Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Физонæг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ФИЗОНÆГ  

 

Ирон адæм физонæг кодтой фысы, кæнæ стуры фыдæй. Бырынкъджыны фыд фынгмæ нæ хастой, уæлдайдæр та Хуцаумæ кувгæйæ. Бæрæгбæтты нæ куывтой карчы фыдæй дæр. Фæлæ а фæстаг заман æнæуи хæрынмæ (зæгъæм, уæгъд рæстæг доны был абадынмæ) физонæг кæнын райдыттой дзидзайы иннæ хуызтæй дæр. 

 

Куыд кæнгæ у физонæг. Дзидза скæрдын хъæуы рæстæмбис кæрдихтæй æмæ сыл цахх, ставд карст хъæдындз, стæй бырц ныккæнын хъæуы. Дзæбæх сæ сæзмæстам. Бирæтæ ма, цæмæй физонæг фæлмæндæр рауайа, уый тыххæй акæнынц лимонæй лæдæрст дон, кæнæ та иу 100 г бæрц урс туаг сæнæй. Уый фæстæ дзидза хъæуы бæстон ныхгæнын æмæ йæ хъуамæ афтæ бауадзæм иу кæнæ дыууæ сахаты бæрц.  

 

Арт скæнын хъæуы рагацау. Цæмæй физонæг фыцын афонмæ арты дзæбæх бæзджын зынг æрæмбырд уа. Артæн хуыздæр сты уæззау, фидар хъæды лыгкæгтæ. Нæзы æмæ уымæ æнгæс сугтæ зынг нæ дæттынц.  

Дарддæр физонæджы кæрстытæ уæхсттыл бакæнын хъæуы 5-гай, кæнæ 7-гай кæрдихтæй. Уæхсттæ дæр саразын хъæуы рагацау. Ныры заманы арæх пайда кæнынц æфсæн уæхсттæй дæр. Зынгты сæрмæ сæ сæвæрттæм, æмæ сæм æдзухдæр нæ цæст дарæм. Зилын сæ хъæуы арæх, цæмæй судзгæ ма кæной. Физонæг хъуамæ сфыца зынгты тæвдæй. Арт куы судза сæ быны, уæд судзгæ кæнынц, æмæ хæрзад нал вæййынц. Арт арæстгай хуыссын кæнын хъæуы донæй.  

 

Физонæг куы сцæттæ уа, уæд æй уæхсттæй ракодтам æмæ та сыл ногæй хъæдындзы ставд кæрсттæ ныккодтам. Бафтыдтам сæм уксус дæр. Афтæмæй та сæ æнгом æхгæдæй бауадзын хъæуы 10-15 минуты бæрц, цæмæй афæлмæн уой.  

 

Гъе, стæй уæд... 

НАРД УАРАТ! 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ