Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

НОГБОН (НÆУÆГ БОН)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ногбон 

 

 

Зымæгон бæрæгбонтæ  

 

В.Абаев «Историко-этимологический словарь осетинского языка» 

 

Nogbon, Næwægbon: «Новый год»; 

В дигорском в этом значении также anzi sær «начало(голова) года». 

 

Зымæгон бæрæгбонтæй ирон адæмæн иууыл ахсджиагдæр у Ногбон (дыгуронау анзи сæр, басилтæ). Ногбон уыд универсалон стырбон, уæд æххæстгонд фæцæуынц традицион æгъдæуттæн сæ тæккæ зынгæдæртæ æмæ ахсджиагдæртæ. Æппæт бæрæгбонтæн иумæ цы нысаниуæг ис, Ногбонæн йæхицæн ис ахæм егъау нысаниуæг. 

 

Ногбон вæййы зымæджы тæккæ æмбисы, Ногбоны фæвæййы зæронд аз æмæ райдайы ног аз, Ногбонмæ фæвæййынц азы алы хæдзарадон куыстытæ дæр, æмæ адæм сæхи цæттæ кæнын райдайынц ног азы хæдзарадон куыстытæм. Адæммæ афтæ каст, цыма Ногбоны алцыдæр райгуыры ногæй, райдайы ногæй цæрын, цыма алы фæзынд дæр сæвзæры уæд. Уымæ гæсгæ алцæмæн дæр, алы фæзындæн дæр адæм лæвæрдтой стыр нысаниуæг. 

 

Ногбон ирæттæм нымад цæуы адæмты æхсæн социалон бастдзинæдты бæрæгбоныл, уымæн æмæ-иу уæд хæстæджытæ, хиуæттæ кæрæдзимæ цыдысты уазæгуаты, кæрæдзийæн кодтой арфæтæ, Ногбон сыл кæй æрцыд, уый тыххæй. 

 

Ацы стырбоны æрбалæудæй хур ногæй «гуырын» райдайы (ома райдайы тынгдæр æндавын), бон та даргъ кæнын райдайы, æмæ ацы астрономион фæзындтæн нæ рагфыдæлтæ лæвæрдтой стыр магион-ритуалон нысаниуæг. Уый сæ уагъта стыр ныфс, æмæ-иу дзырдтой: «Бон куыд даргъ кæны, афтæ адаргъ уæд нæ цард, пæ амонд», «Ног царды ‘рдæм акъул ис рæстæг» æмæ а. д. Ногбонæй райдайы алыхуызон бæрæгбонты æмæ æгъдæутты иугæндзон рад. 

 

Ногбонмæ-иу ирон адæм сæхи цæттæ кæнын байдыдтой рагацау. Ногбонмæ-иу хæдзæрттæ æмæ æндæр агъуыстытæ хъуамæ хорз бафсиайдтаиккой, бæгæны-иу бахсыстой, рауагътой-иу арахъ, йæ къух кæмæи амыдта, уыдон-иу сæ сывæллæттæн ног уæлæдарæс дæр бахуыдтой. Хæдзары æфсин-иу сцæттæ кодта бæркадджыи фынг, хæрд-нуæзт, уымæн æмæ, адæмы уыриыпадмæ гæсгæ, æгас афæдзы бæркад æмæ амонд уыдзысты Ногбоны фынджы бæркады хуызæн. 

 

Иууыл стырдæр нысаниуæг уыд Ногбоны агъоммæ фыццаг æхсæвæн, хуыдтой йæ Ногбоны æхсæв. Ацы æхсæв-иу кодтой алыхуызоп ритуалон æгъдæуттæ. Сæ уырнынадмæ гæсгæ, адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, Ногбонты уæларвæй æртæхынц дауджытæ, цæмæй адæмæн æрхæссой амонд æмæ æнæниздзинад, бæркад æмæ цин. Ногбоны-иу хæдзары арт (зынг) æнæмæиг хъуамæ сног кодтаиккой. Ног сугтæ-иу æрбаластой астæуартмæ, æмæ арт хъуамæ иугæндзон сыгъдаид æхсæвæй бонмæ, уымæн æмæ, дам, ахæм, ног скæнгæ арт бинонтæн хæссы цард æмæ амонд. Ногбоны æмæ ног артæн ирæттæ лæвæрдтой æмхуызон ахсджиаг нысаниуæг. Ногбоны цыдæриддæр хæрд-нуæзт цæттæ кодтой, уыдон-иу æнæмæнг хъуамæ сфыхтаиккой ахæм ног ысконд артыл. 

 

Ногбон, куыд алцæй ноггæнæны æмæ ног арты (зынджы) стырбон, афтæ дунейы бирæ адæмтæм у зындгонд. Ног артæн цы ставд хъæдтæ ластой, уыдон-иу рагацау, Ногбоны агъоммæ, сцæттæ кодтой, цæттæ та сæ кодтой сæрмагонд ритуалон æгъдæуттæ аразгæйæ, æнæмæнг сын-иу хъуамæ скуывтаиккой. Цæгат Ирыстоны бирæ хæххон хъæуты, хъæд арæх кæм нæй, уым та-иу уыцы æхсæв ног артмæ æрбаластой бæлæсты бындзæфхæдтæ, куы-иу басыгъдысты, уæд-иу сын се ‘взалытæ байтыдтой хордонтыл. Уыцы хъæдтæ хъуамæ уыдаиккой хъæбæр хъæды мыггагæй (тулдз, сывылдз, дыргъбæлæстæ), цæмæй сыгъдаиккой цъусгай æмæ бирæ рæстæджы дæргъы. 

 

Астæуарты ахæм хъæдты нымæц хицæн адæмтæм уыд алыхуызон. Ирæттæ æвæрдтой иу кæнæ дыууæ хъæды, хуссайраг славянтæ æвæрдтой, хæдзары нæлгоймæгтæ цал уыд, уал хъæды, албантæ та хъуамæ æнæмæнг æрæвæрдтаиккой фынддæс тулдз хъæды. 

 

Ног хъæдтæ-иу хæдзары астæуартмæ ластой, сæрмагонд ритуалон æгъдæуттæ кæнгæйæ, арт сыл æндзæрстой ахæм хуызы: ног арт-иу скодта, хæдзары нæлгоймæгтæй хистæр чи уыд, уый. Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, арт цас тынгдæр пиллои уадза, уыйас уыцы аз уыдзæн бæркадджындæр, амондджындæр. Æвзæр нысаныл, фыдбылызхæссæг цауыл нымад цыдис, зæгъæм, Ногбон æхсæв иог арт ахуыссыд, йæ зынг бахорз, уæд уый. Ацы хъуыддагæй тæрсгæйæ уыцы æхсæв бинонты хистæртæ нæ фынæй кодтой, хъахъхъæдтой арт, цæмæй зынг ма бахорз уа. Судзгæ хъæдты сæрты бинонтæ кодтой гæппытæ. Хистæртæ гæпп кæнгæйæ куывтой, цæмæй сæ сылгоймæгтæ арой лæппутæ, сæ фыстæ та — фыркъатæ. Судзгæ хъæдты сæрты уæндон æмæ ныфсджынæй чи гæпп кодта, уымæй дзырдтой, зæгъгæ, уый уыдзæн амондджын. 

 

Арты стъæлфæнтæ æмæ æвзæгтæн дæр лæвæрдтой стыр магион нысаниуæг. Цас тынгдæр стъæлфæнтæ кодтаид арт, цас уыцы стъæлфæнтæ тынгдæр æрттывдтаиккой æмæ калдтаиккой цæхæр, уыйас уыцы аз уыдаид амондджындæр æмæ бæркадджындæр. Цæмæй арт тынгдæр стъæлфæнтæ кæна, уый тыххæй судзгæ хъæды цавтой лæдзæгæй, калдтой йыл лыстæг цъыхырытæ, арты фæйлауæнтæ-иу тынг куы сгуылф кодтой, уæд-иу бинонтæ дзырдтой: «Уыйау басудзæд не ‘взæрмæбæллæг дæр, ам цал стъæлфæны ис, уал амонд нæ уæд». Иуæй-иу хъæуты ацы æгъдæуттæ арæзтой, цалынмæ-иу хъæдтæ бынтон нæ басыгъдысты, уæдмæ. Фæлæ алы хъæуты хъæдты кæронмæ судзын нæ уагътой. Бирæ рæтты кодтой афтæ: хъæдтæй ма-иу чысыл æхсидæвтæ куы баззад судзгæйæ, уæд-иу сæ ракалдтой, ахуыссын-иу сæ кодтой æмæ-иу сæ бафснайдтой, стæй-иу сæ уыйфæстæ бæрæгбоны — доныскъæфæны — ногæй бандзæрстой æмæ-иу уыцы артыл фыхтой, стырбонмæ цы хæрд æмæ нозт цæттæ кодтой, уыдон. Бирæ хатт-иу уыцы æрдæгсыгъд æхсидæвтæ æгас афæдз дардтой æвæрдæй, æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, уыдон мидæг бады амонд æмæ фарн. Судзгæ хъæдты сæрты-иу калдтой хоры нæмгуытæ дæр, уæд нын, зæгъгæ, уыцы аз æрзайдзæн хъæздыг тыллæг. Ног арты сыгъд хъæдты фæнык пырх кодтой фосыл, сæ холлагыл. 

 

Иуæй-иу зæрæдтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног арты æмæ ног хъæдтæ æидзарыны æгъдау фыццаг Цыппурсы арæзтой, фæлæ фæстагмæ уыцы æгъдау рахастой Ногбонмæ дæр. Ногбон æмæ Цыппурсы бирæ æгъдæуттæ æмхуызон кæй сты, уый цæуы, æвæццæгæн, ирæттæ Ногбон Цыппурсы куы кодтой, уыцы заманæй. Ахæм æнгæс этнографион фæзындтæ дунейы бирæ адæмтæм ис, уыдон сæвзæрдысты адæймагады иууыл рагондæр замаиы. Цыппурсы артыл ставд хъæд судзын италиæгтæм, французæгтæм, испайнæгтæм, немыцæгтæм, партугалиæгтæм, хуссар æмæ ныгуылæны славянтæм нымад цыдис ахсджиаг ритуалон æгъдауыл. Ир æмæ ранымад адæмтæм Ногбон æмæ Цыппурсы æгъдæуттæн сæ фылдæр сты æмхуызон. Ногбоны ног сугтæй ног арт скæныны æгъдау цæуы тынг рагон заманæй, уымæн ис «фыдбылызтæй ссыгъдæг кæныны» символикон нысаниуæг: ставд хъæдимæ, зæгъгæ, басудзынц, нæ зæронд азы цыдæриддæр фыдæй æмæ æвзæрæй уыдис, уыдон иууылдæр. 

 

Ногбоны æгъдæуттыл дзургæйæ æнæ зæгъгæ нæй, уыцы стырбоны бинонтæ æмæ бардуæгты цытæн кæй цæттæ кодтой, уыцы хæринæгты тыххæй. 

 

Ногбоны хæринæгты нымайын хъæуы ритуалон хæринæгтыл. Адæмы уырныдта, зæгъгæ, уыдоны мидæг ис стыр магион тых, уый, зæгъы, ахъаз у, адæм цæмæй фылдæр цæрой, хор фылдæр зайа, фос фылдæр кæной, уымæн. Ногбоны хæринæгтимæ уыдис æрвылбоны хæринæгтæй уæлдай æндæр ритуалон хæринæгтæ дæр: æртхурон, цæхджын гуылтæ. Ногбоны хæринæгты бæркадыл баст цыдис уыцы азы бæркад æмæ фарн. 

 

Ногбоны æгъдæутты æхсæн ахсджиаг нысаниуæг уыд хыссæйæ алыхуызон фигурæтæн. Г. Ф. Чурсин уыдон дих кодта æртæ къордыл. Сæ иутæ символикон æгъдауæй æвдыстой бардуæгты, зæдты æмæ уарзондæр предметты фæлгæнцты; иннæтæ уыдысты кувинæгты (хæрднозт) бæсты (ома сæ ивтой), æртыккæгтæ символикон æгъдауæй æвдыстой адæймæгты, цæрæгойты æмæ, магион тых цы предметтæм æнхъæлдтой адæм, уыдон фæлгæнцтæ. 

 

Астæуккаг Кавказы æндæр адæмтау ирæттæ дæр Ногбоны ритуалон хойраг кодтой æрмæстдæр дзуллаг ссадæй. Дзуллаг ссадæй сæ уымæн кодтой, æмæ мæнæу рагæй фæстæмæ нымад цыдис культон-магион хойрагыл, ноджыдæр уымæн, æмæ дзуллаг ссадæй ахæм гуылтæ æнцондæр кæнæн уыдысты, нуарджын кæй у, уымæ гæсгæ. Ногбоны ритуалон чъиритæй стырдæр нысаниуæг уыдис æртхуронæн (дыгуронау æртхорон æртæмбæруæн). Æртхурон уыдис тымбыл, йæ тæккæ астæуæй фæйнæрдæм кæрæтты ‘рдæм цыдысты хуры тынты хуызæн ссывдтытæ. Æртхуроны ас уыдис бинонты бæрцмæ гæсгæ, — уый хъуамæ уыдаид сæ алкæй фаг дæр. Бинонты бæрц, зæгъæм, 50—70 уды кæмæн уыд, уыдонæн-иу сæ æртхурон уыдис тынг стыр, йæ кæнынæн-иу бахъуыдис 15—20 килойы дзуллаг ссад. Æртхурон-иу уыдис цыхтæй конд, тынг дзаджджын, цыхтызмæстыл ма хæццæ кодтой рæвдуан, фиу æмæ стуры сой дæр. Уæлладжыры комы цæрджытæ æртхурон кодтой дзуллаг ссад, хъæбæрхоры ссад æмæ зады ссадæй иумæ хæццæйæ, уымæн æмæ, дам, æртхуроны дзуллаг ссад скæны нæрсын, хъæбæрхоры ссад тыхджын æмæ тайæн, зады ссад та адджыи. 

 

Ирыстоны бирæ рæтты æртхуроны мидæг цыхтызмæстимæ хæццæ кодтой лыстæг æхцатæ, мæнæуы нæмгуытæ, нывонд кусарты хуылфыдзаумайы кæрдихтæ, хъæмпы кæнæ хосы хæлттæ, къуымбилы бындзыг, хъуымацы нарæг лыггаг æмæ а. д Æртхурон дих кæнын рæстæджы-иу йæ хайы адонæй кæмæн цы фæцис, уымæй-иу уыдаид хъæздыг уыцы аз. Лыстæг æхцатæ нысан кодтой амонд, хъæздыгдзинад, къуымбилы бындзыг — лыстæг фосæй хъæздыг, хоры нæмгуытæ — хъæздыг тыллæг æмæ а. д. 

 

Æртхурон кæнын уыдис бæрнон хъуыддаг, æмæ йæм сылгоймæгтæ æвнæлдтой арæхстгай, хъавгæ. Зæгъæм, æртхурон фыцгæ-фыцын ацъæл, уæд уый нысан кодта, бинонтыл цыдæр æнамонддзинад кæй æрцæудзæн уыцы аз, уый. Æртхурон кæнгæйæ сылгоймагæн искæимæ дзурын нæ фæтчыдис. Æртхурон хæргæйæ бинонтæ цыма ард хордтой, хъæрмудæй, хæларæй кæй цæрдзысты, уый тыххæй, ахæм æмбарынад уыдис ирæттæм: æртхурон иу куыд у, мах дæр афтæ иумæ æнгомæй цæрдзыстæм. Æртхурон-иу, æвæццæгæн, иунæг дæр уымæн уыдис, иннæ уæливыхтау æртæ нæ фæлæ. Æртхуроны бинонты уæнгтæн хæйттыл лыг кæныны агъоммæ хæдзары хистæр уый хъуамæ æртæ хатты рахизырдæм æрзылдтаид (ома хуры зылдырдæм). Уыйфæстæ-иу æй адихтæ кодта æмиас хæйттыл, бинонтæй-иу хæдзары чи нæ уыд, уымæн дæр-иу рахицæн кодтой йæ хай. Уæлладжыры комы-иу æртхурон дих кæнгæйæ бинонты хæйттæй уæлдай рахицæн кодтой ноджы иу уæлдай хай уыцы аз сæ биноитæм цы иог уæнг хъуамæ æрбафта, уымæн. Æнхъæлцау сылгоймагæн-иу рахицæи кодтой дыууæ хайы — йæ гуыбыны цы сывæллон ис, уый дæр бинонтыл нымал цæуы, æмæ, зæгъгæ, уый хай у. Æртхуроны хай хæргæйæ нæ фæтчыдис уымæй хæрз гыццыл мур дæр зæхмæ ахауын, уæд, дам, буар цъутхалгæнаг вæййы. Бинонтæй хæдзары чи нæ уыдаид, уый хай-иу лæвæрдтой: æфсымæры хай — æфсымæрæн, хойы хай — хойæн, сывæллоны хай — мадæн æмæ а. д. Æртхуронæй æддагон искæмæн дæттын нæ фæтчыди, æрмæст дзы бар уыд хæдзары цардхæрæфыртæн дæттын. 

 

Æртхуроны хуызæн ритуалои кæрдзын зындгонд у бирæ æндæр адæмтæн дæр. Хохы цæрæг гуырдзымæ уый хуыдтой басила, кодтой йæ ногбонты хæдзары къонайы бардуаджы цытæн; таджикæгтæ дæр æй зонынц, зындгонд у уый Европæйы бирæ адæмтæм дæр. 

 

Цымыдисаг сты æртхуронæн йæ формæ æмæ термин-номæн йæхи равзæрд дæр. Йæ формæйæ уый зæрдыл æрлæууын кæны зынг æмæ хуры рагон символтæ. Æртхурон зынг æмæ хуримæ баст кæй у символикон æгъдауæй, ууыл дзуры термины арæзт дæр: арт+хур+он. Ногбоны æгъдæуттæ зынг æмæ хуры культимæ оаст кæй сты, уымæн ма æвдисæн у стырбоны куывды иу текст дæр: «Уадз алыхатт дæр æфсæст уæнт хур æмæ зынгæй, мах абон кæй нæмттæ мысæм, уыдон». Терминтæ хуратхурон æмæ æртхурон сты иу дзырды дыууæ фонетикон варианты. Термин æртхуроны æмбарын хъæуы, куыд хуры æрвон зынг, афтæ. Адæм афтæ дæр æнхъæлдтой, зæгъгæ, термин-ном æртхурон цæуы цармы кизты бардуаджы ном æртхуронæй. 

 

Зæрæдтæ æмæ иуæй-иу ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй хуры Хуыцау хуындис Хурзæрин. Æртхурон дих кæнгæйæ-иу хæдзары хистæр йæ куывды скодта Хурæртхуроны кой дæр æмæ-иу æм куывта хъæздыг тыллæг æрзайыны тыххæй. 

 

Æртхуронæй дарддæр ма уыцы стырбоны кодтой ноджы æртæ уæливыхы, фæлæ-иу, уыдон æртхуронæй бирæ чысылдæртæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ схуыдтой лæппынтæ кæнæ мæггуылтæ. Уыдонæн сæ динон нысан баст уыд зæхкуыстады культимæ, кусæнгæрзты нæмттæ дæр сыл уымæн сæвæрдтой: дзывыр, адæг, æфсондз. Ацы æртæ уæливыхы-иу бахордта, уыцы аз-иу гутондар æмæ тауæг чи уыдис, уыцы хистæр нæлгоймаг. Ацы æртæ сынц хæдзары хистæры куывды ныхæстæ дæр: «Æртхурон, ацы æртæ уæливыхы барст фонт æртæ зæдæн, бахæлар нын кæн æртæ хæрзиуæджы: кæй байтыдтам, уыдон бæркадджынæй куыд æрзайой æмæ нæ хордонтæ куыд байдзаг уой; ацы аз нæ тыллæг куывдтæн куыд бахардз кæнæм; нæ бæркадджын азмæ нын хæлæггæнгæ æвзæр цæстæй чи бакæса, уый куыд бакуырм уа, ахæм арфæ нын ракæн». 

 

Ногбоны ма уыдонæй уæлдай кодтой ноджы дзæвгар æндæр уæливыхтæ дæр, фæлæ уыдон цал хъуамæ уыдаиккой, кæнæ сын цахæм динон нысан уыдис, уый зæрæдтæй рæстмæ ничиуал хъуыды кæны, зонадон литературæйы дæр ницы ис уыдон тыххæй, уымæ гæсгæ уыдон фæдыл дзурын зын у. Фæлæ иуæй-иу информатортæ-зæрæдтæ уæддæр цыдæртæ дзурынц уыдон тыххæй. Уæлладжыры комы цæрджытæ кодтой, кæрты цæрæн хæдзарæй уæлдай цал хæдзарадон агъуысты уыд, уал æртæ уæливыхы: сæ кувинæгтимæ-иу бацыдысты уыцы агъуыстмæ æмæ-иу дзы куывтой йæ амонды тыххæй. Ам ма кодтой сойфыхтæ дæр, хуыдтой сæ халыввæ, æмæ чысыл гуылгæндтæ, сæ формæ-иу уыд лыстæг æхцайы хуызæн. Дыгургомы та кодтой æртыгай уæливыхтæ: æртæкъуымонтæ Уастырджийы номыл, æрдæгмæйы формæтæ Идауæджы номыл æмæ тымбыл уæливыхтæ Хуыцауы номыл. Махческы цæрджытæ та фыхтой Узунæгты бардуаджы номыл ноджы æртæ уæливыхы. Мæздæджы цæрæг ирæттæ та кодтой уæливыхтæ хæдзары къонайы зынджы бардуаджы номыл. 

 

Иуæй-иу хæххон хъæуты кодтой уæливыхтæ Сафайы, Сæрызæд æмæ Бынатыхицауы номыл, хордоны, къутуйы бардуаг æмæ фосы бардуаджы номыл дæр. 

 

Йæ хæдзары хилæг чи дардта, уыдон кодтой уæливыхтæ уыцы хилæджы номыл, уыдон-иу бахастой, лыстæг фос кæм уыдысты, уыцы скъæтмæ, уым-иу сæ авæрдтой. Къуыдаргомы ирæттæ кодтой уæливыхтæ Ногбонæхсæвы мусы бардуаджы номыл, бахастой-иу сæ мусы чъилмæ æмæ куывтой хъæздыг хорæрцыды тыххæй. Тырсыгомы кодтой уæливыхтæ æфсондзы, галы, бæхы, фысы, дуцгæ хъуджы æмæ иуæй-иу кусæнгæрзты номыл, конд кæрдзынты-иу нывæрдтой рагуалдзæгмæ, — фыццаг хуыммæ цæуæн бон-иу сæ ахастой быдырмæ семæ хуымгæнджытæ, скуывтой-иу сæ æмæ-иу сæ бахордтой. 

 

Ранымад ритуалон уæливыхтæй уæлдай Ногбоны фыхтой уæливыхы зæххы культæи кæй кодтой, уыцы хъуыды нын æвдисынц хæдзары хистæры куывды ныхæстæ дæр; «Æртхурон, ацы æртæ уæливыхы барст фонт æртæ зæдæн, бахæлар нын кæн æртæ хæрзиуæджы: кæй байтыдтам, уыдон бæркадджынæй куыд æрзайой æмæ нæ хордонтæ куыд байдзаг уой; ацы аз нæ тыллæг куывдтæн куыд бахардз кæнæм; нæ бæркадджын азмæ нын хæлæггæнгæ æвзæр цæстæй чи бакæса, уый куыд бакуырм уа, ахæм арфæ нын ракæн». 

 

Ногбоны ма уыдонæй уæлдай кодтой ноджы дзæвгар æндæр уæливыхтæ дæр, фæлæ уыдон цал хъуамæ уыдаиккой, кæнæ сын цахæм динон нысан уыдис, уый зæрæдтæй рæстмæ ничиуал хъуыды кæиы, зонадон литературæйы дæр ницы ис уыдон тыххæй, уымæ гæсгæ уыдон фæдыл дзурьга зын у. Фæлæ иуæй-иу информатортæ-зæрæдтæ уæддæр цыдæртæ дзурынц уыдон тыххæй. Уæлладжыры комы цæрджытæ кодтой, кæрты цæрæн хæдзарæй уæлдай цал хæдзарадон агъуысты уыд, уал æртæ уæливыхы: сæ кувинæгтимæ-иу бацыдысты уыцы агъуыстмæ æмæ-иу дзы куывтой йæ амонды тыххæй. Ам ма кодтой сойфыхтæ дæр, хуыдтой сæ халыввæ, æмæ чысыл гуылгæндтæ, сæ формæ-иу уыд лыстæг æхцайы хуызæн. Дыгургомы та кодтой æртыгай уæливыхтæ: æртæкъуымонтæ Уастырджийы номыл, æрдæгмæйы формæтæ Идауæджы номыл æмæ тымбыл уæливыхтæ Хуыцауы иомыл. Махческы цæрджытæ та фыхтой Узунæгты бардуаджы номыл ноджы æртæ уæливыхы. Мæздæджы цæрæг ирæттæ та кодтой уæливыхтæ хæдзары къонайы зынджы бардуаджы номыл. 

 

Иуæй-иу хæххон хъæуты кодтой уæливыхтæ Сафайы, Сæрызæд æмæ Бынатыхицауы номыл, хордоны, къутуйы бардуаг æмæ фосы бардуаджы номыл дæр. 

 

Йæ хæдзары хилæг чи дардта, уыдон кодтой уæливыхтæ уыцы хилæджы номыл, уыдон-иу бахастой, лыстæг фос кæм уыдысты, уыцы скъæтмæ, уым-иу сæ авæрдтой. Къуыдаргомы ирæттæ кодтой уæливыхтæ Ногбонæхсæвы мусы бардуаджы номыл, бахастой-иу сæ мусы чъилмæ æмæ куывтой хъæздыг хорæрцыды тыххæй. Тырсыгомы кодтой уæливыхтæ æфсондзы, галы, бæхы, фысы, дуцгæ хъуджы æмæ иуæй-иу кусæнгæрзты номыл, конд кæрдзынты-иу нывæрдтой рагуалдзæгмæ, — фыццаг хуыммæ цæуæн бон-иу сæ ахастой быдырмæ семæ хуымгæнджытæ, скуывтой-иу сæ æмæ-иу сæ бахордтой. 

 

Ранымад ритуалон уæливыхтæй уæлдай Ногбоны фыхтой нывгонд дзултæ, хуыдтой сæ басилтæ. Басилты формæ æмæ бæрц Ирыстоны алыран æмхуызон нæ уыдысты. Стырдыгургомы кодтой æртæ дзулы хæдзары хистæр æмæ фосы номыл. Басилтæ ма хуыдтой, хыссæйæ цы алыхуызон нывгонд дедатæ æмæ фыркъатæ фыхтой, уыдон дæр. Уыдон сæ формæтæй уыдысты галы, фыркъайы, бæхы, хъуджы, саджы, сæгъы, æфсондзы, дзывыры, адæджы хуызæн арæзт. Ногбоны ахæм æнгæс «фыркъатæ» кæныны æгъдау зындгонд у сомихмæ, уырысмæ, украинæгтæм, белорусæгтæм, гуырдзымæ. Уыдон дæр сæ фыхтой бæркады сæраппонд. Адæмы зондахастмæ гæсгæ уыдонæн сæ бон у хорæрзад фæтыхджындæр кæнын, фос фылдæр кæнын æмæ бавæрын. 

 

Ацы хыссæйæ нывгондтæй цытджындæрыл нымад цыдис галы фигурæ, гал хæдзарадон куыстыты, уæлдайдæр та зæххы куысты сæйраг кусæг фос кæй уыдис, уый тыххæй. 

 

Хохы цæрæг гуырдзымæ дæр галæн уыд ахæм хæдзарадон нысаниуæг, æмæ йын хыссæйæ йæ нывгонд дæр уымæн арæзтой. Суантæ Ногбонты арæзтой стырбон бослоба галæн уæлдай тых æмæ фидардзинад «раттыны» номыл. Ацы стырбоны-иу кувинæгтимæ бацыдысты скъæтмæ æмæ-иу куывтой галтæн. 

 

Ацы нывгондты кæрæдзи фæдыл æвæрдтой хæдзары зынæн ран, æмæ-иу уым фесты радон бæрæгбонмæ — Доныскъæфæнмæ. Уый у тынг рагон фæтк. 

 

Ирыстоны бирæ хъæуты æрæджыдæр ма Ногбонты кодтой ног мæйы æнгæс дзултæ. Хуыдтой сæ мæй, мæйнæуæг ирæттæм мæйзæрондæй хъауджыдæр амонд æмæ фарнхæссæгыл нымад кæй цыдис, уый тыххæй. Ирон адæм хъуыды кодтой, зæгъгæ, мæйнæуæджы цы халсар байтауай, уый тугыл аскъуыйдзæн. Уый тыххæй-иу сæ куыстыты фылдæр хай (хуым кæнын, тауын æмæ а. д.) æрхастой алы аз дæр мæйнæуæджы бонтæм. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, ацы заман цы халсар байтауай, уый рæздзæн, стыр кæндзæн æмæ нæрсдзæн, æрдæг мæйы тымбылæг бонæй-бонмæ куыд йедзаг кæны, афтæ. Æрдæгмæйы æнгæс дзултæ кæныны æгъдау зындгонд у гуырдзымæ дæр, æмæ йæ хонынц шотис пъури. Уырыс ахæм нывгондтæ ирон адæмау æвæрдтой радон бæрæгбонмæ, стæй-иу сæ арфæтæгонд доны баудæстой æмæ сæ-иу фосæн хæрын кодтой. 

 

Ногбоны æхсæвы-иу ирон адæм кодтой æндæр ритуалон æгъдæуттæ дæр. Сæ уырнынадмæ гæсгæ, уыцы æхсæв, ома Ногбон æхсæв, зæххыл фæрацу-бацу кæнынц фыдбылызтæ, æнæзæгъинæгтæ, æвзæргæнджытæ. Уыдонæй бинонты æмæ фос бахизыны тыххæй хæдзары æмæ æндæр агъуыстыты дуæрттыл сойæ «фыстой» дзуæрттæ. Сындзытæ, ичъитæ æвæрдтой хæдзары æмæ æндæр агъуыстыты къæсæртыл, хордонтыл, къæбицы дуаргæрон, фаджысдоныл æмæ а. д. Ахæм магион тых ма ирæттæ уыдтой цыргъаджы дæр — уыдон-иу басагътой скъæты къултыл, царыл. Ацы хъуыддæгтæ ир арæзтой фос фыдбылызæй бахизыны тыххæй, уымæн æмæ фосæй уыд сæ цард, сæ алы хæдзарадон куыстытæ дæр кодтой фосæй. 

 

Хæдзары хистæр кувыны рæстæджы æрмæст бинонтæ æмæ фосæн нæ куывта, уый куывта сæ царды фарнæн, сæ фидæнæн, сæ хиуæттæ, сæ хæстæджытæн, архайдта, цæмæй дзы мацы ферох уа кувгæкувын, уымæн æмæ, сæ уырнынадмæ гæсгæ, Ногбоны райдианы адæмыл уæрст цыдысты хæрзиуæг, амонд, бæркад, æмæ кувгæ-кувын лæгæй исты куы ферох уа, уæд уыдонæй æнæхай фæуыдзæн. Ногбоны адæм æнхъæлдтой дуне, æрдз, бæстæ æмæ алцæй сног кæнын магион тых. Китайæгтæм Ногбон нысан кодта ног царды ралæуд, уый алкæмæн дæр лæвæрдта амондджын æмæ фæрныг царды ныфс, æгæрыстæмæй-иу сæм зæронд азы цы сывæллон райгуырдис, уый дæр Ногбоны банымадтой ног азы райгуыргæ сывæллоныл. 

 

Ирон адæмы уырныдта, зæгъгæ, Ногбоны æгъдæуттæй хæдзар исты куынæ сæххæст кæна, уæд уыцы аз уымæн хорз аз нæ уыдзæн. 

 

Ногбоны фынджы фæстæ бинонты хистæртæ кодтой ритуалон æгъдау: бацыдысты-иу къæбицмæ кæнæ хæдзары мидæг сылгоймæгтæн хицæнгонд бынатмæ, уым та æвæрд уыдис æгас бинонтæн табуйаг цыкурайы фæрдыг. 

 

Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, цыкурайы фæрдыг вæййы маргджын калмы дзыхы, æмæ йæ уымæй байсынц адæймæгтæ. Цыкурайы фæрдыгмæ уыдис ахæм диссаджы магион миниуæг, æмæ лæджы цыдæриддæр бафæндыдаид, уый йын æххæст кодта. Уый æвæрдтой къæбицы кæнæ та мыггаджы мæсыджы хуылфы æмæ йæм уырдæм цыдысты кувынмæ. Ахæм фæрдгуытæ алы хæдзары дæр уыдис, фæлæ уыдонæй бинонтæн амондхæссæгыл нымад цыдис, кæлмытæй-иу хылкæнгæйæ чи ахауд æмæ-иу афтæмæй адæймаг кæй ссардта, уыцы фæрдыг. Цыкурайы фæрдыгмæ цæуын æмæ æвналын хæдзары бинонтæй хистæр йеддæмæ никæмæн фæтчыдис, уымæн дæр афæдз иу хатт — Ногбоны. Ногбонæхсæв-иу æй систа æмæ йæ бинонтæй алкæмæн дæр уынын кодта. Фæрдыджы уæлцъарыл цыхуызæн фæлгъуыз бадтаид, уымæ гæсгæ хæдзары хистæр развæлгъау бæрæг кодта, уыцы аз хорз æви æвзæр аз уыдзæн, уый. Зæгъæм, фæрдыгыл бады урс фæлгъуыз чысыл саудзæфимæ, уæд амыдта, уыцы аз хорз тыллæг кæй æрзайдзæн, уый. Ахæм ритуалон æгъдæуттæ-иу куы фæцис конд хæдзары хистæр, уæд-иу цыкурайы фæрдыг фæстæмæ йæ бынаты нывæрдта. 

 

Цыкурайы фæрдыг цы хæдзары уыд, уыдон ын кодтой фыс-нывонд, фысæн-иу йæ уæрыччы æргæвстой цыкурайы фæрдыджы номыл Бынатыхицауы æхсæвы. 

 

Фæрдгуытæн магион нысаниуæг кæй уыд, уыцы фæтк уыд астæуккаг æнусты алантæм дæр, — уый бæрæг у археологон æрмæгæй. 

 

Ногбонæхсæв кувынмæ цыдысты скъæтмæ дæр сæ кувинæгтимæ, скъæты мидæг кувгæ та кодтой, галтæ кæм баст уыдысты, уыцы къуымы. Ам-иу хæдзары хистæр куывта фосæн, уæлдайдæр та галтæн, фæдзæхста сæ фосы бардуагыл. Иуæй-иу зæрæдты хъуыдымæ гæсгæ-иу уыцы кувинæгты ныууагътой скъæты æнæвнæлдæй. Æндæрты хъуыдымæ гæсгæ та-иу сæ бахордтой уым, скъæты, чи ма-иу дзы баззад, уыдон та хæрын кодтой галтæн. Дыгургомы ритуалон хæринæгтæй уæлдай ма кодтой хыссæйæ галы сыкъаты хуызæн гуылтæ, уыдон-иу бахастой скъæтмæ, хæргæ та сæ кодтой Ногбоны хæд фæстæ хуыцаубон. 

 

Ирæттæ ма скъæты кæвдæсы æвæрдтой гутоны æфсæн æмæ пирæн; уыдон фæсномыгæй нысан кодтой уалдзыгон куыстытæ æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæнын. Ахæм нысаниуæг сын кæй уыд, ууыл ма дзуры, æфсæн-иу уым кæвдæсы суанг фыццаг хуыммæ цæуæн бонмæ кæй ныууагътой, уыцы хабар дæр. Ахæм æнгæс ритуалон æгъдау ирæттæй дарддæр бирæ адæмтæм уыд зындгонд. Зæгъæм, уырыс-иу Ногбонты гутонимæ разилбазил кодтой сæ хъæутыл. Уыдонмæ дæр ацы æгъдау кодтой уалдзæджы зæххы куыст нывыл сæххæст кæныны охыл. 

 

Ногбонæхсæв ирон адæм æрæгмæ хуыссыдысты, сæхи хъæлдзæг дардтой, хæрдджын æмæ райгондæй бадтысты, фосæн дæр лæвæрдтой бирæ холлаг. Ацы æхсæв нæлгоймæгтæ дзæбæх сæрфтой сæ хæцæнгæрзтæ, Ногбоны цытæн æхсæнгарзæй æхсгæ дæр кодтой. Æхстыты рæстæджы хæдзары хистæр куывта: «Фæндараст у, зæронд аз, ахæсс демæ, фыдæй дæм цы уыд, уыдон. Ног аз, ды та æгас цу! Ног цардамонд нын æрхæсс рæдауæй. Бахиз нын нæ сабиты, нæ фосы, нæ тыллæг». 

 

Ногбонæхсæвы топпæй æхстыты тыххæй фыссы Берзенов Н., зæгъгæ, ирæттæ уыцы æхсæв æхсынц хæрдмæ, мæйы ‘рдæм, уымæн æмæ, уыдоны уырнынадмæ гæсгæ, мæй уыцы æхсæв вæййы тынг тæссаг уавæры, цавæрдæр æвирхъау цæрæгой йæ аныхъуырынмæ фæхъавы, æмæ уæд дуне баталынг уыдзæн, æмæ йæ хъуамæ бахизæм иумæйаг тыхæй. Ирон адæм ма æнхъæлдтой, зæгъгæ, мæй рæстæгæй-рæстæгмæ куы никуы-цæйуал разыны, уæд уый аныхъуырынц мæйхортæ, кæнæ арвы калм. Уый сæм кастис тæссаг бæллæхы хъуыддаг, уымæн æмæ уæд бæсты сæфт æрцæудзæн. 

 

Мæй æмæ хуры тох уæларвон фыдгæнджыты ныхмæ, мæйы фесæфт йæ «мæлæты» кæнæ йæ «фæрынчыны» уырнындзинад парахат у европæйаг адæмон мифологийы дæр. 

 

Кавказы адæмтæм, уыдонимæ ирæттæм дæр, уыдис ахæм мæнг уырнындзинад, зæгъгæ, арвы дуар афæдз иу хатт байгом вæййы. Арвы дуар гомæй чи фена, уый æвиппайды (цалынмæ дуар гом у, уæдмæ) исты фæндон, исты фæндиаг куы зæгъа, уæд ын сæххæст уыдзæн æнæмæнг. 

 

Дон ирон адæмæн дæр уыдис табуйаг, нымадтой йæ амондхæссæгыл. Ацы фæткыл дзуры зындгонд æмæ парахат æгъдау — Ногбон райсом дон «раскъæфыны» æгъдау. Райсомæй чындзыты кæстæр кæнæ кæстæр фырт хъуамæ раджы фестадаид æмæ, йæ разæй æндæр исчи куыннæ фæуыдаид, афтæ ног дон схастаид хæдзармæ. Уый ацы хъуыддаг хъуамæ сарæзтаид æнæдзургæйæ. Уыцы доны «нæуæг» хуыдтой уымæн, æмæ, дам, Ногбоны алцыдæр сног вæййы, суанг дон дæр. Ацы æгъдау дæр кодтой бинонты фарн æмæ цардамонды тыххæй. Донмæ чи цыдис сæумæрайсом, уый-иу йемæ хъуамæ ахастаид цыхты къæртт, армыдзаг зады ссад æмæ фыдызгъæлы кæрдих. Уыдон-иу ныппæрста доны. Куы-иу æрбаздæхт хæдзармæ, уæд-иу хæдзары дуæрттыл дон бапырх кодта, зæгъгæ, афтæ донарæхæн уæд ацы хæдзары цард æмæ амонд. Уый фæстæ-иу хæдзары хистæр уыцы нæуæг донæй йæхи хъуамæ ныхсадтаид, дуармæ-иу рахызт, фæстæмæ-иу йемæ бахаста хъæмпы кæнæ хосы бындзыг (хосы бæсты гæнæн уыд мæнæу йе нартхоры нæмгуытæ бахæссæн дæр), æрлæууыдис-иу къонайы арты цур æмæ-иу скуывта, уыйфæстæ-иу хосы бындзыг арты баппæрста æмæ-иу загъта: ацы хос куыд судзы, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ æмæ, мах æвзæрмæ чи бæллы, уыдон дæр*. Йæ куывды Уациллайы кой дæр кодта зæроид лæг, уымæ дæр куывта, цæмæй сын сæ хорты æрзад фæрæстмæ кæна, уæд, зæгъы, нæхæдæг дæр, нæ сывæллæттæ æмæ нæ хæрæфырттæ дæр уыдзысты хорæй æфсæст. 

 

Ногбонты-иу бирæ рæтты кусæнгæрзтæ дæр арæзтой, уый дæр æгъдау уыдис. 

 

Æппæт раиртæст æрмæджытæй куыд зыны, уымæ гæсгæ бæрæгбон Ногбонæн ис аграрон æууæлтæ. 

 

Ногбонты кодтой фосдардимæ баст æгъдæуттæ дæр. Зæгъæм, уыцы бон-иу уæрдæхæй къонайы арты алыварс æркодтой цæлхзылд, æнхъæлдтой, зæгъгæ, уымæй ныр ацы аз иууылдæр бирæгъы дзых уыдзæн баст æмæ нæ фосæн сырдæй тас нал уыдзæн. 

 

Ногбонты сыхæгтæ, хиуæттæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ цæуаг уыдысты ногазы арфæтæ ракæнынмæ. Ирæттæм уыд ахæм уырнындзинад, зæгъгæ, Ногбонты цас фылдæр уазджытæ æрбацæуа, уыйас уыцы аз сæ цард уыдзæн амондджындæр. Хæдзармæ уазæгуаты чи цыд, уый йæ хъæбысы хаста хос, бакалдта-иу æй къонайы артыл æмæ-иу загъта: «Мæ хъæбыс куыд дзаг у, афтæ дзаг æмæ бæркадджын уæд уæ цард». Ногбонты хæдзармæ райсом чи æрбацыдаид фыццаг уазæгуаты, уый-иу бинонтæ хъуамæ бахъуыды кодтаиккой, æмæ сыл уыцы аз, зæгъæм, исты фыд кæнæ хæрзиуæг æрцыд, уæд-иу æй уымæй бузныг уыдысты. Кæд уыцы аз дзæбæхæй ацыд бинонтыл, уæд та дыккаг Ногбонты дæр хъуамæ фæдзырдтаиккой фароны уазæгмæ, цæмæй та сын уый раарфæ кодтаид ацы Ногбоны сæраппонд дæр. Ахæм хорзкъах адæймаджы-иу уайтагъд хъæуы базыдтой æмæ-иу æй алчидæр хуыдта Ногбонты йæхимæ, цæмæй сæм фыццаг цæуæг фæуыдаид уый. Ногбонты хорзкъах уазæджы æгъдау зындгонд æмæ парахат уыдис Кавказы æндæр адæмтæм дæр. Ацы æгъдау дæр равзæрдис фидæны бæркадджын æмæ амондджын цардмæ бæллынæй. 

 

Ногбонты фынг хъуамæ уыдаид хъæздыг æмæ бæркадджын алыхуызон хæрд æмæ нозтæй, уымæн æмæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, ацы фынг куыд у, афтæ уыдзæн азы бæркад æмæ амонд. Ацы фынгыл ирæттæ бадтысты иумæты-иумæты: хæстæджытæ, хиуæттæ иууылдæр. Алыхуызон хъæлдзæг хъæзтытæ-иу кодтой, зарыдысты, кафыдысты. 

 

Ногбонты нæ фæтчыди искæмæн исты адгурæн дæттын, бинонтæ сæхæдæг дæр хъуамæ ма ракуырдтаиккой искæмæй исты адгурæн. Кæд бинонтæй уыцы бонæй раздæр исчи исты ахаста, уæд æй Ногбонтæм фæстæмæ хъуамæ æрбахастаиккой. Ногбоны бинонтæй исчи искæдæм балцы ацыдаид, уый дæр нæ фæтчыди, уæд, дам, уыцы азы амонд æмæ бæркад йемæ ахæсдзæн. Ногбонты, дам, алцыдæр сног вæййы, уымæ гæсгæ бинонтæ сæхæдæг дæр хъуамæ уыдаиккой ног дарæсы, хуыссæнтæ дæр-иу сног кодтой. Ногбоны фынг æхсæвы нæ истой — уадз æмæ, зæгъы, афтæ бæркадджын уæд нæ аз дæр. Ногбоны фынгыл цы зæрдтытæ æмæ кæфтытæ кодтой, уыдонæй сæ иу уыдис «Арафтетитæ»: ам заргæ дæр кодтой, кафгæ дæр æмæ хъазгæ дæр. Кафты архайджытæ-иу кæрæдзи уæхсчытыл слæууыдысты æмæ-иу афтæмæй тымбылзылд кодтой заргæ æмæ кафгæ. 

 

Ногбоны бæрæгбонæн стыр культон нысаниуæг уыдис бирæ æндæр адæмтæм дæр. Гуырдзиаг адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, Ногбоны æгьдæуттæ нывыл æмæ уагыл цы бинонтæ не скодтаиккой, уыдонæн уыцы аз сæ цард хорз нæ ацыдаид, фыдбылызæй хызт нæ уыдаиккой. Афтæ уыд ацы хабар уырыссаг æмæ Европæйы бирæ адæмтæм дæр. Уыцы адæмтæ дæр æнхъæлдтой, зæгъгæ, Ногбоны бæрæгбон куыд саразай, афтæ уыдзæн дæ цард уыцы аз суанг йæ кæронмæ дыууадæс мæйы дæргъы. 

 

Ногбоны æгъдæутты къордмæ хауы куырысдзауы æгъдау дæр. Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, зымæгон бæрæгбонты Цыппурсæй суанг Доныскъæфæнтæм зæххыл адæмы æхсæн фæзилынц дæлимонтæ, æвзæргæнджытæ, фыдбылызтæ, адæмæн сæхи æхсæн дæр ис, уыдонимæ иудзинад кæмæн вæййы, ахæмтæ. Уыдон уыдысты зæронд лæгтæ æмæ зæронд устытæ, арæхдæр та кæлæнгæнджытæ, дæснытæ, — хуыдтой сæ куырысмæцæуджытæ. Хурныгуылды фæстæ-иу Ногбонæхсæв уыдон схуыссыдысты, сæ уаты хуыссыдысты æнæзмæлгæйæ. Иугæр бафынæй куырысдзау, уæд æй райхъал кæнын ничи уæндыд, цалынмæ йæхæдæг райхъал уыдаид, уæдмæ. Фынæйæ уыдонæн сæ удтæ «рахизынц» сæ буарæй æмæ фæцæуынц цавæрдæр æнахуыр бынатмæ. Уыцы бынат хуыдтой Куырыс. Уыдонæн æрбабонмæ хъуамæ бантыстаид фæстæмæ раздæхын. Ацы куырысмæ æмбырд кодтой бирæ куырысдзаутæ — алы хъæуæй дæр иу куырысдзау. Куырысдзаутæн уыцы бынатмæ ацæуын сæ бон уыдис кæдфæнды дæр, фæлæ сын иууыл хуыздæр фадат æмæ рæстæг уыдис Ногбонæхсæв. 

 

Ирон адæмы мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ, Куырыс уыдис цавæрдæр алæмæты бæстæ æфцæгыл, дзырдтой, зæгъгæ, уый у тынг рæсугъд, уым зайы алыхуызон зайæгойтæ, уыдонимæ хор дæр, уым ис ноджы æхсызгондзинад, амонд, сагъæс, маррй, фыдæх, низтæ. Куырысдзаутæ-иу адонæй ахастой дзæвгар æмæ сæ адæмыл уæрстой. Куырысдзаутæй алчидæр тырныдта уырдыгæй хоры куырис раскъæфынмæ — уый æрхаста, зæгъгæ, уæд уыцы аз хоры æрзад тугыл аскъуыдаид. 

 

Дыгургомы уыцы куырысы бынат хонынц Бурку, уырдæм чи цыдис, уыдон та буркудзаутæ. Хуссар Ирыстоны бирæ хъæуты та уыцы бынат хуыдтой Корток. Санаты Дзантемыр фыста, зæгъгæ, уыцы бынат ис Тæтæртупмæ ‘ввахс, хохы сæр. Куырысдзаутæ-иу цыдысты уыцы хохы сæрмæ, уым та бадтис Тæтæртуппы бардуаг. Ацы бынат æмæ бардуагæн куывтой æмæ табу кодтой ир дæр æмæ кæсæг дæр. Ирон æмæ кæсгон куырысдзаутæй алчидæр архайдта, хоры куырис уый цæмæй раскъæфтаид, ууыл. Куырис раскъæфын-иу кæй куырысдзауæн бантыст, уыцы адæмæн-иу уыцы аз сæ хор æрзад тынг хорз. 

 

Куырысдзаутæ, дам, уыцы бынатмæ цыдысты цæуылфæнды дæр: куыдзыл, гæдыйыл, уисойыл, фæхтыл, бæхыл, хæрæгыл. 

 

Куырысдзау-иу, цалынмæ не схуыссыд, уæдмæ, Куырысы бынатмæ цæуыл «цæуынмæ» хъавыд, уымæй развæлгъау хъуамæ исты нысан райстаид. 

 

Куырысдзаутæн-иу хоры тауинæгтæ сæ къухы бафтыд тохы руаджы. Тох кодтой цавæрдæр тымбыл предметæй. Ацы цæвæнгарзæй уыцы тохы астæуæй дæлæмæ чи фæцæф уыдаид, уый-иу уыцы аз амардис, астæуæй уæлæмæ чи фæцæф, уый та-иу рынчын фæцис. Куырысдзауты мæрдтæ нæ уагътой æввахс, æмæ-иу сæ æхстой хъæзын фæттæй. Ахæм тохы цæф адæймаджы ирæттæ хуыдтой хъæзын фатæй цæф. Ахæм цæфæн хос нæ уыдис, æмæ-иу бирæ хъизæмæртты фæстæ амардис Дзурынц, зæгъгæ, ахæм хæсты амардысты Стыр Дыгуры цæрæг куырысдзаутæ Гунайты Аслæмырзæ, дзинагъайаг Хъамухъты Тако, уæхъæцаг Кокойты Налыхъ, хихаттаг Цхуырбаты Мила æмæ æнд. 

 

Куырысдзаутæй уыд фæлтæрд æмæ æвæлтæрд куырысдзаутæ. Фæлтæрд куырысдзаутæ (бирæ хæттыты чи уыд куырысы бынаты, уыдон), Куырысы уæвгæйæ, æндæр рæсугъд дзаумæттæм нæ бæллыдысты, сæ фæндон уыд æрмæст хоры куырис кæнæ хоры тауинаг раскъæфын: уый-иу куыддæр сæ къухы бафтыд, афтæ-иу цæуыныл фесты. 

 

Куырысы бынат тынг «хъахъхъæдтой» мæрдтæ. Куырысдзаутæй, мæрдтæ кæуыл аудыдтой, æрмæст-иу уымæн бацис йæ бон хоры тауинæгтимæ фæстæмæ æвыдæй раздæхын. 

 

Ногбонæхсæвы райсом-иу алчидæр æнхъæлмæ кастис, сæ куырысдзау йæ балцæй цы бацис, уый базонынмæ. Уый-иу радзырдта: «Мæ хъæубæстæ, тыхсгæ ма кæнут, æз æфсиртæ дæр æмæ уыдонæн сæ хъæмпы хæлттæ дæр раскъæфтон Куырысæй». 

 

Æвæлтæрд куырысдзаутæ та-иу уыцы æнæфенддаг рæсугъд бынат куы ауыдтой, уæд-иу сæхи ныццавтой дидинджытæ æмæ æндæр ахæмтæ тоныныл. Сæ иу стыдтаид сырх дидинæг, — уый мидæг та æмбæхст уыдис низ, хуыфæг, иннæ стыдтаид урс дидинæг, — уый та æхснырсæг хæцын кодта, æртыккаг йæхи ныццавтаид сырх фæткъуыйыл — уый та ризæг æфтауæг уыдис. 

 

Куырысдзаутæй уыдис, адæмæн амонд æмæ хæрзиуæг чи хаста, ахæмтæ. Фæлæ дзы уыдис адæмæн æвзæрдзинад, фыдбылыз чи хаста, ахæмтæ дæр. Ахæм куырысдзаутæ-иу уыдысты зæронд лæгтæ кæнæ зæронд устытæ. 

 

Куырысдзаутæ хæрзиуæгхæссæг æмæ фыдбылызхæссæгыл кæй дих кодтой, уыцы хабар символикон æгъдауæй æвдисы дыууæ дины идеологийы тох, рагон муртак æмæ æрыгондæр чырыстон динты тох, уыцы тохы та фæуæлахиз чырыстон дины идеологи. 

 

Ногбонты агъоммæ бинонтæ сæ хæрджытыл, сæ бæхтыл ауыгътой цыдæр æфсæйнаджы гæппæлтæ, сау хæцъилы уаццæгтæ, скъæтты дуæрттыл хуыйы сойæ хахх кодтой дзуæрттæ, цæмæй сæ куырысдзаутæ ма адавтаиккой æмæ сыл уыцы бæстæмæ ма ацыдаиккой. Ногбонты-иу куырысдзаутæ уыцьгбæстæмæ, Куырысы бæстæмæ, цыдысты адæмы бæхтæн сæ хуыздæртыл. Уыцы бæхтæ-иу балцы фæстæ хуыфын райдыдтой. Куырысдзаутæ балцы цыдысты адæймагыл дæр, йе ‘ккой бадгæйæ, æрмæст уыцы адæймаг уæд фынæй хъуамæ уыдаид. Балцы фæстæ-иу уыцы адæймаг та хуыр-хуыр кæнын райдыдта. Цæмæй сын куырысдзаутæ сæ бæхты Буркуйы бæстæмæ ма акодтаиккой, уый тыххæй-иу адæм сæ бæхтыл бакодтой рæхыс кæнæ исты æфсæйнаджы гæппæл, афтæ арæзтой адæймæгтæн сæхицæн дæр. 

 

Адæм, цæмæй сæхи дæр æмæ сæ фосы дæр куырысдзаутæй бахызтаиккой, уый тыххæй цыдысты Уациллайы кувæндонмæ, куывтой Уацилламæ, бахиз нын, зæгъгæ, нæхи дæр, нæ фосы дæр, бахъахъхъæн нæ, цæмæй мæ саргъы бæхы ма акæной куырысдзаутæ Куырысмæ (Буркумæ). Бардуæгтæй æрмæст Уацилламæ уымæн куывтой адæм, æмæ Уацилла у арвнæрды бардуаг æмæ йæ бон фыдæй бахизын у, ис æм уыцы хъомыс. Куырысдзауы фæлгонц нæм кæй баззад, уый дзуры ууыл, æмæ ирон адæмы уырныдта, зæгъгæ, мæрдтæн сæ бон у хорæрзадыл аудын, адæмы цардмæ бар дарын. Уыцы уырнынад баст у мæрдты культимæ. 

 

Уырнæг адæмы æмбарынады мæрдтæм ахæм культон-магион тых кæй уыдис, уыцы хабар бæрæгæй зыны мæрдтыбон Лауызгæнæнæй дæр. Лауызгæнæны æхсæвы-иу бинонтæ æрмæфтуаны нывæрдтой хæринæгтæ, йæ фарсмæ та лæдзæг, сæхæдæг-иу схуыссыдысты. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, æхсæвы мæрдтæ æрбацæудзысты æмæ ахæсдзысты хæринæгты æд лæдзæг. Йæ райсомы-иу хæдзары æфсин къонайы цурты агуырдта хоры нæмгуытæ, мæрдтæ, дам, сæ хъуамæ ныууагътаиккой. Кæд-иу дзы мæнæуы нæмгуытæ ссардтой, уæд-иу уыцы аз мæнæу хорз æрзадаид, кæд цъойы нæмгуытæ, уæд та-иу цъой æрзадаид хорз. Ирон æмæ æндæр адæмтæм хоры нæмгуытæ (уæлдайдæр та мæнæу) уыдысты, царды иугæндзон цæлхзылд кæй кæны, уый нысан, уый символ. Ахæм символыл ма нымад цæуы айк, уый у æнæамæлæты, æнæскъуыйгæ царды символ. Айк æмæ хоры нæмыгæн ахæм нысаниуæг кæй ис, мардæвæрыны æмæ хъыгты фынджы æгъдæутты дæр уымæн вæййынц. Бирæ æгъдæуттæ уыдысты мæрдтæн зæрдæлхæнæн фæрæзтæ. 

 

Куырысдзаутæ-иу уыцы бæстæмæ ацыдысты фынæйæ, уымæ гæсгæйæ-иу уыдон хъуамæ схуыссыдаиккой хурныгуылдмæ, науæд мæрдты бæсты дуар хурныгуылдæй фæстæмæ æхгæд вæййы, æмæ сын уæд нæ уыдаид бацæуæн уырдæм. Ирæттæ мард дæр хурныгуылдмæ, бонрæфты, уымæн ныгæнынц, науæд æй хурныгуылдæй фæстæмæ мæрдтæ сæхимæ нал айсдзысты. Ацы уырнынад бæрæгæй зыны нæ фольклоры дæр. 

 

Вайнахаг адæмтæм уыдис ахæм æгъдау: сæрмагонд æвзæрст лæг, дæсны фæрсынмæ чи арæхстаид, ахæм-иу Ногбоны размæ бацыдис æввахсдæр кувæндонмæ, уым-иу дæлгоммæ схуыссыд, йæ хъус-иу зæххыл æрæвæрдта æмæ-иу афтæмæй фæхуыссыд райсоммæ. Райсомы-иу рацыд кувæндонæй æмæ-иу радзырдта адæмæн, æз, дам, фехъуыстон, ацы аз ныл хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы хъуамæ æрцæуа, уыдон. 

 

Куырысдзауы хуызæн фæзындтыл дзырд цæуы историон-этнографион литературæйы. Уыдон зындгонд сты уырыссаг адæммæ дæр. Л. Я. Штернберг фыссы, зæгъгæ, ирон куырысдзауты хуызæн уырыссаг мифологийы сæ уарзондæр цæрæгойтыл сбадынц дæсныфæрсджытæ, кæлæнгæнджытæ æмæ фæтæхынц афтæмæй. Ахæм цæрæгойтæ сты: бирæгътæ, гæдытæ, æрсытæ, хуытæ, сагтæ æмæ а. д. Фæстæдæр заманты та тахтысты уисæйттыл, белтыл, адæгтыл кæнæ та хуымæтæг лæдзгуытыл. 

 

Рагон грекъæгтæм дæр уыдис ахæм уырнынад, зæгъгæ, мæрдтæн сæ бон у хор æрзайыныл аудын. Уымæн сæ афтæ уырныдта, æмæ мæрдтæ дæр æмæ тыд хортæ дæр сты зæххы ныгæд. Мæрдтæ сты иу мæры хоры тауинæгтимæ, уымæ гæсгæ уыдон «архайынц», цæмæй тагъддæр сзайой. Уæдæ зæгъæн ис, æмæ куырысдзауты æгъдау цæуы тынг рагон заманæй, æвзæргæ та ракодта хæдзарадон куыстыты нысанæй, хъæздыг тыллæг æрзайын кæныны монцæй. 

 

Ногбоны фæтк æмæ æгъдæутты функцитæй иу уыдис уыцы аз бæркадджын тыллæг райсыны тыххæй боныхъæдыл хъуыды кæнын. Суинаг азы цыхуызон боныхъæд уыдзæн, уый-иу развæлгъау «бæрæг кодтой» алыхуызон æрдзон фæзындты руаджы. Къæвдатæ кæд æмæ цас уыдзæни, хурбонтæ кæд æмæ цас ахæсдзысты, дымгæтæ уыдзæн æви нæ, — уыдæттæ нымадтой хуымæтæг фæрæзты æххуысæй. Ацы аз хъæздыг тыллæг æрзайыны хъуыддаг ирæттæ развæлгъау бæрæг кодтой, зымæджы мит цас æруардзæн, уымæй. Кæд бирæ мит æруара, уæд халсар хорз уыдзæн, уымæн æмæ зæхх уымæладæй бафсæды. Бæрæг ма йæ кодтой стъалыты æмæ мæйы уавæрмæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, кæд Ногбон мæйзæрондмæ æрæййафа, уæд, зæгъы, уыцы аз хор тугыл аскъуыйдзæн. Афæдзы дæргъы боныхъæд цахæм уыдзæн, уый та нымадтой мæйы фыццаг 12 боны боныхъæдмæ гæсгæ: 1 январы цахæм боныхъæд уа, æгас январы дæр уыдзæн ахæм боныхъæд; 2 январы цахæм боныхъæд уа, февралы мæйы дæр уыдзæн ахæм, 3 январы боныхъæды хуызæн уыдзæн æгас мартъийы дæргъы æмæ а. д. 

 

Развæлгъау боныхъæд бæрæг кæныны ахæм æнгас фæрæзтæ зындгонд сты бирæ европæйаг æмæ азиаг адæмтæм дæр. Ногбоны фæтк æмæ æгъдæутты æхсæн нæ рагфыдæлты царды аккаг бынат уыдис дæсныфæрсьшы æгъдауæн. Дæсны фарстой алыхуызон фæрæзтæй. Дæсны фарстой, ног аз цахæм аз уыдзæн, хорæрзад куыд уыдзæн, фос куыд цот кæндзысты, æмæ æндæр ахæм хъуыддæгтæ развæлгъау рабæрæг кæныны тыххæй. 

 

Дæсныфæрсыны хуызтæй ирон адæммæ тæккæ парахатдæр уыдысты хæлттæппарын æмæ фын. Ногбонты ахæм фæрæзтæй дæсныфæрсыны æххуысæй-иу рабæрæг кодтой, уыцы аз халсарæрзад цахæм уыдзæн, уый. Чызджытæ æмæ лæппутæ-иу базыдтой сæ къайæгты. Уыцы аз цæмæй хорæрзад бæркадджын уыдаид, уый тыххæй-иу æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ къонайы артыл ног æвæрд æхсидавы сæрты гæппытæ кодтой. Ногбоны райсом-иу хистæр хæдзармæ æрбахаста алыхуызон хоры нæмгуытæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты апырх кодта. Сæ уырнынадмæ гæсгæ, уыцы хоры нæмгуытæй хæдзары искæцы къуымы дзæвгар рæстæджы дæргъы чи баззадаид, уыцы хор æрзадаид хорз. Ацы æгъдау чысыл æндæрхуызон уыдис Дыгургомы. Ам алыхуызон хоры нæмгуытæ къуымты нæ пырх кодтой, уыдон-иу хæдзары хистæр æркалдта фынгыл, æмæ-иу кæрæдзимæ хæстæг цы хоры нæмгуытæ æрхаудтой, уыцы хор дам-иу æрзад уыцы аз тынг хорз. 

 

Ирыстоны хæхбæсты ма уыд ноджы иу ахæм æгъдау: хоры нæмгуытæ пырх кодтой хæдзары къуымты, уыдон, зæгъг& 

 

Источник - baragbonta.ru. 

http://osinform.org/27198-nogbon.html 

 

 

 

Ногбоны тыххæй Агънаты Гæстæны чиныгæй ист æрмæг бакæсæн ис нæ сайты .http://ossetians.com/iron/news.php?newsid=30 

 

 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ