Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Туджджыны лӕгӕт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

 

Туджджыны лӕгӕт.

 

 

Дӕргъӕвсгомы Хынцӕджы хъӕууатӕй Къӕхтысӕры ӕхсӕн къӕдзӕх хохы фахсыл иу лӕгӕты бацӕуӕн у дурӕй амад. Лӕгӕтмӕ фахсыл ӕнцон схизӕн нӕу, фӕлӕ йӕ дардмӕ дӕр чи фены, уый йыл йӕ цӕст ӕрӕвӕры ӕмӕ дисы бацӕуы: «Нӕ цӕрынӕн куы нӕ бӕззы, нӕ мӕсыгӕн, уӕд фахсыл лӕгӕтмӕ схизӕн сӕхгӕныны сӕр кӕй цӕмӕн бахъуыд!?» Бынӕттон цӕрджытӕй искӕй куы бафӕрсай, уӕд дын зӕгъдзӕн: «Уый Туджджыны лӕгӕт у». 

 

Туджджыны лӕгӕтыл ис таурӕгъ. Адӕм ӕй алыхуызӕтты дзурынц. Цагъаты Н. фысгӕ дӕр ныккодта ӕмӕ йӕ рауагъта 1963 азы чиныг «Памятники материальной культуры Северной Осетии»-йы. Ӕз ӕй фехъуыстон ӕндӕр хуызы ӕмӕ уын ӕй афтӕмӕй уӕ размӕ хӕссын. 

 

Кӕддӕр… Уый раджы уыди. Хынцӕджы цӕрджытӕй иу лӕгӕн цуаны йӕ топп фӕирвӕзт йе ‘мбалмӕ. Ӕнӕбарӕй лӕг амардта, фӕтуджджын тыхджын мыггагимӕ ӕмӕ, йын йӕ рӕстдзинад уыцы тызмӕг дуджы кӕй ницӕмӕ ӕрдардзысты, уый зыдта. Уӕд-иу лӕджы чи амардта, уый нӕ, фӕлӕ кӕй хӕцӕнгарзӕй мард ӕрцыд, уый дӕр нымад цыд туджджыныл, туджджыны фиддонтӕ дзы домдтой. Ӕмӕ цуанон лӕг йӕхи бафӕсвӕд кодта. Бон ӕмбӕхст уыцы лӕгӕты, ӕхсӕв та йӕ фидӕрттӕ кодта — дуртӕ йӕм бӕндӕнӕй ласта ӕмӕ йын йе схизӕн ӕхгӕдта. 

 

Туджджынӕн йӕ хӕдзары дыууӕ хойы ӕмӕ мад йеддӕмӕ ничи уыд ӕмӕ зыдта, уыдоны кӕй ничи бахъыгдардзӕн. Сылгоймаджы туджы тыххӕй ничи мардта, ӕфхӕрдта. Уый худинагыл нымад цыд. ӕмӕ ма йын-иу йӕ хотӕ сусӕгӕй хӕринаг дӕр схастой. Уыцы хабар бафиппайдтой, дзӕгъӕл гӕрахӕй чи фӕмард, уый ӕртӕ ӕфсымӕры дӕр, фӕлӕ сӕ хотӕ не ‘ндӕвтой. Лӕджы лӕгӕтӕй куыд расайой ӕмӕ сӕ туг куыд райсой, ууыл уыд сӕ сагъӕс. Хотӕ йын хӕринаг схӕссынц, уый дӕр уыдон нымадтой хорзыл — кӕд сӕм искуы дӕлиау ӕрхизид, уӕд ыл сӕ хӕцӕнгарз сӕндзариккой. Ӕмӕ ӕдзух фӕлтӕрӕнтӕ кодтой. Фӕлӕ сӕ къухы не ‘фтыд. Цуаны ауайы, уый дӕр зыдтой. Йӕ разы дӕр-иу бабадтысты, дардӕй-иу ӕй ӕхстой, ӕввахс бацӕуын ӕм нӕ уӕндыдысты, йӕ рӕстдзӕвины ахаст ын зыдтой. Хорз цуаноныл нымад уыд. Ӕфсымӕрты фӕцӕгъдынӕн ын фадат арӕх уыд. Уӕлдайдӕр ӕм-иу лӕгӕтмӕ куы бырстой, уӕд. Фӕлӕ йӕ барӕй туг ныккалын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕ-иу тӕрсыны ӕхст кодта. 

 

Ӕфсымӕртӕ сӕхимидӕг ӕмбӕрстой цуаноны зӕрдӕйы уаг, фӕлӕ сӕ ничи ницы дзырдта. Тугисыны тызмӕг ӕмӕ ӕгъатыр ӕгъдау сӕ зонды мылазон мигъау ныббадт. Сӕ сӕртӕ сисын, сӕ дзыхы дзаг сдзурын сӕ нал уагъта. Худинаг сӕм каст, нырма се ‘фсымӕры туг кӕй нӕ райстой, уый. Ӕмӕ адӕмы раз сӕхи ӕнкъардтой ныхкъуырдӕй. 

 

Уӕд иуахӕмы кӕстӕр, царды нысан удӕй хорз чи нӕма банкъардта, уый йе ‘фсымӕртӕн куы райхалид, сӕ худинаджы уавӕрӕй фервӕзынӕн ӕм цы хъуыды фӕзынд, уый. 

 

Иу мӕйрухс ӕхсӕвы, зӕгъы, ӕз арсы цармы мӕхи стухдзынӕн, афтӕмӕй арсы цыдӕй лӕгӕты ӕрдӕм сабыргай мӕ ных сараздзынӕн. Нӕ амӕттаг мӕ ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, ӕрӕхсдзӕн мӕ, ӕз фыццаг ӕхсты фӕстӕ мӕхи мардӕфсон скӕндзынӕн. Уый цуанон уӕвгӕйӕ, йӕхи нӕ бауромдзӕн, йе ‘мбӕхсӕн бынатӕй «арсы мардмӕ» ӕрхиздзӕн. Сымах уыцы рӕстӕджы хъуамӕ ӕмбӕхст уат, лӕгӕтмӕ фӕндаг уӕм ӕхсты бӕрцмӕ хорз кӕдӕм зына, ахӕм ран. Ӕмӕ-иу ыл ма бацауӕрдут. Ӕз дӕр ӕй ӕхсдзынӕн. 

 

Фӕнд хорз фӕнд уыд, фӕлӕ ӕфсымӕртӕ нӕ разы кодтой сӕ кӕстӕры топпы дзыхмӕ ӕрӕвӕрыныл, уӕд та дӕ фыццаг ӕхстӕй амардта, куыд рӕстдзӕвин у, уый нын амонын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кӕстӕр ӕфсымӕр йӕ фӕнд атардта тугисыны карз ӕгъдауы фӕрцы. Ӕмӕ ӕртӕ ӕфсымӕры иу мӕйрухс ӕхсӕв араст сты сӕ туджджыны марынмӕ. Сӕ фӕнд конд уыд. Кӕстӕр йӕхи арсы цармы ӕрбатыхта ӕмӕ арсы цыдӕй фӕхилы хохы фахсыл. Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕ цӕст дарынц. Уалынмӕ йӕ бафиппайдта цуанон дӕр. Ныхъхъавыд ӕм, ӕмӕ мӕйрухс ӕдзӕм ӕхсӕвы топпы хъӕрӕй ныццарыдтой кӕмтты нарджытӕ. «Арс» ӕрхаудта ӕмӕ айнӕгыл ӕнцадӕй аззад. Цуанон иу дзӕвгар йӕхи нӕ равдыста, фӕлӕ та бӕстӕ куы ныссабыр, уӕд лӕгӕтӕй йӕ амӕттагмӕ рараст. Ӕфсымӕртӕ йӕ дӕлиау ӕруагътой, фӕстӕмӕ алидзын ын куыд нӕ бантыстаид, уый бӕрц. Стӕй йӕм сӕ дыууӕ дӕр ӕмхъавд фӕкодтой, ӕмӕ дӕ балгъитӕг — афтӕ. Лӕг фӕцудыдта, стӕй сӕрбихъуырӕйттӕ кӕнгӕ ӕртылд се ‘фсымӕры фарсмӕ. 

 

Ӕфсымӕртӕ се ‘мбӕхсӕн бынатӕй фӕгӕппытӕ кодтой ӕмӕ чи фӕраздӕронӕй атагъд кодтой сӕ кӕстӕры уавӕр базонынмӕ. Арсы цармӕй йӕ фӕхицӕн кодтой, асгӕрстой йӕ, фӕлӕ дӕ фыдгул уыйау уӕд. Рӕстдзӕвин цуанон нӕ фӕивгъуыдта иу ӕхстӕй дӕр. Чысыл фалдӕр йӕ мӕрдон хуызы хуыссыд йӕхӕдӕг дӕр. 

 

Гъе, ахӕм ӕгъатыр ӕмӕ тызмӕг ӕгъдӕуттӕ уыд нӕ хӕхты. Уыдонӕн ӕнусты ӕвдисӕнӕй лӕууы Туджджыны лӕгӕт. 

 

Цгъойты Хазби 

 

https://растдзинад.рф/2019/11/05/tudzhdzhyny-l-g-t.html 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ