Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъæлдзæг радзырдтæ нырыккон цардæй
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Бардзинты Мысосты мысинæгтæ  

 

Уæдæ цалæй улæфдзыстæм!  

 

Колхоз* «Размæ бырсæгæн» бирæ æзты сæрдарæй фæкуыста Хъасай. Хъæддых æмæ тызмæг лæг, мæнæ «сталинон гварди» кæй хуыдтой, уыдонæй. Никæйы уагъта давын, рæстæг дзæгъæлы сафын. Уайтагъ-иу уæлхъус алæууыдис. Æмæ уæд дæ балгъитæг дæр афтæ. Хъæр æмæ загъды бын-иу фæкодта адæймаджы, бирæты та сæ куыстæй фæсырдта.  

Уыдис ма ноджы иу миниуæг Хъасаймæ. Фæндзгай-æхсæзгай азтæ-иу отпуск (улæфты рæстæг) нæ райста, æгуыстæй æппындæр нæ фæрæзта.  

Уæд та иу ахæмы кусджытæ æмæ специалисттæ лæгъстæ кæнынц профцæдисы сæрдар Хъазбегæн: 

 

- Хуыцауы тыххæй, уыцы лæгæн ма исты путевкæ** бацагур æмæ йæ санаторимæ арвит, йæ ахсæн куы фæриссы. Нæ бон дзы нал у, нæ хурхыл нын бахæцыд... 

- Хорз. Бафæлвардзынæн, - сразы ис Хъазбег. 

 

Дыууæ къуыримæ стыр лæгъстæтæй ссардта путевка Железноводскмæ, æмæ тыххæй-фыдæй сразы кодта Хъасайы. «Ацу æмæ дæ ахсæн сдзæбæх кæн, ахæм хорз гæнæн дын нал уыдзæн», зæгъгæ.  

Хъасай ацыдис. Изæры йæ хæдивæг специалисттæ æмæ бригадиртæм*** фæдзырдта æрбылбонон æмбырдмæ.  

Агроном Солтан Хъазбеджы куыддæр ауыдта, афтæ йæ фæрсы: 

 

- Ацыдис?! Мæнæ диссæгтæ!  

Æвæдза, иу путевкæйæ цалæй улæфдзыстæм ..! 

 

---------------------------------------------------------------------- 

*Колхоз - советтон дуджы æхсæнадон хъæуон-хæдзарадон куыстыуат (State farm) 

**Путевка - санаторийы баулæфыны бар 

***Бригадир - куыстуатон къорды хицау  

 

 

Горæтгæрон, Быдыры хъæуы цæрынц хъæлдзæг, хæрзæгъдау æмæ цыргъзонд адæм. Цæвиттон, Ирон æфсымæр болгайраг Габровойæн. Уымæ гæсгæ уын мæ зæрды ис сæ хъæлдзæг хабæрттæй иу цалдæр радзурын.  

 

Кæм вæййыс?  

Битта хæрзæрыгонæй нырмæ ануазын, ахæрын уарзта. Æмæ кæд ныр йæ дыуиссæдз азы йæхицæй фесты, уæддæр йæ царды фæндаг нæма снывыл кодта. Йæ хуыздæр цин уыдис æмгæрттимæ абадын, куы рестораны, куы та куывды, чындзæхсæвы. Афтæмæй та иу афон ностджынæй фæсæмбисæхсæвты хæдзармæ æрбахаудис, æмæ кæсы – йæ зæронд фыд сынтæгыл бады æмæ газзетты кæсы. 

 

- Лæппу, ауай æмæ хуытæн хæринаг ратт, - мæстыхуызæй йæм радзырдта Баба. 

 

Лæппу цæхгæр фæзылдис æмæ æраст и хуыты æфсадынмæ. Фæлæ иу цалдæр минуты фæстæ фæстæмæ æрбаздæхт.  

 

- Баба, х-хуытæ... нæ-æ х-х-хæрынц... 

- Омæ дæуæн дæр уый зæгъай, уый. Ацафон хуы дæр нал фæхæры, уæд ма ды кæм вæййыс?!  

 

 

Уым цы кусыс? 

Уæд иу афон Битта хæрзрасыгæй æрбацыдис æнафон сæ хæдзармæ. Баба та мæ куы ‘фхæра, зæгъгæ, йæ зæрды уыдис æнæ рухс ссудзгæйæ, сындæггай йæ уатмæ бацæуын. Фæлæ йе’намондæн уыцы бон чидæр æнæнхъæлæджы ныггæнды (пъадвалы) дуар гомæй ныууахта, æмæ дзы мæгуыр къумæлдзæф Битта фæдæле. Хæрдмæ схизыныл ма бæргæ афæлвæрдта, фæлæ арахъæфсæстæй йæ къухы нал бафтыдис, æмæ уым голджытыл бафынæй. Райсомæй раджы йæ фыд Баба райхъал ис, æмæ ныггæнды дуарæй, бынæй голджытыл йæ фырты ауыдта. 

- Гъей! Лæппу! Уæлæмæ сыст тагъд! – ныдздзыртта йæм фыд. 

 

Фырт фехъал, йæ цæстытæ асæрфта, æмæ хæрдмæ скастис. Фыды мæстыйæ куы ауыдта, уæд æваст нал рахатыд кæм ис уый, æмæ йæ фæрсы:  

- Хуыцауы тыххæй Баба, ацафон та цары цы кусыс?! 

 

 

Цы кодтон?  

Сардо куыста падздзахадон автоинспекцийы, æмæ иу арæх йæхи хъæуыккæгты дæр афхæрдта. Иу афон та куы уыдис уæд Сабаны æрурæтта, æмæ йын ивар фидын кæны.  

- Куы ницы ракодтон æвзæрæй, Сардо, уæд мæ цæмæн æфхæрыс? – фæрсы йæ лæппу.  

- Æмæ ды цалынмæ исты ракæнай, уæдмæ æз ам æххормагæй лæуон? – фæхъæр ыл кодта Сардо...  

 

 

Камчаткæйæ* хабар  

Æхсар бирæ æзты дæргъы фæцардис Камчаткæйы. Бинойнаг ын уыдис, фæлæ сын къорд азы цот нæ рацыдис. Æмæ Ирыстоны, йæ бинонтæн уый зын куыд нæ уыдаид. Фæлæ-иу уæддæр алы фыстæджы дæр æнхъæлмæ кастысты «исты хорз хабармæ».  

Уæд иу афон Æхсарæн йæ кæстæр æфсымæр, Сæрмæт, сыхæгтæм бадгæйæ, сæ хæдзармæ дзырдта телефонæй. Хъæуты телефонтæ та хорз кæд куыстой?! 

Цæвиттон, сæ хо Зæринæ, хæтæл куы систа уæд æм Сæрмæты ныхас афтæ æвзæр хъуыстис, æмæ банхъæлдта, Æхсар дзуры Камчаткæйæ. 

 

- Ало, чи дæ? Æхсар дæ? – дардмæ хъæрæй дзурæгау, афарста чызг. 

- О, гъеуый дæн – хъазгæйæ йын дзуапп радта Сæрмæт, куы йæ бамбæрста, йæ хо йæ нæ базыдта, уæд. 

- Æмæ куыд стут? Цы хабæрттæ уæм ис? 

- Дзæбæх алцыдæр. Мæнæ не’фсинæн лæппу райгуырдис... 

 

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, чызджы фыр цинæй хæрдмæ гæпп кæнынмæ бирæ нал хъуыдис.  

- Æцæг?! Мæнæ диссагтæ! Мæнæ мын цы хорз хабар фехъусын кодтай! Хæрзæгкурæггаг дын иу цы балхæнон? 

- Мæн ницы хъæуы... Фæлтау иу, дæ разы, мæ бæсты Сæрмæтæн исты алхæн... 

----------------------------------------- 

*Камчатка - Уæрæсейы Дард-Хурскæсæны æрдæгсакъадах  

 

 

Хъæдындзты дзæбæхтæ  

Иу рæстæджы ме'мбалттæ Хъæлцыхъо æмæ Таймуразимæ бацыдыстæм горæты (сахары) базармæ хъæдындзтæ æлхæнынмæ. Уæды рæстæджы-иу корейаг саудаджертæ сластой рæсугъд ставд хъæдындз. Дуканигæс, аив ацæргæ ирон сылгоймаг, уыцы уæзданæй нæ афарста: 

 

- Цы уын авæрон, дзæбæх лæппутæ? 

- Иу æртæ килойы нын хъæдындз абар – бадзырдта йæм Таймураз. 

- Уый уын мæ бар – дуканигæс къулрæбын хъæдындзтæ дзæкъулы æвæрынмæ фæци. 

- Сæ дзæбæхтæ нын авзар, дæ хорзæхæй! Рынчындонмæ нæ хъæуынц... – бадзырдта та йæм Таймураз, æмæ махмæ йæ мидбыл худгæйæ бакастис. 

- Хорз, хорз, мæ къонатæ. – мæгуыр сылгоймаг хъазуатонæй хъæдындзты дзæбæхтæ æвзарыныл архайы.  

Уалыммæ дзыхълæуд фæкодта, æмæ йæ хъуыдыты ацыдис. Стæй сындæггай разылдис махæрдæм: 

- Кæ-æдæм уæ хъæ-æуынц зæгъут?! 

Уым мах дæр нæхи нал баурæдтам, бирæ фæхудтыстæм уæйгæнæгæн йæхиимæ....  

 

 

Хонæг 

Горæтгæрон Быдыры хъæуы Къупецатæ кодтой куывд. Сыхмæ хонæг рарвыстой Гигойы. Уый, куыд æмбæлы, афтæ хæдзар - хæдзар зылдис æмæ алкæйы дæр хуыдта æртæ кæрдзынмæ. Фæлæ уалынмæ æрхæццæ уырыссаг лæг Иваны хæдзармæ. Гиго, мæгуыр, уырыссагау хорз нæ арæхсти, æмæ иу уысм ныссуйтæ ис.  

Дуар бахоста, æмæ хæдзары хицау куы рахызти, уæд ын Гиго афтæ зæгъы: 

"Иван! Къупецов Микъала сделæл три пирожка... Я - оттудæ, ти - туда (ома мæн дæумæ хонæг рарвыстой) ..." 

 

 

Сабийы фыдракæнд 

Сабитæ ма уыдыстæм афтæмæй нæ сыхы иу мæгуыр бинонтæ чындз хастой. Мах бирæ фæразгъор-базгъор кодтам кæрты, уынджы. Фæлæ нын иу хай авæрæг нæ фæци. Æххормаг та куыд нæ уыдыстæм. 

Изæры талынджы быруйы сæрты кæсæм æмæ дзæхæрадоны лæгтæ дзаг фынджы уæлхъус бадынц, минас кæнынц, нуазынц. Афтæмæй махæн нæ комы дæттæ уайынц.  

Уæд уалынмæ тамако адымынмæ сыстадысты æмæ сарамæ бахызтысты. Мах дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыдис. Быруйы сæрты багæпп кодтам иу 4-5 лæппуйæ, фынгмæ бауадыстæм æмæ талынджы йæ къух кæмæн цæуыл хæст кодта уыимæ фæстæмæ расæррæтт кодтам. Мæнмæ дæр дзы цыдæр дынджыр дзидзайы кæрдих æрхауыдта.  

Фæлæ быруыйы сæрты куы хызтыстæм уæд нæ чидæртæ ауыдтой æмæ фæфæдис сты, фæстейæ нæ расырдтой.  

Мах - лидзынмæ. Уыдон хъæр кæнынц: 

 

- Æрлæуут! Сæр кæдæм хæссут æнаггæгтæ, ахæм-ухæмтæ?! 

Æз ма лидзгæйæ ахъуыды кодтон ме мбæлттыл: "Æдылытæ, цымæ сæр кæдæм рахастой?!" 

Уалыммæ мæ къухмæ æркасттæн, æмæ дын мæнæ фысы сæры бырынчъытыл хæцын. Айдæ-гъа! Куыднæ фæтарстаин, ныр мæ мардзысты зæгъгæ. Кæд мыл цыдис иу 8 азы, уæддæр æмбæрстон, сæрæн ахсджиаг нысан ис уый.  

Цæвиттон, цъымарайы цурты лидзгæйæ фысы сæр уырдæм ныззывытт кодтон, æмæ нæ тæккæ хæдзармæ, цыма ницы уыдис, афтæ æрбафардæг дæн.  

Уыцы лæгтæ фынгыл нал сбадтысты, сæр агурæг хæдзар-хæдзар зилгæ ацыдысты лæппутæ кæмæ уыдис уыдоныл. Иу сахаты фæстæ фæд мæнмæ æрбацыдис, уæдæ цы уыдаид. Иннæтæн сæ хæйттæ бæлвырд уыдысты. Сыхæгты лæг мæ комкоммæ мæстыйæ афарста: "Цы фæкоттай сæр?" Æнæбасæтгæ ма мын цы уыдис.  

Райсомæй лæгтæ цъымарайы сæр фæагуырттой. (Мæгуыр хæдзар, кусарт дæр фысæй акодтой. Фылдæрæн нæ фаг кодтой. Уыцы сæр æмæ бæрзæйыл ма дыккаг бон хъуамæ хуындзæутты дæр сбадын кодтаиккой).  

Ницыуал дзы рауадис. Æвæццæгæн æхсæв сыхы куитæ хорз фæминас кодтой сæры цъæрттæй.  

Уæд лæгтæ æхца сæмбырд кодтой æмæ базары æндæр сæр балхæдтой.  

 

 

Куырой Уæллаг Хъæуы 

 

Уæлладжыры комы, ивгъуыд æнусы иу хохаг хъæуы адæм бафæлладысты се'ссинаг хортæ сыхаг хъæуы куыроймæ хæссынæй. 

Цæвиттон, хъæуы лæгтæ баунаффæ кодтой сæхицæн куырой саразыныл. Бынат ын равзæрстой æмæ бавнæлдтой куыстмæ.  

Сихор куы æрбахæстæг, уæд сын æфсинтæ уайсадæг чындз æмæ чысыл лæппуимæ хæринаг арвыстой. Кусджытæ хорз бахордтой, уæдæ цы уыдаид. Стæй чындзмæ дзурынц:  

- Чындз, æмæ дон не'схастай, дон? 

Уый йæхи нымæр бадис кодта, стæй ныллæг хъæлæсæй гыццыл лæппуый хъусы дзуры:  

- Мæ хæдзар! Æмæ сæм кæд дон нæй, уæд сæ куырой цæуыл зилдзæн? 

Лæппу йын йæ ныхас лæгтæн куы бамбарын кодта, уæд уыдон тынг фæдис кодтой: - Æцæгдæр! Диссæгтæ! Ацы чындз цыдæр зондджын у. Бирæ цот ын куы рацæуид... 

 

 

 

Сæрæн Амырханы хабар. 

 

Цыдысты ивгъуыд æнусы 70-æм азтæ. Горæтгæрон хъæуы кадджын хистæртæй иу, бæзæрхыг, уæздан Амырхан, хæсты быдырæй ссыд æнæ къахæй. Фæстæдæр ын сарæзтой хъæдын къах – протез, æмæ иу æй арæх хъæуы уынгты фенæн уыди йæ къуыр-къуыргæнаг чысыл хæдтулгæйыл («инвалидски коляска» кæй хуыдтой, ахæм).  

Хæларзæрдæ, Амырханы адæм бирæ уарзтой, фæлæ иу бон йæ зонгæтæм цæугæйæ, фыдбылызы фæцæйхауд. Фæстæдæр уыцы хабар йæ хæлар Сафар (уый дæр уæды фидар хæстон фæлтæрæй), йе’мгæрттимæ бадгæйæ, партион æмбырды хъæрæй дзурæгау, афтæ ракодта:  

- Нæ сæм кæсыс, нæ! Сæ хæдзары къæбæр бахæрынмæ нæй, афтæмæй сæ кæртæй фондз куыдзы рагæпп ласы. Мæгур Амырханыл æртыгуыр сты.  

Гъæй-дæ-гъа (къухтæ кæрæдзиуыл æркъæрцц кодта), Амырхан дæр цæй сæрæн разынди – йæ хъæдын къах сæм бадаргъ кодта.  

Хæлаф ныппырх ис, къахæн ницы уыд… 

Æвæдза, хæстон лæг уæддæр куыд зондджын æмæ фæлтæрдджын у!  

 

 

Фидары Волга. 

 

Мæ хорз хæлар æмæ æмкусæг Фидармæ уыд уæды рæстæджы кадджын машина «Волга». Йæ фыдæй йын баззад. Афтæ бирæ йæ уарзта, æмæ йыл рыг абадын дæр нæ уагъта, фыр диссагæй ма-иу къæхты бын дæр газеттæ байтыдта. Цæвиттон, æрыгон усгур лæппуйæн уыцы хæдтулгæ уыдис йæ ныфс æмæ йæ сæйраг сагъæс. Мæнæн мæ куыстуаты рудзгуыты бын уыди аууон бынат, æмæ иу дзы сæвæрдтон мæхи хæдтулгæ, цæмæй уа цæстыты раз. Фидар та куыста æндæр бæстыхайы, фæлæ иу рæстæг фæцахуыр уыцы бынаты йæ «Волга» æвæрыныл, ома уым аууоны хуры тынтæй хъахъхъæд у, зæгъгæ. Цæмæй йæм æрхауа, уый тыххæй та иу махæй сахаты ‘рдæг раздæр æрбацыд куыстмæ. Цалдæр хатты йын уæзданæй загътон, Фидар, дæхи раз æвæр дæ хæдтулгæ, зæгъгæ, фæлæ уый уисæн нæ кодта, хынджылæгмæ-иу æй аздæхта.  

 

Иу бон куы уыди, уæд Фидары сихорæй абæрæг кодтон. Цæмæдæр æддæмæ куы рауад, уæд ын æз йæ дæгъæлтæ лагъзæй систон, стæй куы бацыд, уæд ма цыдæр æфсоны ныхæстæ акодтон æмæ рацыдтæн мæхимæ. Уым «Волга» æркусын кодтон æмæ йæ æндæр бæстыхайы кæрты бафснайдтон. Чысыл фæстæдæр та ногæй Фидармæ цыдæр æфсонæй бауадтæн æмæ сусæгæй дæгъæлтæ сæ бынаты сæвæрдтон.  

Сахаты бæрц рацыдаид, æвæццæгæн, уæд телефонæй Фидармæ дзурын: 

- Фидар, мæ машинæ абон не скуыста, æмæ, загътон фæскуыст мæ нæхимæ бадавдзынæ, фæлæ дæу «Волга» дæр ам куы нæ ис? Фистæгæй æрбацыдтæ, мыййаг? 

- Гъеуым ис. Дæ рудзынгæй ракæс æмæ йæ фендзынæ.  

- Кæсын, фæлæ дзы машина нæ уынын.  

- Ма хынджылæг кæн, æнæвдæлон дæн ныртæккæ.  

- Нæ дæ хынджылæг кæнын, фæлæ дæм кæд афтæ кæсы, уæд дæ бар дæхи.  

Уый адыл телефоны хæтæл æрæвæрдтон.  

Фидар, мæныл нæ баууæндыд, фæлæ мæ бынмæ фыццаг уæладзыджы чи куыста, уыцы лæгмæ бадзырдта. Ома, акæс ма дæ рудзынджы раз мæ хæдтулгæ нæ лæууы, зæгъгæ. Фæлæ йын уый дæр «нæ йæ уынын» куы загъта, уæд, æвæццæгæн, цавддурау фестад.  

 

Минут нæма рацыд, афтæмæй нæ иннæ хæлар Толиккимæ рудзынгæй кæсæм, æмæ дын далæ фиуæй хаст хæрзхуыз Фидар, раст цыма дугъæй Олимпаг рекорд басæттынмæ хъавыд, уыйау махырдæм цыппæрвадæй пыхс йæ сæрыл схæссы. Кæртмæ бауад æмæ машинæ æцæгдæр уым нæй, уый куы федта, уæд чысыл фæстæдæр лæф-лæфгæнгæйæ нæ уæлхъус алæууыд:  

- Байсæфтæн! Мæ «Волга» мын адавтой! – дуарæй уыцы иу гæпп æрбакæнгæйæ, сфæрæзта Фидар, - Цы кæнон, кæдæм хъæр кæнон? 

- Куыдæй? Уанцон нæу. Æрсабыр у, дард нæма ацыдаид, искуыцæй разындзæн, - сабыртæ йæ кæнын æз.  

- Мæ къухы ма бафта, уый æнхъæл нал дæн. Ахæм машинæмæ бирæ хъавджытæ вæййы, - йæ сæр æруадзгæйæ, кæуæгау, дзуры мæ хæлар.  

Æз Толикмæ къухæй амонын, дæ дзыхыл хæц, æмæ йæ мæхи бар уадз, зæгъгæ, æмæ уый æрхæндæг хуызæй рудзынджы размæ балæууыд.  

- Фидар, мæнæн ис хорз зонгæтæ милицæйы. Мæ бон сæм бадзурын у, æмæ дын хъуамæ баххуыс кæной. Куы зæгъын, дæ «Волгæ» цыбыр рæстæгмæ дард нæ ацыдаид.  

- Дæ хорзæхæй, бадзур ма сæм рæвдздæр,- кувæгау мæм бахатыд Фидар. 

- Уый дын мæ бар, тыхсгæ ма кæн. Æрмæст æй куы ссарæм, уæд-иу мæнæ нæ дыууæ Толиккæн цы æмбæлы, уый дæлæ нæ разы цы ресторан ис, уым фынгыл сæвæр.  

- Цытæ дзурыс! Куы ма разынид, æндæр уын æз кусарт дæр акæндзынæн, - фæныфсджындæр ис Фидар.  

Толик, йæ дзыхыл къухæй фидар ныххæцгæйæ рудзынджырдæм аздæхт. 

- Фидар, мæ хæлар, - дзурын æм æз, - уæдæ уæртæ фаллаг бæстыхайы фæстæ дæ машинæ лæууы, æмæ йæ дæ бон уырдыгæй ратæрын у, æрмæст, куыд зоныс афтæ, лæг йæ ныхасæй лæг вæййы. 

Фидар иу цасдæр хæлиудзыхæй аззад, фæлæ куы бамбæрста, хынджылæг дзы кодтам, уый, уæд исдугмæ рамæсты ис.  

- Гъы, ахæм-ухæмтæ, мæнæ мæ куыд фæхъазыдысты! 

Фæлæ йæ маст бирæ нæ ахаста. Куы йæм бахъардта, йæ машина сæфт нæу, уæд сулæфыд, фæфæлмæн, æмæ иу цасдæр иуылдæр иумæ бирæ фæхудтыстæм. Чысыл фæстæдæр та æртæйæ рестораны дзадджын фынджы уæлхъус хорз абадтыстæм.  

Уæдæй фæстæмæ Фидар мæ рудзгуыты бын йæ «Волга» никуыуал сæвæрдта.  

 

----------------------------------------- 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ