Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон æвзаджы орфографи
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка 

Дзæуджыхъæу: Ир, 2004  

 

Бакуыстой сыл ЦИГСИИ-йы арæзт сæрмагонд къорды уæнгтæ: ГУЫРИАТЫ ТАМЕРЛАН — филологон зонæдты доктор, профессор ТАХЪАЗТЫ ХАРУМ — филологон зонæдты доктор, профессор ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА — филологон зонæдты доктор, профессор ДЗОДЗЫККАТЫ ЗÆИДÆ — филологон зонæдты доктор БОЦУАТЫ ЕВГЕН - ЦИГСИИ-йы хистæр зонадон кусæг МАЙРÆМЫХЪУАТЫ ФАТИМÆ — педагогон зонæдты кандидат КУЫДЗОЙТЫ АНЖЕЛÆ — филологон зонæдты кандидат, доцент 

 

 

 

 

 

 

Фиппаинаг сайт www.ossetians.com саразæгæй :  

Ирон грамматикæйы терминты тæлмац уырыссагау æмæ англисагау. 

 

(Ирон – Уырыссаг – English)  

 

Номдар – cуществительное - noun 

Миногон - прилагательное – adjective  

Мивдисæг – глаглол – verb 

Миногми - причастие – participle 

Фæрссагми – деепричастие - verbal adverb, gerund 

Фæрсдзырд - наречие - adverb 

Раздзырд- предлог- Рreposition  

Хъуыдыйад- предложение –Sentence  

Номивæг – местоимение – pronoun 

Цæсгомон номивæг – личное местоимение - personal pronoun 

Разæфтуан - приставка – prefix 

Кæрон - окончание – ending 

Вазыгджын дзырд - сложное слово – complex word  

Дзырдбаст – словосочетание - word-combination, phrase  

Уæнг – слог – syllable 

Хайыг – частица –particle 

Хъæлæсон - гласная - vowel 

Æмхъæлæсон – согласная - consonant 

Цæвд – ударение –stress(-mark), emphasis 

Æзылангон æмхъæлæсон – глухое согласное – dull consonant; 

Зылангон æмхъæлæсон – звонкое согласное – voiced consonant; 

Хауæн – падеж – case  

Иууон нымæц – единственное число - singular 

Бирæон нымæц – множественное число – plural  

Нымæцон – числительное - numeral; 

 

 

 

ИРОН АЛФАВИТ  

Аа Ææ Бб Вв Гг Гъгъ Дд  

Дждж Дз дз Ее Ёё Жж Зз Ии  

Йй Кк Къкъ Лл Мм Нн Оо  

Пп Пъпъ Рр Сс Тт Тътъ Уу  

Фф Хх Хъхъ Цц Цъцъ Чч Чъчъ  

Шш Щщ Ьь Ыы Ъъ Ээ Юю Яя  

 

 

ОРФОГРАФИ 

 

I. ХЪÆЛÆСОНТЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

1 §. Дзырдты райдайæны хъæлæсон у арæх фæхъуысы уы -йы хуызæн. Ахæм дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы: 

1. У дзырдты райдайæны фыссын хъæуы, æдзухдæр ыл цавд цы дзырдты фæхауы, уыдоны, стæй уыдонæй арæзт дзырдты: уд (уды), удайын, удæвдз, удæсын, узæлын, узын, улæфын, улупа, уромын, урс (урсы), ус (усы), утæппæт, у, ут. 

2. Уы райдайæны фыссын хъæуы, уæлдæр ранымад дзырдтæй фæстæмæ, ахæмты: уыгæрдæн, уызын, уылæн, уынаффæ, уынг, уырдыг, уый (фæлæ: ууыл), уыдон, уыцы, уынын, уырнын, уыдтæн, уыдзыстæм, уыдаин æ.æнд. 

 

2 §. Хъæлæсон е дзырды райдайæны хъуысы йе -йы хуызæн, фæлæ дзы фыссын хъæуы е : егар, ефс, ехс, ердо, егъау, емылыкк. 

 

Фиппаинаг. Йе фыссын хъæуы æрмæст бæттæг йе-йы, номивджытæ йе, йемæ, йед æмæ фæсæвæрд йеддæмæ-йы. 

 

3 §. Дзырд хъæлæсон о- йæ куы райдайы, уæд йæ разæй фæхъуысы у , фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: обау, ома, от, омын æ.æнд. 

 

4 §. Уæ дзырды райдайæны (хатгай йæ астæу дæр) ныхасы мидæг æлвæст æрцæуы æмæ ратты о, фæлæ йæ фыссын хъæуы уæ : уæрдон, уæрыкк, уæнг, дуæрттæ, нуæрттæ, нуæзт (нозт дæр ), нуæрст (норст дæр,) æ.æнд. 

 

5 §. Æмхъæлæсонтæ г, гь, к, къ, х, хъ -йы фæстæ уы -йы бæсты ранæй-рæтты фæдзурынц ы , фæлæ фыссын хъæуы уы: хуыр, куыдз, куырой, фæткъуы, гуыр, хъуызын æ.æнд. 

Фиппаинаг. Ис ахæм дзырдтæ дæр, ацы æмхъæлæсонты фæстæ ы фыссын кæм хъæуы: хыссæ, хынджылæг, хызын, гыцци, къыбар-къыбур, хырх, дзагъыр æ.æнд. 

 

6 §. Æуæ дзырды астæу арæх æлвæст æрцæуы æмæ ратты о: нæуæг — ног, цæуæт — цот, рæуæг — рог, рæуæд — род. Номдартæ æмæ миногонтæн фыссæн ис дыууæ хуызы дæр, фæлæ фыццаг бынат дæттын хъæуы æлвæст хуызæн: ног — нæ-уæг, рог — рæуæг, цот — цæуæт, род — рæуæд. Мивдисджыты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æуæ: фæуæд, цæуæд, дæлæуæз. 

Фæлæ: цæуæм — цом, цомут. 

 

7 §. 1. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ -йы фæстæ дзырд æ -йæ куы райдайы, уæд дыууæ æ-йы æлвæст æрцæуынц æмæ раттынц е. Уыцы е фыссын хъæуы фыццаг дзырды (ме, де, йе, не, уе, се), дыккаг дзырды райдайæны та æвæрын хъæуы апостроф: ме 'мбал, де 'фсымæр, йе 'мгар, се 'ппæт, не 'хсæн, не 'мбæхсы, уе 'гас. 

Фиппаинаг. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ- йы фæстæ дзырд хъæлæсонæй куы нæ райдайы, афтæмæй ме, де, йе, не, уе, се- мæ куы раивынц, уæд дыккаг дзырды райдайæны апостроф æвæрын нæ хъæуы: ме уæнгтæ, де рагъ, йе скъола, не змис, уе ссад, не сфæрæзтам. 

2. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ, æппæрццæг хайыг нæ -йы фæстæ дзырдтæ хъæлæсон а -йæ куы райдайынц, уæд хатгай дзургæйæ номивджытæй æмæ æппæрццæгæй хъæлæсон æ ахауы, фæлæ йæ хъæуы фыссын. Поэтикой уацмысты фыссæн ис дыууæ хуызы дæр: мæ амонд - м'амонд, нæ адæм — н' адæм, йæ авналæнтæ — и' авналæнтæ. 

3. Дзырдбасты фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та æ -йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй дзургæ-дзурын арæх ахауы æ, фæлæ йæ фыссæн ис дыууæ хуызы: æххæстæй (дыууæ æмбалы, уыцы æмгар) æмæ апострофæй нысангæнгæйæ (дыууæ 'мбалы, уыцы 'мгар). 

4. Фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг дзырд та разæвæрд æнæ кæнæ разæфтуан æнæ - (æ)-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй хъæлæсон æ нæ ахауы æмæ йæ хъæуы фыссын: Скъоладзаутæ æнæзивæгæй цæуынц скъоламæ. Ды æнæ мæн ма ацу. 

5. Æрхæцæн нысанæй хицæнгонд дзырды хъæлæсонтæ кæрæдзиуыл куы æмбæлой, уæд сæ фыссын хъæуы æххæстæй, ома хъæлæсон мыр нæ цух кæнгæйæ: Мæ къухтæ дæм нæма бахæццæ сты, æндæр мын уыцы стыр хæрзиуæгæй нæ аирвæздзынæ (Мамсыраты Д.). 

 

8 §. 1. Дзырды райдайæны æмхъæлæсон мырты къорды æмæ дывæргонд æмхъæлæсонты разæй фыссын хъæуы хъæлæсон æ : æхсыр, æфсад, æвзаг, æййафын, æууæндын, æхсар. 

2. Дзырды райдайæны з кæнæ с -йæ цы æмхъæлæсонты къордтæ райдайынц, уыдоны, стæй дывæргонд с-йы разæй фæхъуысы хъæлæсон ы кæнæ æ, фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: згæ, змис, знон, здæхын, змæлын, скъæт, стæг, счъил, ссад, ссæдз. 

Фиппаинаг. Поэтикой уацмысы ритмы тыххæй уыцы дзырдты райдайæны хъæлæсон куы бахъæуа, уæд дзы фыссæн ис ы; кæнæ æ дæр: ызгæ, ызмис, ыскъæт, ыстур, æссын, ыс-сад, æссарын, ыссæдз. 

 

9§. Хуымæтæг дзырдты æмхъæлæсонтæ куы фембæлынц, уæд дзургæйæ фæстаг æмхъæлæсон раззаджы арæх скæны зылангон кæнæ æзылангон (æнæххæст ассимиляци) кæнæ та бынтондæр йæхи хуызæн (æххæст ассимиляци). Ахæм дзырдты æмхъæлæсонты растфыссынад сбæрæг кæнæн ис, дзырды формæ аивгæйæ æмæ дызæрдыггаг æмхъæлæсоны фæстæ хъæлæсон сæвæргæйæ: хæцдзæн — хæцын, хъазт — хъазын, æмбæрзта — æмбæрзын, мæнмæ — мæнæй. 

 

10 §. 1. Æмхъæлæсонтæ дæргьвæтинæй куы фæхъуысынц, уæд сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: æввонг, æгъгъæд, фæззæг, бæззын, хуыссын, къаннæг, тыххæй, æххæст. 

2. Æвиппайдон æмхъæлæсонтæ б, п, г, к, д, т, дж, дз, ч, ц дзырды дæргъвæтинæй куы фембæлынц, уæд дзургæ-дзурын бæрæг нæ вæййы, зылангон æмхъæлæсон дывæр кæны æви æзылангон. Уымæ гæсгæ зæрдыл дарын хъæуы: 

а) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн уа, цавæр æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы уыцы æмхъæлæсон: ныббар (ны+бар, барын-æй), лæг-гаг (лæг+аг), курæггаг (курæг + аг), æфсæддон (æфсад + он), хъæддаг (хъæд+аг), куырæттаг (куырæт+аг), бæллиц-цаг (бæллиц+аг); 

æ) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн нæ уа, зылангон æви æзылангон æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон (кк, пп, тт, цц, чч): аккаг, астæуккаг, æппарын, лæппу, цæттæ, дæттын, хæццæ, гыццыл, фыццаг. 

3. Дзырды кæрон дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ хатгай зын раиртасæн вæййынц хуымæтæг æмхъæлæсонтæй. Дзырды кæройнаг æмхъæлæсон дывæрæй фыссын хъæуы, йæ фæстæ хъæлæсон сæвæргæйæ (зæгъæм, хауæны кæрон) дæргъвæтинæй куы хъуыса, уæд: зæхх — зæххы, зæххимæ, фæлæ: зæхмæ; цæхх — цæххимæ, фæлæ: цæхмæ, гæххæтт — гæххæттыл, фæлæ: гæххæтмæ. 

 

11 §. Хуымæтæг дзырдты уидæгты æмхъæлæсонтæ с, ф æмæ х -йы фæстæ (кæнæ сæ разæй) арæх бæлвырд нæ фæхъуысы, зылангон æмхъæлæсон дзы ис æви æзылангон. Ахæм дзырдты с, ф, х -имæ фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсонтæ: стæг, æхтонг, æфцæг, æфтауц, уæхск, æфстау, кæстæр, хистæр, æфсургъ, æргъæфст. Фæлæ: ахсджиаг, рæхджы, цæсгом, сгуы, сгарын, сгуыхын, æхгæнын, цæхгæр, сгæллад, сысджы. 

 

II. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

12 §. Номон æмæ гуырынон хауæнты й-йыл цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдоны иртæстон æмæ цæдисон хауæнты и ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: мой — мойæ, моймæ; сой — сойæ, соимæ; къай — къайæ, къаимæ; хай — хайæ, хаимæ; ай — аимæ; кæй — кæимæ; уый — уыимæ. 

 

13 §. 1. Сæ кæрæтты л, р, м, н, и, у цы дзырдтæн вæййы, уыдоны бындуры бирæон нымæц аразгæйæ, тыхджын хъæлæсонтæ а, о лæмæгь хъæлæсон æ-йæ ивд куы æрцæуынц, уæд: 

а) бирæон нымæцы фæсæфтуан -т фæдæргьвæтин вæййы æмæ йæ фыссын хъæуы дывæрæй: ном — нæмттæ, ком — кæмттæ, хæдзар — хæдзæрттæ, æмбал — æмбæлттæ, уыдон — уыдæттæ, адон — адæттæ, хай — хæйттæ, иугай — иугæйттæ, аргъау — аргъæуттæ; 

æ) æмхъæлæсон н ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дон — дæттæ, кæрон — кæрæттæ, рон — рæттæ. Фæлæ: æфсон — æфсæнттæ. 

2. Дзырдæн иууон нымæцы йæ кæроны æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргьвæтин æмхъæлæсон куы вæййы, уæд бирæон нымæцы формæйы дзырды бындурæй фæсæфтуаны æхсæн арæх фæзыны хъæлæсон ы æмæ йæ хъæуы фыссын: чызг — чызджытæ, карк — кæрчытæ, цалх — цæлхытæ, сындз — сындзытæ, фæрв — фæрвытæ, тæрс — тæрсытæ, нæуу — нæууытæ. 

Фæлæ: кард — кæрдтæ, маргъ — мæргътæ, фынг — фынгтæ, фарс — фæрстæ, фахс — фæхстæ æ.а.д. 

3. Сæ кæроны ы цы дзырдтæн вæййы, уыдонæй бирæон нымæцы формæйы хъæлæсон ы арæх ахауы, фæсæфтуан — т-йы размæ фæзыны уы æмæ йæ хъæуы фыссын: нæмыг — нæмгуытæ, хъæздыг — хъæздгуытæ, фæрдыг — фæрдгуытæ, уæйыг — уæйгуытæ, уидыг — уидгуытæ. 

Фæлæ: уырдыг — уырдыджытæ, мæлдзыг — мæлдзыджытæ. 

 

14 §. Фæсæфтуантæ -аг, -ад, -он-ы разæй æмхъæлæсонтæ арæх фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæрæй: хох — хæххон, балц — бæлццон, лæг — лæггад, хъæу — хъæууон, уæй — уæййаг, знаг — знаггад, лыг — лыггаг. 

 

15 §. Сонорон æмхъæлæсонтæ л, р, м, н, у-йыл фæугæ дзырдтæм фæсæфтуан -аг кæнæ -ы æфтыд куы æрцæуы, уæд сонорон æмхъæлæсоны разæй арæх фæзыны и, æмæ йæ хъæуы фыссын: гал — гайлаг, дон — дойнаг, ком — коймаг, хæдзар — хæдзайраг, дон — дойны, æвгъау — æвгъайуаг, Црау — црайуаг. 

Ахæм дзырдты сонорон æмхъæлæсонты разæй хъæлæсон ы куы вæййы, уæд -ый арæх ратты и, æмæ йæ хъæуы фыссын: дзабыр — дзабираг, уыр — уираг, быдыр — быдираг, бын — бинаг, Сыбыр — сыбираг. 

 

16 §. Зылангон мыртæй райдайгæ фæсæфтуанты (-дзаг, -дзæг, -джын, -гай, -дæр) зылангонтæ арæх фæхъуысынц æзылангонты хуызæн, фæлæ фыссын хъæуы зылангонтæ: ивддзаг, скъуыддзаг, дæрддзæг, фыдджын, цытджын, цадæггай, кæддæр. 

 

17§. Йæ кæроны дæргъвæтин æмхъæлæсон цы дзырдæн кæнæ дзырды хайæн вæййы, уымæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай æфтыд куы æрцæуы, уæд дæргъвæтинæй нал фæхъуысы æмæ йæ дывæрæй фыссын нæ хъæуы: уæрыкк — уæрыкджын, уæрыкдон; сæныкк — сæныкджын, сæныкмæ; къуыпп — къуыпгомау, къуыпгонд; цæхх — цæхджын, цæхмæ; зæхх — зæхджын, зæхбын, зæхмæ, зæхбарæг; нæуу — нæумæ. 

 

18 §. Иуæй-иу бындурты фæсæфтуантæ -аг æмæ -æг-ы разæй фæзыны дæргъвæтин æзылангон æмхъæлæсонтæ к, ц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: астæуккаг, хъæуккаг, дыккаг, дыццæг, æртыццæг, æппæрццæг, дæуццаг, æвæрццæг. 

 

19 §. Хъæлæсон мыртыл, и-йæ фæстæмæ, цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æхсæн арæх фæзыны и, æмæ йæ хъæуы фыссын: къабайаг, тæлыйаг, хъуыдыйаг, арфæйаг, къутуйаг, ердойаг, хъуыдыйад, дæсныйад. 

Хицæн дзырдты хъæлæсонтæ а, æ, ы, сæ фæстæ цы и фæзыны, уыимæ (ома аи, æй, ый) раттынц и æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: Багатæ — Багиан, зæрдæ — зæрдиаг, фæстæ — фæстиат, фæстиау, уæлæ — уæлиау, дæлæ — дæлиау, гуырдзы — гуырдзиаг, иу+зæрдæ — иузæрдион, тæхуды — тæхудиаг. 

 

20 §. Барæн бæрцы фæсæфтуан -дæр миногонты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æмхæстæй: даргъдæр, цыбырдæр, бæрзонддæр, ныллæгдæр, рæсугъддæр. 

 

21 §. Миногонтæй æмæ фæрсдзырдтæй уæлахизон бæрц æмæ тыхджындæргонд формæ цы дзырдты фæрцы арæзт цæуы (æппæты, æппæтæй, иууыл, æгæр, бынтон, иттæг, сæнт, тæккæ, тынг, фыд, фыр, хъæбæр æ.æнд.), уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: æппæты (æппæтæй) рæсугъддæр; æгæр (бынтон, иууыл, иттæг, тынг, фыд, фыр, хъæбæр) хорз; сæнт урс, сатæг сау. 

 

22 §. Вазыгджын миногонтæ, номдартæ æмæ фæрсдзырдтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы æмхæстæй: дыууадæстæнон, иугæндзон, иуцæстон, сауæрфыг, сауцæст, фыдзонд, фыдхуыз, фыргуыст, фырдзырд, хæдзилгæ, хæрзхаст. 

 

23 §. Миногонтæ уидаг дывæр кæныны æмæ фæсæфтуан -ид-ы фæрцы арæзт куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы дефисимæ: сау-сауид, бур-бурид, сырх-сырхид, урс-урсид, цъæх-цъæхид. 

 

24§. Нымæцонтæ дыууæ, æртæ, цыппар, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ арæх баиу вæййынц ахæм формæты: ды-, æрты-, цыппæр-, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: дывазыг, дывзагон, дыкъахыг, æртывæрæй, æртыкъахыг, цыппæрвадыгæй, цыппæрдигъон. 

 

25§. Вазыгджын нымæцонты хæйттæ фыссын хъæуы æмхæстæй, уыимæ нымæцонты фыццаг хай фыст цæуы, куыд хъуысы, афтæ, дыккаг хайы та фыссын хъæуы -дæс, -сæдæ, - ссæдз: иуæндæс, дыууадæс, æртындæс, цыппæрдæс, фынддæс, æхсæрдæс, æвддæс, æстдæс, нудæс; æртæсæдæ, фондзсæдæ, астсæдæ, фондзыссæдз(ы), дыууæфондзыссæдз(ы), æртæфондзыссæдз(ы). 

 

26 §. Амад нымæцонтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы хицæнтæй: дыууын иу, авд мины, фарастсæдæ æстай фондз, æртæсæдæ фынддæсæм, дыууæ фæндзæм хайы, сæдæ æвддæсгай, дæс æмæ æртиссæдзгай. 

 

27 §. Нымæцон иу, йæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнæй: иу бон, иу хатт, иу ахæмы, иу цалдæр, иу чидæр, иу цавæрдæр, иу дзæвгар, иу чысыл, иу дзырдæй. 

Фæлæ: иу-дыууæ, иу-фондз, иу-ссæдз æ.а.д. 

 

28 §. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ фыссын хъæуы иннæ дзырдтæй хицæнæй: Нæ йын загътон. Бадзырдтон æм. Райстон сæ. Æппæлын дзы. Федтон дæ. Барвыстон уæм. Не 'ппæт. Се 'гас. 

 

29 §. Вазыгджын номивджытæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мæхи, дæхи, йæхи, нæхи, сæхи, мæхæдæг, уæхæдæг, алчи, чифæнды, цыфæнды. 

 

30 §. Амонæн номивæг а фыссын хъæуы хицæнæй: а лæппу, а хæдзар, а хъæу. 

Фæлæ: номивæг а, йæ фæстæ цы дзырд лæууа, уыимæ фæрсдзырд куы раттынц, уæд æй фыссын хъæуы æмхæстæй: абон, ахсæв, асæрды, азымæджы, ауалдзæджы, афæззæджы, аизæр. 

Номивæг а æмхæстæй фыссын хъæуы ахæм номивджыты дæр: ацал-ауал, ауал. 

 

31 §. Номивæг хи-йæн сæрмагонд æлвасон нысаниуæг куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы номдартæй хицæнæй: хи адæм, хи бæстæ, хи куыст. 

Фæлæ хи вазыгджын дзырды хай куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы иннæ хаимæ æмхæстæй: хихсæн, хисæрфæн, хинайæн, хиппæлой, хиуарзон. 

 

32 §. Номивæг уый-ы цыбыр формæйы райдайæны фæзыны и æмæ йæ фыссын хъæуы, йæ разæй цы дзырд фæлæууы, уый хъæлæсон кæнæ æмхъæлæсон й-йыл куы фæвæййы, уæд: радта йын (фæлæ радтон ын), базыдтай йæ (фæлæ базыдтон æй). 

 

33 §. Номивæг уыдоны цыбыр формæтæ хатгай фæдзурæм цæ, цын, цæм, цыл, фæлæ сæ фыссын та хъæуы сæ, сæм, сын, сыл: æркодта сæ; фæдзырдта сæм; баууæндыди сыл. 

 

34 §. Фарстон-ахастон номивджытæ чи, цы-йæ аразгæ æбæлвырд, бæлвырд æмæ æппæрццæг номивджытæ исчи, исты, алчи, алцы, ничи, ницы, мачи, мацы, здæхгæ номивæг кæрæдзи гуырынон хауæны фыссын хъæуы: искæй, истæй, алкæй, алцæй, никæй, ницæй, макæй, мацæй, кæрæдзи. 

 

35 §. Хайыг ис-ы фæрцы арæзт вазыгджын номивджыты æмæ фæрсдзырдты дыккаг хай фыссын хъæуы æнæ мырон ивддзинæдтæй: искæуыл, искуы, искæд, искуыд, искæцæй, исчердæм, исчердыгæй. 

 

36 §. Æппæрццæг номивджыты æмæ æппæрццæг фæрсдзырдты хайыгтæ ни æмæ ма фыссын хъæуы æмхæстæй: ничи, ницы, никæцы, ницал, ницавæр, никуы, никуыд, никæм, ницæй, никæдæм, мачи, мацы, макæцы, макуы, макæд, макæцæй, макæдæм. 

 

37 §. Разæфтуантæ æ-, æм-, раз-, дæл-, уæл-, бын-, фæс-ы фæстæ æзылангон æмхъæлæсонтæ арæх свæййынц зылангон æмæ сæ фыссын дæр хъæуы афтæ: æгад, æвадат, æмгусæг, развæндаг, уæлвæндаг, бындзæфхад, фæсвæд, фæсгуыст. 

 

38 §. 1. Разæфтуан æнæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ æ-йæ иу ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæвнæлд, æнæхгæд, æнæхсад, æнæнхъæлæджы, æнæргъæвд. 

2.Разæфтуан æнæ- тыхджын хъæлæсон а-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд а-йы разæй лæмæгъ хъæлæсон арæх ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæ+ахуыр — æнахуыр, æнæ+ад — æнад, æнæ+амонд — æнамонд. 

 

39§. Гуырынон хауæны æвæрд номдартæ æмæ номивджытæй фæсæфтуан-(у)он-ы фæрцы арæзт дзырдты фæсæфтуан арæх фæхъуысы: иууон нымæцы -он кæнæ -уон, бирæон нымæцы -уонтæ кæнæ -уæттæ, æмæ сæ фыссæн ис дыууæ хуызы дæр: мæнон (мæнуон), дæууон, дæхион (дæхиуон), Солтаны-уон, мæхион (мæхиуон), мæнуæттæ, Солтаныуæттæ, нæхи(у)онтæ — нæхиуæттæ. 

 

 

III. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

40§. Мивдисджыты ивгьуыд афоны кæрæтты фыссын хъæуы т , кæд бæлвырд нæ фæхъуысы, уæддæр: цыд-тæн, хорд-тон, зарыд-тæн, æхсад-тон, нымад-тон, хорд-таин, æхсад-таин, нымад-таин. 

Фæлæ: цыдаин, зарыдаин, кафыдаин. 

 

41 §. Мивдисджыты ивгьуыд афоны бындур -вд кæнæ -гъ-йыл куы фæвæййы, уæд ивгьуыд афоны цæсгомон кæрæтты разæй д ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: сыгътон, дыгътон, ивтон, хыгътон, сыгътаин, сыгътæн, дыгътаин, ивтаин. 

 

42§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындуры фæсæфтуантæ -т кæнæ -ст куы вæййы æмæ сæм ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæттæ æфтыд куы æрцæуы (фыст-тон), уæд бындуры æмæ кæроны т-тæй иу ахауы, æмæ дзы фыссын хъæуы иу т: фыстон, марзтон, карстон, къахтон, тахтæн, фыстаин, хастаин, марзтаин, карстаин. 

 

43§. Фæсæфтуан -д-йы фæрцы арæзт хицæн дзырдты бирæон нымæцы формæ -тæ-йы бæсты арæх фæхъуысы æмæ фыссын дæр хъæуы -тытæ: конд — кæндтытæ, сыгъд — сыгъдтытæ, сагъд — сæгъдтытæ, тынд — тындтытæ, архайд — архæйдтытæ, æвнæлд — æвнæлдтытæ. 

 

44§. Вазыгджын мивдисджыты æмæ мивдисджыты вазыгджын формæты ивгæ хай — æххуысгæнæг мивдисæг — фыссын хъæуы хицæнæй: хуым кæнын, æнхъæлмæ кæсын, цæугæ кæнын, кæрдгæ кæнын, фæгæпп ласын, сдзæбæх уæвын. 

 

45§. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвыны фæрцы арæзт вазыгджын мивдисджытæ æргомон здæхæны ивгьуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы фыссæн ис æртæ хуызы: æрхæццæ —æрхæццæ и — æрхæццæ ис; æризæр — æризæр и — æризæр ис; æрбабон — æрбабон и — æрбабон ис. 

 

46 §. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæцæсгомон формæты фыссын хъæуы æмхæстæй: дзырдæуы, дзырдæуыди, чындæуы, æхсадæуы. 

 

47§. Мивдисджыты 3-аг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон формæтæн иууон нымæцы æргомон здæхæны ивгъуыд æмæ суинаг афонты фыссæн ис æртæ хуызы: цыд — цыди — цыдис; цæу-дзæн — цæудзæни — цæудзæнис; дзырдæуыд — дзырдæуыди — дзырдæуыдис. 

 

48 §. Разæфтуантæ мивдисджытимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: ацæуын, æрцæуын, бацæуын, ныццæуын, фæцæуын, ссæуын. 

Фæлæ: разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн исты дзырд куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: рацæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди. 

 

49§. 1. Разæфтуан ны- хъæлæсон а-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзынынц дæргьвæтин и кæнæ дæргьвæтин ц, æмæ сæ хъæуы фыссын: арын — ныййарын, аразын — ныццаразын, амайын — ныццамайын. 

2. Разæфтуан ны- у-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны æмхъæлæсон у, æмæ йæ хъæуы фыссын: улæфын — ныуулæфын, уромын — ныууромын, удайын — ныуудайын. 

3. Разæфтуан ны- æмхъæлæсонтæй райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дзырды райдайæн æмхъæлæсонтæ фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: худын — ныххудын, фыцын — ныффыцын, сæлын — ныссæлын, калын —ныккалын, уасын — ныууасын, уарын — ныууарын, дзурын — ныдздзурын, риуыгъын — нырриуыгъын, хъусын — ныхъхъусын, къахын — ныкъкъахын. 

4. Разæфтуан ны- хъæлæсон и-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны и, æмæ йæ фыссын хъæуы æнæдывæргондæй: исын — ныйисын, ивазын — ныйивазын, ирвæзын — ныйирвæзын, ихсийын — ныйихсийын. 

5. Мивдисæг æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй куы райдайы, уæд разæфтуан ны-йы фæстæ æмхъæлæсон дывæргонд нæ цæуы: здухын - ныздухын, змæнтын — нызмæнтын, схойын — нысхойын, скъæрын — ныскъæрын, скъуыйын — ныскъуыйын, ссæндын — ныссæндын.  

 

50 §. 1. Разæфтуан фæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æлвæст æрцæуынц, æмæ дзы фыссын хъæуы е: æвналын — февналын, æмбарын — фембарын, æфснайын — фефснайын. 

2. Разæфтуан фæ æфтыд куы æрцæуы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырдтæм, йе та, кæддæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм дзырдтæм, уæд разæфтуаны æ арæх рахизы е-мæ, æмæ фыссын хъæуы фе-: фезмæлын, фездухын, фестъæлфын, фескъуынын, фестын, фесхойын, фессивын, фессæндын, фехалын, фесафын, фегом кæнын, фехъусын, фегæрдын. 

 

51 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд хъæлæсон æ ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æвналын — авналын, бавналын, æрбавналын, равналын, нывналын; æмбарын — амбарын, бамоарын; æвæрын — авæрын, æрбавæрын, равæрын, нывæрын. 

 

52§. 1. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд æ-йы бæсты арæх фæхъуысы ы, фæлæ фыссын хъæуы æ: æрæвæрын, сæвæрын, æрæхгæнын, æрæххæссын, сæххæссын, æрæвгæнын, сæвгæнын. 

2. Разæфтуантæ æр-, с- æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ райдайгæ мивдисджытæм, стæй, кæддæр сæ райдайæны хъæлæсон кæмæн уыди, уыцы дзырдтæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд разæфтуаны фæстæ фæзыны ы, æмæ йæ хъæуы фыссын: здæхын — æрыздæхын, сыздæхын; ссын — æрыссын; ссивын — æрыссивын; мысын — æрымысын; хъуысын — æрыхъуысын, сыхъуысын; хъусын — æрыхъусын. 

 

53 §. Вазыгджын мивдисджытæй арæзт номдартæ, миногонтæ, миногмитæ æмæ фæрссагмитæ фыссын хъæуы æмхæстæй, кæд æххуысгæнæг мивдисæг æнæ разæфтуан уа, уæд, кæд разæфтуанимæ уа, уæд та — хицæнтæй: хъыг дарын — хъыгдарæг, хъыгдаргæйæ; хуым кæнын — хуымгæнæг, хуымгæнгæйæ, хуым бакæнæг, хуым бакæнгæйæ; хъæр кæнын — хъæргæнæг, хъæргæнгæйæ, хъæр ныккæнгæйæ. 

 

54§. Мивдисæджы уидаг хъæлæсон и-йыл куы фæвæййы, уæд, уыцы мивдисæгæй фæсæфтуантæ -æг, -аг, -æн-ы фæрцы миногонтæ æмæ миногмитæ аразгæйæ, уидагæй фæсæфтуаны æхсæн фæзыны и æмæ йæ хъæуы фыссын: рæдийын — рæдийаг, рæдийæг; бийын — бийæг, бийæн. 

 

55§. Мивдисæджы бындур дæргъвæтин æмхъæлæсоныл куы фæвæййы æмæ йæм æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйттæ æфтыд куы æрцæуынц, уæд дæргъвæтин мыр фæцыбыр вæййы, æмæ йæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: фыссын — фыст, фыстон, фысдзынæн, фыстæг, фысгæйæ; ссеттын — сæтдзынæн, сæтгæйæ; лæууын — лæудзынæн, лæуд, лæугæйæ. 

 

56 §. Бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы мивдисджыты цæсгомон кæрæтты фыссын хъæуы кк: бадиккам, бадиккат, бадиккой; фыссиккам, фыссиккат, фыссиккой; бадтаиккам, бадтаиккат, бадтаиккой; фыстаиккам, фыстаиккат, фыстаиккой; кæниккам — кодтаиккой. 

 

57§. Мивдисæджы уидаг æмхъæлæсон у-йыл куы фæвæййы, уæд æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты бирæон нымæцы 2-аг цæсгомы фыссын хъæуы иу у: стауын — стаут, фауын — фаут, хауын — хаут. 

 

58§. Æмхъæлæсон й-йыл цы мивдисджыты бындуртæ фæвæййынц, уыдоны бæллиццаг здæхæны, стæй фæсæфтуан -инаг-ы разæй и фыссын нæ хъæуы: нымайын — нымаин, нымаис, нымаид, нымаиккам, нымаиккат, нымаиккой, нымаинаг; фиппайын — фиппаин, фиппаис, фиппаид, фиппаиккам, фиппаиккат, фиппаиккой, фиппаинаг. 

 

59 §. Дзырдтæ исын, ивазын, ивæзын-мæ разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуаны фæстæ хъæлæсон и свæййы й, æмæ йæ хъæуы фыссын: айсын, байсын, æрбайсын, айвазын, райвазын. 

 

60§. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæуынц, раздæр сæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны и, æмæ йæ хъæуы фыссын: айхъусын, айхъуысын, райхъуысын; æрбаймысын, байгæрдын, айтауын, райхалын. 

 

IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

61 §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнтæй: Лæппу æнæ худæй æрбацыди. Æнæ чиныгæй ахуыр кæнæн нæй. Сабитæ æд чингуытæ фæцæуынц скъоламæ. 

Фæлæ: æд æмæ æнæ сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы уыдонимæ миногонтæ куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: æдгæрзтæ быцæу; æдсаргъ, æдидон бæх; æнæмаст адæймаг; æнæкæрон нымæц. 

 

62 §. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг хауæнты куы домой, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: хæдзары 'рдæм, хæдзары 'рдыгæй, уыдоны 'рдæм, бæласы цур, хъæуы фарсмæ, стъолы сæрмæ, адæмы астæу, хъæумæ хæстæг, хæдзармæ æввахс, хъæуæй уæлæмæ, махæй фæстæмæ, уый тыххæй, уымæ гæсгæ, уымæй фæстæмæ, уымæй размæ, амæй фæстæмæ, амæй размæ, уый размæ, ардыгæй фæстæмæ, уæдæй нырмæ, уæдæй фæстæмæ, уый бæрц, ай бæрц, дæу æрдыгæй, мæн æрдæм. 

Фæлæ: фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг хауæны куы нæ домой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: бонæрдæм (бонырдæм дæр), цæгатæрдыгæй (цæгатырдыгæй дæр) фалæрдæм, фалæрдыгæй, кæцырдæм, кæцырдыгæй, дыууæрдæм, дыууæрдыгæй, иннæрдæм, алырдæм, галиуæрдыгæй ( галиуырдыгæй дæр), иуæрдыгæй (иуырдыгæй дæр), иухуызон, махæрдыгон (махырдыгон дæр), куыдфæстæмæ. 

 

63§. Хайыг гье фыссын хъæуы хицæнæй: гъе уый, гъе афтæ, гъе уымæн, гъе уырдæм, гъе уый тыххæй, гъе ахæм, гъе ныр, гъе уæд. 

 

64§. 1. Æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы хицæнæй: куы нæ ацæуон, цы нæ зонын, куы нæ уыди. 

Фæлæ; цæуыннæ (цæуыл+нæ-йæ), куыннæ (куыд+нæ-йæ). 

2. Миногмитимæ æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нæдзурæг скодта йæхи, нæзонæджы къух нæ риссы. 

 

65§. Хайыг уал фыссын хъæуы хицæнæй: сбад уал, зæгъ уал, исчи уал. 

Фæлæ: хайыг уал æппæрццæгтæ нæ æмæ ма-имæ, стæй æппæрццæг номивджытæ æмæ фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мауал, нал, ничиуал, ницыуал, никæйуал, никуыуал, никæдæмуал, никæмуал, мачиуал, мацыуал, макæдæмуал. 

 

66§. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз дзырд тæккæ-йы æмнысан куы вæййынц, уæд сæ сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: йæ хæрз сыхаг у; бæласы хæд фарсмæ æрбадти. 

Фæлæ: хæд æмæ хæрз, сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ миногон кæнæ номдар куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: хæрзарæхст, хæдæфсарм, хæдхæцæгад. 

 

67§. Та вæййы бæттæг дæр æмæ хайыг дæр. Фыссын æй хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: Æз та дæм зындзынæн. Куы та йæм бацæуон, уæд та йын зæгъдзынæн. Ды та кæм уыдтæ? 

 

68§. Ма вæййы æппæрццæг хайыг дæр, тыхджындæргæнæг хайыг дæр æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг дæр. 

1. Æппæрццæг хайыг ма, йæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, Уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнæй: ма ацу, ма йæм дзур, ма ку, ма йыл хъæр кæн, ам ма лæуу, мæсты йæм ма кæн, ма йæм дзурон, ма дæм лæууон. 

Фиппаинæгтæ. 1. Æппæрццæг хайыг ма æппæрццæг номивджыты, фæрсдзырдты æмæ бæттæгты фыссын хъæуы æмхæстæй: магуса, мадзура, мамæла, мачи, макæдæм, мадæр-мадæр, нæма, нырма, мама. 

2. Тыхджындæргæнæг хайыг ма фыссын хъæуы хицæнæй: Æз ма дæм бацæуинаг уыдтæн. Ды та ма йын арфæтæ кодтай. 

Фæлæ: нæма, нырма, мама. 

3. Фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг ма, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Æри-ма чиныг. Къус-ма рахæсс. Рауай-ма ардæм. Ам-ма лæуу. 

 

69§. Бирæхаттон хайыг иу, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Бадзырдтон-иу æм. Рацу-бацу-иу кодтон. Æрбауади-иу мæм. 

 

70§. Вазыгджын æвастхъæртæ фыссын хъæуы, кæрæдзийæ дефисæй хицæнгæнгæйæ: оххай-гъе, ай-гъай, гъæйдæ-гъа, гъæй-джиди. 

 

 

V. ВАЗЫГДЖЫН ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

71§. Иуæй-иу вазыгджын дзырдты дыккаг хайы фыццаг æмхъæлæсонтæ свæййынц зылангон, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: галвæндаг, дурвæткъуы, галдзарм, сæгъдзарм, хуымгæрдæн. 

Фæлæ.- хæрзконд, агхафæн, хæдтæхæг, дыууадæстæнон. 

 

72§. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаг æмхъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та куы райдайы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ, уæд дыууæ бындуры æхсæн фæзыны хъæлæсон ы, æмæ йæ хъæуы фыссын хурыскæсæн, фæдысмудæг, фондзыссæдз(ы), фыдыссæн, æнцонызмæнтæн. 

 

73§. Сæ фыццаг хай дæргьвæтин æмхъæлæсоныл кæмæн фæвæййы, дыккаг хай та æмхъæлæсонæй кæмæн райдайы, ахæм вазыгджын дзырдты æмхъæлæсонтæ дæргьвæтин нал фæхъуысынц, æмæ сæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: къæрцц+хъус — къæрцхъус, къæртт+кæнæг — къæртгæнæг, гæпп+кæнæн — гæпгæнæн, къуырцц+цæвæн — къуырцдзæвæн, зæхх+кусæг — зæхкусæг, хахх+кæнæг — хахгæнæг, цæхх+дарæн — цæхдарæн.  

 

74§. Дзырды бындур дывæр кæныны фæрцы цы вазыгджын дзырдтæ арæзт цæуынц, уыдон фыссын хъæуы дефисимæ: зылын-мылын, сæпп-сæпп, къæрцц-къæрцц, зыр-зыр, дыгъал-дыгъул, рацу-бацу, кæсгæ-кæсын, дон-дон, фæндаг-фæндаг, хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу, фæрсæй-фæрстæм, сæрмæ-сæр, фæд-фæдыл, ракæ-бакæ. 

Фæлæ: ахæм дзырдтæм фæсæфтуантæ кæнæ æндæр бындуртæ æфтыд куы цæуа, уæд та сæ фыссын хъæуы æмхæстæй (æнæ дефисæй): хъысхъысаг, зырзыраг, цъырцъыраг, мырмыраг, къæркъæраг, дыгъалдыгъулгæнаг, рауайбауайгæнæг, рацубацугæнæг, ракæбакæгæнæг. 

 

75§. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаг хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та лæмæгъ хъæлæсонæй куы райдайы, уæд дыккаджы райдайæны лæмæгъ хъæлæсон ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дыууæхстон, æртæхстон, зæрдæлхæнæн, зæрдæвæрæн, гæрзтæхсæн. 

 

76§. Номон æмæ гуырынон хауæнты æвæрд номдар-бæрæггæнæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтæй фыссын хъæуы хицæнæй: хур бон, фæткъуы бæлас, æвзист уидыг, цонджы хъул, къухы ных, сæры къуыдыр, сæры фахс, хуры тын, хæлуарæджы тын, цæсты рухс, Æрфæны фæд, Уæлладжыры ком, Куырттаты ком, сыгъзæрин къухдарæн. 

Фиппаинаг. 1. Æмхæстæй фыссын хъæуы, сæ фыццаг хæйттæ фæрссаг хауæнты æвæрд кæмæн сты æмæ вазыгджын дзырдты хуызы чи ныффидар, ахæм терминтæ: дугъысыф, залмысыф, фарсылæвзаг æ. æнд. 

2. Дзырды фыццаг хай хицæнæй зæгьæн кæмæн нæй, ахæм сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы æмхæстæй: Дзæуджыхъæу, Дзуарыхъæу, Арвыком, Бæрзыхъæу. 

 

77§. Мивдисджытæй фæсæфтуанты руаджы арæзт дзырдтæ æндæр ныхасы хæйттимæ куы баиу вæййынц, уæд иумæ раттынц вазыгджын дзырдтæ, æмæ сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нартхортонæг, сугсæттæг, донласт, лæгæвзæрст, фарсхæцæг, дымгæмæдарæн, хырхæйфадæн, джитъритонджытæ, картофкъахджытæ, хæрзгæнæг. 

Фæлæ: ахæм дзырдты фыццаг хæйттæн сæ разæй бæрæггæнæнтæ куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнæй: бур нартхор тонджытæ, ног картоф къахджытæ. 

 

VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД  

 

78§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы:  

1) ирон æвзагмæ раджы цы дзырдтæ æрбафтыди æмæ фонетикон ивддзинæдтæ кæм æрцыд, уыдон фыссын хъæуы, куыд ныффидар сты, афтæ: асыкк, кънйаз, стъол, скъапп, пец, скъола, дохтыр, гилдз, зест, фанар, къабуска, кърандас, къантор, къамис, закъон, станцæ, булкъон, инæлар; 

2) фæстæдæр æрбайсгæ дзырдтæ, уыдонимæ интернационалон дзырдтæ дæр, фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссынц, афтæ. Уыимæ, дзырдæн уырыссаг æвзаджы йæ кæроны куы уа æнæцавдон -а, уæд уый ирон æвзаджы ивд цæуы -æ-йæ; -ия кæм ис, уым ахауы я; -ие кæм ис, уым -е; дзырды кæрон -ея кæм уыд, уым та фыссын хъæуы -ей: партæ, картæ, автономи, автобиографи, классификаци, конституци, расписани, бакалей, Корей. 

Фæлæ: Александрия, Византия, София, кукла, идейæ. 

 

79§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты интернационалон суффикстæ -ал, -ар, -ист æ.æнд. фыссын хъæуы æнæивгæйæ: гуманитарон, пленарон, коллегиалон, материалон, формалон, националон (национ дæр,), профессионалон, централон (центрон дæр), интернационалон. 

 

80§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсон мырты къордтæн сæ разæй дæр æмæ се 'хсæн дæр хъæлæсон фыссын нæ хъæуы: скъола, скъапп, кълас, стан, студент, октябрь. 

 

81§. Дамгъæтæ е, э, ю, я, ж, ш, щ фыссын хъæуы æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты: щæткæ, юрист, бюст, полярон, элемент, жюри, жанр, шахмæттæ, Щедрин. 

 

82§. Æндæр адæмты минæвæртты нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы куыд фыст цæуынц, афтæ: Александр Сергеевич (Сергейы фырт дæр) Пушкин, Алексей Максимович (Максимы фырт дæр,) Горький, Леонардо да Винчи, Бодуэн де Куртенэ, Измаил-бей, Аветик Саакович(Саакы фырт дæр) Исаакян, Расул Гамзатович (Гамзаты фырт дæр) Гамзатов, Махмуд Эсамбаев, Илья Григорьевич (Григорийы фырт дæр) Чавчавадзе, Кайсын Шуваевич (Шувайы фырт дæр) Кулиев, Валентина Владимировнæ (Владимиры чызг дæр) Терешкова. 

 

83 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæрæтты æмхъæлæсон мырты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ куы вæййы, уæд бирæон нымæцы фæсæфтуан -т кæнæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай комкоммæ æфтыд æрцæуы дзырды бындурмæ: студент — студенттæ, оппонент — оппоненттæ, кадр — кадртæ, метр — метртæ, центр — центртæ, штамп — штамптæ, гунн — гуннтæ, Бонн — Боннмæ. 

Фæлæ: темп — темпытæ, курс — курсытæ, лент — лентытæ. 

 

84§. Дамгьæтæ хъæбæры нысан (ъ) æмæ фæлмæны нысан (ь) уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты фыссын хъæуы уырыссаг æвзаджы орфографион æгъдæуттæм гæсгæ: подъезд, субъект, объект, съезд, роль, Олъгæ. 

 

85§. Дзырдæн йæ кæрон фæлмæны нысан (ь) куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйтты размæ дæр: роль, ролъмæ, рольтæ, рольты æ.а.д. 

Фæлæ: ролы, ролæн, ролæй. 

 

86§. Интернационалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдисджытæ ирон æвзагмæ ист цæуынц æмæ сæ фыссын хъæуы вазыгджын мивдисджыты хуызы (уыцы мивдисджытæй конд номдартæ æххуысгæнæг мивдисæг кæнын-имæ): регулировать — регулировка кæнын, агитировать — агитаци кæнын, редактировать — редакци кæнын, монтажировать — монтаж кæнын. 

 

87§. 1. Æрбайсгæ дзырдтæй ирон æвзаджы сæ кæроны хъæлæсон æ кæмæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтаугæйæ, хъæлæсон æ-йы фæстæ фæзыны и æмæ йæ хъæуы фыссын: европæйаг, кубæйаг, польшæйаг. 

2. Ирон æвзагмæ æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæроны и кæмæн вæййы, уыдонæй фæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ аразгæйæ, хъæлæсон и фылдæр хатт баззайы æмæ йæ хъæуы фыссын: австралиаг, азиаг, болгариаг (болгайраг дæр), швециаг, испаниаг (испайнаг дæр), япониаг (япойнаг дæр), германиаг (гермайнаг дæр), географион, этнографион, полиграфион, биологион, антропологион, идеологион, терминологион, филологион (филологон дæр), философион (философон дæр), демократион (демократон дæр). 

3. Уырыссаг æвзаджы сæ кæрæтты ея цы дзырдтæн вæййы, уыдоны фæсæфтуантæ -аг, -он æфтыд æрцæуынц -ей-мæ æмæ дзы фыссын дæр хъæуы -ей: галантерея — галантерейон, бакалея — бакалейон. 

 

88§. Æмхъæлæсонтæ г æмæ к-йыл цы сæрмагонд географион нæмттæ фæвæййынц, уыдоны гуырынон хауæны хъæлæсон ы-йы разæй ацы æмхъæлæсонтæ фыссæн ис дыууæ хуызы: Владивостокы — Владивосточы, Оренбургы — Оренбурджы, Петербургы — Петербурджы. 

 

 

VII СТЫР ДАМГЪÆ  

 

89§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы хъуыдыйады фыццаг дзырд  

Фиппаинæгтæ : 1. Æмдзæвгæйы мидæг стыр дамгьæйæ фыссæн ис алы рæнхъы фыццаг дзырд дæр. 

2. Комкоммæ ныхасы фæстæ авторы дзырдтæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: "Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы", — дзуры зæронд Хадзумар. (Хъуылаты С.) "Ацы зæххы гæбаз нын гутонæй куы бакæна сæ трактор, уæд уый чысыл æххуыс у?" — загъта Хæмæт æмæ акасти, зæххæй æнæкондæй цы лыггаг баззад, уымæ. (Гæдиаты Ц.) "Оу, уæлæ хур кæдæм ссыд! Цы карз фынæй аистæм!" — сдзырдта Аслæнбег. (Санаты У.) 

3. Иу хъуыдыйады бирæстъæлфыгтæй хицæнгонд хъуыдыты скъуыддзæгтæ куы æмбæла, уæд дзы стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æрмæст фыццаг дзырд, бирæстъæлфыгты фæстæ хъуыдыты скъуыддзæгтæ та фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Йæхæдæг (Илас) загъта: "Дæ фырт Мысост... зæгъ ын, æмæ ныууадза афоныл... стæй тасы сахат, мыййаг..." (Гæдиаты Ц.) 

 

90§. Хъуыдыйады райдайæны сидæны кæнæ æвастхъæры фæстæ хъæры нысан куы вæййы, уæд йæ фæстæ æвæрд дзырд фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид Иу сау къæдзæхы сæрæй. (Къоста.) 

Фиппаинаг. Хъæры нысан хъуыдыйады астæу æвастхъæры фæстæ æвæрд куы вæййы, уæд, йæ фæстæ цы дзырд лæууы, уый фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Уый фæстæ — гъæйдæ-гъа! — райста дзырдарæхсгæ диссæгтæ дзурын. (Къоста.) 

 

91§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дыстьæлфы фæстæ фыццаг дзырд: 

1.Комкоммæ ныхасы райдайæны куы вæййы, уæд: «Куыд цæрут» -æй йæ куыддæр бафæрсай, афтæ дын уый ахæм цыбыр дзуапп ратдзæн: «Цæрæм, дæ рын бахæрон, фыдæбон цардыл нымайæм». (Хъуылаты С.) 

2.Цитатæйы фыццаг дзырд сæрмагонд хъуыдыйады райдайæн куы вæййы, уæд: Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй йæхæдæг: "Артист хъуамæ зона йæ хъуыдыты базыртыл незамантæм атæхыи, кæм никуы уыд, ахæм бæсты февзæрын". (Бæциаты А.) 

Фиппаинаг. Цитатæ æвæрд куы 'рцæуы хъуыдыйады, куыд йæ хай, афтæ, уæд æй фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: "Æрмæст критик (Тыбылты А.) "стæм хатт æрцæуæг æбуалгъ æмбисонд" кæй хоны, уый фыссæг нымадта, сылгоймаг "арæх цы миниуджытæ равдисы", ууыл. (Джусойты Н.) 

 

92§. 1- Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы адæймæгты мыггæгтæ, фыды нæмттæ (дзырд "фырт"-æй фæстæмæ), нæмттæ, фæсномыгтæ: Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер), Коцойты Арсен (Хабос), Тогызты Газакк, Дзынга, Цола. 

2. Стыр дамгъæйæ фыст цæуынц, ирон адæм рагæй нырмæ кæмæй пайда кодтой, уыцы нывыл карст мыггагон нæмттæ: Мамион (Хъарадзау), Мыртазон (Барис), Фæрнион (Къоста), Фидарон, Цæразон, Бутиан, Нанион, Тахъазон, Гуырион, Хетæджы-фырт, Абайы-фырт. 

 

93§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы Уæрæсейы Федерацийы иууыл бæрзонддæр бынæтты нæмттæ æмæ кадджын нæмттæ: Уæрæсейы Федерацийы Президент, Цæгат Ирыстоны-Аланийы Президент, Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хицауады Сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр, Уæрæсейы Федерацийы Маршæл. 

Æндæр куысты бынæтты нæмттæ, титултæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: министр, сæрдар, президент, маршæл, ахуырады сгуыхт архайæг. 

 

94§. Стыр дамгьæйæ фыссын хъæуы фосыл, цæрæгойтыл æвæрд нæмттæ: Хъусой, Æрфæн, Бодз, Хъулон, Гино. 

 

95 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы астрономией æмæ географион объектты нæмттæ (паддзахæдты æмæ уыдоны административон-территориалон хæйтты нæмттæ), уынгты, агъуыстыты æмæ æндæр ахæмты нæмттæ. Уыцы нæмттæ дыууæ кæнæ фылдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд æххуысгæнæг дзырдтæ ком, горæт, денджыз, сакъадах, фæз, уынг æ. æнд. фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Марс, Бонвæрнон, Æрфæны фæд, Авд хойы, Фисынмæдзæуджытæ; Европæ, Африкæ, Кавказ, Ирыстон, Уæллаг Хъобан; Сау денджыз, Хъазыбеджы хох, Майлийы цъити; горæт Дзæуджыхъæу, Революцийы фæз, Сабырдзинады проспект, Абайты Васойы уынг; цæугæдон Терк, Джызæл, Къостайыхъæу. 

Фиппаинæгтæ . 1. Дзырдтæ хур, зæхх, мæй астрономион нæмттæ куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Зæхх зилы Хуры алыварс. Космонавттæ сæхи цæттæ кæнынц Мæй басгарынмæ. 

2. Республикæты, паддзахæдты æмæ æндæр бæстæты официален нæмтты æппæт дзырдтæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгьæиæ: Республикæ Цæгат Ирыстон—Алани, Республикæ Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Корейы Адæмон-Демократон Республикæ, Уæрæсейы Федераци, Америкæйы Иугонд Штаттæ, Гуырдзыстон, Фæскавказ, Ирыстон. 

Фиппаинаг . Дунейы фæрсты нæмттæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ, фæлæ уыдон ист куы 'рцæуынц куыд территориалон нæмттæ, афтæ, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Ныгуылæны паддзахæдтæ; Цæгат æмæ Хуссары адæмыхæттытæ; Цæгаты полюс. 

 

96§. Историон цауты, дугты æмæ фæзындты сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Уыдон дыууæ кæнæ фылдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд дзы стыр дамгьæйæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд æмæ, дзырдбасты цы сæрмагонд дзырдтæ уа, уыдон: Октябры революци, Фыдыбæстæйы Стыр хæст, Римаг импери, Ренессанс. 

 

97§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы бæрæгбæтты æмæ зынгæ цауты нæмтты фыццаг дзырдтæ: Фыццæгæм май, Дунейы сылгоймæгты бон, Ног аз, Уæлахизы бон. 

Фиппаинаг. Ирон адæмы динимæ бает бæрæгбæтты, зæдты, дауджыты æмæ дзуæртты нæмттæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгьæйæ: Стыр Хуыцау, Уастырджи, Джеоргуыба, Уацилла, Фæлвæра, Æфсати, Хетæджы къох, Хуыцауы дзуар, Мыкалгабыртæ. 

Фæлæ: цыппурс, бынаты 'хсæв, куадзæн, зæрдæвæрæн, кæхцгæнæн (тæ), джеоргуыбайы мæй. 

 

98§. Орденты нæмттæ æххæстæй фысгæйæ, стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр, "орден" æмæ "къæпхæн"-æй фæстæмæ: Ленины орден, Фæллойадон Сырх Тырысайы орден, Сырх Стъалыйы орден, Фыдыбæстæйы Хсесты I къæпхæны орден, Намысы II къæпхæны орден. 

 

99§. Дунеон æмæ уæлдæр паддзахадон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр: Иугонд Нациты Организаци, Æдасдзинады Совет, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ, Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Тæрхондон, Федерацийы Совет, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент. 

 

100§. Министрадты æмæ уыдоны сæйраг уынаффæдæтты нæмтты, стæй иннæ центрон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты (93§-ы нымад чи æрцыд, уыдонæй фæстæмæ) стыр дамгъæйæ фыст цæуы æрмæст номы фыццаг дзырд, стæй дзы цы сæрмагонд нæмттæ ис, уыдон: Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Дзæуджыхъæуы зонадон (наукон) центр, Уæрæсейы Федерацийы Зонæдты (Наукæты) академи, Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарен æмæ социален иртасæнты институт, Цæгат Ирыстоны Хегкæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театр, Спорты галуан, Культурæйы галуан, Кулътурæйы хæдзар. 

 

 

VIII. ЦЫБЫРГОНД ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД  

101 §. 1. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ цыбыргондæй фыссын хъæуы афтæ: 

æ.а.д. — æмæ афтæ дарддæр 

æ. æнд. ах. — æмæ æндæр ахæмтæ 

æ.æнд. - æмæ æндæртæ 

æ. — æнус 

ææ — æнустæ 

т. — том 

тт. — томтæ 

г. — горæт 

обл. — облæст 

ф. — фарс 

фф. — фæрстæ 

акад. — академик 

доц. — доцент 

проф. — профессор 

студ. — студент 

фак. — факультет 

Дзырдтæ цыбырæй фысгæйæ нæй цыбыр кæнæн хъæлæсон дамгьæйыл, дзырдæн йæ райдайæны куы нæ уа, уæд. Фыссын хъæуы: ад.хæдзарад, рай.тæрхондон. 

2. Дзырды дывæргонд æмхъæлæсон куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы раззаг æмхъæлæсоныл: уырыс.æвзаг (уырысс. нæ), грам. рæдыд (грамм. нæ) 

Дзырды дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсоны куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы фæстаг æмхъæлæсоны фæстæ: уæлæмх. хъуыдыйад (уæлæм. нæ), куыст. пълан (куыс. нæ). Вазыгджын дзырды дыууæ хайы куы цæуой цыбыргонд, уæд се 'хсæн æвæрын хъæуы дефис: æд.-бын.хауæн — æддагбынатон хауæн; хъ.-х. арæзтад - хъæууонхæдзарадон арæзтад. 

102§. Аббревиатурæтæй иутæ кæсгæ сты хицæн дамгьæтæй (дамгъон аббревиатурæтæ) (РыЦыИ, Уфы), иннæтæ та хуымæтæг дзырдты хуызæн мыртæм гæсгæ, уæнггай (мырон аббревиатурæтæ) (ЦИПУ, АИШ). Аббревиатурæтæй иутæ арæзт вæййынц ирон дзырдты фыццаг дамгьæтæй (УФ, РЦИ А), иннæтæ та — уырыссаг дзырдты фыццаг дамгъæтæй æмæ цæттæ арæзтæй ист цæуынц уырыссаг æвзагæй (ЦУМ, ГУМ). 

Ирон дзырдтæй арæзт дамгъон аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, æдзухдæр сæ ы-имæ кæй фæдзурæм, уымæ гæсгæ, хъæлæсоны фæстæ цы хауæнты кæрæттæ фыссæм, уыдонимæ: УФ-йы паддзахадон арæнтæ. 

Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, кæройнаг мыр кæнæ дамгьæ куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ, хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæугæ дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, АИШ-ы, ВАК-ы, вузæй. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ