Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ХÆРЗГÆНÆГ ХОРЗ НÆ АРЫ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХÆРЗГÆНÆГ ХОРЗ НÆ АРЫ
 

 

Пиллон арт суагътой быдыртæ. Сыгъд ссыди бæстыл. Удгоймагæй цыдæриддæр змæлыд бæстыл, уыдон лыгъдысты. Иу барæг тæргæбæхæй фæцæйцыд сыгъдæй, баййæфта калмы. 

— У-у, дæ хорзæхæй, — загъта калм, — фервæзын мæ кæн, иу боны сæрæн дын феххуыс уыдзынæн. 

Калмы йæ роны бавæрдта лæг æмæ фæцæуы дарддæр. Сыгъдæй аирвæзт иу дзæвгар, æмæ йæм калм дзуры: 

— Дæ хорзæх мæ уæд, æмæ мæ дæ сæрмæ æввахс искуы æрæвæр: æнуд кæнын дæ роны. 

Лæг систа калмы, суагъта йæ сæры ’рдæм, æмæ куыддæр æгъдауæй калм лæджы хъуыры аирвæзт æмæ лæджы ахсæны æрбынат кодта. 

Æдас ранмæ ахызтысты. Лæг баурæдта йæ бæх æмæ дзуры: 

— Сыгъдæй тас нал у, ралæс æддæмæ. 

— Уайтагъд дын куыд нал алæсдзынæн ардыгæй! Хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уырдæм мæ фæлас æмæ уæд абырдзынæн. 

Дунетыл фæзылди лæг; удгоймагæй кæй нæ бафарста, иу ахæм нал баззад, фæлæ хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уый ничи зонгæ кодта, ничи хъусгæ фæкодта. 

Гæды ма баззади æнæфарст. 

— Цæй, æххæст ма бафæрсон гæдыйы дæр, — загъта тыхст лæг, — цæмæй мауал æхсайа уымæ дæр мæ зæрдæ. 

— Хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уый æз зонын, уæдæ ма гæды цæмæн дæн. 

— Кæм уæддæр? — бафарста йæ калм. 

— Лæг æй бамбардзæн, — дзуры гæды, — дæ сæр радар лæджы дзыхæй æмæ дын æй зæгъон сусæгæй. 

Калм дын йæ сæр ма радара! Гæды калмы сæр акодта йæ дзыхы лæджы хъæлæсæй йæ радавта, æмæ дæ фыдгул афтæ: калмæн йæ пырх акалдта уыцы ран. 

Уæдæй фæстæмæ хæларæй цæрын байдыдта гæды адæймагимæ. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ