Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

* ÆГЪДАУ УÆЗЗАУ УАРГЪ У
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ÆГЪДАУ УÆЗЗАУ УАРГЪ У  

 

Мах адæм рагæй æрæгмæ иугæйттæй нæ цардысты. Æхсæнадон цард та домы кæрæдзимæ æнгом лæууын, бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс кæнын, æгъдау дæттын. Чындзæхсæвы æнцон нæу, зæгъæм, къухылхæцæг-æмдзуарджынæй, хъуыддагæн уынаффæгæнæгæй, кæнæ фынджы хистæрæй балæггад кæнын. Фæлæ-иу уыцы хæстæ кæуыл æрхауыдысты, уыдон сæ сæхицæн кадыл нымадтой. Уæдæ уымæй фылдæр фæхъæуы зианы кæндты, тынгдæр æвæрæн бон, бафыдæбон кæнын. Кæмæн кæрт бакæнынц йæ бар, чи æрцæуæг адæмæн арфæ кæнынмæ æрлæууы, кæстæртæ хæрнæджы фынг цæттæ кæнынц. Чырыны раз радзурын фæхъæуы кæйдæрты сыхбæстæй, куыстæй, мыггагæй.  

 

 

 

 

 

Кæд раджы уыцы æгъдæуттæ химæ райсынмæ хатын никæмæ хъуыд, хистæр дæр æмæ кæстæр дæр сæ хæстæ зыдтой æмæ сæ æххæст кодтой, уæд абон æдзæллаг кæнын райдыдтам. Горæтаг бирæуæладзыгон хæдзæртты æгъдау чи сæвæра, стæй чи райса йæхимæ, ахæм адæм къаддæрæй къаддæр кæнынц. Æххуырсгæ æххуысмæ фæсидæм арæх. Уæлдайдæр мæгуыры зиан куы уа, уæд. Ахæм ран, суанг чырыны раз чи радзура, уый дæр лæгъстæйæ фæагурынц. Чи сразы вæййы, уыдонæй та чи дзурынмæ нæ фæарæхсы, чи та цæуыл æмæ цас дзурын хъæуы, уый зонгæ нæ фæкæны.  

 

Цымæ цæмæн афтæ у? Æз бафиппайдтон иу хъуыддаг. Æмткæй райсгæйæ, Æгъдау фидардæр у ног хæдзæртты сыхты, æдзæллагдæр та - зæронд "хрущевкæтæ" кæй хонынц, уым. Иуæй дзы кæстæртæ къаддæр фæцæры, иннæмæй та ...  

 

Ног хæдзæртты фылдæр æрцæрынц æрыгон æмæ рæстæмбис кары адæм. Уыдон хъазуатонæй бавналынц сых æрбангом кæнынмæ, иумæйаг хъуыддæгтæ аразынмæ, кæрты æгъдау сфидар кæнынмæ. Уымæн æмæ фылдæр вæййынц хъæуты чи райгуырд æмæ хистæртæ хорз æгъдау кæмæн бацамыдтой, ахæмтæ.  

 

Мæхи сыхбæстæ иу кæрты æрцардысты дæс азы размæ. Æмæ сæ бон изæрмæ куы феппæлон, уæддæр æвæццæгæн фаг нæ уыдзæн. Хи сыхы тыххæй нæ, фæлæ æцæг арфæйаг сты. Кæрты мидæг æгъдау раттын куы фæхъæуы, уæд лæппутæ райсомæй раджы иу ссæдзæй кæрæдзийы фæстæ æрбалæууынц фæкæсынмæ. Ис дзы хорз хистæртæ дæр.  

Уæдæ æз Дзæуджыхъæуы федтон бирæ ахæм сыхтæ. Сæ цæрæнбон бирæ, сых сыхы хуызæн кæмæ у, хистæртæ дæр кæм ис æмæ кæстæртæ дæр. Фæлæ фенæм бынтон æндæр уавæр дæр. Цæмæн?  

 

Фыццаджыдæр, уыцы зæронд сыхтæ фæсивæдæй скуынæг вæййынц æмæ дзы змæлæг фаг нал вæййы. Дыггаг аххосаг та уый у, æмæ уыцы сыхты хъæуты чи хъомыл кодта, ахæм адæм дæр бирæ нæ вæййы. Фæлæ ма, дзы ис ноджы иу рахæхæцæн. 

 

Куыд загътон, афтæмæй ног кæртыты сывæллæттæ бирæ вæййы. Уыдон сындæггай, рæстæджы цыдимæ рæзынц горæтаг æхсæнады мидæг. Хъыгагæн, фылдæр сæ мадæлон æвзагыл дæр нæ дзурынц. Æгъдау та скъолаты нæ амонынц. Кæрты æгъдау дæттын куы фæхъæуы, уæд бирæ æзты дæргъы вæййы лæппутæн æмæ чызджытæн сæ ныййарджыты бар. Сæхæдæг та уымæй вæййынц иппæрд, уæгъдгонд. Стæй сæ хистæртæ куы базæронд вæййынц æмæ кæстæрты рад куы ралæууы, уæд дзы ничи ницы фæзоны æмæ сыхы иудзинад æмæ æгъдау зæууатмæ æрцæуынц.  

 

Алагиры райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн. Скъолайы астæуыккаг кълæстæм куы схæццæ дæн уæд мæ хонæг, хъæргæнæг æрвитын райдыдтой. Фæстæдæр иу сыхы хъуыддæгты ме'мгæрттимæ æрлæууыдыстæм лæггад кæнæ фыдæбон кæнынмæ. Арæх-иу нæ бахъуыдис хистæртæн уырдыг лæууын дæр. Афтæмæй ахуыр кодтой æгъдауыл мæ фæлтæры адæм. Ныййарджытæ ныл уымæй ауæрдгæ нæ кодтой, сæхæдæг нæ æрвыстой, кæм хъуыдыстæм, уырдæм.  

 

Куывдтæ, чындзæхсæвтæ, гъе та зианы кæндтæ хæсты быдыр не сты - цæмæй дзы тæрсæм нæ кæстæртæн уым балæггад, бафыдæбон кæнынæй? Адæм сæ бузныг фæуыдзысты, сæхæдæг та зондджындæр, фендджындæр æмæ æгъдауджындæр цы суой, уымæй уæлдай дзы æвзæрæй ницы райсдзысты. Уæ хорзæхæй, 12-14 кæуыл сæххæст уа, уыцы лæппуты æмæ чызджыты æмбæлы сыхы æгъдауыл бæттын, исты хæстæ сын бар кæнын сæ кармæ гæсгæ. Ма сæ цух кæнут уыцы Фарнæй, уымæй тынг фæрæдийдзыстут.  

 

Уæдæ кæд ацы ныхас райдыдтон, уæд ма иу æнæзæрдæмæдзæугæ нырыккон фæзынды кой æнæ скæнгæ нæй. Ирон æхсæнадон фæтк домы алкæмæй дæр æгъдау зонын æмæ æххæст кæнын. Кæстæр нæ кæны хистæртæн уынаффæ. Хистæр та йæ кармæ гæсгæ хæстæ æххæст кæнынæй æмбæхсгæ нæ кæны. Уыцы фæтк куы фехæлы, уæд дзы рауайы къæйных кæстæртæ æмæ æгъдау уæлдæр математика кæмæ кæсы, ахæм хистæртæ.  

 

Æрæджы иу чындзæхсæвмæ айрæджы кодтон, куысты фæдыл бакъуылымпы дæн. Куы бацыдтæн, уæд мæм хатыдысты, уæлейы хистæртимæ сбад, зæгъгæ, фæлæ рæзыгæнæджы æгъдау алкæмæндæр иухуызон хъуамæ уа, æмæ уæгъд бынат кæм уыд, уым сбадтæн. Мæ уæле бадт фæцис иу зæронд лæг. Æвæццæгæн ыл 80 азæй къаддæр нæ цыдис. Мæхи нымæр бадис кодтон, афтæ дæлæуæз цæмæн бады, зæгъгæ. Иу сидт нæ уадзы, арахъ дзаг агуывзæйæ нуазы, хъазуатонæй хæры, алцы фæлвары. Фæлæ йæ хъæлæсæй куывдты фæдыл иу ныхас нæ хауы. Ахæм ран лæг къуыттыйы бадт дæр куыд хъуамæ кæна, æмæ мæ фарсмæ бадæгмæ ныхас бабæттынæн ныллæг хъæлæсæй бадзырдтон:  

"Мæнмæ гæсгæ мыггагæй хистæры раст не сбадын кодтой. Рахиз фарс хъуамæ бада. Дæумæ та куыд кæсы?"  

Уый уæлæмæ скаст, йæ уæхсджытыл схæцыд æмæ мын афтæ: "Æмæгъа, æз уыцы хъуыддæгтæн ницы 'мбарын". Уый адыл та дарддæр цы хæринæгтæ нæма басгæрста, уыдонмæ йæхи байвæзта.  

 

 

Лæппуйæ хистæртæн алæггад кæнынмæ зивæг чи фæкæны, лæгæй та æгъдау хæссынæй йæхи чи асайы, уыдон зæрондæй дæлейы кæстæртимæ æмæ æрæджыгæнджытимæ æрбадынц, цæмæй сæ ма хъæуа æгъдау æвдисын. Афтæ, дам, æнцондæр у. Раст сты, æгъдау хæссын зын у. 

 

КУЧИТЫ РУСЛАН 

2022 азы, Тъæнджы мæй.



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ