Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Дзадтиаты Тотырбег
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ПЛИТЫ Гацыр
 
 

 

Дзадтийы фæдонтæй иу — Тотырбег 

 

Тотырбег уыд Дæллаг Сыбайаг, уым райгуырд 1910 азы, уым арвыста йæ сабион бонтæ дæр. Нæ уыдысты нывыл Тотырбегæн йæ уалдзыгон бонтæ.1919 азы фæхъуыд йæ мад, 1920 азы та — йæ фыд Гуырдзыйы меньшевикты ныхмæ тохгæнгæйæ. Сидзæр сабитæ ма аирвæзтысты Дзæуджыхъæумæ, фæлæ сын цард агурын фæзын. 

 

Дæсаздзыд Тотырбег баззад уынджы къæйыл йæ кæстæртимæ, йæ дыууæ хо æмæ йæ иунæг æфсымæримæ. Тотырбег æвзонгæй ссис бинонты «дарæг», æххуырсты куыстæй иста маамæлайы къæбæры фаг æмæ дзы ирвæзын кодта сидзæрты. 

 

Советон хицауад куы æрфидар, уæд Хуссары Ир йæ пырх æмæ сыгъд уæзгуытæм здæхын райдыдтой. Кæй нал бафæндыд, уыдонæн Цæгат Иры зæххы хай радтой Терчы галиу фарс. Ног æрцæуджытæ сарæзтой хъæу æмæ йæ схуыдтой Ногир (Нæуæг Ир). Уым æрбынат кодтой Исмæлы сидзæртæ дæр 1923 азы. Тотырбег ма уæддæр фыййауы лæдзæг фæхаста 1926 азмæ. Уæд бам-бæрста чиныджы ад, цалынмæ скъоламæ нæ бацыд, уæдмæ базыдта кæсын æмæ фыссын. 

 

Дзæуджыхъæуы типографи ирон сидзæрты мад уыд, уым райдыдта кусын Тотырбег дæр. Бон — кусгæ, æхсæв — ахуыр. Æвзонг лæппу фердæхтджын уыд, уайтагъд æй райстой фæскомцæдисы рæнхъытæм. Фæкуыста дзы æртæ азы, стæй йæ ракодтой Дзæуджыхъæуы горкоммæ. Уæд йæ тæмæны уыд колхозон арæзтад, хицауад арæх æрвыста Тотырбеджы хъæутæм. 

 

1931 азæй фæстæмæ, Цæгат Кавказы уæлдæр ахуыргæнæндон фæугæйæ, йæ царды фæндаг сбаста Ирыстоны периодикон мыхуыримæ. Мыхуыры кæрæдзи фæдыл цыдысты йæ уацхъуыдытæ, фельетонтæ, очерктæ, радзырдтæ, уацаутæ. 

 

1930-31 азты куыста газет «Æрыгон большевик»-ы,1933-34 азты та уыд Алагиры районон газет «Раздзог»-ы редактор, уый къухæй æрцыд арæзт Алагиры типограф дæр. 

 

Куыстмæ æвзыгъд уыд, куыстæй нæ тарст, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ кæддæриддæр дзырдта йæ дарддæры ахуыримæ. Уыцы хъуыдыимæ 1934 азы балæууыд Мæскуыйы æмæ ссис «Правдæ»-йы номы Æппæт-цæдисон коммунистон институты студент. Уый каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта М. Горькийы номыл литературон институты. 1935 азы Цæдисон фысджыты уæнг. 

 

Литературон институты кæронмæ нæ бакаст, 1939 азы бархийæ ацыд урсфинонты хæстмæ, цыран рæнхъон салдатæй схызт æфсæддон комиссары бынатмæ. Урсфинонтæ æрцыдысты дæрæн, Тотырбег йæ ахуыр адарддæр кодта литературон институты, уæд бавнæлдта счъилдысæй литературон куыстмæ, уæд ныффыста йæ зынгæ уацау «Бархионтæ». Уацауæй хицæн сæртæ мы-хуыр æрцыд журнал «Знамя»-йы æмæ авторы æмбырдгонд чиныг «Финляндийы митыл»-ы. Финляндийы тугуарæн тохты бацыд ÆК (б) П-йы рæнхъытæм, æрцыд ын лæвæрд майдан «Хъæбатырдзинад»-ы тыххæй. 

 

Стыр Фыдыбæстæйон хæст Тотырбеджы æрæййæфта литературон институты кусгæйæ æмæ та ардыгæй дæр бархийæ фæраст тугуарæн хæстмæ. Йæ тохы фæндæгтæ райдыдтой Урс денджызæй æмæ йæ цырыхъытимæ кæмыты нæ бамидæг хæцгæ: уый дын Мæскуыйы цур, Смоленск, Цæгаттаг денджызы флотæй Баренцы денджызмæ, Сау денджыз, Кубань, Тамань, Новороссийск, Керчь, Севастополь, Румын, Болгари æмæ… Берлин. Тугуарæн фæндæгтæ уыдысты уыдон, уæззау цæфтæ дæр-иу фæцис Тотырбег, йæхи-иу кæддæриддæр фæдзæхста лæгты дзуар Уастырджи æмæ Сыбайы Сыгъзæрин дзуарыл. 

 

Уæлахиздзауæй сыздæхт Тотырбег хæсты фæуды. Æниу тохы бонты дæр йæ фыссæн сисыл йæ къух нæ иста. Уыд МНА-йы уацхæссæг, æфсæддон газеты редколлегийы уæнг. 

 

Фæцис тугуарæн бонты рæстæг, хæсты быдырты бирæ туг ныккалд, бирæты зынг бахуыссыд, ирон фысджытæй дзы баззад 55 фылдæр. Фæллад, æфхæрд зæрдæимæ ма дзы чи æрыздæхт, уыдонæй иу уыдис Дзадтийы фырт. 

 

Йæ фæллад дæр не суагъта, аф-тæмæй бавнæлдта егъау æхсæнадон-литературон куыстмæ. Уыд «Мах дуг»-ы редактор, альманах «Советская Осетия»-йы редактор, рауагъдад «Ир»-ы директор, чингуыты æмæ полиграфион управленийы хистæр. 

 

Иры дзыллæ Тотырбеджы зоны куырыхон фыссæг-прозаикæй. Йæ егъау æхсæнадон куыстимæ йæ къухæй йæ фыссæн сис никуы ахауд. Ууыл уал дзурæг сты йæ чингуытæ: «Революцийы хъæбатыр»-1932; «Ироны намыс»-1945; «Денджызон бæгъатыр»-1948; «Терчы былтыл»-1952; «Дыууæ хæлар»-ы — 1952; «Царды фæндагыл»-1956; «Радзырдтæ æмæ уацаутæ»-М.1958; «Хæххон стъалы»-1961; «Хæлардзинады сæйраг фæндаг»-1962; «Мæ урс дадалитæ»-1965; «Уæлдæфы ирон чызг», «Фæцæуын атакæйы»-1971. Тотырбеджы ном бæрзонд систой. Ранымад чингуытæй чи радзырд у, чи та очерк, чи уацау, чи та роман. Уыдонæй бирæтæ ивд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ. Æниу хæсты туг-уарæн бонтыл кæй фæфыста: «Хæх-хон цæргæс», «Дыууæ хæлары», «Карды комыл», «Сусæг фæндæгтыл», «Денджызон бæгъатыр», «Дикæ», «Арт Терчы сæрмæ», «Æхсар-гæндты зæлланг» æмæ æнд. бирæ нациты æвзæгтæм æрцыдысты тæлмац. 

 

Тотырбеджы сфæлдыстады тематикæ дардыл у. Фыссы бирæ ахсджиаг фарстытыл, фæлæ уыдоны ’хсæн уымæн сæйраджы сæйраг сты: уарзондзинад йæ адæммæ, Фыдыбæстæмæ, нацийы хорз традицитæм, мадæлон æвзагмæ. 

 

Тотырбег рæсугъд æвзаджы хицау уыд, лæг æм хъусынæй не ’фсæст. Нæ мæ у рох: Ручъы тъунелы æрбахизæн фæндаг куы байгом, уæд Тотырбег æмæ Грис къахæй рабалц кодтой Астæуккаг Рукъмæ æмæ æрбынат кодтой æрдзы хъæбысы. Æз дæр Рукъы уыдтæн, хабар куы фехъуыстам Ручъы дохтыр Пушкинимæ (Ал-р), уæд сæм ссыдыстæм. Грис нæ дыууæйы дæр хорз зыдта, фæлæ Тотырбег куы базыдта æмхæрæфырттæ стæм, чи у мæ мад, мæ фыд, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Хæдзармæ цæуыны кой уадзгæ дæр не скодтой, фæбадтыстæм иумæ æмбисæхсæвмæ, бирæ цæуылдæрты дзырдтой сæ дыууæ дæр, æнæбарон, рæстдзинадыл æргом æмæ уæндонæй кæй дзырдтой, уый тыххæй сын бирæ хыцъыдæдтæ фæдардтой Цæгат Иры разамонджытæ, цæстмæмитыл ахуыр фысджытæ, дымыстæр адæймæгтæ. Грис Къостайы схуыдта æнæбасæтгæ, адæм дæр Грис æмæ Тотырбеджы базыдтой æнæбасæттонтæй. 

 

Тотырбег æмæ Грис ацы фæндаджы тыххæй бирæ фæтох кодтой, куырдтой, домдтой Иссæйæ, цæмæй Кремлы раз ацы фарст æвæрд æрцæуа. 

 

Хахуыргæнджыты æвзаг бахæццæ Хуссар Иры обкоммæ дæр. Ууыл уал дзурæг у иу хъуыддаг: 1977 азы 19 ноябры газет «Советон Ирыстон»-ы мыхуыр æрцыд Тотырбеджы уац: «Нæ кæмтты, нæ хæхты нæры хъазуатон сидт». Адæм тынг бацин кодтой цымыдисон æрмæгыл. Автор æфхæры, фæндаджы арæзтадмæ уæлæнгай цæстæй чи кæсы, йæ арæзтадон æрмæджыты чи паплой кæны, уыдон. Обкомы хистæр йæ пырх акалдта газетыл, Тотырбег чи у, уый нæ зыдта æмæ йæ схуыдта кæй, æрмæджыты та цытæ. Фæлæ йын æй бамбарын кодтой зæронд коммунисттæ, чи у Тотырбег, цæуыл у йæ ныхасы сæр, уæд обкомы секретарь хатыртæ ракуырдта. 

 

Тотырбег, куыд аивады зæрингуырд, афтæ бирæ ахсджиаг фарстытыл дзырдта æмæ сæ хæрзвых æмæ джиппы уагъдæй хаста йæ адæмы размæ. Йæ уацмысты сæйраг хъайтартæ сты, Ирыстоны сомбоныл чи тайы, йæ дзыллæйы фарн æмæ æгъдау рæгъмæ чи хæссы, ирондзинадыл рыгбадын чи нæ уадзы, ахæмтæ. Ахæм историон фæлгæндзтыл арæхстджынæй æрдзырдта мæнæ ахæм уацмысты: «Хæххон стъалы» (Х. Къоста); «Æхсаргарды зæлланг» (Плиты Иссæ); «Денджызон бæгъатыр» (Хъоцыты Къоста); «Дикæ» (Дауыраты Илитæ); «Хæххон цæргæс» (Дзусаты Ибрагим); «Фæцæуын атакæйы» (Хъесаты Астан). Йæ уацмысы ракодта: Мамсыраты Хадзы-Умар, Сланты Лентъо, Хетæгкаты Георги æмæ æнд. 

 

Тотырбег кæддæриддæр дугимæ кодта æмдзу, дуджы цаутæ уыдысты йæ хъусдарды бын. 

 

Дзадтиаты Тотырбеджы сфæлдыстады егъау бынат æрцахста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уыдаид, уымæн æмæ уый фондз азы дæргъы туджы малты лæгæрста, фондз азы дæргъы дугъы диссæгтæ федта, фондз азы дæргъы йæ царды бонтæ уыдысты цардæй мæлæты ’хсæн. 

 

Тотырбег лæгæй-лæгмæ зонгæ уыд Плиты Иссæимæ, иу æмæ йæм дыууæ хатты нæ ныццыд Мæскуымæ Ручъы хох айгæрдыны тыххæй, уæдæ Иссæйы хæстон фæндæгтимæ дæр зонгæ куыд нæ уыд. 1980 азы рауагъдад «Советский писатель»-ы мыхуыры рацыд Тотырбеджы роман «Æхсаргарды зæлланг». Романы сæйраг хъайтар у Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголы Адæмон Республикæйы хъайтар Плиты Иссæ. Роман Уырысы чинигкæсджыты дæр базонгæ кодта ирон хæстон бæгъатыримæ. Романы рацыдыл тынг бацин кодтой Монголы Адæмон Республикæйы хицауад дæр, æрæрвыстой йæм арфæйы фыстæг дæр, цыран ныфсæвæрæгау загъд ис, зæгъгæ, дæ роман тагъд рацæудзæн махмæ дæр мыхуыры. 

 

Ирон литературæйы историйы егъау у Къостайы ном, куыд йæ бындурæвæрæг, йæ саразæг. Ирон фысджытæй стæм разындзæн, Къостайы ном чи не ссардта, ахæм. Поэзи, прозæ, драматурги алыварсон æмæ уæрæхæй æвдисынц Къостайы фæлгондз. Уыдоны ’хсæн бæрæгæй æрттивы Тотырбеджы роман «Хæххон стъалы». Дзæвгар азтæ бахъуыд Дзадтийайы фырт, цæмæй æртымбыл кодтаид хъæуæг æрмæг Ирыстоны хъæбул, Ирыстоны цæхæркалæг стъалыйы тыххæй æмæ уый къухты æфтгæ дæр бакодта. 1961 азы Цхинвалы мыхуыры рацыд йæ зынгæ роман «Хæххон стъалы». Роман дзурæг у, Къостайы цард, йæ ахуыры æмæ æхсæнадон, стæй йæ литературон куысты фæндæгтыл, суанг Нарæй райдайгæйæ. Æниу Тотырбег ацы романы фагыл нæ банымадта, бирæ хæттыты ма бавнæлдта фæстæдæр дæр Къостайы цард, йæ удыгъæды хорз миниуджытæ æв-дисынмæ. Къостайы фæлгондз стыр бынат æрцахста Тотырбеджы сфæлдыстады. 

 

Зæгъæм: 1969 азы Мæскуыйы паддзахадон политикон рауагъдад мыхуыры рауагъта Тотырбеджы чиныг ахæм номимæ: «Сымах тыххæй æз ратдзынæн мæ цард». Нæ фæкастысты уыдон дæр фаг нæ фыссæгмæ, фылдæр æй зæгъын фæндыд Къостайыл æмæ та 1980 азы Мæскуыйы рауагъдад «Детская литературæ»-йы мыхуыры рацыд Тотырбеджы уацау: «Цы уыдзынæ, лæппу». 

 

Иры дзыллæ Тотырбеджы зыдтой арæхст-джын публицистæй дæр. Йæ адæмы цард æмæ Ирыстоны сомбоныл хъуыдыгæн-гæйæ, уый фыста Ручъы фæндаджы тыххæй, хорз æмбæрста, ацы фæндаг ирон адæмæн царды фæндаг кæй уыдзæнис. Æмæ афтæ дæр рауад, ацы уæззау дуджы, Гуырдзыйы геноцидты дуджы, Хуссар Ирæн ацы фæндаг куынæ уыдаид, уæд цы фæуыдаиккам… 

 

Тотырбег хæлардзинæдты хидтæ аразæг уыд нациты ’хсæн. Тынг хæларæй цард А. Фадеевимæ, Ю. Либединскиимæ, Л. Либединскаяимæ, К. Симоновимæ, Н. Атаровимæ. 

 

Йæ царды бонты Тотырбег архайдта ууыл, цæмæй рæзой, фылдæр кæной ирон фысджытæ, рæза ирон чингуыты нымæц. 

 

Дзадтиаты Тотырбег æхсæнадон куысты дæр цæрдæг æмæ æвзыгъд уыд. Цæгат Ирыстоны обкомы, Ленины райкомы, горæх-хæсткомы æмæ æндæр рæтты бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. 

 

Йæ рæстæджы хицауад Тотырбеджы лæггæдтæн аккаг аргъ скодта. Йæ хорзæхтæ дыууыны бæрц уыдысты. Йæ ордентæ уыдысты: «Фæллойады Сырх Тырысайы», «Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæн»-ы, «Сырх стъалы»-йы æмæ «Кады нысан»-ы. Майдантыл ма чи дзуры. 

 

Куыд адæймаг, афтæ Тотырбег уыдис уæздан, хæдæфсæрм, уарзæгой уды хицау, йæ адæм æмæ Ирыстоны патриот, интернационалист, уарзта цард, фæлæ йын дзы æнус батонын нæ бантыст, амард 74-аздзыдæй, йе сфæлдыстады тæмæны куы ленк кодта, уæд −1984 азы, июны мæйы. 

 

Тотырбеджы райгуырдыл æххæст кæны 105азы. Цæмæй йын сæнусон кæндзыстæм йæ ном: ирон чиныгкæсджыты къухы нæй Тотырбеджы сфæлдыстад, йæ уацмысты æмбырдгонд ын рауадзын хъæуы. 

 

Арфæйаг лæг уыд Тотырбег, арфæйаг лæгæн та йæ рухс ном мысинаг вæййы кæддæриддæр. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ