Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

АРВЫ АЙДÆН
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

АРВЫ АЙДÆН 

 

Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыди сын иунæг хъæбул. Иуахæмы баздæхы лæппу йæ ныййарджытæм æмæ сын афтæ зæгъы: 

— Кæдмæ фæраздзыстæм ацы мæгуырæй? Бар мын раттут, æмæ искуыдæм фæцæуон: кæд æмæ истæуыл фæхæст уаин, кæд æмæ фыр мæгуырæй нал хæриккам нæ хъиутæ. 

Исдуг нæ разы кодтой мад æмæ фыд сæ иунæг хъæбулы фæндыл, фæлæ сæ куынæуал уагъта, уæд æй иуахæмы срæвдз кодтой балцы. 

Мад фæндагмæ сарæзта, хæрынæн адджын, хæссынæн рог чи уыд, ахæм хæринæгтæ. Лæппу бафснайдта йæ фæндаггæгтæ хызыны, хæрзбон загъта йæ ныййарджытæн æмæ араст амонд агурæг. 

Цæуынтæ байдыдта, æмæ цæйбæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ уалынмæ схъуаг ис хæринагæй. Уæд бафтыд иу хъæдбынмæ, кæсы, æмæ дзы мæнæ иу бирæгъ. 

— Бирæгъ, хæргæ дæ кæнын, — дзуры йæм бæлццон. 

— Ма мæ бахæр, — загъта бирæгъ, — уый бæсты мын дæ разы дæ лæдзæгæй мæ гуыбын ахаф, æмæ дын иубоны сæрæн феххуыс уыдзынæн. 

Лæппу ахафта бирæгъы гуыбын æмæ йæ аскъæрдта. 

Цæуы та дарддæр йæ фæндагыл, бахæццæ иу цæргæсмæ. Цæргæс ацархайдта тæхыныл, фæлæ нæ бафæрæзта. 

— Цæргæс, хæргæ дæ кæнын, — дзуры йæм лæппу. 

— Хæрыны бæсты мæ фæлтау фехс хæрдмæ ивазны бæрц, æмæ дын æз дæр иуахæмы ме ’ххуысы хай бакæндзынæн, — загъта цæргæс. 

Лæппу фехста цæргæсы ивазны бæрц. Уыйадыл цæргæс атахт æмæ кæмдæр фæаууон, лæппу та кодта дарддæр йæ цыды кой. 

Уалынмæ цæугæ-цæуын кæсы, æмæ мæнæ иу рувас ратул-батул кæны йе рагъы нуæрттыл. 

— Рувас, дæу мын нал ис æнæ бахæргæ. Нал фæразын æххормагæй, — загъта лæппу. 

— Ныууадз уыцы фæнд, лæппу. Рувасы бахæрд дын бирæ нæ ахæсдзæн, стæй дын хъуамæ тайгæ дæр ма бакæна мæ фыд, — дзуры рувас. — Фæлтау баздæх æмæ мын мæ ком истæмæй бахуылыдз кæн, чи зоны, искуы дæ мæ сæр бахъæуа. 

Рувасы ком ахуылыдз кодта лæппу æмæ араст дарддæр. 

Цæуы, цæуы æмæ иу денджызы былмæ бахæццæ. Денджыз рафæйлыдта, æмæ иу кæф хуыскъыл аззади. Лæппу фæлæбурдта кæфмæ æмæ йæ рацахста. 

— Хæргæ дæ кæнын, мæнæ кæф, нал фæразын æххормагæй. 

— Уу-у, ма мæ бахæр, — загъта кæф. — Чи зоны, куыд вæййы, цы вæййы, искуы зындзинады куы бахауай, уæд дын æз дæр дæ хорз мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн. 

Фæтæригъæд кодта лæппу кæфæн æмæ йæ денджызы басхуыста. 

Цас ма фæцыдаид, чи зоны, фæлæ уалынмæ æлдары хъæумæ бафтыд æмæ къулбадæг усы хæдзармæ бараст. 

— Нана, фысым мын фæут, — дзуры лæппу. 

— Куы ныл барвæссай, уæд дын мах — мæгуыр фысым, — дзуры къулбадæг ус. 

Лæппу бафысым кодта къулбадæг усмæ, уæдæ цы уыдаид. Ус æм базылд, йæ хæдзары цы ссардта, уымæй. Фысым æмæ уазæгæн дзырд бацайдагъ. Къулбадæг ус дзуры: 

— Не ’лдары чызгмæ фæцыдысты курæг алы хæрзæджытæ алы бæстæй, фæлæ сæ никæмæн бакуымдта. Курджытæн-иу чызг ралыг кæнын кодта сæ сæртæ æмæ сæ кауы михтыл æрсадзын кодта, иу сæр хъуаг ма фæци кау. 

— Æмæ сæ уæд цæй тыххæй ныццагъта, уыйбæрц мæсты сæм-иу цæуыл фæци? — бафæрсы лæппу. 

— Не ’лдары чызгмæ ис арвы айдæн. Уый баздæхы æмæ фæзæгъы курæгæн: «Æртæ хатты бамбæхс, кæм дæ фæнды, уым. Æз райсдзынæн мæ арвы айдæн æмæ дæ агурын байдайдзынæн. Кæд æмæ дæ не ссарон, уæд мæ хуыцау радта дæуæн. Намæ дæ куы ссарон, уæд дын ракæндзынæн дæ сæр æмæ дын æй мæ кауы михтæй иуыл æркæндзынæн». 

— Мæ амонд мын æнæ бавзаргæ нæй, мæ мады хай, мæнæн дæр, — дзуры лæппу æмæ дыккаг бон минæвар барвыста чызгмæ. 

Æлдары чызг басидти къулбадæг усы уазæгмæ. 

— Æртæ хатты бамбæхс, æмæ дæ кæд не ссарон, уæд æз — дæ амонд, намæ дын ракæнын кæндзынæн дæ сæр, иу сæр хъуаг ма у мæ кау. 

Лæппу сразы, уæдæ цы уыдаид. Араст денджызы былмæ. Кæф æм фæйлауæныл рацыд æмæ фæрсы лæппуйы: 

— Цы хорз дæ хъæуы мæнæй? 

— Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс: арвы айдæнæй кæсдзæн æлдары чызг, куыддæр мæ ссара, афтæ сæфын! 

Кæф фæхæлиу кодта йæ дзых, лæппуйы аныхъуырдта æмæ денджызы бынмæ афардæг. 

Æлдары чызг райста арвы айдæн, бон-изæрмæ уыцы агуырд фæкодта лæппуйы. Æвæдза ныр хур æрныгуылы, афтæ лæппуйæн дæр йе ссарын. Кæф æй рахаста доны бынæй хусмæ, æмæ лæппу уайтагъд æлдары чызгмæ балæууыд. 

— Ссардтай мæ, — дзуры лæппу. 

— Уæдæ та бамбæхс райсом дæр. 

Цæргæсы уæлхъус балæууыд дыккаг бон лæппу. 

— Дæ сæр мæ бахъуыди, цæргæс, — дзуры лæппу, — æлдары чызг мæ агурдзæн арвы айдæнæй, куы мæ ссара, уæд мын ралыг кæндзæн мæ сæр. Бамбæхс мæ искуы. 

Цæргæс æй ахаста авд хохы сæрты æмæ йæ иу ран айнæджы бын бамбæхста. 

Æхсин-чызг та райста арвы айдæн, байдыдта алырдæм фæлгæсын æмæ дзуры: 

— Кæсут-ма йæм, кæсут! Авд хохы фæсте йæ иу айнæджы бын бамбæхста цæргæс. 

Уыйадыл та йæ цæргæс фелвæста йæ уæлбазырты æмæ йæ æхсины галуаны раз æрæвæрдта. 

— Лæппу, ссардтон дæ, — дзуры чызг. 

— Ссардтай! — загъта лæппу. 

— Уæдæ ма райсом дæр бамбæхс, дæ фæстаг æмгъуыды бон у. 

— Цы фæдæ, бирæгъ? — дзуры лæппу. — Кæд ма мын искуы æххуыс кæнынмæ хъавыс, уæд мæ ацы сахатæй хуыздæр никуал бахъæудзæн де ’ххуыс. 

Бирæгъ æрбалæууыд лæппуйы раз æмæ йæ фæрсы: 

— Ме ’ххуысы хай дын цæмæй бакæнон? 

— Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс. Агурæг мæ ис, куы мæ ссара — байхæлд мæ къона. 

Бирæгъ æм февнæлдта æмæ йæ дард сау хъæды къодæхты бын бамбæхста. 

Чызг æхсин райсомæй куы базылд йæхимæ, уæд райста арвы айдæн æмæ фæлгæсын байдыдта алырдæм. Акасти дæлдзæхмæ, акасти уæлдзæхмæ, — никуы зыны лæппу. 

Сарæзта айдæн сау къæдзæхтæм, урс хæхтæм — нæ разынд уым дæр. 

Хур акъул, уæдæ цы уыдаид. Чызг дын фæхъæр кодта: 

— Ссардтон æй! Сау хъæды астæу æй цъæх бирæгъ къодæхты æхсæн бамбæхста. 

Къодæхты бынæй йæ бирæгъ ракъахта æмæ йæ уадидæгæн æлдары хъæумæ æрбахæццæ кодта. 

— Куыд зæгъыс, лæппу, ссардтон дæ? — дзуры чызг. 

— Ссардтай, — загъта лæппу. — Дзырдмæ гæсгæ мын ныр æмбæлы амæлын, фæлæ ма дæ курын — иу æмбæхсты бар-ма мын ратт. 

— Уыйбæрц хæлæрттæ кæмæн разынд сырдтæй, мæргътæй, раст ма денджызы цæрджытæй дæр, уымæн куыд нæ ратдзынæн иу æмбæхсты бар! 

Райсомæй лæппу араст быдырмæ æмæ дзуры: 

— Рувас, ды ма мын куы нæ баххуыс кæнай, уæд — сæфт æмæ сæфт! 

Рувас фестад лæппуйы раз. 

— Цы дзæбæх дын фæуон? 

— Кæм мæ не ссарой, ахæм ран мæ бамбæхс. 

— Цом мæсыджы бынмæ, — дзуры рувас. — Уыцы ран уæрм ракъахæм. Уæрмы ды бамбæхсдзынæ, æз дыл сыджыт æмæ дуртæ ныккалдзынæн; мæхæдæг ус фестдзынæн, слæудзынæн уæрмы сæр æмæ байдайдзынæн æлвисын. 

Бакодтой, рувас куыд загъта, афтæ. 

Чызг райсомæй райста арвы айдæн, кæсынтæ систа. Арвы цыппар къабазæй кæдæм нæ фæкаст, ахæм нал баззад, фæлæ дæрдтыл никуы æмæ ницы зыны. 

Уæд арвы айдæн хæстæджытæм сарæзта æмæ фæлгæсы мæсыджы алфамбылаймæ. Фæкаст, фæкаст æмæ федта: йæ хæд мæсыджы æмбуар иу сылгоймаг ногкъахт уæрмы сæр æлвисы, уæрмы — æмбæхст лæппу. 

Фæдис кодта чызг, æмæ диссагдæр та ма цы уыдаид! Уыйбæрц фæцарди, уыйбæрц æм фæцыдысты курджытæ, фæлæ а лæппуйы хуызæн лымæнтæ æмæ хæлæрттæ никæмæн разынди. 

Æнкъардæй бараст лæппу йæ фысыммæ, ракодта йæ маст, йæ хъаст къулбадæг усæн. Усы зæрдæ фæтæнæг йæ уазæгмæ. 

— Мæ уазæджы хай, — дзуры къулбадæг ус. — Афтæ-ма бакæнæм! 

— Куыд? — фæрсы лæппу. 

— Бафæлвар-ма иу хатт, цæмæй ма дын æлдары чызг ратта иу хатт бамбæхсыны бар. Чи зоны, æмæ дæ амонд фæуæлахиздæр уа, ма йæм бафсæрмы кæн. 

Радта ма чызг лæппуйæн æмбæхсыны бар. 

Уæд райсомæй къулбадæг ус ныхас кæны уазæгимæ: 

— Хъусыс, мæнæ дæ нымæтын ехсæй æрцæвдзынæн, æмæ ды рæсугъд егар фестдзынæ. Бахондзынæн дæ æз чызджы мæсыгмæ. Чызг дæ агурын байдайдзæн дардыл зæгъай æмæ хæстæгыл дæр. Фæлæ-иу ды баздæх æмæ чызджы фæстæ слæуу æмæ, уый куыд зила, афтæ зил ды дæр йæ фæстæ, цæмæй дæ не ’рцахса арвы айдæн. 

Уыйадыл æй нымæтын ехсæй æркъуырдта лæппуйы, æмæ лæппу егар фестади. Бараст къулбадæг ус чызджы мæсыгмæ. Æхсин æмæ йæ алыварс адæм цинтæ кæнын байдыдтой, рæвдыдтой йæ. Куыдз марадз-зæгъай æмæ искæмæ фæкаст, чызджы фæстæ слæууыд æмæ змæлгæ дæр нал кæны. 

Æлдары чызг райста арвы айдæн, байдыдта кæсынтæ. 

Куыд зылди алырдæм, афтæ егар зилы йæ хæд фæстæ, цæмæй йæ чызджы аууонæй арвы айдæн ма рацахса. 

Уыцы ракæс-бакæс фæкодта æлдары чызг арвы айдæнæй. Стыр сихорафон сси, чызг нæ уадзы йæ каст, хур дæр аныгуылд, уæддæр ма фæлвæрдта, цæмæй ссардтаид лæппуйы, фæлæ йæ нал æрцахста арвы айдæн. 

Уæд дзуры æлдары чызг: 

— Нал дæ ссардтон, рацу. Мæ ныв, æвæццæгæн, æмæ афтæ уыди, цæмæй фæуон дæ хай. 

Уыйадыл къулбадæг ус мæсыгæй айста йæхи, ракъуырдта нымæтын ехсæй егары, егар фæстæмæ, цы уыди, уый фестади. 

Бирæ хæзнатæ балæвар кодта æлдар йæ иунæг чызгæн, йæ сиахсæн. Лæппу æмæ чызг сбадтысты хæдтулгæ уæрдоны æмæ æд хæзнатæ æрфардæг сты сæ хæдзармæ. Тынг базæронд сты лæппуйæн йæ ныййарджытæ. Лæппу сæ æрцавта нымæтын ехсæй, æмæ дыууæ дæр саджы хуызæн фестадысты. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ