Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Мамсыраты Темырболат
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Мамсыраты Темырболат  

(1843-1899) 

Фыццаг ирон профессионалон поэт. 

 

 

 
Мамсыраты Осмæны фырт Тасолтан райгуырдис Цæгат Ирыстоны.  

1865 азы Темырболаты мадыфсымæр инæлар Куындыхаты Муссæйы амидинæй пысылмон ирон адæмæй цалдæр мин адæймаджы аивылдысты Туркмæ, хуыздæр цард агурæг. Уыдонимæ уыдис æрыгон æфсæддон офицер Мамсыраты Темырболат дæр. Фæлæ уый йæ царды кæронмæ нæ сивта йæ зæрдæ йæ райгуырæн бæстæмæ, уарзта йæ æгæрон уарзтæй. Уый зыны йæ алы æмдзæвгæйæ дæр. Ирыстоны сæ адæм базыттой Муссæйы фырт Темырболаты къухвæллæйттæ 20-æм азты Ирыстонмæ куы æрбаласта, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ, раст зæгъгæйæ ацы курдиатджын поэты сфæлдыстад æмæ царды фæндан ныр дæр æххæстæй иртæст нæма у. 

Æрыгон офицерыл уыдис хорз фæхæцæг – инæлар Куындыхаты Муссæ (Турчы йæ хуыдтой Мусса-Паша). Йæ бон уыдис йæхицæн кадджын фæндаг айгæрдын. Фæлæ Темырболат ныууагъта йæ æфсæддон куыст æмæ йæ царды кæронмæ фæцардис хуымæтæг адæймагæй. Нæ сарæзта бинонтæ дæр. Йæ иунæг удæнцой уыдис йæ сфæлдыстад.  

Темырболат амардис Батманшы æмæ уым æвæрд æрцыдис.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ