Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

МАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Æнæмæлгæ дуне нæй, алкæй дæр мæлын хъæуы. Зиан афоныл куы цæуа, уæд ын быхсын æнцондæр у. Ирыстоныл æрцыд бирæ бæллæхтæ: хæстытæ, ихзæйтæ, срæмыгъдтытæ, фæндæгтыл мардæрцыдтæ æмæ æндæртæ. Хуыцау нын сæ мауал фенын кæнæд! Нæ адæмæй алчидæр сæдæ азæй фылдæр цæрæд амондджын æмæ фæрнджынæй! Ахæм арфæ не ’ппæтыл дæр æрцæуæд!  

 

Фæлæ цард цард у, æмæ дæлдæр цы æгъдæуттæ бакæсдзыстут, уыдон дæр фидарæй хъæуы зонын æмæ раст æххæст кæнын.  

 

 

МАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆ 

 

Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнын райдыдтой алыхуызон. Алчидæр растыл нымайы, цы ’гъдæуттыл сахуыр, уыдон. Кæнгæ та сæ хъуамæ кæнæм иухуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу зондыл хæст уой, алырдæм ма хæцой æмæ фидæны суйтæ ма кæной. Ирыстоны адæмæн сæ фылдæр абон цæрынц сахарты бирæуæладзыгон хæдзæртты, æмæ уым алы кæмттæ, алы хъæутæй рацæугæ цæрджытæ нал фæзонынц кæцы æгъдау кæной, уый. Махмæ афтæ кæнынц, æмæ уый раст у, зæгъгæ, быцæу райдайынц. Уый æппæты тынгдæр разыны марды кæндты рæстæг, æмæ уыцы æгъдæуттæ алчидæр хъуамæ зона фидарæй.  

Мæрдджыны хæдзар фæкæсынхъуаг вæййы, æмæ сыхæгтæн стæй хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын. 

«Иры Стыр Ныхас»-ы Ирон Æгъдауы комитет æмæ адæмы фæндонмæ гæсгæ марды æгъдæуттæ кæнын хъæуы, дæлдæр куыд амонæм, афтæ. 

1. Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, уат, хæдзары дуар, кæнæ кулдуар байгом кæнынц. 

Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары. 

2. Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц, мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй (нæлгоймаг мардæн бафыдæбон кæнынц нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та – сылгоймæгтæ). Марды хъæуы цынайын, ныддасын (нæлгоймаг куы уа, уæд), йæ уæлæ йын йæ мæрддзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы. 

3. Хæдзары бинонтæ мыггаджы æмæ сыхы хистæртимæ бауынаффæ кæнынц: 

– кæд уыдзæн мардæвæрæн бон; 

– кæдæм æмæ кæй арвитой хъæргæнæг; 

– чи ацæудзæн æргæвдинаг æлхæнынмæ; 

– марды чырын саразын (балхæнын) кæмæн бабар кæндзысты; 

– кæцы уæлмæрды æвæрд æрцæудзæн мард æмæ чи архайдзæн уыцы хъуыддæгтыл (мардласæн машинæ, агуыридуртæ, къæйтæ (плитатæ) æмæ æндæр хъуыддæгтæ); 

– кæртæн уынаффæгæнæг чи уыдзæн; 

– чи арфæ кæндзæн мæрддзыгойæн; 

– чи лæудзæн уырдыгыстæг; 

– ингæн къахынмæ чи ацæудзæн; 

–стур æргæвдын, нозт æмæ хойраджы хъуыддæгтæ чи кæндзæн; 

– чи æрбаласдзæн стъолтæ, тæбæгътæ, пъалаткæтæ, агуывзæтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ, суг, газ. 

4. Марды куы ныннайынц æмæ йæм куы базилынц, уæд ыл йæ уæлæдарæс скæнынц. Уый фæстæ хъæуы мардæн йæ чырын ныффæлдисын. Уымæн марды раз чысыл фынгыл æрæвæрынц дыууæ кæрдзыны æмæ нозт. Сыхæгтæй æмæ хиуæттæй дыууæ кæнæ цыппар лæджы бацæуынц фæлдисынмæ. Хистæр бафæдзæхсы бинонты Стыр Хуыцауыл, стæй фæзæгъы рухсаг, фынгмæ нозтæй æртадзы æмæ мардæн йæ чырын ныффæлдисы. Нуазгæ дзы нæ бакæны, уымæн æмæ марды уæлхъус лæугæйæ нуазын не’мбæлы. Растыл нæ нымайæм марды раз æртæ кæрдзыны æвæрын æмæ нозтæй рæгъытæ кæнын. Ныффæлдисыны фæстæ марды йæ чырыны сæвæрынц. 

5. Адæймаг куы амæлы, уæдæй йæ ныгæнæн бонмæ хæстæджытæ æмæ сыхаг сылгоймæгтæ, кæрæдзийы ивгæйæ, æппынæдзух дæр бадынц марды раз. 

6. Мæрддзыгой адæм кæй фæстæ цæуынц, уый хæдзары сын фынг æвæрын не’мбæлы. 

7. Ныры рæстæг мардмæ æрцæуæгæн не ’мбæлы: 

– дардæй хъæрæй кæугæ цæуын; 

– уæрджытæ хойын, рустæ æмæ дзыккутæ тонын (вæййы афтæ дæр, æмæ чидæр хъæргæнгæ æрбацæуы, адæмы йæхимæ æркæсын кæны æнæ цæссыгæй; уый у цæстмæ ми); 

– хъæбыстæ, пъатæ кæнын æмæ мæрдджынты къухтæ исын; 

– нæлгоймагæн æнæ худæй, сылгоймагæн æнæ сæрыдарæс, былахуырстæй цæуын. 

– ирд æмæ цыбыр дарæсы цæуын 

- цалынмæ мардласæн катафалк (кæм æй баххуырсынц, уым) размæ анкъуыса, уæдма фæстæмæ аздæхын.  

Мардмæ бацæуæн фæндаг æмæ чырынæн йæ галиу фарс хъуамæ уой уæгъд адæмæй. Марды цур не ’мбæлы тамако дымын, къухтæ дзыппы дарын, мардмæ чъылдыммæ лæууын, хъæрæй кæнæ тызмæгæй дзурын. Тынг æнаив у, мардмæ æрцæуæгæн йæ телефон куы ныззары, уый. Хъæуы йæ рагацау æрмынæг кæнын кæнæ та ахуыссын кæнын. Мардыл къух авæрыны фæстæ не’мбæлы чырыны алыварс зилын. 

8. Мæрддзыгой адæм нымæцмæ гæсгæ цæуынц къæйттæй (дыууæйæ, кæнæ цыппарæй иу рæнхъы). Æгъдаумæ гæсгæ, фæндагыл, хистæр кæддæриддæр цæуы рахизырдыгæй, иумæ цæуджытæ дыууæйæ фылдæр куы уой, уæд та – астæуæй. Марддзыгойы номæй зианджынтæн тæфæрфæс ракæныны хæс хауы хистæрмæ. Иу рæнхъы дыууæйæ цæугæйæ, уымæн йæ бынат у рахизырдыгæй, цыппарæй цæугæйæ та – рахиз фарсæй дыккаг. Хистæр лæдзæгимæ куы цæуа, уæд æй тæфæрфæс кæныны размæ авæры кæстæртæй искæмæ. Кæд мæрддзыгой кæй фæдыл рацыдысты, уый семæ уа, уæд йæ бынат у фыццаг рæнхъы галиу фарс. Тæфæрфæс кæнгæйæ не ‘мбæлы дзурын, æууилын, худын, тамако дымын, къухтæ дзыппы дарын. Мæрддзыгой адæм, хистæрæй фæстæмæ, хъуамæ иууылдæр лæууой æдзæмæй, сæргуыбырæй. 

9. Мæрдджынтæ æмæ арфæгæнæг гæнæн-амалæй лæууынц кæртмæ бахизæнæн (подъездæн) йæ галиу фарс. Раст уыдзæн мæрдджынтæн хистæртæм хæстæг лæууын, цæмæй мæрддзыгой адæмы дыууæ хатты тæфæрфæс кæнын ма хъæуа. Ирыстоны фылдæр рæтты æрбацæуæг мæрддзыгойæн сыхбæстæй хистæр раздæр ракæны арфæ, стæй сын бар ратты тæфæрфæс ракæнынæн. Дыгуры хъæуты фыццаг кæнынц тæфæрфæс, уыйфæстæ та арфæ. «Кæм растдæр у»-йыл быцæу кæнын махмæ раст нæ кæсы. 

10. Мæрддзыгой куы бахæстæг уой мæрдджыны хæдзармæ, уæд хиуæттæ æмæ хæстæджытæ хъыггæнгæ бацæуынц марды уæлхъусмæ. Иннæтæ тæфæрфæрс ракæнынц æмæ иуварс æрлæууынц. Хъыггæнгæ чи бацыд, уыдон куы раздæхынц, уæд тæфæрфæс ракæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Кæмдæрты хъыггæнæг хиуæттæ фыццаг ракæнынц тæфæрфæс, стæй бацæуынц зианы цурмæ. Уым стыр рæдыд нæй, æмæ йæ алкæмæн йæхи бар уадзæм.  

11. Зианджыны кæрты уынаффæ кæны æгъдауджын адæймаг, сыхаг лæг. Уый сæрмагондæй раздæр сбæлвырд кæны: 

– чи байгом кæндзæн саударæн æмбырд, чи ныхас кæндзæн сыхбæстæйы, æмкусджыты, мыггаджы номæй; 

– марды куы сисой, уæд чи хæсдзæн чырын, чырыны сæр, йæ хуызист, цырт, веноктæ æмæ хæрзиуджытæ. 

11 (а) Марды кæртмæ куы рахæссой, уæд æй æрæвæрын хъæуы – йе ’ргом хурыскæсæнмæ. Фæлæ ныры къуындæг уавæрты (уæлдайдæр горæтты бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты) арæх уымæн гæнæн нæ вæййы,  

æмæ уæд мард æвæрын хъæуы йе ‘ргом æрбацæуæны æрдæм. Хион сылгоймæгтæ бадынц чырынæн йæ рахиз фарс, йæ галиу фарс та хъуамæ уа уæгъд æдæмæн мардыл къух авæрынæн. Чырын раст æвæрд куы не ‘рцæуы, уæд уыцы рæдыд йæ фæдыл асайы ноджы фылдæр рæдыдтытæ. 

Чырыны сæр бакъул кæнынц чырыны галиу фарс, рæстæгмæ арæзт хъæдын цырт æмæ веноктæ та æвæрд вæййынц зианмæ хæстæг къулрæбын. 

12. Саударæн æмбырды хъæуы цыбыр æмæ æргом ныхас кæнын, чи уыд, цавæр адæймаг уыд, уый тыххæй. Не’мбæлы дæргъвæтин ныхас кæнын, æмбисæндтæ хæссын, æмдзæвгæтæ кæсын. Фыццаг ныхасы бар вæййы сыхæгтæн, дыккаг – йæ куыстæй, фæстаг – мыггаджы номæй дзурæгæн. Уыдонимæ ма хатгай раттынц ныхасы бар каистæн кæнæ цæгатæн (сылгоймаг куы фæзиан уа, уæд). Саударæн æмбырд политикон фембæлд нæу, нæ дзы хъæуы дзурын: «митинг нымайæм гомыл, æхгæдыл», кæнæ фæрсын, кæй ма фæнды раныхас кæнын, зæгъгæ. Сыхбæсты номæй чи дзуры, уый хъуамæ ской кæна мардæн йæ царды фæндаджы тыххæй, стæй йын цы кад уыдис адæмы æмæ сыхбæсты ‘хсæн, уый тыххæй, уый фæстæ арфæ ракæна, кæмæн æмбæлы, уыдонæн. Мыггагæй лæг та арфæ ракæны фыдæбонгæнджытæн æмæ æрцæуæг адæмæн.  

13. Чи дзура, уымæн йæ ныхас хъуамæ уа арæзт адæмырдæм, хорз æй куыд хъусой. Не’мбæлы чырынмæ чъылдымырдæм лæууын. Зианы уæлхъус худ исын нæ хъæуы, уый æрбайсгæ æгъдау у. Уыцы ран сылгоймагæн ныхасы бар дæттын не’мбæлы. Сылгоймаджы бартæ, йæ кад æмæ намыс ирон адæм хъахъхъæдтой æндæр хуызы.  

14. Марды раз раарфæ кæнын æмбæлы, уæлæуыл ын чи балæггад кодта, стæй йын йæ мæрдтæм фæндаг чи срæсугъд кодта, уыдонæн. 

14(а).Чырын сисынц хиуæттæ æмæ зонгæтæ, стæй сæ цалдæр къахдзæфы фæстæ раивынц, чырын хæссын кæмæн баргонд уыди, уыдон. Чырын не’мбæлы хæдзарырдæм къул кæнын стæй разил-базил кæнын. Уыдон сты кæйдæр æрымысгæ уæлдай митæ, æмæ ирон æгъдаумæ ницы бар дарынц. Фидарæй сыл иумæ нæ къух сисæм. Ныры рæстæджы æппæты разæй фæхæссынц къам, стæй веноктæ, хъæдын цырт, чырыны сæр, уый фæстæ чырын. Уыимæ зонын хъæуы, раздæр уыдæттæ ирон адæммæ кæй нæ уыдысты æмæ чырыны разæй кæй ничи цыд, уый.  

15. Мардæн конд нозт æмæ хойрагæй комдзаг кæнын не ’мбæлы, цалынмæ сæ ныххæлар кæной, уæдмæ. Ингæнкъахджытæн сæрмагондæй æрцæттæ хъæуы, хæринаг цы ‘мбæлы, уый æмæ æрвитын уæлмæрдмæ.  

16. Абоны царды уавæрты мæрдæхсæвæр кæнын нал æмбæлы, æмæ йæ фылдæр сыхты нал кæнынц. Кæд ын ивгъуыды уыдис сæрмагонд нысан, уæд абон цард аивта, æмæ мауал æвæрæм фынгтæ марды фарсмæ. Уый у тæригъæд мæрдты бæсты. Хъуамæ алы сыхы дæр хистæртæ баныхас кæной ацы æгъдау аппарыныл. «Скæнæм æй» цы иуæй-иутæ ныллæууынц, уыдонæн дæр хъуамæ сыхбæсты хистæртæ аккаг дзуапп дæттой. 

17. Мард ныгæнæн бон райсомæй мардæн цы хыссæ æрцæттæ кæнынц, уымæн сылгоймæгтæ сисынц йæ сæртæй, скæнынц дзы æртæ кæрдзыны æмæ сæ æрæвæрынц мæрдджын хæдзары. Фæдзурынц марды мыггагæй æмæ сыхæгты хистæртæй дыууæ нæлгоймагмæ. Уыдон Хуыцауы ном арынц æмæ дзы курынц: «Иунæг Стыр Хуыцау, æппæт дæр дæуæй аразгæ у, ацы хæдзарæн ацы марды кæндтæй фæстæмæ æртыгай кæрдзынтæй куыд кувæм, уый дæ цæст бауарзæд». Бадгæ не ’ркæнынц. Ныртæккæ бирæтæ, уæлдайдæр горæтты, ацы æгъдау нал кæнынц. Æвæццæгæн нæ рæстæджы уавæртæ кæй аивтой, уымæ гæсгæ. Хæрнæджы фынгæн фылдæр кæрдзынтæ кæнынц æлхæнгæ, хæдзар сæхæдæг уыдон кæныныл нал вæййынц мардæвæрæн бон, æмæ ма архайæм ацы æгъдау тыххæй фæстæмæ раздахыныл. Нæ йæ хъæуы бæттын, марды кæндты хистæрты раз цал кæрдзыны æвæрæм, уыимæ дæр.  

Марды кæндты хистæры раз æвæрæм дыууæ кæрдзыны. Уый нысан кæны йæ Хур ыл кæй аныгуылд, æмæ дзы уый номыл нал æвæрæм æртыккаг кæрдзын. Фыдæлтæй нæм æрхæццæ арфæ: «Æртæ кæрдзынæй куыд кувæм», зæгъгæ, уымæн æмæ хæрнæджы фынгыл не ’вæрдтой æртæ. Афтæ чи зæгъы, Хуыцаумæ æнæ æртæ кæрдзынæй кувæн нæй, уый хъуамæ зона, марды кæндты кувгæ кæй нæ кæнынц, фыццаг рæгъæй та бинонты Хуыцауыл кæй бафæдзæхсынц, уый. Ма хæццæ кæнæм цин æмæ зианы æгъдæуттæ.  

17 (а). Зæрдыл дарын хъæуы: 

- зианы кæндты вæййы фынджыдзаг, цины - фынгæвæрд; 

- зианы фынгыл нæ кæнынц кувгæ, сидгæ, нæ зæгъынц гаджидæуттæ; хистæр дæлæмæ уадзы рæгъытæ; уыимæ нæ нуазынц лæугæйæ, къуырццæй, нæ загъынц «Оммен»; 

- зианы кæндты нæ вæййы кусæрттаг æмæ кусартгæнæг, æрмæстдæр – æргæвдинаг æмæ æргæвдæг; 

- зианы кæндты вæййы хабаргæнæг, хъæргæнæг, æрцæуæг адæм, фыдæбонгæнджытæ, цины та – хонæг, хуынд адæм, лæггадгæнджытæ; 

- зианы кæндты уырдыглæууæджы бынат у фынгæн йæ галиу фарс, цины та – рахиз фарс; 

- зианы кæндты не’мбæлы сæрмагондæй искæйы цæрæнбоны тыххæй рæгъ кæнын; 

- зианы фынгыл нæ дæттынц кувæггаг, нуазæнтæ, не’вæрынц фыдджынтæ, æртæдзыхонтæ, физонæг, базыг æмæ уæн æнæхъæнæй; уыдон цины фынджы бæрæггæнæнтæ сты;  

- марды уæлхъус не’мбæлы фæндырæй цæгъдын, зарын, æмдзæвгæтæ кæсын (кæд сæ йæхæдæг уæлæуыл бирæ уарзта, уæддæр). 

 

Къуырийы бонтæн ирон адæммæ уыдис сæхи сæрмагонд нымад: 

Къуырисæр æхсæв (райдайы Хуыцаубоны фæссихор) – Уацилла, Аларды æмæ Тутырмæ кувон бон 

Дыццæг æхсæв (райдайы Къуырисæры фæссихор) – Уастырджийы бон 

Æртыццæг æхсæв (райдайы Дыццæджы фæссихор) – Бынаты Хицауы бон 

Цыппæрæм æхсæв (райдайы Æртыццæджы фæссихор) – Мыкалгабырты бон 

Майрæм æхсæв (райдайы Цыппæрæмы фæссихор) – Мады Майрæмы бон 

Сабат æхсæв (райдайы Майрæмбоны фæссихор) – марды кæндты бон 

Хуыцауæхсæв (райдайы Сабаты фæссихор) – Стыр Хуыцауы бон 

 

Цины хъуыддæгтæ не’мбæлы нысан кæнæн Сабат æхсæвмæ, зианы кæндтæ та – иннæ бонтæм (мард æвæрæн бонæй фæстæмæ). Ныртæккæ дыууиссæдзæм бонтæ бирæтæ райдыдтой кæнын цы бонмæ æрцæуы, уæд, суанг Хуыцаубоны дæр. Уый раст нæу. Ирон нымадæй йæ кæнын хъæуы дыууиссæдзæм бонмæ хæстæгдæр цы Сабат ис, уæд, боныгон. Чырыстон æмæ пысылмон адæм та кæнынц сæ динмæ гæсгæ. 

18. Мард куы ахæссынц, уæд сыхæгты æмæ мæрдджын мыггаджы хистæртæ цыппарæй бацæуынц мæрдджыны хæдзармæ (стыр хæдзæртты – кæрты къæбицмæ) æмæ, мардæн цы цæхх æмæ кæрдзын æрцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Куы ныххæлар кæнынц, уæд кæстæр фыдызгъæл, нозтытæ æмæ хæринæгтыл цæхх айзæры, стæй сæ карды фындзæй карддзæф фæкæны. Хæлар чи ныккæны, уыцы хистæртæ хæларгæнинæгты уæлхъус рæгъытæ нæ уадзынц, нуазгæ æмæ бадгæ дæр нæ кæнынц, рацæуынц мæрддзыгоймæ æмæ семæ хæрнæджы фынгыл æрбадынц. Йæ бон кæмæн у, уый цæуы уæлмæрдтæм. Уæлмæрдты мард ныгæнинаг у, уырдæм, æнæмæнг, хъуамæ ацæуой бынтон хæстæджытæ æмæ фæсивæд фæкæсынмæ. Уым арфæ чи ракæндзæн, уый дæр хъуамæ уа рагацау нысангонд. 

19. Хæрнæджы æрбадыны размæ адæмæн хъуамæ уа фадат, сапон æмæ донæй сæ къухтæ ныхсынæн. Куынæ уа, уæд та фынгыл сæвæрын хъæуы уымæл салфеткæты къоппытæ, уыдоныл стыр хардз кæнын нæ бахъæудзæн. Фынгыл æрбадгæйæ водкæйæ, ома хæларгонд нозтæй, къухтæ æхсын у æнаив, фынг æмæ æгъдау æфхæрæн ми.  

20. Хæрнæджы фынгыл бадгæйæ, кæрæдзимæ нæ хъæуы хатын карз нозт æмæ хæрынæй. Алчидæр хъуамæ æвдиса йæ хорз æгъдау. Фынгæй стын хъæуы æрвонгæй æмæ хæрдхъуагæй. Нæ хъæуы кæнын хъæр, кæнæ хъазæн ныхас. Рæгъ дæлæмæ уадзæм цыбырæй, фæлæ мидисджынæй. 

21. Фынгыл алы адæймаджы раз дæр хъуамæ уа тæбæгъ, агуывзæтæ нозт æмæ донæн, уидыг, вилкæ æмæ къухсæрфæн гæххæтт (салфеткæтæ).  

22. Бадты адæмы уæлхъус, уæлдайдæр та хистæрты раз, æмбæлы уырдыглæуджытæ. Хъуамæ дзы уа æгъдау æмæ æфсарм. Рох нæ ма уæд, кæм бадæм, уый. Уырдыглæуджытæ лæууынц фынгæн йæ галиуварс æмæ кæнынц лæггад, нозтæй сæм ма хатæм. Уыцы хæс арæх æвæрынц мыггаджы кæстæр сиæхстыл, кæнæ сыхы лæппутыл. Сæ иутæн дæр æнæпайда нæу, хистæрты раз ахуыр кæнынц, фидæны сæ царды чи бахъæудзæн, уыцы æгъдæуттæ. 

23. Хистæрæн сбадын кæнын хъæуы, фынгæн æмæ адæмæн æгъдау чи ратдзæн, æфсæрмы кæмæй кæной, ахæм сыхаг лæджы.  

24. Хæрнæджы бадты æмæ зианы иннæ кæндты хистæр фæбады фынджы райдайæны галиуырдыгæй фыццаг бынаты, йæ комкоммæ (фынджы рахиз фарс) – æрцæуæг адæмæй дыккаг хистæр. Мæрдджын мыггаджы хистæр бады хистæры фарсмæ. Рæгъытæ уадзы бадты хистæр. Зианы фынгыл уыцы бар æндæр никæмæ хауы.  

Уыимæ Ирыстоны бирæ рæтты фынджы хистæр бады фынджы ныхмæ. Мах уыцы хъæутæн зонд нæ амонæм, фæлæ Иры Стыр Ныхасы хистæртæн сæ фылдæрмæ уый раст нæ кæсы. Зиан æмæ цины фынгтæ дардæй бакæсгæйæ дæр хъуамæ кæной хицæн. Уыцы хъуыды нæ фыдæлтæм уыдис арф æвæрд, архайдтой, цæмæй сæ цины хъуыддæгтæ æмæ зианы кæндтæ кæной алыхуызон. Фыццаджыдæр зианы алцыдæр нымайынц къæйттæй. Ис дзы хистæртæ сыхбæстæй, стæй æрцæуæг адæмæй. Æртыккаг хистæр уыцы нымæцмæ æфтыд æрцыдис фынджы хистæр фынджы ныхмæ бадын куы райдыдта уæд, æмæ баисты æнæкъай – æртæ (цины фынджы æгъдау). Дыккаджы та, зианы фынгыл нæ кæнынц нæдæр кувгæ, нæдæр сидгæ. Хистæртæ уадзынц дæлæмæ рæгъытæ, ома ныхас æдзухдæр цæуы дыууæ лæджы ‘хсæн. Уыимæ зианы фынгыл бадæг адæм, уæлæмæ кæсгæйæ уынынц афтид бынат фынджы ныхмæ, æмæ сын уый уæлдай хатт сæ зæрдыл лæууын кæны, кæм бадынц, æмæ дзы цы ‘гъдау æвдисын хъæуы. Уæдæ иу раджы, фынгмæ бацæуыны размæ дардæй сæмбæлæг барæг хъуамæ зыдтаид цы æгъдауыл рахиза йæ бæхæй, йæ ехс кæцы къухмæ райса, хистæртæм кæцырдыгæй бацæуа, æмæ йæ размæ рацæуæгæн цы зæгъа.  

24 (а). Дыууиссæдзæм боны (хатгай – æртыккаг сабатизæр) фыццаг рæгъ фæкæныны размæ, кæнæ та рухсаг зæгъыны фæстæ, хистæр фынгмæ æрбахонын кæны саударæг нæлгоймæгты, ратты сын бар сæ саутæ сисынæн. Уыдон сæхи ссыгъдæг кæнынц æмæ уый фæстæ æрбацæуынц хистæртæм сыхагимæ.  

24 (б). Куыд æмбаргæ у сау дарыны æгъдау.  

Саударæг йæхимæ райсы уæззау æмæ кадджын хæс — йæхи схицæн кæны æнцонад, æхцонад, царды цинтæй, æмæ уый аргъæй Дунесфæлдисæг Иунæг Хуыцауы раз амæлæгæн æлхæны мæрдты удыбæстæ. 

Саударæг йæхæдæг йæ алыварс уæвæг адæмæн уаз у, йæ ми, йæ архайд та мæрдты удыбæсты аккаг у.  

Саударæджы раз не’мбæлы хъæрæй, кæнæ æвзæр дзыхæй дзурын, худын, хъæлдзæг хабæрттæ кæнын, зарын æмæ цæгъдын (уыимæ телефонæй дæр). Æнæнхъæлæджы куы рауайæ, уæд та дзы æмбæлы хатыр ракурын. 

Ирæттæ сау дарынц барвæндонæй. Ныры рæстæджы, фылдæр хатт - мардæн йæ амæлæты бонæй дыууиссæдзæм боны онг.  

Сау дардæуы ныййарæгыл, мадызæнæгыл, хæстæг хионыл, æрдхордыл. Усыл æмæ каисыл æргом сау дарын не’мбæлы. Сау нæ дардæуы хъодыгонд адæймагыл, стæй ма, Хуыцаумæ чи нæ кувы æмæ йе ’цæгдзинад кæй нæ уырны, ахæмыл дæр. 

24 (с). Цы ’мбæлы æмæ цы не ’мбæлы саударæгæн: 

— саударæг кæны, хæдзары уæззаудæр цы куыстытæ ис, уыдон; 

— хъæлдзæгдзинадыл (кафыныл, зарыныл, худыныл) къух сисы, музыкалон инструменттыл нæ цæгъды; 

— циндзинадмæ нæ цæуы; 

— адджинæгтæ нæ хæры, бæгæны æмæ карз нозт нæ нуазы; стыр худинаг у саударæгæн расыг уæвын; 

— кæд уавæр нæ домы, уæд хæцæнгарз къухмæ нæ исы; 

— æнцон æмæ æхцонадыл къух сисы, уыимæ сылгоймагимæ æмуатон уæвыныл; 

— хуыссы хъæбæр хуыссæнуаты; 

— дæрдджын æмæ тар уæлæдарæсы цæуы; 

— сæрыхъуын æмæ зачъемæ цыргъаг (хæсгард, сæрдасæн, æлвынæн) нæ исы. 

Сау цæнгбæттæн, амæлæджы хуызист риуыл нæ дардæуы, уый ирон æгъдау нæу. 

Куыд уынæм, афтæмæй сау дарын канд тар уæлæдарæс хæссын æмæ хилтæ рауадзын нæу. Уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы æгъдауы домæнтæ чи не ’ххæст кæны, уымæн саударæг рахонæн нæй, уый мардæн ницы пайда у, йæхæдæг та йæхи худинаг кæны. Иуæй-иутæ сæ хилтæ ныддасынц æмæ сæ марды уæлмæрдыл баныгæнынц. Уыцы митæн бындур нæй, æмæ сæ нæ хъæуы кæнын. 

Бирæтæ абон райстой æнæдастæй цæуыны фæтк (мода). Æрыгон адæймагæн йæ уæлейы хистæр куы нал уа, уæд аивæй зылд зачъе дарыны æвзæрæй ницы ис. Фæлæ хистæрты (фыдыфыды, фыды, хистæр æфсымæры) размæ ирон лæппуйæн æнæдастæй цæуын у уыцы хистæртæн æфхæрд. Уый æндæр адæмтæй æрбайсгæ фæтк у, махмæ нæ фæтчы, æмæ йæ ма кæнæм. Саударæг æнгæс æнæдаст нæлгоймаг йæхимæ исы Хуыцауы фыдæх. 

25. Хæрнæджы фынг æвæрынц афтæ: хистæры раз æвæрд вæййы дыууæ кæрдзыны, кусарты сæр, сæрæн йæ рахиз фарс – бæрзæй. Кæрдзынтæй (хуыздæр - сойывыхтæй) фæстæмæ æмбæлы дзул, нозт, фыдызгъæл, цæхх æмæ кард. Ныры рæстæджы фынгыл ис æрæвæрæн халсартæ дæр, уым аиппæй ницы ис.  

26. Хæрнæджы фынгмæ рагацау цæттæ ничи вæййы, мæрдджын æрæвæры йæ бон цы у, уыцы нозт æмæ хæринæгтæ æмæ дзы уæлдай мацы домæм, ма йæ æвæрæм æфсæрмы бынаты. Не’мбæлы æгъдаумæ кæсын, кæмæн куыд йæ бон у, уыцы цæстæй. Худинагыл нымад уæд хæрнæджы фынгыл бирæ хъарм хæринæгтæ, дыргътæ æмæ адджинæгтæ æвæрын. Нæ фыдæлтæм хæрнæджы фынгыл нæ уыдис хъарм хæринаг. Фæстæдæр ацæргæ адæймаджы зианы бон райдыдтой фыцын плау. Ныр уый æвæрынц алы зианы фынгыл дæр, æмæ ныффидар ис æгъдауы мидæг. Фæлæ мах нæ нымайæм растыл плау хицæнæй хæлар кæнын æмæ йæ бадты кæронмæ æввахс рахæссын. Мардæн рухсаг зæгъынмæ цы сцæттæ кæнынц хæринагæй, нозтæй, уыдон хъуамæ иумæ хæлар кæнæм иу хатт. Хæларгæнинæгтæ марды чырыны цурмæ хæссын фыдæлтæй нæ баззад.  

26 (а). Мард æвæрæн бон не’мбæлы хицауадæн æмæ бонджын æдæмæн хицæн фынгтæ æвæрын. Уыдон сты цæстмæ митæ, сайынц адæмы фыдæх.  

27. Хæрнæджы бадты не ’мбæлы: 

– бирæ дзурын æмæ тамако дымын; 

– хъæрæй дзурын; 

– фæрасыг уæвын; 

- лæугæйæ: нуазын, хойраг, фыдызгъæл кæрдын, агуывзæ дзаг кæнын; 

– нуазæнтæ дæттын; 

– хистæрмæ ныхас æппарын; 

– æнæ хистæры бафæрсгæ, фынгæй сыстын; 

– хистæр куы дзура, уæд уæлдай ныхас кæнын; 

– æгæр бадын æмæ бирæ рæгъытæ кæнын; æгъгъæдыл банымайæм æхсæз рæгъы. Бирæ фæбадынц, фæкувынц æмæ фæсидынц циндзинады, æмæ уый нæ зианы кæндтимæ ма æмхæццæ кæнæм.  

1. Зианджын бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсын; 

2. Рухсаг, чи амард, хæрнæг (хист) кæй номыл у, уымæн; нозтæй чысыл æртадзгæйæ, зæгъын хъæуы: «Рухсаг у, дзæнæты бад, дæ фæстæ чи баззад, уыдоныл цардаудæн кæн. Æнæбары хай дзы макæмæн бакæн». 

2 (а) Хæрнæджы фынгыл хистæр рухсаджы тыххæй рæгъ куы фæзæгъы, уæд бадты адæм хъуамæ иууылдæр сыстой æмæ иу минут æдзæмæй алæууой. Уыцы æгъдау вæййы æрмæстдæр иу хатт. 

3. Мæрдджын бинонты цæрæнбонты тыххæй. 

4. Зæронд мæрдты тыххæй. Ацы рæгъы нозтæй фынгмæ калгæ нæ кæнынц (уыдоны фынджыдзаг нæу), сæ ном рох макуы уæд, фæзæгъынц. Ской хъæуы æрмæстдæр, хæдзары бинонтæй кæнæ мыггагæй амæйразмæ чи амардис, уыдоны. Иуæй-иуты нæмттæ дæр дзы æмбæлы зæгъын. Ирыстоны бирæ фыдбылыз æмæ æнамонд хабæрттæ æрцыд адæм кæм фесæфтысты. Фыццаг Дунеон æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстытæй чи нал ссыди, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонмæ лæбурджытимæ хæстыты чи фесæфт, Сындзыхъæуы æдзард сывæллæттæ, Хъæрмæдоны зæйы бын чи фесæфт, уыцы адæм, Беслæныхъæуы скъолайы сывæллæттæ, уыдон иууылдæр хауынц зæронд мæрдтæм. Ис сын сæ ном ссарæн зианы фынгыл. Фæлæ уым дæр не’мбæлы рухс кæнын, нозтæй фынгмæ калын. Уый нæ фæтчы, уымæн æмæ фынджыдзаг кæй номыл у, уый рухсаггагæй æндæртæн рухс кæнын не’мбæлы. Раст нæу мæрдты ном (бинонтæм чи хауы, уыдонæй дарддæр) арын чындзæхсæвы, чызгæрвысты, Дзуары номыл куывды æмæ æндæр ахæм циндзинæдты. 

5. Фыдæбонгæнджыты цæрæнбоны тыххæй. Уыдон сты æрцæуæг адæм, сыхæгтæ æмæ кæстæртæ. Дарддæр уыдоны тыххæй хицæн рæгъытæ уадзын нæ хъæуы. Бирæ бахæрын æмæ баназын кæмæ цæуы, уыдон хъаугъа сисынц, ома, раст нæу, алкæй тыххæй дæр хицæн рæгъ уадзын хъæуы, зæгъгæ, æмæ хæрнæджы фынгæвæрд ныддæргъвæтин вæййы. 

6. Мыкалгабырты тыххæй, хæдзары бæркæдтæ афæдзы кæндæй фæстæмæ циндзинæдты хæринаг куыд уой.  

 

28. Цæмæй хæрнæджы æгъдау уа, уый тыххæй хъæуы зæрдыл дарын: хистæр рæгъ куы рауадза, уæд æм лæмбынæг хъус. Рæгъ дæргъвæтин ахæссы уымæн, æмæ алчидæр йæ рæгъы дзуры бирæ, уæлдайдæр, куы ануазы, уæд. Иуæй-иутæ ерыс кæнын райдайынц кæрæдзийы цæстмæ, æз хуыздæр зæгъонæй. Уый раст нæу, æмæ нæхиуыл хæцæм. Дзырдарæхстдзинадæй та кæм хъæуы, уым пайда кæнæм.  

29. Бирæтæ мæнæ ацы æгъдау раст нæ кæнынц, æмæ йæ æмбарын кæнæм. Мæрдджын мыггаг рацæуынц хæрнæджы фынгмæ арфæмæ, вæййынц къæйттæ – дыууæ кæнæ цыппар. Уыдон рахæссынц æрмæстдæр фыдызгъæлы хай (дыууæ фæрсчы) æнæ нуазæнтæй. Хистæрæн дзы хъуамæ уа сыхаг æгъдауджын лæг. Арфæгæнджытæ рацæуынц æмæ æрлæууынц хистæрты раз галиуырдыгæй. Бадты адæм æй бамбарынц арфæмæ кæй æрбацыдысты, уый. Уырдыгыстæг сын рауадзы нозт дыууæ агуывзæйы (уымæй фылдæр не ’мбæлы). Дзуры æмæ арфæйы ныхæстæ фæкæны æрмæстдæр сыхаг хистæр, иннæтæн дзурын не ’мбæлы. Фæзæгъы, цы æмбæлы, ахæм ныхæстæ æмæ фыццаг агуывзæ авæры хистæрмæ, дыккаг та - дыккаг хистæрмæ. Уыйфæстæ фыдызгъæлы хай æрæвæрынц дыккаг фынгыл. Хистæртæ сæ нуазæнтæ бануазынц бадгæйæ, стæй бадты хистæр агуывзæ байдзаг кæнын кæны, æмæ йæ авæры мæрдджын мыггагæй хистæрæн чи фæбады, уымæ. Дыккаг нуазæн та – арфæгæнджыты хистæрмæ. Мыггагæй хистæр фыдæбонгæнджытæн æмæ æрцæуæг адæмæн арфæ ракæны. Сыхаг дæр афтæ. Ныры рæстæджы арæх нуазæнтæ авæрынц, арфæмæ чи ’рбацæуы, уыдонмæ дæр. Уый растыл банымайæн нæй. Зианджынæн йæ хистæры фæстæ не’мбæлы нæдæр уæлдай арфæ кæнын, нæдæр нуазын. Куырыхон хистæртæй бирæтæ куыд зæгъынц (дæнцæгæн - Айларты Измаилы чиныг «Ирон Фарн»), афтæмæй раздæр арфæгæнджытæм фæстæмæ нуазæнтæ нæ лæвæрдтой.  

29 (а). Арæх бадты хистæр сæрмагондæй рæгъ рауадзы, мæрдджын бинонты (мыггаджы) арфæйы нуазæнтæ алчидæр бануазæд, зæгъгæ. Уый раст нæу æмæ йæ афтæ мауал кæнæм. Ахæм хистæртæ аразынц хæрнæгæй куывд. Уый тыххæй рацæуынц мæрдджын бинонтæ кæнæ мыггаг арфæ кæнынмæ æнæ нуазæнтæй, æмæ зианы фынгыл нуазæнтæ дæттын не’мбæлы. Арфæ хауы æппæт æрцæуæг адæммæ, фæлæ нуазæнтæ бануазынц æрмæстдæр дыууæ хистæры. Бадты адæмæн нуазæнтæ дæттынц цины фынгыл. Уыимæ растыл банымайæн ис, арфæгæнджыты ацыды фæстæ хистæры рæгъ фыдæбонгæнджыты (йе æрцæуæг адæмы) цæрæнбоны тыххæй. 

29 (б). Ис ма ахæм аппаринаг æгъдау дæр. Мæрддзыгой адæм кæй фæдыл рацыдысты (сыхæй, куыстæй), уыдонмæ лæг бацæуы дзидзайы хаимæ сæрмагонд арфæ кæнынмæ, арæх фынджы астæумæ. Уый цы не’мбæлы, ахæм хъуыддаг у, æмæ йæ ма кæнæм, ма халæм зианы фынджы æгъдау. Сыхæгтæн æмæ æмкусджытæн дзыхæй раарфæ кæнынæн фæстæдæр ссарæн ис æндæр рæстæг æмæ бынат. 

30. Мыкалгабырты рæгъы размæ сæры галиу хъус ралыг кæнынц, фæсаджил æй кæнынц, цæхх ыл айзæрынц, æмæ йæ лыг хистæрты ’рдæм афтæмæй æрæвæрынц сæрыл.  

30 (а). Кæмдæрты ма хистæр уыцы рæгъы фæстæ рухсаджы рæгъ ногæй рауадзы. Уый у æнæмидис, æнæгъдау ми, йæ фæдыл сайы ног фыдох.  

31. Нæ фыдæлтæ хæрнæджы фынгыл нæ бадтысты, цалынмæ мæрддзыгой уæлмæрдæй æрбаздæхой мæрдджыны хæдзармæ, уæдмæ. Уыцы заман хъæуты уæлмæрдтæ уыдысты хæстæг, æмæ мæрддзыгой адæм иууылдæр фистæгæй цыдысты зианы фæдыл уырдæм. Ныр уавæртæ зынгæ аивтой, хатгай мард æвæрынц æндæр хъæуы (горæты) дæр. Уымæ гæсгæ хæрнæджы фынгтæ æрæвæрынц, мард куы ахæссой æмæ куы ныххæлар кæной, уæд. 

32. Марды фæстæ мæрддзыгой се ’ппæт уæлмæрдтæм нал цæуынц, æрмæст кæстæр фæсивæд фæкæсынмæ æмæ, мæрдджын бинонтæм хæстæгдæр чи у, уыдон. Баргонд кæмæн вæййы, уый цыбырæй арфæйы ныхас фæзæгъы ингæнкъахджытæн æмæ мæрддзыгойæн. Ныффæлдисы йын йæ ингæн, йæ сыджыты хай, йæ чырыны йын гыццыл сыджыт айзæры. Чырыны æмбæрзæныл сылгоймæгтæ (сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм кæм нæ цæуынц, уым та – ингæнкъахджытæ) зынг адарынц, цæмæй гыццыл асудза, уый фæстæ мард баныгæнынц. Хъуамæ хæстæг хион нæлгоймæгтæ дæр цалдæр белгомы сыджыт ингæныл бакалой. Бел къухæй къухмæ дæттын не’мбæлы, алчидæр æй хъуамæ сиса зæххæй. Уый хæссы, тагъд рæстæджы нæ ахæм хъуыддагæн куыд нал бахъæуа, уыцы нысан. 

33. Марды кæндтæ афæдзæй-афæдзмæ сты бирæ. Ныры заманы стыр хæрдзтæ кæнын бирæты бон нæу, æфсæрмæй мæрдджын хæсты бацæуы. Адæмы фæндонмæ гæсгæ марды кæндтæ кæнын хъæуы æртæ хатты: йæ ныгæнæн, дыууиссæдзæймаг æмæ афæдзы бон. Хæрнæг æмæ хисты фынгыл мæрдджыны бинонтæ æрæвæрынц хойраг æмæ нозт, сæ амал куыд уа, уымæ гæсгæ. Иннæ мысæн бонтæ кæнынц бинонтæ, сыхæгтæ æмæ бынтон хæстæджытæ. Мысæн бонты тыххæй телеуынынады, газетты æмæ радиойæ нæ хъæуы хъусын кæнын. 

33 (а). Æртæ азы цы сывæллоныл нæма сæххæст, ахæм куы амæлы, уæд ын хæдзары бинонтæ «фæдзæхсæны хист» скæнынц æмæ йæ бафæдзæхсынц, мыггагæй раздæр чи амард, уыдоныл, цæмæй йæм сæ цæст дарой æмæ йæ мацы хъуаг уадзой. Уымæй фæстæмæ ахæм сывæллонæн марды кæндтæ нал æмбæлы. 

34. Сабатизæрты æмæ майрæмæхсæвты нæ фыдæлтæ фос не’ргæвстой, нæлгоймæгтæ уырдæм нæ цыдысты. Сыхаг сылгоймæгтæ-иу мæрдджыны хæдзары амбырд сты, уæлмæрдты-иу дыууæ кæрдзыны ныххæлар кодтой. Мах дæр æй хъуамæ афтæ кæнæм. 

35. Ныртæккæйы рæстæджы мæрдджын бинонтæ лæвæрттæ кæнынц ингæнкъахджытæн, кæрдзынгæнджытæн, стæй мардмæ чи базылд, уыдонæн. Дыууиссæдзæм боны та хæстæджытæ мæрдджынтæн хæссынц алыхуызон лæвæрттæ къахы дарæсæй сæры дарæсмæ. Уыцы лæвæрттæ нæ фыдæлтæ нæ кодтой, мардæн сты тæригъæды хос, адæмы зæрдæмæ нæ цæуынц, æмæ сæ мауал кæнæм.  

Нæ фыдæлтæ-иу кодтой афтæ: кæрдзынгæнджытæн лæвæрдтой куатæтæ, цæмæй сæхи ма счъизи кæной, сау чи дардта, уымæн та-иу аивтой йæ сау кæлмæрзæн æндæрæй, афтæ æмбæлы. 

36. Сабæттаг дæттæм æрмæстдæр мардæвæрæн бон, кæмæн куыд йæ бон æмæ йæ фадат у, афтæ. Стыр фæлхæстæ не ’мбæлы. Уыимæ амалхъом, бонджын адæймаг йæ хæдзары зианы бон сабæттаг куы нæ æмбырд кæна, уæд уый у адæмы раз хорз арфæйаг хъуыддаг. Сабæттаг чи фыссы, уыдон вæййынц бинонты æвзæрст, хъуамæ бадой фæсвæд ран, афтæ аивдæр у. 

Сабæттагæй машинæтæ æлхæнын æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн рацу-бацу кæнын у тæригъæд хъуыддаг. Афтæ не ’мбæлы! Сабæттаг æхца хардз хъæуы æрмæстдæр марды кæндтыл, кæд дзы афæдзы боны фæстæ исты баззайæ, уæд та марды номыл адæмæн исты хорздзинад саразыныл (зæгъæм, парчы бæлæстæ ныссадзын, аив бандон сæвæрын, хид саразын). 

Нæ хъæуы цæстмæ митæ кæнын: хъæздгуытæн æмæ хицауадæн бирæ сабæттаг æхцатæ дæттын, мæгуыртæн та – гыццыл. Нæ фыдæлтæм зианы нæ уыдис музыкæ, уыцы æгъдау райдыдтой кæнын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Абон дæр бирæтæ нæ баххуырсынц музыканттæ, фæлæ иннæтæм та марды уæлхъус æнкъард мелоди хорз кæсы. Ууыл быцæу кæнын нæ хъæуы. Фæлæ уыимæ тынг фыдуынд æмæ фауинаг у марды уæлхъус фæндыртæ æмæ уадындзтæй цæгъдын, зарджытæ зарын æмæ æндæр ахæм æххуырсгæ цæхджын митæ кæнын. Хатгай чидæр йæ низы, йæ æгъатыр хъысмæты тыхстæй бинонтæн бафæдзæхсы, йæ чырыны уæлхъус ын ирон цагъд кæнæ зарæг куыд акæной. Уый раст нæу, æмæ ма кæнæм афтæ. Бинонты сæ тыхсты рæстæг ноджы зындæр уавæры ма æвæрæм. Æгъдау хъуамæ уа æппæтæй бæрзонддæр æмæ йæ халæн нæй. Адæм зианмæ æрбацæуынц хъыг кæнынмæ, æмæ уым уæлдай митæ ницæмæн хъæуынц. Ахæм митæ Хуыцаумæ хъыг кæсынц, æмæ сыл къух сисæм сыхбæсты мидæг. Сыхбæсты уынаффæйы ныхмæ чи цæуа, уымæн та иу йæ зиан йæхи бар бакæнын растдæр уыдзæн. 

37. Тæригъæд хъуыддаг у иу мардæн цалдæр раны цыртдзæвæнтæ æвæрын, уæлдайдæр фæндæгтыл. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, иу мардæн цалдæр цырты алы рæтты æвæрын у фыдбылыз канд бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн мыггагæн дæр, сæ рæзты цы бæлццæттæ цæуынц, уыдонæн дæр, æмæ уыцы хъуыддаг мауал кæнæм. Марды номыл фæндаджы был цыртдзæвæны бæсты ис ныссадзæн нæзы кæнæ заз бæлас, æмæ уый адæмæн сæдæ азæй фылдæр пайда хæсдзæн.  

Мæрдджын бинонтæн не ’мбæлы: 

– искæйы æфхæрын, расыг уæвын; 

– фæлдисинæгтæ æмæ хойрæгтæ цæттæ кæнын; 

– мардæн ингæн къахын, кæнды фынгтæ æвæрын; 

– марды чырын хæссын; 

– фыдæбонгæнджытæн лæвæрттæ кæнын; 

– мардмæ чи не ’рцыд, кæнæ сабæттаг чи нæ радта, уымæн йæ кой кæнын, кæнæ уый æфхæрын; 

– мæрдджын хæдзары цины хъуыддæгтæ кæнын, кæнæ цинмæ цæуын; 

– цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ зарын, кафын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын æмæ хъæлдзæгдзинæдты архайын. 

38. Марды æгъдæутты йæ ныгæнæн бон, дыууиссæдзæм боны æмæ йæ афæдзы бон æргæвст вæййы стурвостæ, арæх дыгай сæртæ. Уыдонæн сæ сæртæ æмæ сæ бæрзæйтæ дыккаг бонмæ ныууадзынц, ома, сыхæгтæ æмæ кæстæртæ абадой, зæгъгæ. Вæййы афтæ æмæ иуæй-иу кæртыты къуыригай алы бон дæр сыхбæстæ кæнæ иуæй-иутæ бадынц дæргъвæтин бадты. Уый мардæн у тæригъæддзинад, уæдæ мæрдджын бинонтæн та - æфхæрд. Мауал уадзæм райсоммæ сæр æмæ бæрзæй хæрнæджы (хисты) фынгæй, мауал аразæм фынгтæ дыккаг бон. Уый цы не'мбæлы ахæм хъуыддаг у. Куыд гæнæн ис афæдзы бон зианджынтæй се стыр уаргъ куы сисынц æмæ сын цины хъуыддæгтæ кæныны бар куы раттынц, уæд та ногæй дыккаг бон уыцы зианæн рухсаг кæнынмæ æрбадын? Цæмæн цæуæм расыггæнджытæ æмæ гуыбындзæлты фæдыл? Хæрнæджы фæстæ сæр æмæ бæрзæй уыцы изæр æрлыгтæ кæн, æмæ сæ байуар мыггаджы æмæ сыхбæсты хистæртыл, хойрагæй æмæ фыдызгъæлæй цы баззайа, уый та ратт сыхбæстæн æмæ мæгуыртæн.  

38 (а). Арæх, афæдзы хисты бæркады рæгъы фæстæ уырдыглæууæг сæр æмæ бæрзæйæ уæлæмæ фынг асыгъдæг кæны, æмæ хæдзары бинонтæ фынджы хистæрмæ рахæссынц æртæ кæрдзыны. Хистæр уыдон лæугæйæ скувы æмæ фæзæгъы: «Иунæг Стыр Хуыцау, абонæй фæстæмæ ацы хæдзары бинонтæ зианджыныл нымад нал сты æмæ сын арфæ ракæн, æнæниз æмæ амондджынæй куыд цæрой. Кæстæртæн бар ис, сæ цард, сæ амонд агурын æмæ аразын». Кувæггаг авæры бинонтæй йæ разы цы кæстæр лæууа уымæ, кæнæ та уырдыглæууæгмæ. Уый дзы саходы, æмæ кувинæгтæ хæдзармæ бахæссынц. Уый адыл адæм хъуамæ фынгæй сыстой.  

Иуæй-иу хистæртæ, æртæ кæрдзыны акувыны фæстæ, бадты адæмæн се’ппæтæн дæр къуырццæй бануазын кæнынц. Чидæртæ та ма адæмы фæстæмæ дæр сбадын кæнынц æмæ рæгъытæ сидтытæм раивынц. Уыдон сты фыдуынд, æнæгъдау митæ, æмæ сæ ма уадзæм кæнын.  

Мах хъуыдымæ гæсгæ, хæларгонд хойраг цы фынгыл ис æвæрд, уырдæм æртæ кæрдзыны хæссын иуыл раст нæу. Растдæр уаид уыцы æртæ кæрдзыны хæдзары хицæн фынгыл æрæвæрын, цæмæй адæм афæдзы кæнды фынгæй куы сыстой, уæд æртæ хистæры мидæмæ бацæуой æмæ уым Хуыцаумæ скувой. 

38 (б). Афæдзы бон æхца æмбырд кæнын æмæ дæттын у æлгъысты хуызæн. Ома, ногæй та бахъæуæд, зæгъгæ. Зианы кæндтæн хæстæг хиуæттæн æмбæлы сцæттæ кæнын фынждыдзаг: кæрдзынтæ, нозт, адджинæгтæ, дыргътæ. Уыдон ныххæлар кæнынц иннæтимæ иумæ. 

39. Мауал æвæрæм хæйттæ мæрддзыгойæн семæ. Уый зианы æгъдау нæу. 

40. Нозт æмæ хæринæгтæй цы баззайы, уыдонæй цы ’мбæлы, уый хæссын хъæуы мæрдджыны хæдзармæ. Хæрнæджы иннæ хæринæгтæ байуарын хъæуы мæгуыртæн, æмæ сыхæгтæн.  

41. Мауал кæнæм стыр цыртдзæвæнтæ, ингæны сæр ма кæнæм агъуыстытæ æмæ æндæр арæзтæдтæ. Уымæй чи амард, уымæн уæлдай кад нæ кæнæм, нæхимæ та исæм адæмы фыдæх. Ныффидар кæнын хъæуы ахæм æгъдау, цæмæй цыртдзæвæнтæ арæзт æмæ æвæрд цæуой иухуызон, æнæ уæлдай митæй. 

42. Нæ фыдæлтæй баззад ахæм ныхас: «Мæрдджыны цæст уынаг у». Адæм мæрдджыны кæрты кæрæдзийы уынынц, бæрæг вæййы, алчидæр йæхи куыд æвдисы, уый, зынынц æгъдау æмæ æнæгъдаудзинад дæр. Адæймаг хъуамæ æппæты разæй хъуыды кæна йæ мад æмæ йæ фыды сæр, йæ мыггаг æмæ йе ’фсымæрты кад, хъуамæ ирон адæмы фарн ма хала æмæ йæхи дара, куыд æмбæлы, афтæ. Дæ зæрдыл дар: дæумæ кæсынц кæстæртæ, дæ цот, ма сæ æгад кæн, хорз æгъдауыл сæ ахуыр кæн. 

42 (а). «Иры Стыр Ныхас»-мæ æрбалæвæрдтой ахæм курдиæттæ, ома, мауал кæнæм номхыгъдтæ сабæттаг чи дæтты, уыдоныл. Уыцы номхыгъдтæ кæнынц æрмæстдæр Ирыстоны. Абоны уавæрты дызæрдыггаг у, ахæм æгъдау адæм кæй айсдзысты, уый. Иууылдæр кæрæдзийæ хæсджын стæм, æмæ зианы бон сабæттаг ныффыссын дæр нымайæм уыцы хæс фидыныл. Уымæ гæсгæ ацы фарста мах кæнæм адæмæн сæхи бар. 

43. Адæм хæрнæджы фынгæй куы сыстой, уæд сыхæгтæ æмæ мæрдджынтæ сæ хæстæджытимæ хъуамæ æрлæууой мæрдджыны кæрты – хæдзары (подъезды) размæ. Æрцæуæг адæм та – сæ комкоммæ. Марды кæнды хистæрæн чи бадти, уый ныхасы бар ратты æрцæуæг адæмæн. Уыдонæй дыккаг хистæрæн чи бадти, уый галиу къахæй ракъахдзæф кæны размæ æмæ фæзæгъы: «Зиан рухсаг уæд, йæ фæстæ цы бинонтæ ныууагъта, уыдоныл цардаудæн кæнæд, ацы мыггагмæ, ацы кæртмæ æмæ сыхбæстæм абонæй фæстæмæ хорздзинæдтæм куыд цæуæм, Хуыцау уый зæгъæд». Уый фæстæ, хистæрæн чи бадти, уый дæр галиу къахæй ракъахдзæф кæны размæ æмæ арфæ ракæны æрцæуæг адæмæн æмæ сын фæзæгъы: «Бузныг уе ’ппæтæн дæр. Уæ куыстытæ, уæ хæдзары хъуыддæгтæ ныууагътат æмæ нын нæ зианæн кад скодтат. Абонæй фæстæмæ цинты цæут, цы хæдзæрттæй рацыдыстут, уырдæм фæстæмæ дзæбæхæй сæмбæлут. Уæ фыдæбæттæ уын циндзинæдты куыд фидæм, Хуыцау уый зæгъæд». Ууыл ахицæн вæййынц мард бавæрыны æмæ хæрнæджы хъуыддæгтæ. Уыцы арфæйы æгъдау нæ кæнынц афæдзы бон. Уымæн æмæ уым бæркады рæгъæй ахицæн кæнынц зианы кæндты æгъдæуттæ иууылдæр, бинонтæ уыцы минутæй зианджыныл нымад нал вæййынц, æмæ кæртмæ, йе та уынгмæ рахизгæйæ, ногæй зианы арфæйы æгъдаумæ раздæхын не’мбæлы.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ