Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъæлдзæг хабæрттæ сайты уазджытæй
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Зианы хабар зæрдæриссæн у , хъæлдзæгдзанадæн дзы бынат нæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ хатгай ахæм цаутæ æрцæуы, æмæ сæ æнæ худгæйæ нæ радзурдзынæ. 

Ацы цау раджы æрцыд. Иу бинонтæн фæзиан сæ зæронд ус. Куыд æмбæлы, йæ уæлхъус æрбамбырд сты хиуæттæ æмæ сыхаг устытæ. Хæдзар бæрзонд арæзт, уынджы йæ рудзгуыты бын та даргъ бандоныл, æгъдау куыд амоны, бадтысты сыхы зæронд лæгтæ. Сæ иу, Габе, худæджы лæг уыд. 

Тылынггæрæттæ кæнын райдыдта æмæ зиан цы агъуысты уыд, уым сойын цырагъ ´ссыгътой. Хиуæттæй чидæр чырыны æвæрынмæ æрбахаста духин, æмæ зианæн йæ тæф тынг ма цæуа, зæгъгæ, йæ бапырх кодтой. Уалынмæ сæ чидæр æнæнхъæлæджы цырагъ бакъуырдта, уый мардыл бахауд æмæ духинæй пырхгонд мард уыциу сыгъд скодта. Сылгоймæгтæ фæфæдис сты, фыр тæрсæй дуармæ сæхи ныццавтой, кæрæдзийæн рахизыны бар раттыныл ма чи хъуыды кодта æмæ дуары ахизæны ныссагъдысты. Ахизæн æхгæд æрцыд, уæд устытæй иу ай-уыйтæ нал фæкодта æмæ рудзынгæй рагæпп ласта. Зæронд лæгтæ фæджих сты сæ сæрты сылгоймаг куы расæррæт кодта, уæд.  

Габе дын йæхи нал баурæдта æмæ сдзырдта: "Цæсгом куы нал ис, уый цы хабар у?"  

Уæд æм чидæр бадзырдта: "Макæ, уый де фсин Лазикка куы у".  

Уæд Габе, йæ уæраг æрхойгæйæ, фæхъæр кодта: "Куыд сæрæн гæпп кæны, куыд. Уый дын сылгоймаг!?" 

Уыцы рæстæг та дуарыл чи ныссагъд, уыдонæн сæ зæрды уыд фæдисы "Мард ссыгъд!" рахъæр кæнын. Фæлæ сæ дзыхы ныхас дæр нал бадт æмæ дзы рауад "Мард сыстад", зæгъгæ...  

Бирæ рæстæг рацыд уæдæй абонмæ, фæлæ ма абон дæр нæ хистæрты зæрдыл куы æрлæууы, уæд æнæ бахудгæ нæ фæвæййынц. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ