Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Аслæмырзаты хæстонтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

 

Æнусон уæд сæ ном Аслæмырзаты хæстонтæн
 

 

Блокноты сыфтæй хиконд æртæкъуымон чысыл фыстæг. 1942 азы 24 январы йæ афыста Аслæмырзаты Аслæнбег йæ хо Заретæмæ. Адрисы дамгъæтæ бæргæ хорз зынынц, фæлæ мидæгæй сивтой, дзырдтæй, рæнхъытæй бирæтæн равзарæн нал ис. Æртæкъуымон писмоимæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Аслæмырзаты Светæ редакцимæ цы дыууæ сыфы ‘рбахаста, уыдонæй сæ иу йæхицæй æхсæз азы йеддæмæ «кæстæр» нæу. Йæ мад Госханæн 1947 азы 31 майы Горæтгæрон районы æфсæддон комиссар майор Шармин цы сау гæххæтты къопи радта, уымæй зæгъын. Фыст дзы ис: «Уæ лæппу — салдат Аслæмырзаты Аслæнбег Мæхæмæты фырт 1920 азы гуырд, Джызæлдоны районы Хъахъхъæдуры хъæуы цæрæг, Фыдыбæстæйы хæсты фронты уæвгæйæ, 1943 азы февралы мæйы фесæфт æнæбæрæгæй». 

 

Иннæ сыф дæр документ у, ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады министрады хайæдтæй иуæй сæрвыста 1964 азы 17 июны Аслæмырзаты Петры номыл. Хайады хицау, булкъон Федоренко йын йæ писмойæн дзуаппы хъусын кæны, Аслæмырзаты Мæхæмæты фырт Георги 1944 азы 13 февралы тохы быдыры кæй фæмард, Андрейы фырт Гыхырман æмæ Зестелы фырт Аппе 1942 азы февралы æнæбæрæгæй кæй фесæфтысты, уый. «Асламурзаев Алимбек Магометович и Асламурзаев Канимат Бисаевич в числе погибших, умерших от ран и пропавших без вести сержантов и солдат Советской Армии не значатся», — хъусын кодта булкъон Федоренко писмойы авторæн. 

 

Дæсгай азтæ кæуыл рацыд, уыцы гæххæтты сыфтыл дæр æртæкъуымон писмойау рæстæг йæ фæд ныууагъта, сбур сты, фæлæ сæ Аслæмырзаты Светæ уæддæр æфснайдæй дары, цыфæнды стыр хæзнатæй йын зынаргъдæр сты. 

 

— Дæргъæвсгомы иннæ хъæутау Хъахъхъæдуры дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ цард цæджджинæгау фыхти, — зæгъы Светæ. — Тæгиаты къуыбыр — Хъахъхъæдуры 1937 азмæ фылдæр Аслæмырзатæ цардысты. Уæды рæстæджы хæхбæсты алы хæдзары дæр бинонты нымæц бирæ уыд. Мах хæдзары бинонтæ дæр дзæвгар уыдысты. Фæстæдæр байуæрстой æмæ быдираг хъæутæм раивтой сæ цæрæн бынат. Бирæтæ та дзы горæт Дзæуджыхъæуы æрбынат кодтой. Абон ма Хохы Хъахъхъæдуры нæ мыггагæй цæры иунæг хæдзар. 

 

Аслæмырзаты фæсивæд хъаруджын æмæ уæздан кæй уыдысты, уый Светæ йæ хистæртæй фехъуыста. Бирæ рæсугъд фæндтæ уыдис мыггаджы цардбæллон лæппутæм. Куыстуарзаг, ахуырмæ æмæ æфсæддон службæмæ тырнаг уыдысты. Бирæтæ дзы ацыдысты ахуыры фæндагыл, чи бастдзинады кусæджы дæсныйад райста, чи æндæр, чи та дзы афицер сси. 

 

— Зындгонд куыд у, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ нæ бæстæмæ ‘рбалæбурдтой урсфиннæгтæ, — дзырдта дарддæр Светæ. — Сæ ныхмæ тохы нæ мыггагæй архайдтой мæ фыд Мæхæмæт æмæ мæ фыдыфсымæры лæппу Петя. Афицерæй ссыд уыцы хæстæй Петя 1940 азы. Уæд сыздæхт мæ фыд дæр хæстæй. 

 

Æнæкæрон бирæ уарзтой Аслæмырзаты фæсивæд сæ чысыл Ирыстон æмæ стыр Райгуырæн бæстæ. Уымæн æвдисæн — сæ хъæбатырдзинад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты немыцаг-фашистон тыхгæнджыты ныхмæ тохы. Хохы Хъахъхъæдуры чысыл хъæуæй уыцы тугкалæн азты хæстмæ ацыд 34 адæймаджы. Сæ фылдæр уыдысты Аслæмырзатæй, уыдонимæ — Мæхæмæт æмæ йæ лæппутæй дыууæ — Алымбег æмæ Георги. Алымбег 1922 азы гуырд уыдис, Георги та дзы дыууæ азы кæстæр уыд. 

 

Фараст сывæллоны уыд Аслæмырзаты Мæхæмæтæн, йæ лæппутæй дыууæимæ хæстмæ куы цыдис, уæд. 

 

— Дæсæм та йын мæхæдæг уыдтæн, — дзырдта мын бинонты кæстæр Светæ. — Хъыгагæн, мæ хæстон фыд æмæ æфсымæртимæ кæрæдзи никуы федтам, æз райгуырдтæн сæ ацыды фæстæ, фыдбоны хæст нæ æнустæм фæхицæн кодта кæрæдзийæ. Авд æнахъом сывæллоны ныууагъта мæ фыд, идæдзы ном кæуыл сбадт, уымæн — мæ мад Госханæн. Æстæм та ма сыл æз бафтыдтæн 1941 азы. 

 

Знаджы ныхмæ тохы фæмард Мæхæмæты æфсымæр Аппе дæр. Йæ фæстæ ныууагъта æхсæз æнахъом сабийы. Аслæмырзаты Мæхæмæты хæдзарвæндагæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ æдæппæт ацыд 24 хæстоны. Сæ фылдæр нал ссыдысты тохы быдырæй, нал сæмбæлдысты сæ фыдæлты уæзæгыл. Сæ фæстæ ацы зæххыл сæ къахы фæд дæр нал баззад. Сæ къонатыл нал сæмбæлдысты Мæхæмæт æмæ йæ хистæр фырттæ Алымбег æмæ Георги, сæ фыдыфсымæры лæппутæ Петя æмæ Хъанымæт, фыдыфсымæр Аппе, Аслæмырзаты Андрускайы дыууæ фырты — Гыхырман æмæ Гадæццо; Темыры фырттæ Алæмæт æмæ Георги; Хадзырæты фырттæ Æхсар æмæ Саханджери; Салам, Чермен æмæ æндæртæ. 

 

Уыцы æвирхъау хæстæй ма чи сирвæзт Аслæмырзаты мыггагæй, уыдон — Дзæрæхмæт, Ахболат, Тотыр, Барысби, Ягор, Ибрагим, Хазби æмæ иннæтæ сыздæхтысты хæрзиуджытимæ, равдыстой лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Фæлæ абон мæнæн мæ нысан уыдонæй раппæлын нæу. Къорд азы размæ Аслæмырзаты Светланæ сæ мыггаджы хæстон хабæртты тыххæй газеты цы æрмæг ныммыхуыр кодта, уым фыста: «Мæ ныхас тынгдæр у, хохаг чысыл хъæу Хъахъхъæдурæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ мыггагæй чи бабын, уыдоны ном сæнусон кæныныл. Бæргæ, мæ бон куы уаид, уæд сын цыртдзæвæн дæр сæвæрин, фæлæ мæ хъару æмæ материалон уавæр уыйбæрц нæ амонынц. Фæлæ уымæн ис, бирæ хъарутæ æмæ фæрæзтæ хардз кæнын кæм нæ хъæуы, ахæм мадзал дæр. Мæн фæнды, цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ Хохы Хъахъхъæдуры иунæг стыр уынгæн Аслæмырзаты æдзард хæстонты ном лæвæрд куы ‘рцæуид, уый». 

 

 

БАГАТЫ Аврам. 

 

 

Æрмæг мыхуыргонд уыд газет «Рæстдзинады»



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ