ануазын, ахæрын уарзта. Æмæ кæд ныр йæ дуиссæдз азы йæхицæй фесты, уæддæр йæ царды фæндаг нæма снывыл кодта. Йæ хуыздæр цин уыдис æмгæрттимæ абадын, куы рестораны, куы та куывды, чындзæхсæвы. Афтæмæй та иу афон ностджынæй фæсæмбисæхсæвты хæдзармæ æрбахаудис, æмæ кæсы – йæ зæронд фыд диваныл бады æмæ газзеты кæсы. 

- Лæппу, ауай æмæ хуытæн хæринаг ратт, - мæстыгъуызæй йæм радзыртта Баба. 

Лæппу, ахæм цау æнхъъæл кæм уыдис, æмæ цæхгæр фæзылдис. Фæрасти хуыты æфсадынмæ. Фæлæ иу цалдæр минуты фæстæ фæстæмæ æрбаздæхт.  

- Баба, хуытæ... нæ-æ хæрынц... 

- Омæ дæуæн дæр уый зæгъай, уый. Ацафон хуы дæр нал фæхæры, уæд ма ды кæм вæййыс?!  

 

Уым цы кусыс? 

Уæд иу афон Битта хæрзрасыгæй æрбацыдис æнафон сæ хæдзармæ. Баба та мæ куы бафхæра, зæгъгæ, йæ зæрды уыдис рухс ма ссудзгæйæ, сындæгкай йæ уатмæ бацæуын. Фæлæ йе’намондæн уыцы бон чидæр æнæнхъæлæджы ныгкæнды (пъадвалы) дуар гомæй ныууахта, æмæ дзы мæгуыр къумæлдзæф Битта фæдæле. Хæрдмæ схизыныл ма бæргæ афæлвæртта, фæлæ арахъæфсæстæй йæ къухы нал бафтыдис, æмæ уым голджытыл бафынæй ис.  

 

Райсомæй раджы Баба райхъал ис, æмæ ныгкæнды дуарæй йæ фырты ауыдта. 

- Гъей! Лæппу! Уæлæмæ сыст тагъд! – ныдздзыртта йæм мæстыхуызæй дæлæмæ. 

Фырт фехъал, йæ цæстытæ асæрфта, æмæ хæрдмæ скастис. Фыды мæстыйæ куы ауыдта, -уæд æваст нал рахатыд кæм ис уый æмæ йæ фæрсы:  

- Х-хуыцау-уы тых-хæй Баба, ацафон та цары цы кусыс?..  

 

Цы кодтон? 

Сардо куыста падздзахадон автоинспекцийы, æмæ иу арæх йæхи хъæуыгкæгты дæр афхæрдта. Иу афон та куы уыдис уæд та Сабаны æрурæтта, æмæ йын ивар фидын кæны.  

- Куы ницы ракодтон æвзæрæй, Сардо, уæд мæ цæмæн æфхæрыс? – фæрсы йæ лæппу.  

- Æмæ ды цалынмæ исты ракæнай, уæдмæ æз ам æххормагæй лæуон? – фæхъæр ыл ласта Сардо...  

 

"Камчаткæйæ" телфонæй ныхас 

Мæ хорз хæлар Сæрмæт у хъæлдзæг æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Искуы бадты куы бахауы, уæд йæ худæн ныхасæй адæмы гуыбыны цъæрттæ фæриссын кæны.  

Йæ хистæр æфсымæр Æхсар бирæ æзты дæргъы фæцардис Камчаткæйы. Бинойнаг ын уыдис, фала сын къорд азы цот нæ рацыдис. Æмæ Ирыстоны, йæ бинонтæн уый зын куыд нæ уыдаид. Фæлæ-иу уæддæр алы писмойы дæр æнхъæлмæ кастысты «исты хорз хабармæ». Уæд дын иу афон Сæрмæт, уыдис сæ сыхæгтæм æмæ йæ бахъуыди цæмæйдæр сæ бинонты афæрсын. Дыууæ хæдзары уæлдæр суайын фæзивæг кодта, æмæ сдзыртта телефонæй. Хъæуты телефонтæ та хорз кæд куыстой... Йæ хо Зæринæ хæтæл куы систа, уæд ныхас афтæ æвзæр хъуысти, æмæ Сæрмæты нæ базытта. Цæвиттон, хо æмæ æфсымæры 'хсæн ныхас рауад афтæ: 

- Ало, чи дæ? 

- Ало-о-о! Зари, ды дæ? 

- Ало-о-о, чи-и дæ? Æхсар дæ? – хъæрæй, дардмæ дзурæгау та афарста чызг.  

- О, гъеуый дæн – хъазгæйæ йын дзуапп радта Сæрмæт, куы бамбæрста, йæ хо йæ нæ базыдта уæд. 

- Æмæ куыд стут? Цы хабæрттæ уæм ис? 

- Дзæбæхæй уæлдай ницы. Мæнæ не’фсинæн лæппу райгуырди... 

- Куыд зæгъыс?! 

- Не 'фсинæн зæгъын лæппу райгуырди, - йæ хъазæн ныхас дарддæр кæны Сæрмæт.  

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, чызджы фыр цинæй хæрдмæ гæпп кæнынмæ бирæ нал хъуыдис.  

- Æцæг?! Мæнæ диссагтæ! Мæнæ мын цы хорз хабар фехъусын кодтай! Дæ цæрæнбон бирæ! Хæрзæггурæгкаг дын иу цы балхæнон? 

- Мæн ницы хъæуы... Фæлтау иу, дæ разы, Сæрмæтæн исты кастюм алхæн... 

 

 

Цалæй улæфдзыстæм? 

Колхоз «Размæ бырсæгæн» бирæ æзты сæрдарæй фæкуыста Хъасай. Хъæддых æмæ тызмæг лæг, мæнæ «сталинон гварди» кæй хуыдтой, уыдонæй. Никæйы уагъта давын, рæстæг дзæгъæлы сафын. Уайтагъ-иу уæлхъус алæууыдис. Æмæ уæд дæ балгъитæг дæр афтæ. Хъæр æмæ загъды бын-иу фэкодта адæймаджы, бирæты та сæ куыстæй фæтардта.  

Уыдис ма ноджы иу миниуæг Хъасаймæ. Фæндзгай-æхсæзгай азтæ-иу отпуск нæ райста, æгуыстæй æппындæр нæ фæрæзта.  

Уæд та иу ахæмы кусдджытæ æмæ специалисттæ лæгъстæ кæнынц профцæдисы сæрдарæн: 

- Хуыцауы тыххæй, уыцы лæгæн ма исты путæвкæ бацагур, йæ ахсæн куы фæриссы. Нæ бон дзы нал у, нæ хурхыл нын бахæцыд... 

- Раст зæгут. Бафæлварын хъæуы, - сразы ис Хъазбег. 

Дыууæ къуыримæ стыр лæгъстæтæй ссардта путæвка Железноводскмæ, æмæ тыххæй-фыдæй сразы кодта Хъасайы. « Ацу æмæ дæ ахсæн сдзæбæх кæн, ахæм хорз гæнæн дын нал уыдзæн», зæгъгæ.  

Хъасай ацыдис. Изæры йæ хæдивæг специалисттæ æмæ бригадиртæм фæдзыртта æрбылбонон æмбырдмæ.  

Агроном Солтан Хъазбеджы куыддæр ауыдта, афтæ йæ фæрсы: 

- Ацыдис?! Мæнæ диссæгтæ!  

Æвæдза, иу путевкæйæ цалæй улæфдзыстæм ..! 

 

*Путевка (уыррыссаг ныхас) - фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæнмæ (санаторимæ) ацæуыны бар. 

 

 

Рынчындонмæ нæ хъæуынц 

Иу рæстæджы ме 'мбалттæ Хъæлцыхъо æмæ Таймуразимæ бацыдыстæм горæты (сахары) базармæ хъæдындзтæ æлхæнынмæ. Уæды рæстæджы-иу къарейаг саудаджертæ сластой рæсугъд ставд хъæдындз. Дуканигæс, аив ацæргæ сылгоймаг, уæзданæй нæ афарста: 

- Цы уын авæрон, дзæбæх лæппутæ? 

- Иу æртæ килойы нын хъæдындз абар – бадзыртта йæм Таймураз. 

- Уый уын мæ бар – дуканигæс къулрæбын хъæдындзтæ дзæкъулы æвæрынмæ фæци. 

- Сæ дзæбæхтæ нын авзар, дæ хорзæхæй! Рынчындонмæ нæ хъæуынц... – бадзыртта та йæм Таймураз, æмæ махмæ йæ мидбыл худгæйæ æрбакастис. Мах ын йæ хъазæн ныхæстыл ахуыр уыдыстæм, æмæ æнцад лæууæм.  

- Хорз, хорз, мæ къонатæ. – мæгуыр сылгоймаг хъазуатонæй хъæдындзты дзæбæхтæ æвзарыныл архайы.  

Уалыммæ дзыхълæуд фæкодта, æмæ йæ хъуыдыты ацыдис. Стæй сындæгкай разылдис махæрдæм: 

- Кæ-æдæм уæ хъæ-æуынц зæгъут?! 

Уым мах дæр фыр-худæгæй нæхи нал баурæдтам.... 

 

Хъамайы æгъдау 

1960-1970 æзты Хъæдгæроны уыдис хистæрты зындгонд фолклорон къорд. Сæ нывтæ иу арæх фæзындысты Мæскуыйы журналтæ æмæ газетты дæр. Уæдæ-иу сæ хуыдтой концерттæм Уæрæсейы стыр горæттæм (сахартæм). Сæ хистæр Сокаты Афæхъойыл цыдис 100 азæй уæлæмæ, уæддæр ма-иу цæрдæг кафыдис æмæ зарыдис. Сæ рагон хабæрттæ-иу дзурын куы райдыттой, уæд сæм мах, æвзонг лæппутæ, хъусынæй æппын не ‘фсæстыстæм.  

 

Цæвиттон, иу афон Мæскуыйæ цыдысты нæхимæ. Æмæ Ростовы æфсæнфæндаджы вокзалы рахызтысты цухъаты, сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ. Уæд дзы иуыл (Хаутаты Агуыбе цыма уыдис, хорз æй нал хъуыды кæнын) студенттæ æрымбырд сты, сæрдыгон арæзтадон къорды чи куыста ахæмтæ.  

Уæгъд æй нал уадзынц, дæ хъама нæм равдис, зæгъгæ. Уыдон дзы болат æфсæйнаг æнхъалдтой. Ома, кавказаг зæронд адæммæ ма ахæмтæ вæййы, зæгъгæ, æвæццæгæн арæх хъуыстой. 

Ныр Агуыбемæ та цæй хъама æмæ цæй цыдæр! Æддейы кæрддзæм рæсугъд арæзт, мидæгæй та фæлмæн рог алумин æфсæйнаджы гæбаз, хъамайы хуызы. Сæрмагондæй-иу сæ арæзтой кафджытæн, цæмæй сын рог «хъамаимæ» кафын æнцондæр уа. Кæрддзæмæй сласын хатгай комгæ дæр нæ кодтой. Зæронд лæг ныссырх ис фыр æфсæрмæй, сæфы, худинаг кæны. Адон йæ алыварс æртыгуыр сты æмæ йæ уæгъд нал уадзынц.  

Уæд сæ къорды разамонæг, Бокоты Солтан иуварс лæууыдис, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы бамбæрста, уæд фæрæвдз ис, æмæ дзы иу студенты хъусы бадзырдта:  

- Ныууадзут ма мæгуыр лæджы, уæ хорзæхæй! Уый йæ хъама цæуылнæ сласы, уый не мбарут? Хæххон адæмы рагон æгъдаумæ гæсгæ, хъама кæрддзæмæй куы сласай, уæд ын фæстæмæ æнæ тугæй самæнтгæ æвæрæн нал ис... (Оставьте старика, ради Бога. Вы же не знаете, почему он не показывает вам свой кинжал! По обычаям горцев, если вытащить кинжал из ножен, его нельзя обратно вложить, не вымазав в чьей-то крови...)  

 

Цæсты фæныкъуылдмæ студенттæй иу дæр уым нал аззадис...  

 

 

Куырой Уæллаг Хъæуы 

 

Уæлладжыры комы, ивгъуыд æнусы иу хохаг хъæуы адæм бафæлладысты се'ссинаг хортæ дæллаг хъæуы куыроймæ хæссынæй. 

Цæвиттон, хъæуы лæгтæ баунаффæ кодтой сæхицæн куырой саразын. Бынат ын равзæрстой æмæ бавнæлдтой куыстмæ.  

Сихор куы æрбахæстæг, уæд сын æфсинтæ уайсадæг чындз æмæ чысыл лæппуимæ хæринаг арвыстой. Кусджытæ хорз бахордтой, уæдæ цы уыдаид. Стæй чындзмæ дзурынц:  

- Чындз, æмæ дон не'схастай, дон? 

Уый йæхи нымæр бадис кодта, стæй ныллæг хъæлæсæй гыццыл лæппуый хъусы дзуры:  

- Мæ хæдзар! Æмæ сæм кæд дон нæй, уæд сæ куырой цæуыл зилдзæн? 

Лæппу йын йæ ныхас лæгтæн куы бамбарын кодта, уæд та уыдон фæдис кодтой: - Æцæгдæр! Диссæгтæ! Ацы чындз цыдæр тынг зондджын у. Бирæ цот ын куы рацæуид... 

 

---------------------------------------------------------------------------- 

 

(уыдзæн ма) 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ