Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъуылаты Елхъан
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

 

ХЪУЫЛАТЫ ЕЛХЪАН
 

 

 

Аивад уыди йæ цин

 

Ирон музыкалон классикон аивадæн стыр хæрзты чи бацыд, йæ цард зарæджы хорзæхæй чи барста, уый уыд зындгонд оперон зарæггæнæг, УФ-йы сгуыхт æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист ХЪУЫЛАТЫ Елхъан. Йæ бирæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ йæ буцæн хуыдтой Еттан. Сæумæрайсом æрдз булæмæргъы зард куыд рæвдауы, ацы диссаджы маргъы зарæджы зæлтæй лæджы зæрдæ куыд фæрайы, раст афтæ Елхъаны хъæлæс дæр царды цинхæссæг уыд нæ адæмæн. Йæ зæрдæ куыд æргом, парахат уыд, афтæ йæ курдиат дæр уыд хæдбындур æмæ ирд. 

 

Зындгонд оперон зарæггæнæг райгуырд 1935 азы Æрыдоны. Йæ æвзонджы бонтæй фæстæмæ бауарзта аивад. Æмæ астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд йæ царды фæндаг куыд араздзæн, ууыл æй бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд. Бацыд Львовы паддзахадон консерваторимæ. Ам ын уайтагъд йæ курдиаты авналæнтыл сæ цæст æрæвæрдтой ацы зындгонд уæлдæр вокалон ахуырады скъолайы ахуыргæнджытæ. Æмæ цæмæй йæ хъæлæсы авналæнтæ æмæ гæнæнтæ уæрæхдæр кæной, ууыл зæрдиагæй архайдтой. Курдиатджын ирон лæппу дæр сын йæ хорз ахуырæй аккаг дзуапп лæвæрдта, æнæрынцойæ куыста йæхиуыл. Куыдфæстæмæ йæ хæдбындур курдиаты кой айхъуыст консерваторийы. Æмæ йæ каст куы фæци, уæд йæ аивады фæндаджы фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта Львовы паддзахадон филармонийы. Уый уыд йæ рæстæджы зындгонд аивады артдзæст, канд Украинæйы нæ, фæлæ ма суанг Советон Цæдисы дæр. Елхъанæн ам фадат фæци, канд йæ курдиатæй адæмæн цин хæссынæн нæ, фæлæ ма уæды рæстæг филармонийы цы зындгонд зарæггæнджытæ уыд, уыдоны аивады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынæн. Уыдон дæр ын кæддæриддæр кодтой стыр аргъ, фидарæй сæ уырныдта, вокалон аивады йæм стыр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Филармонийы ахæм концерт нæ уыд, æмæ дзы Елхъан ма архайа. Вокалон уацмыс, кæнæ-иу кæцыфæнды оперон партийæ скъуыддзаг дæр куы зарыдаид, уæддæр-иу æй хæрдгæбыдау снывæста диссаджы ахорæнтæй, æмæ-иу дзы, залы чи бадт, уыдоны зæрдæтæ æнæмæнгæй бацагайдта. 

 

Хъуылаты Елхъан йæ курдиатæй канд Львовы филармонийы сфæлдыстадон азфысты ирд фæд нæ ныууагъта, фæлæ ма дыууæ азы кад æмæ радæй бакуыста Киевы опереттæйы паддзахадон театры дæр. Ам дæр фæсарæйнаг, уырыссаг, украинаг композиторты опереттæты сарæзта къорд зæрдæмæдзæугæ фæлгонцы. 

 

Ивгъуыд æнусы 70 азты нæ республикæйы байгом Оперæ æмæ балеты паддзахадон театр. Æмæ, райгуырæн хæдзары артдзæстмæ, бинонтæ, куыд æрбамбырд уой, æмæ сæ уды хъармæй сæ фыдæлты уæзæг куыд батавой, раст афтæ зындгонд зарæггæнджытæ Билаонты Долорес, Бæцæзаты Юри, Мыкагъаты Петр, Гæцойты Виктор, Хъуылаты Елхъан ссыдысты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Æмæ Ирыстоны аивадуарзджытæн сæ курдиатæй райдыдтой хæссын стыр цин. Уæдмæ нæ композитортæ Хаханты Дудар, Гæбæраты Илья, Плиты Христофор æмæ иннæтæ цы оперæтæ æмæ опереттæтæ ныффыстой, уыдоны се ‘ппæты дæр, стæй ма уырыссаг æмæ фæсарæйнаг оперæты æмæ опереттæты, куыд иннæ ирон оперон зарæггæнджытæ, афтæ Елхъанæн дæр бантыст бирæ аив сурæттæ саразын. Уыдонæн сæ зынгæдæртæ сты: «Азау æмæ Таймураз»-ы — Таймураз, «Олланæ»-йы — Амыран, «Демон»-ы — Демон, «Кармен»-ы — Эскамильо, «Свадьба Кречинского»-йы — Кречинский, Вано Мураделийы «Стыр хæлардзинад»-ы — Комиссар, Гия Канчелийы «Имереттаг чындз»-ы — Бекин æмæ бирæ æндæртæ. Фæнды оперæйы, фæнды опереттæйы, йæ алы сурæтыл дæр Елхъан лæмбынæг куыста. Цалынмæ йæ хъайтары цардæй цæрын нæ райдыдтаид, йæхæдæг æй йæ зонды авналæнтæй, курдиаты, зæрдæ æмæ уды цæхæрæй нæ саив кодтаид, уæдмæ-иу сценæмæ нæ рацыд. Ахæм хуызы куыста, цы зарджытæ зарыд, уыдоныл дæр. Куы-иу сæ зарыд, уæд-иу æм цыма нæ хæхтæ, æхсæрдзæнтæ дæр лæмбынæг ныхъхъуыстой, афтæ каст адæймагмæ. Заргæ-зарын иу йæ цæсгомыл хъазыд мидбылхудт, йæ фæлмæн цæстæнгасæй та-иу адæймагæн йæ сагъæстæ, йæ мæстытæ фæсырдта. 

 

Елхъан канд курдиатджын зарæггæнæг нæ уыд, фæлæ ма нæ аивады азфысты йе ‘рмдзæф бæрæг дардта, куыд композитор, афтæ дæр. Ныффыста сæдæ зарæгæй фылдæр, опереттæтæ: «Тревога», «Фаззæттæ», «Колдовство». 

 

— Елхъанимæ æфсымæры цард кодтон. Уыд хæларзæрдæ æмæ æмгарджын. Хæларæн, сыхагæн, хиуонæн, æмгарæн æй фæндыд æрмæстдæр хорздзинад, тыхст лæджы къух ацаразынæй йæм хуыздæр ницы каст. Йæ бакаст куыд аив уыд, йæ зæрдæ дæр афтæ æргом уыд, — зæгъы йæ хорз хæлар, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Баскаты Уырызмæг, — Уæдæ йæ райгуырæн Æрыдон куыд бирæ уарзта, уый та бынтон диссагæн дзуринаг у. Цыфæнды æнæвдæлонæй дæр-иу, къуыри иу хатт, кæнæ дыууæ хатты ардæм ма ‘рцыдаид, йæхиуæттыл, сыхбæстыл, æмхъæуккæгтыл ма æрзылдаид, сæ цардæй æмæ се ‘нæниздзинадæй сæ-иу ма афарстаид, афтæ никуы уыд. Уæдæ йæ 60 азы юбилей, кæд Дзæуджыхъæуы, йæ уарзон театры фадат уыд сбæрæг кæнынæн, уæддæр æй Елхъан сбæрæг кодта йæ уарзон Æрыдоны, Культурæйы галуаны сценæйы. Ардæм æм уæд арфæ кæнынмæ æрцыдысты республикæйы Хицауад, Культурæйы министрады разамынд, йе ‘мкусджытæ, йæ хæстæджытæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтæ, аивадуарзджытæ. Уæд ын лæвæрд æрцыд Æрыдоны кадджын гражданины ном. Уый йын уыд йæ бирæ хорзæхтæй зынаргъдæр. 

 

Нæ аивадуарзджытæ Елхъаны базыдтой, куыд киноактер, афтæ дæр. Киноныв «Фæстаг мит»-ы цы сурæт сарæзта, уым кæд æппæрццæг архайæджы сурæт æвдыста, уæддæр æй хорз ахъазыд. Суанг æм мæсты дæр ничи кодта. Телеэкранмæ кæсджытæ йæ ам дæр сæ зæрдæтæм хæстæг айстой. 

 

Зындгонд зарæггæнæг Хъуылаты Елхъанæн, канд йæхи цард нæ уыд нывонд аивадæн. Фæлæ ма йæ бинойнаг Иринæ, куыд зарæггæнæг æмæ рухстауæг, афтæ бирæ суинаг зарæггæнджытæн байгом кодта фæндаг музыкæйы дунемæ. Елхъаны лæппу Алан дæр къорд азы бакуыста Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры солистæй. Елхъаны чызджытæ Агуындæ (у Стыр театры солисткæ, УФ-йы сгуыхт артисткæ) æмæ Ася дæр сæ хистæртау сыгъдæгзæрдæйæ лæггад кæнынц аивадæн. 

 

 

АНВАРАТЫ Валери 

 

 

https://растдзинад.рф/2020/03/17/aivad-uydi-jae-tsin.html 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ