Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Рагон ирон хъазтизæры æгъдæуттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Рагон ирон хъазтизæры æгъдæуттæ
 

 

Ирон адæмы æхсæн-иу искæуыл исты хъæлдзæгдзинад куы ‘рцыд, кæнæ-иу хъæуæн исты æхсæны бæрæгбон куы уыд, уæд-иу сарæзтой хъазт. 

Фæсивæд, сылгоймагæй нæлгоймагæй, стæй ас адæм дæр æмбырд кодтой хъазтизæрмæ. Хъазтмæ-иу цы чызг цыд, уый-иу йæхи хорз сарæзта, цæмæй искæцы усгур лæппуйы зæрдæмæ фæцыдаид, стæй иннæ адæмы зæрдæмæ дæр, æмæ дзы хъуамæ раппæлыдаиккой, уыцы хъазты ахæм рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ чызг уыд, зæгъгæ. Чызг-иу хъазты куы ‘рлæууыд, уæд алы æгъдауæй дæр хъуамæ йæхи равдыстаид аив. Уæлдай ныхас кæнын ыл не ‘мбæлд, не ‘мбæлд искæмæ фæхудын дæр; хъазты чызг искæмæ куы фæхуда, уæд æй хуыдтой рогзонд сылгоймаг. Ахæм та ирон адæмы æхсæн уыдис æгад. Иу бинонты ‘хсæн дыууæ-æртæ хойы куы уыд, уæд хистæры йеддæмæ иннæтæ хъазтмæ нæ цыдысты. Уый дæр уыд худинагыл нымад; хистæрæн, дам, уал фæндаг раттын хъæуы, стæй чындзы куы ацæуа, уæд та хъазтмæ цæуын райдайдзæн йæ кæстæр. Уыдис-иу афтæ, æмæ-иу кæд хистæр хо ницæмæн бæззыд, уæддæр кæстæртæ фæрæзтой æмæ йын-иу кад кодтой, цæмæй ма фегад уыдаид, уый тыххæй. Кæстæр хотæ-иу мой дæр нæ кодтой сæ хистæры разæй: æвзæр хистæр хойы разæй хуыздæр кæстæр мой куы скæна, уæд, зæгъгæ, уый ничиуал ракурдзæн. 

Хæдзары нæлгоймæгтæй дæр хъазтмæ ацæуыны бар раздæр лæвæрд цыд усгур лæппуйæн. Уый дæр-иу йæхимæ дзæбæх æркаст. Скодта-иу дарæсы дзæбæхтæ: цухъа, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, резинæ къалостæ, æмæхгæд æвзист хъама, æвзист бæрцытæ, хорз уæлдзарм худ, дамбаца, æвзистæй арæзт рон, дамбацайы бос, сахаты бос. Ахæм фæлыст нымад уыд кадыл æмæ-иу уæд лæппумæ æрыгон чызджытæ сæ цæст фылдæр дардтой. 

Хъазт кæд искæй хъæлдзæгдзинады тыххæй уыд, уæд-иу уыцы хæдзары лæппутæ æмæ сæ сыхæгты лæппутæ рагацау ацыдысты хонæг. Чызджы кæд фæндыд хъазтмæ ацæуын, уæддæр йæхицæн бирæ лæгъстæтæ домдта æмæ мысыд æфсæнттæ. Куы сразы уыдаид, уæддæр йæ дзуапп уыд, кæд мæ, зæгъгæ, мæ бинонтæ уадзынц, уæлдайдæр ме ‘фсымæр, уæд цæуын, кæннод нæ. Кæд-иу бинонтæ сразы сты, уæлдайдæр æфсымæр, уæд чызг цыд хъазтмæ, йемæ хъуамæ йе ‘фсымæр, кæнæ та йе ‘рвадæлты лæппутæй исчи ацыдаид, науæд чызджы иунæгæй ауадзын нымад уыд худинагыл. 

Хъазты райдианы иу равзæрстой, хъазты æгъдаумæ чи кæсдзæнис, ахæм лæппутæ (чегъыретæ). Кæд бирæ фæсивæд æрæмбырд, уæд-иу чызджытæн дæр равзæрстой дыууæ чегъырейы. 

Чызджыты-иу æрлæууын кодтой иуæр-дыгæй куыдхистæрæй. Кæстæрæн хистæрæй уæлдæр æрлæууын уыд худинаг, уымæ гæсгæ алчидæр лæууыд йæ бынаты. Фæндырдзæгъдæг чызг лæууыд æппæты уæлейæ, йæ разы йын-иу æрлæууын кодтой гыццылдæр чызг æмдзæгъдгæнджыты цур. 

Афтæ лæууыдысты лæппутæ дæр чызджыты комкоммæ куыдхистæрæй. Лæппутæм чи фæкæсы, уыцы чегъыре фæзæгъы фæсивæдæн: «Æз уе’ппæтæй хатыр курæг дæн, абон мæнæн мæ бар бакодтой, хъазты æгъдау дзæбæх цæмæй ацæуа, уый. Гъе, æмæ сымах куы фæнда, уæд дзæбæх ацæудзæн. Куы нæ уæ фæнда, уæд та уыдзæнис, куыд не ‘мбæлы, афтæ. Уæ хорзæхæй, йæхи æгъдауæй мачи ракафæд, цалынмæ йæм рад æрхæццæ уа, уæдмæ». 

Чызджыты æгъдаумæ цы дыууæ лæппуйы кастысты, уыдон хъуамæ фæндыр бахастаиккой, фæндырæй цæгъдын чи фæзоны, уыцы чызгмæ, фæлæ-иу уый, хъазт чи сарæзта, уыцы чызджытæй куы нæ уыд, уæд-иу нæ куымдта фæндырæй цæгъдын. Фæндыр-иу райста æрмæстдæр-иу ын йе ‘фсымæр кæнæ йе ‘рвад куы загъта, уæд. Йæ цуры хъуамæ æрлæууыдаиккой йе ‘фсымæртæ æмæ йæ хæстæджытæй исчи, цæмæй иунæг ма уа, стæй æмдзæгъд хуыздæр хъуыса. Уыцы фæндырдзæгъдæджы куы аивтаиккой æмæ фæндыр æндæр чызгмæ куы раттаиккой, уæд та уымæн дæр йе ‘фсымæртæ хъуамæ æрлæууыдаиккой йæ цуры, фыццæгтæ та хъазты иннæ лæппутимæ æрлæууыдаик-кой æмæ сæ хъазты кой кодтаиккой. 

Фæндырдзæгъдæг хъуамæ ацагътаид тымбыл кафты æмæ хонгæ кафты цагъд, стæй уый фæстæ та симды цагъд. Чызг æмæ лæппуйы кафты рæстæджы уыдоны сбуц кæныныны нысанæн, топпæй кæнæ дамбацайæ гæрæхтæ кодтой. Уыцы гæрæхтæ ирон адæмы æхсæн кадджын уыдысты. Фæлæ-иу, хъыгагæн, арæх уыд ахæм хабар дæр, æмæ хъазты мидæг уыцы гæрæхтæй æрцыд удзиæнттæ. Симд куы вæййы, уæд, цалынмæ хъазты æгъдаумæ чи кæсы, уый аива лæппуйы, уæдмæ лæппу хъуамæ кафа чызгимæ. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уыдон-иу фæивтой симджыты, куыд æмбæлы, афтæ. Хъазты уазджытæ куы уа, уæд уыдонæн æмбæлд хуыздæр æгъдау радтын, уыцы нысанæн иу сæ уæлдай хатт ракафын кодтой. 

Хистæртæй хъазтмæ чи каст, уыдонæй ма рæвдз кафджыты — гъе къахкъухтыл, гъе хъаматимæ чи рæхст, уыдоны дæр-иу кафын кодтой. Ахæмы хъуамæ бæхыл дæр ахъазын кæной, цæмæй йæм, кафын æмæ хъазын чи нæма зоны, уыдон дæр бакæсой æмæ базоной кафын дæр æмæ бæхыл хъазын дæр. 

Хъазт-иу уазал зымæгон бон куы уыдаид, æмæ-иу чызджытæ ихæнæй куы мардаиккой, уæддæр сын хъазтæй ацæуын уыд худинагыл нымад. Уымæ гæсгæ лæууыдысты хъазты фæудмæ. Æгъдауы ахæм домæнтæ æххæстгæнгæйæ-иу бирæтæ фæсахъат сты. Афтæ цыфæнды æнтæф бон куы уыд, уæддæр лæппутæн сæ рæттæ сыхалын, хъуыры æгънæджытæ суæгъд кæнын уыд æнæуаг мийыл нымад: ронбæгъдæй æмæ æгънæджытæ уæгъдæй хъазты лæууын худинаг уыд. Кафгæ-кафын тамако дымын, ныхас кæнын, худын уæлдай митæ кæнын — уыдысты сæ аразæджы æнæуагыл дзурæг. Стæй стыр хъазты йеддæмæ дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы иумæ кафын дæр æгъдау нæ амоны, хъуамæ кафой æрмæстдæр дыууæйæ — чызг æмæ лæппу, чызг разæй, лæппу фæстейæ, уый дæр домдта æгъдау æмæ йын уыд сæрмагонд нысаниуæг; лæппу раздæр куы лæууыдаид, уæд уый чызгæн уыд æфхæрдыл нымад. Уæд-иу чызджы æфсымæртæ лæппумæ лæбурдтытæ кодтой, нæ хойы нын цæмæн фегад кодтай, кафгæ-кафын æй фæстейæ цæмæн ныууагътай, зæгъгæ. Стыр худинаг уыд, чызг æмæ лæппу симгæ-симын кæрæдзимæ исты куы сдзырдтаиккой, уæд уый. Стыр хъазты хи хоимæ кафын æмæ симын дæр худинаг уыд, уæлдайдæр симын. 

 

Æрмæгыл бакуыста 

Хуыгаты Миленæ. 

 

http://new.xurzarin.ru/ragon-iron-xaztizaery-aegdaeuttae/ 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ