Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон адæмы царды æгъдæуттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты 'хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл. 

Цæмæндæр, ныхас ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау. Цæй æмæ мах дæр уыдонæй райдайæм.  

 

Ирон æхсæнады æхæстдзинæдтæ 

 

Куыд зонæм афтæмæй, паддзахадон закъонтæ (engl.-Laws) ирон цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ æрæджы, иу-дыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъонтæ - Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æргомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт. Хъуыдыгонд дзы уыдысты алы адæймаджы сæрибардзинад, йæ хæстæ æмæ йæ бартæ дæр. 

 

Алы ирон æхсæнады дæр (кæмтты, хъæуты) уыдис æхсæнадон царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас. Уыдис сæм ноджыдæр адæмон Тæрхон дæр. Æмæ кæд Ныхасмæ ас нæлгоймæгтæ иуылдæр цыдысты, уæд Тæрхон кæныны бар та уыдис тæккæ дзырдарæхст, фендджын æмæ хиуылхæцæг лæгтæн. Цæвиттон, фидарæй зæгъæн ис - раджыйы заманты Иры кæмтты æмæ хъæуты цард адæмон демократийы бындурæвæрæн миниуджытæй цух кæй нæ уыдис.  

 

Мæнæ куыд фыста уый фæдыл Кокиты Г.  

«Ирон адæм сæ хъус тынг дарынц сæ бынæттон æхсæнады цардмæ цы хъуыддæгтæ æмæ цаутæ бар дарынц, уыдонмæ. Тыхгæнджытæ куы æрбабырсынц æхсæнады зæххытæм, уæд хæцæнгарз дарын хъом нæлгоймæгтæ иуылдæр сæ кадджын хæсыл нымайынц уыцы æхсæнад бахъахъæнынмæ гæрзифтонгæй рацæуын. Иунæг нæлгоймаг дæр фæдисы цæуынæй иуварс не’рлæууы. Алчидæр-иу йæ бæхыл Ныхасы ‘рдæм фæтагъд кодта. Бæхæй нæ рахизгæйæ-иу афарста: «Цирдомæ фæдес (Диг)? – Кæцырдæм фадис?». Хистæртæй дзуапп райсгæйæ-иу æнæкъуылымпыйæ атагъд кодта знæгтæн ныхкъуырд раттынмæ.  

Алы ирон хъæуы астæу дæр уыдис, хъæуы дзырддзæугæ лæгтæ кæм æмбырд кодтой ахæм бæрæг бынат. Уыцы бынат дæр хуындис Ныхас. Ныхасы хистæртæ бадтысты стыр дуртыл, кæцытæ-иу бирæ æзты дæргъы пайда кæнынæй слæгъз сты, райстой къæлæтджын бандоны хуыз. Ныхасы адæм бадтытсы кæмæн кæм æмбæлы уыцы бынæтты. Хистæр хъуамæ бадтаид галиуырдыгæй дыккаг бынаты. Йæ рахиз фарс, кæронæй – дыккаг хистæр. Иннæтæ хистæргай – галиуырдыгæй. Уымæй уæлдай Ныхасмæ цыдысты æрыгон нæлгоймæгтæ дæр. Уыдонмæ бадыны бар нæ хаудис, æмæ æгъдаумæ гæсгæ лæууыдысты Ныхасæн йæ галиу кæрон. Кæстæртæ-иу цымыдисæй хъуыстой хистæрты ныхæстæм æмæ мысинæгтæм. Ныхасмæ адæм цыдысты канд уынаффæтæ хæссынмæ нæ, фæлæ кæрæдзийæн хабæрттæ ракæнынмæ дæр. Ныхасы адæмæй алкæмæ дæр хаудис ныхасы бар. Бахъуаджы рæстæг-иу хистæр хатгай уыцы бар ратта кæстæртæн дæр. Уыимæ, æрыгон лæг хъуамæ рацыдаид Ныхасы астæумæ, цыбырæй æмæ хуымæтæг, æнцонæмбарæн ныхæстæй радзырдтаид йæ зæгъинаг, стæй фæстæмæ йæ бынаты слæууыдаид. Кæстæртæ, Ныхасы хистæртæм хъусгæйæ, ахуыр кодтой дзырдарæхстдзинадыл, æгъдауыл, истой сæ Фарн. «Ныхас» уыдис ирон æхсæнадон парламент, кæцыйæн йæ уынаффæтæ уыдысты æхсæнады уæнгтæн æнæмæнгæй æххæстгæнинаг. «Ныхасы» æвзæрстой æхсæнадон царды ахсджиаг хъуыддæгтæ, лыг кодтой тудджынты бафидаун кæнæны æмæ алыгъуызон быцæуты фарстатæ. Уыдоны фæдыл уынаффæ хастой æрмæстдæр ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ.  

Адæймаджы кад æмæ намысы бæрæггæнæнтæ ирæттæ сæхицæн сбæлвырд кодтой незамантæй фæстæмæ. Уæд хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ нæма уыдис, иуылдæр уыдысты æмбар æмсæр. Алы адæймаг дæр йæхи æппындæр нæ хицæн кодта йæ мыггагæй, йæ хъæубæстæйæ, ауыдытта сыл куыд йæхиуыл афтæ. Æмæ уыцы æхсæнад дæр йæ хæсыл нымадта фидарæй хъахъхъæнын алкæйы бартæ дæр. Ирон адæймаг-иу кæддæриддæр йæ кад æмæ намыс хъахъхъхъæнгæйæ, хъахъхъæдта йæ мыгкаг æмæ йæ хъæубæсты кад æмæ намыс дæр... 

Нæ фыдæлтæ стыр æфхæрдыл нымадтой лæдзæгæй кæнæ йехсæй цæф. «Лæдзæгæй, дам, куиты нæмынц». Ома ныццæвæг иннæйы куыдзыл нымайы. Æмæ ахæм быцæу кæддæриддæр цыдис лæгмæрдтæм. Уымæй уæлдай ма ирон лæл æфхæрдыл нымадта исчи-иу йын йæ худмæ куы бавнæлдтаид уый дæр. Хæххон адæмы зондахастмæ гæсгæ, лæджы худмæ æвналæн нæй. Кæд-иу иннæ уæлæйы дарæс хатгай цаудгомау уыдис, уæддæр худ хъуамæ уыдаид бæстон æмæ аив. Арæх-иу, нæлгоймаджы тæппуд рахонынæн загътой: «Ды худ хассын аккаг нæ дæ, сылгоймаджы кæлмæрзæнæй йæ раив». Лæджы худ ирон адæмы æхсæн нысан кæны лæгдзинад, хъару, ныфс. Æмæ йæм хъуамæ искæйы къух ма хæццæ кæна. 

Нæ ныббарстаид ирон лæг ныхасæй-иу ын исчи йæ мады, йæ бинойнаджы, йæ хиуæтты мæрдты куы бафхæрдта, уæд. Рагон ирон царды æгъдау адæмы ахуыр кодта сæрыстырдзинадыл, намыс хъахъхъæныныл æмæ æфхæрдæн æнæбароныл. Ирон лæг кæддæриддæр йæ маст иста йæ бафхæрæгæй. Уый уыдис царды æгъатыр домæн – маст исын, туг исын. Иунæг æфхæрд дæр хъуамæ æнæ аккаг дзуаппæй ма баззадаид. 

Цымыдисаг у ирон адæмы цæстæнгас адæймаджы æфсарммæ. Æфсармджын уæвгæйæ, ирон адæм хатгай æфсæрмыйагыл нымайынц ахæм хъуыддæгтæ, кæцытæ иннæ адæмтæм сты æрвылбойнаг. Адæймаджы æфсарм фыццаджыдæр бæрæг кодта йæхи хистæрты раз, стæй адæмы æхсæн дарын куыд зоны, уымæй. Хæрзæгъдау адæймаг хъуамæ хистæрты ныхасæн аргъ кодтаид, стæй сын кæмдæриддæр кодтаид лæгкад. Хистæры раз кæстæр бадгæ нæ кодта, йæ ныхас ын нæ иста. Хистæры фæнд-иу кæстæртæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой. Дзæгъæлы-иу нæ загътой нæ фыдæлтæ: «Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс». Ома, хистæр йæ фындз ныссæрфын хъом дæр куынæуал уа, уæддæр дæ йæ зонд бахъæудзæн. Уæдæ хистæр дæр кæстæрты раз хъуамæ йæхи куыд æмбæлы, афтæ дарттаид, йæхи сæ цæсты ма æфтыдтаид.  

Стыр худинагыл нымадтой нæ фыдæлтæ хæддзуйæ (æнæхуындæй) куывдмæ, чындзæхсæвмæ кæнæ хистмæ цæуын. Ома, æрвиткæ йæ ничи ракодтаид. Фæлæ ахæм адæймагæн алчи йæ цæстæнгасæй æвдыстæ, худинаг кæй у. Нæ адæм ма ныр дæр фæдзурынц: «Дæ гуыбыны фæдыл макуы ацу! («Дæ губуни фæдбал ма цо!»- Диг). Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон лæгæн сæйрагдæр хъуамæ уой йе’гъдау æмæ йе’фсарм. Фынджы уæлхъус ирон лæг йæхи куыдфæндыйæ нæ дары. Хъуамæ йæ алы ныхас æмæ йæ алы ми дæр уа нæ фыдæлтæ рæсугъд æгъдаумæ гæсгæ, нывыл. Бадтысты-иу дæргъвæтин рæстæг, фæлæ хæргæ бирæ нæ кодтой. Бирæ хæрын ирон адæммæ у худинаг. «Хуынды фæцу æфсæстæй, дæ хæдзармæ æрбацу стонгæй» - дзырдтой-иу раздæр. Æххормагмæ ирон лæг кастис куыдфæндыйы цæстæнгасæй. Стонджы кой кæнын адæмы 'хсæн уыдис худинаг. Искæмæ- иу уазæгуаты фæндаггон куы бацыдис, уæд-иу ын фысымты бирæ лæгъстæ кæнын бахъуыдис, исты ма нæм ахæр, зæгъгæ.  

Ноджы стырдæр худинаг та уыдис карз нуæзтæй бирæ нуазын. Фынджы уæлъхъус нуæзтой ирон бæгæны кæнæ арахъ. Æмæ-иу кæд фæхъæлдзæг сты, уæддæр дзы расыг лæгыл фембæлæн нæ уыдис – алчи йæ бæрц зыдта, йæхи худинагмæ нæ уагъта. Расыггæнаг арыгон лæппуйæн йæ чызджы ничи раттаид, бонджын мыггагæй куы уыдаид, уæддæр.  

Адæмы ‘хсæн æгадыл нымад уыдис тæппуддзинад. Уæлдай нæ уыдис тудджыны раз равдыста йæхи тæппудæй, æви хæсты быдыры – лæг худинаг кодта йæхи дæр æмæ йæ мыггаджы дæр. Тæппуддзинадæй гадзрахатæй рацæуынæй бирæ хъауджыдæр нæ уыдис. Ахæмтыл-иу арæх бакодтой хъоды, худинаджы зарджытæ-иу сыл скодтой.  

Нæлгоймагæн æгадыл нымад уыдис адæмы астæу буары рыст æвдисын. Кæуынæй уæлдай сæм нæ кастис. Æмæ нæлгоймаг та хъуамæ сылгоймагау кæугæ ма кæна. Ирон æгъдаумæ æмæ фыдæлты фарнмæ гæсгæ, адæм кад кодтой æргомдзинадæн æмæ фидар ныхасæн. Раджы заманы къухфыст бадзырдтæ кæм уыдис? Лæджы ныхас уыдис цыфæнды бадзырды гæххæттæй фидардæр. Ирон лæг ныхас радта, уæд ыл дызæрдыг кæнын ницæмæн хъуыдис. 

Уымæй стырдæр тых та уыдис ард бахæрыны. Мæнг ард бахæрыны хъуыды никæйы сæрмæ æрцыдаид. Зæгъæм, искæйы азым кæнынц исты фыдракæнды, уæд-иу æй адæмы раз ард бахæрын кодтой. Æмæ йын уый фæстæ йæ рæстдзинадыл дызæрдыг хъуамæ мачиуал кодтаид.Ирон адæм ма тынг бæрзонд æвæрттой æууæнк. Æнæууæнкдзинад æфхæрдыл нымад уыдис».  

 

Алы адæмтæм алыгъуызон цæстæнгас ис хорз цы у æмæ æвзæр, уымæ. Хатгай уыцы дыууæ хъуыддаджы хсæн бæрæг хахх ракæнæн нæ вæййы. Ирон адæммæ рагæй дæр бæлвырд уыдис, æвзæр æмæ худинагыл нымад цы у уый. Адæймаг кæд æхсæнады уæнг у (мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уæд хъуамæ йæхи афтæ дара, цæмæй уыцы æхсæнадæн æмæ йæ алыварс адæмæн æнад чи у, ахæм митæ ма кæна, ома йæхи æнæгъдау ма дара. Уырдæм хауы ныхасы уаг дæр. Худинагыл нымад уыдис, ирон лæг-иу йæхи хъуыддæгтæ æмæ йæхи пайда æхсæнады хъуыддæгтæй бæрзонддæр куы æвæртта, уый. Уымæй æгаддæр та уыдис, уыцы æхсæнадæн зиан хæссæг. Ахæмтæ æнæмæнг дзуапп лæвæрттой æхсæнады раз Ныхасы, кæнæ Тæрхоны.  

 

Ирон æгъдауы мидæг уыдис, æмæ ис бирæ «æмбæлы» æмæ «не’мбæлы»-тæ. Фæлæ æгъдауæн йæ фидар бындур уыдис амад хистæртæн кад æмæ аргъ кæныныл, лæджы кад æмæ намыс хъахъхъæныныл, сылгоймагæн цыт кæныныл. Æмæ кæд фæсарæйнаг ахуыргæндтæ Франко Кардини, Бернард Бахрах, Скот Литлтон æмæ æндæрты цæстæнгасмæ гæсгæ алантæ æрбахастой Европæмæ уæздæтты (рыцæрты) æгъдæуттæ (англ. - knighthood), уæд уыцы рæсугъд æгъдæуттæ аланты байзæттæгтæ - Иры дзыллæйы ‘хсæн абон дæр цæрынц, кæд сыл ныры змæст дуг йæ фæд ныууагъта, уæддæр. 

 

Хистæрæн кад кæныны æгъдау дыууæрдæм фæндаг у. Фендджын æмæ зондджын хистæр кæддæридддæр йæхæдæг дæр аргъ кодта кæстæртæн, йæхи сæ цæсты ницæмæй æфтыдта, кæстæры раз æнæуаг ми кæнæ ныхас кæнын йæ сæрмæ нæ хаста. Абоны боны уый цы хистæр не’мбары, уый йæ кад уайтагъ фесафы.  

 

Мæ хъуыдый арæх æрцæуы ахæм цау. 1970-м азты, æрыгон уæвгæйæ, арæх цыдтæн Джызæлмæ мæ хæлары абæрæг кæнынмæ. Уæд-иу мæ æй фыд, хъæуы нымаддæр æмæ кадджындæр хистæртæй иу, цыбыр рæстæг афæрстытæ кодта (Куыд стут? Цы ис ног хабарæй?). Уый фæстæ-иу сыстадис æмæ кæртмæ, йе та уынгмæ йæхи райста, цæмæй нæ нæхи бар бауадза. Куырыхон хистæр æй зыдта, уый раз æфсæрмы кæй кæндзыстæм, æмæ нæхи æлхъывд уавæры кæй хатдзыстæм. Хъыгагæн, абоны царды бирæтæ уыцы æгъдау ферох кæнынц. Арæх хистæр йæ дæлейы сбадын кæны йæ цоты, кæнæ йæ цоты-цоты карæн кæстæрты, тыхæй сын фæнуазын кæны карз нозт, стæй та сæ йæхицæн кад кæнын фæдомы: «Æз дам хистæр куы дæн, уæд мæм хорз цæуылнæ хъусут?»  

 

Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурæн, загъд кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма хиуылхæцгæйæ адæм сæхи дарттой кувæндæттæм хæстæг, уæлмæрдты. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, царды уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ кæнын не’мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе'гъдау æмæ йæ æхсæнадон хæс хызтой æвзар ми кæнынæй. Стæм хатт-иу искуы ахæм куы разындис, æгъдау кæмæ нæй, йæхи, йæ мыгкаджы, йæ хъæубæстæйы худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи атигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раздæры заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис. Хатгай ахæмыл хъæубæстæ кодтой Хъоды (рус. – отвержение; engl. – an outcast). Хъодыгондимæ ничи кодта нæдæр дзургæ, нæдæр ын кодта æххуыс. Уынджы цы дуртæ ис, уыдонæй уæлдай-иу æй хъуыды дæр ничиуал кодта. Гъе стæй иннæтæй Хъодыйы æгъдау чи фехæлдтаид, уый йæхæдæгдæр хъуамæ æрцыдаид хъодыгонд. Ахæм карз æмæ æгъатыр æгъдау равзæрдис нæ рагфыдæлтæм æвæццæгæн уымæн, æмæ сæм адæмы фарн, адæмы цæстæнгас царды кастис тæккæ сæйрагдæр. Сæ кад æмæ намыс хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Фылдæр-иу хъодыйы бæсты æнцонæй равзæрстаиккой мæлæт. 

 

Искуы-иу лæгмард æрцыдис, кæнæ исчи карз æгъдауæй бафхæрдта иннæйы, хъуыддаг æнæмæнг цыдис туг исынмæ (Engl. - blood feud, vendetta). Хъуамæ æфхæрд чи арцыдис (кæнæ кæд йæхæдæг нал ис, уæд йе’фсымæртæ, æрвадæлтæ), уый йæ туг райстаид æфхæрæгæй, кæнæ йæ мыггаджы нæлгоймæгтæй. Æрмæстдæр уæд уыдис нымад, лæг йæ маст æххæстæй кæй райста. Кæд искæмæн йæ маст райсын йæ бон нæ бауыдаид, уæд кодта худинаг æмæ æгад. Иу лæгмард цыдис иннæмæ: алчидæр йæ хæсыл нымадта йæ туг райсын. Афтæмæй-иу хатгай тудджынтæ æгъатырæй кæрæдзийы цагътой бирæ æзты дæргъы. Уыимæ, хохаг адæм сæ маст никуы истой зæронд лæгтæй, сылгоймæгтæй æмæ сывæллæттæй. Уый уыдаид тынг æгад ми, æмæ йæ лæг йæхи чи хоны, уый йæ сæрмæ никуы хаста. Цыфæнды хъаугъа дæр искуы æрцæуы фидыдмæ. Тудджынты бафидауын кæнæнæн-иу комы, хъæубæсты дзырдзæугæдæр лæгты бахъуыдис стыр арæхстдзинад равдисын, дыууæ мыггаджы фарны бацæугæйæ. Ныры дуджы тугисыны æгъдау кæмæдæр зыны хъæддаг мийау. Фæлæ уæды рæстæг паддзахадон закъонтæ нæ уыдис, æмæ ацы æгъатыр æгъдау ирон æхсæнадон царды мидæг ахста йæхи бынат, стыр ахъаз уыдис быхсынæн, хиул хæцынæн.  

 

Раздæры заманты уынаффæйы бар хаудис æрмæстдæр нæлгоймæгтæм. Бинонты ۥхсæн нæлгоймаг уыдис хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг йæ ныхас кæддæриддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзыртта. Уæлдайдæр та адæмы астæу. Уымæн æмæ , уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр, йæ сæры хицауы (йæ лæджы), æмæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кад бæрзонддæр кæныныл архайы, уæд уыимæ йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Хъыгагæн абон иуæй-иутæй уыцы цæвиттон рох кæнын райдытта, æмæ бирæ бинонты ۥхсæн бæрæг нал вæййы, усæй лæгæй чи у «лæгдæр». Сылгоймаг Ныхасмæ нæ цыдис æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ йын æмбæлдис цæуын кувæндæттæй бирæтæм. Цæвиттон, раджы заманты нæ адæммæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хæстæ уыдысты хицæн, æмхæццæ нæ кодтой. 

 

Фæлæ уыимæ, ирон æхсæнады сылгоймагæн уыдис стыр кад æмæ намыс. Тынг бæрзонд уыдис æвæрд хæдзары æфсины быныат бинонты ۥхсæн. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам раттаид. Уæдæ сылгоймæгтæ лæгты раз фæцæйцæуой – уыдон-иу сын сыстадысты. Сылгоймæгтæн сæ хистæр арфæ ракодтаид æмæ-иу сын стæй загъта: «Сбадут, уæ хорзæхæй». Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыдис стыр фыдракæндыл, æмæ йын кодтой карз тæрхон, суанг туг исыны онг. Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыуæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи сеۥхсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу æнæ къуылымпыйæ сæ хыл ныуагътой, æмæ сæ кæрдтæ кæрддзæмты сæвæрттой.  

 

 

Къамы - ныв ирон кафтæй "Лæгæй лæгмæ хæст" 

 

 

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрыны хæдзармæ куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсармæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми кæнæ цы неۥмбæлы, ахæм ныхас. Ацы æгъдау ирон адæммæ ныртæккæ дæр ис. Фæлæ ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нæ бауадзынц. Кусарт акæнынц, сæ сыхбæстæ æрхонынц, æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.  

 

Раздæр стыр бинонты ۥхсæн сылгоймæгтæ (æфсин, чызджытæ, чындзытæ – хистæрæй кæстæрмæ) кодтой æрмæстдæр сæм цы куыстытæ хаудис, уыдон: хæринаг кæнын, сывæллæттæм зилын, æфснайын æмæ а.д. Сылгоймаджы хъуыддæгты «йæ фындз чи тъыссы» ахæм нæлгоймаг йæхи тынг фæхудинаг кодтаид, зарæггаг фæуыдаид. Уыцы æгъдаумæ гæсгæ, ирон лæг йæ сывæллæтты нæ рæвдытта, суанг сæм къухæй дæр неۥвнæлтта, уæлдайдæр та хистæрты раз.  

Цымыдисаг у ахæм хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайтта йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд, ныхас дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæуыдис, æмæ йыл хæцыдис афтæ цалынмæ хистæр ацыдис уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтис æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй. 

 

Нæлгоймаджы хæстæ уыдысты баст уæззау куыстимæ, хæдзармæ фæллой хæссынимæ, бинонтæ æмæ æхсæнад хъахъхъæнынимæ. Цæвитон, ирон царды нæлгоймаг хъуамæ уыдаид зæхкусæг, цыуанон, фосдарæг, уынаффæгæнæг æмæ бахъуаджы рæстæг хæстон. Лæппуты-иу чысылæй фæстæмæ ахуыр кодтой хæдзары куыстытыл, цæттæ сæ кодтой тызмæг æмæ тæсcаг уавæртæм. Æвадат хохаг царды кæстæртæ æндонау æхсыстой, буары хъæдæй фидар, ныфсæй домбай. Стæй ахуыр кодтой хæстон лæджы миниуджытыл, хæцæнгарзæй архайыныл, бæхыл бадыныл. Æмæ хуыздæр чи арæхстис, умæн адæмы ۥхсæн йæ кад рæзыдис. Уымæй уæлдай ма кадджыныл нымад уыдис рæсугъд кафæг æмæ курдиатджын зарæггæнæг дæр. Усгуры-иу фыццаг уыцы хъуыддæгтæй æвзæрстой, æмæ йын стæй уæд йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ аргъ кодтой. Уæздан фыдæлтæ æмæ хъæздыгдзинады фæрцы нæ уыдис сæрæн æмæ хъæбатыр лæджы кад бакусæн.  

Ирон лæг хъуамæ мæлæтæй макуы тарстаид – уый уыдис худинаг. Ныййарæджы ныхас: «Кæд риуырдыгæй мард у мæ фырт, уæд мæм æй æрбахæссут. Кæд къæбутырдыгæй - уæд та йæ дæлæ бырæттæм аппарут...» æмбисондæн баззадис. Æппæты стырдæр æвзæрдзинадыл куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр, нымадтой æгаддзинад. Тохы тæппудæй йæхи чи равдыстаид, уый худинаг кодта йæ мыггаджы дæр æмæ йæ хъæубæстæйы дæр. Фæлæ хъæбатыртыл та кодтой æмæ нырдæр кæнынц зарджытæ. Уымæй стырдæр хорзæх ирон адæммæ нæ уыдис.  

 

Чызджыты та хъомыл кодтой уæздан æмæ хиулхæцæгæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнæг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид чызг лæппуты ۥрдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм не 'згъордтой. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бандзæвыдис – додой кодтаид йæ сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгас мыггагæн дæр æгаддзинад хаста. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзиуыл æрмæстдæр иунæг бæнаты – хъазты мидæг. Куывдты æмæ чындзæхсæвты лæппутæ ерысæй æвдыстой сæ арæхстдзинад, сеۥгъдау. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын – уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай, симды (симд - ирон адæмон кафт) уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафæн.  

 

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахæстдзинæдтæм. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыдис, ахæм хъуыддæгтæ ныр æрвылбойнаг систы. Аивтой чызджытæ æмæ лæппутæ, кæд ма дзы бирæтæм фыдæлты фарнæй дзæвгар ис, уæддæр. Фæлæ ма абон дæр лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, удонмæ.  

 

Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ахастдзинæдты кæддæриддæр фыццаг бынат ахстой хиуылхæцын æмæ æфсарм. Худинаг уыдис адæмыۥхсæн бинойнаджы кой кæнын, кæнæ дзы æппæлын. Фæлæ искуы уæддæр хъуыддаджы фæдыл дзургæйæ усы, кæнæ сывæллæтты ской кæнын куы бахъуыдаид, уæд лæг æнæмæнг куыртта хатыр йæ алыварс адæмæй: «Уæ фарн бирæ, фæлæ ...». Уыимæ лæг æмæ ус сæ кæрæдзийы нæмттæ нæ дзырдтой. Баивтой-иу сæ æндæр ныхæстæй, кæнæ мыггаджы номæй: «Не ۥфсин», «Сывæллæтты мад», «Нæ къæбæргæнæг», «Абиан», «Къæбысон», «Нæ лæг», «Мæ сæры хицау», «Нæ хæдзары хицау», æ.а.д. Стыр худинагыл нымад уыдаид, искæйы раз лæг æмæ ус кæрæдзийæн адджын ныхæстæ куы кодтаиггой, уый.  

 

Хатгай фынджы уæлхъус хæдзары уазджытæ арфæ кодтой æфсинæн. Фæлæ хæдзары хицау йæхæдæг уырдæм ницы бар дартта. Стæй кæд хæдзары уыдис хистæртæ – дада æмæ нана, уæд уазджытæ фыццаджыдæр арфæ кодтой уыдонæн. Нæ фыдæлты ныхас «Мæ фыдгулы кæртæй ма хъæр ныхас райхъуыса» дзæгъæлы нæ уыдис. Загъд æмæ хъæр ныхас нымадтой худинагыл, уæлдайдæр та ус æмæ лæджы ۥхсæн. Йæхи лæгыл чи нымадта, уый сылгоймагмæ йæ къух нæ иста, суанг йæхи бинойнагмæ дæр. Уыимæ, нæлгоймаг кæддæриддæр уыдис хæдзары хицау, æмæ йын йæ ныхасыл дыууæ ничи æфтыдта. Хистæр-иу хæдзармæ куы бахызтаид, уæд бинотæ иуылдæр хъуамæ сыстадаиккой. Кæстæртæ æмæ сылгоймæгтæ йæ разы бадгæ нæ кодтой. Хæдзары хицау йæ къухы дардта уынаффæйы, бинонты мулчы æмæ иннæ ахсджиг хъуыддæгты фарстатæ.  

 

Рагæйдæр дардыл хъуыстгонд у ирон адæмы уазæджы сбуц кæныны æгъдау. Хъæумæ-иу уазæг куы æрцыдис, уæд алычидæр кадыл нымадта уыцы уазæгæн фысым нылæуын. Фылдæр хатт уазæгæн кодтой кусарт, йæ разы йын æвæрттой хæдзары хуыздæр хæринагæн цы ис, уыдон. Бинонтæй алчидæр архайдта уазæгæн лæггад бакæныныл. «Уазæг – Хуыцауы уазæг у» - дзырдтой нæ фыдæлтæ . «Де'знаг дæ хæдзармæ куы 'рбахиза, уæд знаг нал у – уазæг у, æмæ йын уазæджы лæггад бакæнын хъæуы». «Дæ уазæджы дын исчи бафхæрдта, уæд æй дæхицæн æфхæрдыл банымай».  

 

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Сеۥппæтыл ацы ран аххæссын нæ бон нæ бауыдзæнис. Æгæр уæрæх æмæ вазыгджын сты. Фæлæ уæддæр архайдзыстæм ацы æрмæг фæбæстондæр кæныныл. Æрвитут нæм уæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ.  

 

Фарн уæм бадзурæд, ирон адæм! 

 

Æрмæг бацæттæ кодта  

Кучиты Руслан 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ