Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ÆХСАРДЖЫН ЧЫЗГ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ÆХСАРДЖЫН ЧЫЗГ
 

 

Цардис иу мæгуыр лæг, æмæ йын уыдис æртæ чызджы. Лæджы æфсадмæ акодтой, æртæ чызджы æмæ сæ мад хæдзары баззадысты. 

Мæгуыр лæг æфсады фæцис фондз азы æмæ æдзухдæр йæ бинонты мысыд, мæт сыл кодта. Уæд сфæнд кодта йæ хæдзармæ фæцæуын. Фæлæ йæ паддзах дæс азæй раздæр нæ уæгъд кодта. 

Мæгуыр лæг загъта: 

— Мæнæн ис лæппу, ауадз мæ, æмæ йæ мæ бæсты рарвитдзынæн. 

Паддзах сразы ис æмæ йæ суæгъд кодта. Мæгуыр лæг йæ фæндаг ракодта йæ зонгæ уæйыгыл. Ныхас кæнынц, æмæ мæгуыр лæг уæйытæн загъта, паддзахы æфсадмæ мæхи бæсты мæ лæппуйы арвитдзынæн, зæгъгæ. Уæйыгæн дæр уыдис æртæ чызджы, æмæ лæгæн загъта, дæ фырты-иу махыл рарвит, æмæ йын æз мæ чызджы ратдзынæн, зæгъгæ. Мæгуыр лæг дæр бар-æнæбары сразы ис, уæдæ ма цы загътаид. Хорз фæлæггад кодта уæйыг мæгуыр лæгæн. 

Райсомæй мæгуыр лæг куы цыдис, уæд уæйыгæн загъта: 

— Мæ лæппуйы ауылты рарвитдзынæн, æмæ йын-иу фæндаг бацамон æфсадмæ. 

Мæгуыр лæг мастгæнгæ цæуы: «Ныфс бæргæ бавæрдтон паддзахæн дæр æмæ уæйыгæн дæр, фæлæ мын лæппу кæм ис?» Афтæмæй йæ хæдзармæ æрцыд. Йæ усы æрæййæфта зæрондæй, йæ чызджыты — хъомылæй. Æхсызгон куыннæ уыдис фыдæн, йæ чызджыты стырæй кæй æрæййæфта, уый, фæлæ йæ циндзинад мастмæ хизын райдыдта. Æнкъардæй бады хæдзары, æмæ йæ йæ бинонтæ фæрсынц: 

— Цæуыл æнкъард кæныс, дæ дзыхæй дзырд куы нæ хауы?! 

Лæг сын рахабар кодта, паддзах æмæ уæйыгæн ныфс куыд бавæрдта, уый. 

Уæд ын хистæр чызг загъта: 

— Мах дын дæ ныфсбавæрдтæ сæххæст кæндзыстæм! Æз дæ бæсты æфсады дæр бакусдзынæн, æрмæст мын лæппуйы дарæс æмæ хæцæнгæрзтæ ратт, стæй мын фæндаг бацамон. 

Фыд ын уæлæдарæс, бæх æмæ хæцæнгæрзтæ ссардта æмæ йын бацамыдта фæндаг. Фæндараст ын загъта æмæ ма иу дзæвгар йæ чызгимæ ныхасгæнгæ цæуы. Æрхæццæ сты иу хъæдмæ, æмæ уæд мæгуыр лæг йæ чызгмæ дзуры: 

— Æз ардыгæй здæхын, фæлæ ды цу, тæрсгæ мацæмæй кæн. 

Фыд йæхи фæаууон кодта хъæды, æмæ чызг куы адард ис, уæд йæ размæ фæцис æмæ йыл фæхъæр кодта: 

— Гъе ныр дæр ма мын аирвæздзынæ?! 

Чызг уыцы фæхъæрмæ бауадзыг ис æмæ бæхæй рахаудта. 

Бацыдис фыд йæ чызгмæ, фæстæмæ йæ сæ хæдзармæ акодта æмæ æнкъардæй сбадти йæ хæдзары. 

Уæд æм астæуккаг чызг дзуры: 

— Ныр та мæн бафæлвар, мæ фыд. 

Мæгуыр лæг сразы ис, сцæттæ йын кодта фæндаггæгтæ, æмæ та дыккаг бон хъæды астæуты араст сты. Мæгуыр лæг та йæ чызгæн фæндаг бацамыдта æмæ йын загъта, ацу, зæгъгæ, дæхæдæг, æз ардыгæй здæхын. 

Чызг йæхæдæг араст ис, фыд та йæхи иуварс фæкодта, йæ разæй фæцис æмæ чызгыл фæхъæр кодта: 

— Гъе ныр ма мын кæдæм аирвæздзынæ?! 

Чызг фырадæргæй бæхæй æрхаудта. Йæ фыд æм бацыди, систа йæ, фæстæмæ йæ ракодта æмæ та хæдзары мæсты бадт кæны. 

Уæд æм дзуры кæстæр чызг: 

— Ныр та мæн бафæлвар, мæ фыд. 

Фыд та райсоммæ сцæттæ кодта бæх, дзаума æмæ чызгæн хæринаг. Араст та сты, бахæццæ сты уыцы хъæдмæ, æмæ лæг йæ чызгæн загъта: 

— Ацу дæ фæндагыл, æз ардыгæй здæхын. 

Чызг араст ис йæ фæндагыл. Фыд та йæхи фæиуварс кодта, йæ разæй фæцис æмæ тар хъæды чызгыл фæхъæр кодта: 

— Гъе ныр ма мын кæдæм аирвæздзынæ! 

— Ей, уæртæ лæг, мæ фыды хуызæн мæм фæзындтæ, æндæра дын дæ сæр кардæй акъуырдтаин! 

Мæгуыр лæг йæ размæ бацыд, йæ чызджы хъуырыл ныттыхст æмæ йын загъта: 

— Ды æцæг æхсарджын сылгоймаг дæ! Фæндараст фæу! 

Чызг ацыд, йæ фыд ын цы фæндаг бацамыдта, ууылты, æмæ фыццаг бацыдис йæ фыды зонгæ уæйыгмæ. Æрлæууыд уæйыджы дуармæ, бæхбæттæныл йæ бæх æрбаста. Уæйыджы ус æм ракаст: 

— Чи дæ, цы дæ, махæн нæ бæстæм маргъ æрбатæхын куы нæ уæнды, уæд ды кæцæй æрхаудтæ? 

Чызг усæн загъта: 

— Æз дæн уæ зонгæ лæджы лæппу æмæ, куыд мæ фыды уарзон адæм, афтæ уæм æрбацыдтæн фысыммæ. 

Ус ыл тынг бацин кодта, хæдзармæ йæ бакодта, хорз æй суазæг кодта. 

Уæйыг цуаны уыд, саджы мæрдтæ æрхаста æмæ лæппуйы куы базыдта, уæд ыл уый дæр бацин кодта. 

Лæппу фестад æмæ саджы мæрдтæ акой кодта. Фынгтæ æрæвæрдтой, æрбадтысты æхсæвæр хæрыныл. Уæйыг акуывта æмæ нуазæн лæппумæ авæрдта. Лæппу йæ анызта. 

Уæйыг загъта: 

— Абонæй фæстæмæ, ацы лæппу, ды уыдзынæ не сиахс. 

Æхсæвæр хæрд куы фесты, уæд уæйыг йæ усæн загъта, цæмæй лæппуйы цур хистæр чызджы схуыссын кодтаид. 

Схуыссыдысты лæппу æмæ чызг иу ран. Сыстадысты райсом, æмæ уæйыг йæ чызджы фæрсы: 

— Æрвæссы дыл æви нæ? 

Чызг загъта: 

— Нæ дыууæ дæр чъылдымыздæхтæй бафынæй стæм. 

Уæйыгæн уый хъыг уыд, æмæ йæ усæн загъта: 

— Ацы лæппу нын нæ чызгыл цæй тыххæй не ’рвæссы? 

Ус сабыргай зæгъы уæйыгæн: 

— Мæсты ма кæн æппындæр. Изæры та йын астæуккаг чызджы схуыссын кæндзыстæм йæ цуры. 

Схуыссын та кодтой дыккаг æхсæв хистæры кæстæры. 

Уæйыг та райсомæй фæрсы чызджы: 

— Æрвæссы дыл æви нæ? 

Чызг уæйыгæн «нæ» загъта. Уæд уæйыг тынг смæсты æмæ та йæ усмæ дзуры: 

— Ацы лæппу нын нæ чызджы йæ сæрмæ нæ хæссы. 

Æртыккаг æхсæв уæйыг лæппуйæн загъта: 

— Додой мын дæ къона кæны, гъе ныр ма нын нæ кæстæр чызджы дæр куы нæ бауарзай, уæд дын æнæ маргæ нæй. 

Лæппу дæр тæрсгæ-ризгæйæ схуыссыд кæстæр чызджы цур. Æхсæвы йæ чызг базыдта, уый дæр чызг кæй у, æмæ йæм дзуры: 

— Ды дæр чызг дæ æмæ æз дæр, фæлæ тæрсгæ ма кæн æппындæр. Уæйыгæн цы зæгъын хъæуы, уый йын зæгъдзынæн. Æрмæст дын райсом уæйыг лæвæрттæ кæндзæн, æмæ дзы-иу райс æрмæстдæр бæхты рæгъауæй иууыл фыдхуыздæр æмæ мæллæгдæр бæх, æхсаргæрдтæн сæ тæккæ згæхæрддæр, къухдарæнтæн дæр се ’взæрдæр. 

Чызг райсомæй сыстад, æмæ та фыд уый дæр фæрсы: 

— Дæу дæр нæ хæссы йæ сæрмæ, æви куыд у уæ хъуыддаг уыцы лæппуимæ? 

Чызг йæ фыдæн загъта: 

— Лæппу æмæ чызг куыд вæййынц, афтæ! 

Уæйыг дæр бабуц ис. Арвыста адæммæ хонджытæ. Чындзæхсæв скодтой æмæ лæппуйæн лæвæрттæ кæнын райдыдтой. Лæппу дæр бæхтæн систа сæ гæлхæрддæры, кæрдтæн — се згæдæры, къухдарæнтæн се ’взæрдæры. 

Лæвæрттæ иууылдæр райста æмæ уæйыгмæ дзуры: 

— Æз ныр нæ акæндзынæн чызджы, уымæн æмæ мæ фыд паддзахæн ныхас ныууагъта, æмæ, цалынмæ уыцы ныхас сæххæст кæнон, уæдмæ мын бахатыр кæн. 

Уæйыг лæппуйæн загъта: 

— Фæндараст фæу, фæлæ фыдбонæн фæуæнт, лæварæн кæй райстай, уыдон дæуæн чи бацамыдта, уымæн, кæд уыдон мæгуыраудæр не сты. Фæлæ сыл маст нæ кæнын, æгайтма мæ чызджы дæ сæрмæ бахастай. 

Уæйыг йæ усмæ дзуры: 

— Рахæсс, лæварæн ын цы радтам, уыдон, æмæ йын хайыр уæнт! Лæппу лæвæрттæ райста æмæ йæ фæндагыл араст ис. 

Быдыры йын бæх загъта: 

— Кæд паддзахмæ цæуыс, уæд мæн ам уадз. Æрмæст мын мæнæ мæ барцæй иу хъис ратон, æмæ-иу дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу æй зынгыл авæр, æмæ æз уайтагъд дæ цуры февзæрдзынæн. 

Лæппу æцæгдæр хъис ратыдта бæхæй æмæ бæхы ауагъта быдыры, йæхæдæг бацыд паддзахмæ. Сæмбæлдысты йыл паддзахы æххуырстытæ. Уыдон паддзахæн фехъусын кодтой лæппуйы æрцыды тыххæй. 

Паддзах сын зæгъы: 

— Мидæмæ йæ ракæнут, уый бавæринаг у. Æгайтма мæгуыр лæг йæ дзырд сæххæст кодта. 

Лæппу кæртмæ бацыди. Паддзахы æртæ чызджы уæладзыгæй ракастысты, æмæ кæстæр фæхъæр кодта: 

— Чи цы федта, уый йæхи! 

Дыууæ хистæр чызджы бахудтысты: 

— Дæхи уæд, махæй дын æй ничи исы, фæлæ мæгуыр лæджы фырты дæ сæрмæ куыд хæссыс? 

Чызг сын загъта: 

— Алкæмæн дæр йæ амонд хорз уæд. Мæн æндæр хуыздæр нæ хъæуы. 

Уæд чызджытæ сæ фыдмæ баминæвар кодтой, цæмæй адæмы æрхуыдтаид, æмæ сæхицæн мойæгтæ равзæрстаиккой. 

Æрхуыдта паддзах йæ адæмы æмæ йæ чызджытæн загъта: 

— Рахæссут фæйнæ нуазæны бæгæныимæ, æмæ уæ чи кæй уарзы, уый раз æй æрæвæрæд. 

Дыууæ хистæр чызджы, кæй бауарзтой, уыдон раз æрæвæрдтой фæйнæ нуазæны. Кæстæр чызг разылд адæмыл, æмæ мæгуыр лæджы лæппу уым нæй. Чызг йæ фыдмæ дзуры: 

— Дæ адæмæй ма ам нæй. 

Паддзах йе ’ххуырстытæн загъта: 

— Ацæут æмæ, нæ адæмæй ам чи нæ ис, уыдоны ракæнут. 

Æххуырстытæ рацыдысты, æмæ ма æддæ уыдис мæгуыр лæджы лæппу æмæ йæ бакодтой. Чызг разылд æмæ йæ нуазæн æрæвæрдта мæгуыр лæджы лæппуйы раз. 

Адæм тынг ныххудтысты, паддзахы чызг мæгуыр лæппуйæ куыд мой кæны, зæгъгæ. 

Паддзахы ус куыннæ смæсты уыдаид. 

Адæм куы ацыдысты куывдæй, уæд ус мæстæй фæрынчын ис æмæ йе сиæхстæн загъта: 

— Мæнæн мæ мæлæт æрцыд. Æрмæст ма мын ис иу хос, æмæ мын кæд уый уа, уæд хорз, кæннод мæлын: авд хохы æдде ис иу фæткъуы, æмæ уыцы фæткъуыйæ куы бахæрин, уæд фервæзин. 

Сиæхстæ араст сты уыцы фæткъуы хæссынмæ — дыууæ хистæры иумæ, кæстæр сиахс та хицæнæй. Мæгуыр лæджы лæппуйы семæ нæ ауагътой, худгæ йыл кодтой. 

Мæгуыр лæджы лæппу йæ дзыппæй йæ бæхы хъис фелвæста, зынгыл æй авæрдта, æмæ йæ бæх йæ цуры фестадис. Лæппу бæхыл абадт, фесхуыста йæ. Уайы, уайы æмæ уыцы фæткъуыйы цурмæ баввахс. 

Бæх лæппумæ дзуры: 

— Фæткъуымæ дын æвиппайды бацæуæн нæй, залиаг калм ын хъахъхъæнæг у æмæ дæ бахæрдзæн. Йæ иувæрсты куы схизæм, уæд-иу мæ ахæм цæф фæкæн, æмæ мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фесхъиуа, дæ армытъæпæнæй та чъылбыс. 

Лæппуйæн бæх куыд бацамыдта, афтæ бакодта æмæ йæ рифтæгтæ байдзаг кодта фæткъуыйæ. Калм æй фæстейæ расырдта, фæлæ лæппу кард фæстæмæ фехста, калмыл сæмбæлди, лыгтæ йæ байдыдта æмæ йæ лыстæг кæрдæнтæ скодта. Лæппу æрæввахс йæ каистæм. Кæсы, æмæ уæртæ йæ хистæр æмсиæхстæ æрбацæуынц. Уыдон лæппуйы нал базыдтой, йæ уæлæ æндæр дарæс кæй скодта, уый тыххæй. Лæппу сæ цыма нæ зоны æмæ сæ æппындæр никуы федта, уыйау сæ фæрсы: 

— Кæдæм цæут? 

Йе ’мсиæхстæ йын загътой: 

— Мах цæуæм фæсхохмæ. Уым иу цавæрдæр фæткъуы ис, æмæ нæ нæ каистæ уырдæм рарвыстой: хос æй хонынц, æмæ дзы хъуамæ æрхæссæм. 

Лæппу сын загъта: 

— Уым фæткъуы нал ис, æз æй æртыдтон. Куы уын дзы раттон, уæд мын сымах та цы ратдзыстут? 

Лæппутæ йæ фæрсынц: 

— Дæхæдæг нæ цы агурыс? 

Уый сын загъта: 

— Уæ фæйнæ хъусы уын ралыг кæндзынæн. 

Лæппутæн ма цы гæнæн уыд, æмæ сразы сты. Сæ фæйнæ хъусы сын ракодта æмæ сын фæткъуытæй радта. 

Раздæхтысты лæппутæ. Мæгуыр лæджы лæппу йе ’мсиæхсты разæй ауагъта, йæхæдæг та йæ бæх быдыры суагъта, йæ пысултæ аивта, æндæр æвзæр бæхыл бацыди паддзахы галуанмæ. 

Лæппутæ фæткъуытæ бахастой. Уый дæр цъус фæстæдæр æд фæткъуытæ куы бацыди, уæд дыууæ хистæр сиахсы загътой: 

— Уый кæцæйдæр хъæддаг фæткъуытæ æрбахаста, уыййеддæмæ мæгуыр лæджы фырт цæй фæткъуы æрбахæсдзæн. 

Дыккаг бон та ус рарынчын æмæ та йе сиæхстæм дзуры: 

— Мæ мæлæт æрцыд. Денджызы ма иу хуы ис, æмæ мын уымæн йæ хуылфыдзауматæй кæд æрхæссат, уæд хорз, кæннод мын æнæ мæлгæ нæй. 

Араст та сты дыууæ хистæр сиахсы иумæ, мæгуыр лæджы фырты та семæ нæ ауагътой. Уый та йæ дзыппæй хъис систа, зынгмæ йæ бадардта, æмæ та йæ бæх йæ цуры фестади. Йæ уæлæ ног дарæс, афтæмæй та лæппу йæ бæхыл абадт æмæ денджызмæ фæраст и. Бæх та лæппуйæн амоны, уырдæм куыд бацæуын хъæуы, уый. 

Бæх ын куыд бацамыдта, афтæ бацыдис æмæ хуыйы амардта, бафснайдта уымæй дæр йæ рифтæгты дзаг æмæ рараст фæстæмæ. Фæндагыл та йыл фембæлдысты йæ дыууæ æмсиахсы. Нæ та йæ базыдтой, æмæ та сæ бафарста, кæдæм цæут, зæгъгæ. 

Лæппутæ йын загътой, кæдæм цæуынц, уый. Уæд сын мæгуыр лæджы фырт зæгъы: 

— Уыцы хуыйы мæнæ æз амардтон, æмæ уын дзы куы раттон, уæд мын цы хорзы бацæудзыстут? 

Лæппутæ загътой: 

— Цыдæриддæр нæ курыс, ууыл разы. 

Лæппу сæм дзуры: 

— Æрбадарут уе рæгътæ, æмæ уын сæ гæрзытæ рауадзон. 

Уыдон сразы сты, æмæ сын лæппу хуыйы хуылфыдзауматæй радта. 

Бахордта ус фыдызгъæл æмæ сдзæбæх и, фæлæ та иу цалдæр боны фæстæ рарынчын æмæ йе сиæхстæн загъта: 

— Агуыры калак-хъæу дур цæмæн фестад, уый мын сымахæй исчи куы нæ рабæрæг кæна, уæд мæнæн æнæ амæлгæ нæй. 

Сбадтысты сæ бæхтыл дыууæ хистæр æмсиахсы æмæ фæцæуынц. 

Мæгуыр лæджы фырт дæр йæ бæх йæ цуры фестын кодта, араст ис æмæ уадидæгæн уыцы калакмæ ныххæццæ. Кæсы æмæ дзы дуртæ йеддæмæ æндæр ницы зыны. Калачы астæумæ бацыд, кæсы та, æмæ дзы иу дуар æддæмæ-мидæмæ кæны. Уæд лæппу сфæнд кодта, уыцы дуары мидæгæй цы ис, уый базонын. 

Бæх та йын амоны: 

— Уырдæм афтæмæй цæугæ нæу, фæлæ дуары цурмæ куы бахæццæ уæм, уæд æз дуары фарсыл мæ сæр авæрдзынæн, æмæ-иу мæ ахæм цæф фæкæн, мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фесхъиуа, дæ армытъæпæнæй — чъылбыс. 

Лæппу дæр афтæ бакодта, æмæ дуарæй фæмидæг сты, æрмæст ма дуар бæхæн йæ къæдзилы æрдæг акъуырдта. 

Бацыдис лæппу мидæмæ æмæ дзы федта æрмæстдæр иу лæг, уый æрдæгæй дæлæмæ уыди дур. 

Лæппу æрбадти лæджы цур, æмæ йæ уæд уыцы лæг фæрсы, цы хуыцау дæ æрбахаста, зæгъгæ, мах кæй фесæфтыстæм, уый æгъгъæд нæу? 

Лæппу йын радзырдта йæ хъуыддæгтæ, цæй тыххæй æрцыд, уый. 

Уæд ын лæг дæр рахабар кодта: 

«Æз ацы калакæн паддзах уыдтæн. Уыдис мын ус — хæйрæджы хæрæфырт. Уый-иу æхсæвыгон цыди фæсхохы уæйгуытæм. Æз æм мæсты кодтон, фæлæ йæ бæстон нæ зыдтон. Ус-иу мæ бæхтыл цыди æмæ сæ тынг смæллæг кодта. Иубон куы уыд, уæд ме ’ххуырстыты бафарстон: 

— Цæмæн мæллæг кæнынц мæ бæхтæ? 

Уыдон мын загътой: 

— Ахсæв ам лæуу, махæй искæй дæ бынатмæ арвит, æмæ уæд, бæхтæ цæмæн мæллæг кæнынц, уый базондзынæ. 

Æхсæвы мæ пысултæ ме ’ххуырстæн радтон, уый пысултæ та æз скодтон æмæ бæхдоны раз лæууын. 

Фæсахсæвæр мæ ус æрбацыди æмæ, тагъд бæхтæ аифтындзут, зæгъгæ, æрбадзырдта. 

Бæхтæ мæхæдæг сифтыгътон, æмæ мæ мæ ус бæхгæс æнхъæлдта. Цæуынтæ байдыдтам, цæуынтæ. Уый разæй цыдис, æз фæстейæ, афтæмæй уæйгуытæм схæццæ стæм. 

Бæхтæ æрбастон. Ус хæдзармæ бацыди. Цæл кæнынц. Æз бадын бæхты цур. Рарвыстой мын иу кæрдзын æмæ цыхт. Кæркуасæн афон куы ссис, уæд мæм фæдзырдта, цæуын хъæуы, зæгъгæ. Рацыдыстæм. Æз мæхи фæразæй кодтон æмæ хæдзармæ æрбацыдтæн. Æххуырсты хæдзарæй рарвыстон, æмæ бæх бабаста. Уалынмæ мæ ус дæр æрхæццæ. Уымæн дæр бабаста йæ бæх. Æз мæхи айвæзтон æмæ мæ усмæ дзурын: 

— Охх, дысон цы диссаджы фын федтон! Цыма балцы цыдыстæм фæсхохы уæйгуытæм. Ды мын цыма рарвыстай кæрдзын. Æз æй мæ бæхы хордзенты сæвæрдтон. 

Ус бамбæрста хъуыддаг, ауад бæхдонмæ, рифтæгтæ асгæрста, æмæ кæрдзын уым. Фæстæмæ æрбацыди хæдзармæ. Æз сыстадтæн, бандоныл æрбадтæн, æмæ мæ мæ ус ралгъыста: 

— Ацы калачы алцыппæт куыддæриддæр у, афтæмæй дур фестæд. 

— Æз бандоныл бадтæн æмæ æрдæгæй дæлæмæ дур фестадтæн. Афтæ уыд мæ хъуыддаг. Тагъддæр ацу ардыгæй, науæд сабатæй-сабатмæ ус дон хæссы, æмæ дæ ам куы æрбаййафа, уæд фесæфдзынæ». 

Лæппу уырдыгæй рацыд æмæ, дыууæрдæм цы дуар кодта, ууыл та, мидæмæ цы æгъдауæй бацыдысты, æддæмæ дæр афтæ рацыдысты. Æрмæст ма, бæхæн йæ къæдзилæй цы чысыл мур уыдис, уый дуар аскъуыдта. Дуарæй куы рахызтысты, уæд уым уыдис суадон, суадоны цур авг. 

Бæх лæппумæ дзуры: 

— Ацы авджы хуылфы цъыф ныннæм æмæ суадоны цур дæхицæн уæрм скъах. Мæн ауадз, æмæ быдыры лæудзынæн. Ус дон хæсдзæн паддзахæн æмæ авг æхсдзæни, æмæ йæм-иу бахъав: къухдарæн-иу сис æмæ-иу æй усыл баппар. Ууыл усæн йæ къухтæ андæдздзысты. Ды-иу цырд фæгæпп кæн, кард-иу æм фелвас æмæ-иу ын зæгъын кæн: «Чызг чи у, уый лæппу фестæд!» Кæд йæ дзырдæй æгас калак-хъæу дур фестад, уæд ды лæппу куыд нæ фестдзынæ? 

Ус æцæгдæр æрбацыдис æмæ авг æхсы, ракæс-бакæс кæны, йæхимидæг хъуыды кæны: «Къæвда дæр куы нæ уыд, уæддзы цъыф чердæм ныккалдис?» 

Лæппу усыл къухдарæн баппæрста. Усы къухтæ къухдарæныл андæгъдысты. Лæппу йæм кард фелвæста æмæ йыл фæхъæр кодта: 

— Тагъд зæгъ: «Ам чызг чи у, уый лæппу фестæд!» 

Ус уыцы ныхæстæ куы сдзырдта, уæд чызг, æцæг, лæппу фестад. Æмæ та йæм дзуры лæппу: 

— Тагъд зæгъ: «Ацы калак, раздæр куыд уыд, афтæ фестæд!», кæннод дæ марын. 

Ус уый загъта, æмæ, æцæгдæр, калак, раздæр куыд уыд, афтæ фестади. Лæппу усæн йæ сæр акъуырдта æмæ калакмæ бацыди. Уым ын лæвæрдтой паддзахы бынат, фæлæ сын уый загъта: 

— Мæн уæ паддзахы бынат ницæмæн хъæуы, æз сымахмæ уый тыххæй не ’рцыдтæн. 

Уæд ын радтой бирæ лæвæрттæ, æмæ афтæмæй рацыдис, цы паддзахмæ куыста, уымæ. Калак дур куыд æгъдауæй фестадис, уый йын радзырдта, æмæ стæй йæ каисы фæрсы: 

— Уæдæ, паддзах, де сиæхстæй чи куыд сысгуыхт, уый ацы адæмæн радзур. 

Паддзах загъта: 

— Фыццаг дыууæ хатты дыууæ хистæры сысгуыхтысты, ныр та ды. 

Уæд лæппу йæ дзыпмæ цæвнæлдта æмæ сын сæ хъустæ æмæ сæ чъылдымы гæрзытæ систа. Дыууæ хистæр сиахсы мардау фесты. 

Лæппу загъта: 

— Ныр æз цæуын мæ хæдзармæ, æмæ мын бар раттут. 

Паддзах ын бар радта, æмæ лæппу стыр лæвæрттимæ ацыди, паддзахы чызджы дæр йемæ ракодта. Æрцыдис уæйыгмæ. Уым æй куы федтой, уæд ыл тынг фæцин кодтой. Уырдыгæй ма уæйыджы чызджы дæр ракодта æмæ бинонтæм æрцыдис. 

Чындзæхсæвтæ фæкодтой æмæ ма абон дæр цæрынц. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ