Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

СЫВÆЛЛÆТТИМÆ БАСТ ÆГЪДÆУТТЫ АХАДЫНДЗИНАД ИРМÆ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

СЫВÆЛЛÆТТИМÆ БАСТ ÆГЪДÆУТТЫ АХАДЫНДЗИНАД ИРМÆ
 

 

 

Ирон адæмы фыдæлтыккон царды уавæрты ахсджиаг бынат ахсынц алы æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрдтæ. Уыдон наукон хуызы иртасгæйæ сбæлвырд вæййынц, иннæ адæмтимæ нæ этнокультурон бастдзинæдтæ, æхсæнадон царды хицæндзинæдтæ этносы удыхъæды миниуджытæ æмæ йæ монон-этикон домæнтæ. Уымæй дæр ахæм сæрмагонд куыстæн йæ нысан æрмæст наукон нæу, фæлæ ма цымыдисаг у æрвылбон царды æууæлтæм гæсгæ дæр. Фыдæлтыккон æгъдæуттæ ивгæ цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æмæ абон этногрæфтæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц, хæстæгдæр рæстæджы адæм сæ нырыккон царды цавæр æгъдæуттæ хæццæ кæндзысты дарддæр, ногæй сæм цы ’фтаудзысты, уый раиртасын.  

Хæдзарвæндаг цæмæй рæза, мыггагскъуыд ма фæуа, ууыл уыд адæмæн сæ рæбинагдæр сагъæс, сæ цотæн бинонты хъуыддаг кæнгæйæ. Уый бæрæг дары ног къæйттæн алы арфæтыл дæр. Зæнæгджын сылгоймаджы нымадтой хуыцауырдыгæй арфæгондыл, æнæ зæнæджы та — хуыцауы раз тæригъæдджыныл. Уæлдай тæхудиагдæр æмæ бæллиццагдæр партиархалон царды æууæлтæм гæсгæ уыд лæппуйы райгуырд, чызджы райгуырдыл ма-иу хъынцъым дæр бакодтой — йæ фæстиуджытæ абонмæ ’рхæццæ сты.  

Ивгъуыд рæстæджыты ирмæ хуыздæр æмæ æмбæлгæдæр æвгъæддонæн æвзæрстой кæвдæс. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, æмæ, дам, кæвдæсы цы саби райгуыры, уый æвзыгъддæр вæййы, йе ’нæниздзинад фидардæр, цæргæ дæр уæдæ фылдæр фæкæны. Ноджы ма бинонты мидæг æфсарммæ гæсгæ æнхъæлцау сылгоймагæн кæвдæсы йæхи иннæтæй фæсвæд кæнын æнцондæр уыд. Æвгъæды бадæг сылгоймаджы-иу бæрæг дардтой хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ, хастой йын бæлвырд фæтчы хуынтæ — хæринаг æмæ алы лæвæрттæ. Хæринæгтæ хъуамæ хынцтаиккой ныййарæджы æнæниздзинады уавæр, адæмон медицинæмæ гæсгæ йын хосы ахъаз кодтаиккой. Лæвæртты ’хсæн стыр ахадындзинад уыд дзаумæттæн, арæхдæр уыдон уыдысты нæмыг кæнæ æвзист æхца, карчы айк, бæмбæджы тæпп, Алы дзаума дæр сабийы фидæны цардыл исчердæм хъуамæ сахадыдтаид. Зæгъæм, нæмыг амыдта лæгдзинад æмæ фидар ныфс, æвзист — сыгъдæгдзинад æмæ исбон, айк — бирæ цот, бæмбæг — фæлмæн æмæ рог цардвæндаг.  

Кæд-иу лæппу райгуырд, уæд-иу йæ фыд сæ хæдзары кæрты сывæллæттæн реуагæнæн скодта, сыхæгты гыццыл чызджытæ-иу ыл хъазыдысты æмæ-иу Мады-Майрæмы цыты зарджытæ зарыдысты. Æппæты фыццаг уыцы æгъдауы тыххæй фыста В.Ф. Миллер. Ивгъуыд æнусы кæрон Гарданты Михал дæр фыста, зæгъгæ, æвгъæды бадæг усы-иу чи бабæрæг кодта, уый-иу хъуамæ æртæ хатты реуайыл ахеры кодтаид, Фидæ-Хуыцау æмæ Мадæ-Майрæмыл зарджытæ заргæйæ — зæнæг чи дæтты, уыцы дзуæртты кадæн арæзт зарджытæ. Ахæм æгъдау ма бафиппайдта Собиты И. дæр. Æмæ æрмæст дыгурмæ нæ уыд афтæ. Къарджиаты Бекызæ куыд фыссы, афтæмæй-иу Куадзæны бон ирæттæ хъазыдысты херытыл. Уæдæ æндæр адæмтæм дæр ис уыцы хуызы сæ циндзинад æвдисыны фæтк. Таджикæгтæ æмæ памирæгтæ уалдзыгон хурхæтæнты — «Сари-Сол», зæгъгæ, хуыйны уыцы бæрæгбон — дидинæгкалгæ бæлæсты зæнгтæм баст херытыл фæхъазынц, фæзарынц сæрмагонд зарджытæ. Уыдонмæ дæр æрмæст чызджытæ, сылгоймæгтæ æмæ ма суанг зæронд устытæ дæр. Уырны сæ, цыма херытыл хъеллаукæнгæйæ адæймаг сыгъдæгдæр æмæ уæнгрогдæр свæййы, уый. Генетикон æгъдауæй нын хæстæг адæм кæй сты, уымæ гæсгæ хатдзæг скæнæн ис, зæгъгæ, ахæм бæрæгбæттæ иры рагфыдæлты ’хсæн дæр парахатæй кæй æмбæлдысты.  

Æртæ-цыппар боны фæстæ ноггуырд сабийæн кодтой авдæнбæттæнтæ. Сывæллæттимæ баст æгъдæуттæн ацы бæрæгбон уыд сæ ахсджиагдæртæй. Хицæн та уымæй кодта, æмæ дзы æрмæстдæр сылгоймæгтæ кæй архайдтой. Уыцы бон-иу ныййарæг мады йе ’фсии æмæ æвгъæдгæс сылгоймаг кæвдæсæй хæдзармæ ракодтой, æмæ-иу уæд ноггуырды авдæны бабастой. Ирон авдæн йæ арæзтмæ гæсгæ у кавказаг æмæ азиаг авдæнты хæрзæнгæсæн. Кæд авдæнбæттæнты уазджыты буц кодтой, уæддæр-иу уыдон бирæ нæ уыдысты, уымæн æмæ авдæнбæттæн тынгдæр бинонты æмæ хæстæгдæр хионты циндзинадыл нымад уыд. Уыцы хуызы ирон авдæнбæттæнтæ хæстæг æвæрд сты кæсгæтты æгъдаумæ — Гущэхэпхэмæ.  

Мад-иу йæхи дзæбæхдæр æнкъарын куы байдыдта, уæд-иу Мады-Майрæмы кувæндонмæ ацыдысты æмæ-иу ноггуырды ууыл ныффæдзæхстой, арфæтæ йын-иу фæкодтой, афтæмæй. Сылгоймæгтæ семæ хастой ахæм хуынтæ: æртæ уæлибæхы, къуымæл кæнæ æхсыры къус, дзæрна. Æнæмæнг сæм хъуамæ уыдаид апотропейтæ — бæмбæг, айк, æфсæнæй конд дзаумæттæ. Мады-Майрæмы кувæндоны бæласы бын-иу æвгъæдгæс ныййарæджы къухæй хуынтæ райста, скуывта-иу æмæ сæ-иу уым ныууагъта. Къуымæл кæнæ-иу æхсыр та бæласы зæнгыл ауагъта, цæмæй сабийы мад æхсырджын уа, дзуарæй уый кургæйæ. Уый охыл ма-иу мад хъуамæ дзæрна дæр иунæгæй бахордтаид. Саби, зæгъæм, чызг куы уыдаид, уæд та дзуары бын уагътой, бæмбæг, æнцойаг цард ын-иу куырдтой, цæмæй фидæны цотджын уа, уымæ йын куывтой — кувæндоны цытджын бæласау къабузджын куыд уа, афтæ. Лæппуйы номыл та-иу æфсæн дзаума ныууагътой мысайнагæн æмæ-иу бакуывтой, цæмæй йе знæгтимæ тохы быдыры æдзухдæр хотыхджын куыд уа, уымæ.  

Сывæллæттимæ баст æгъдæуттæ ирмæ иннæ сыхаг адæмтæй хицæн кодтой иу бæрæгбонæй — Кæхцгæнæнтæй. Фыццаг заман æй кодтой мадырвадæлты хардзæй лæппуйы фыды хæдзары, фæлæ ма абон дæр мады хæдзарырдыгæй æмбæлы хуынтæ ’рхæссын, фæлхасы стыр хай сæхимæ айсын. Хорз зындгонд у ацы бæрæгбон, æрмæст йæ циндзинад фæкъахыр. Усгур фæсивæд зарæггæнгæ хæдзари-хæдзар нал зилынц, фарны хъилтæ дæр нал хæссынц.  

Фæсивæд хæдзари-хæдзар цæуой, уый иры фыдæлтыккон царды уыд æрмæстдæр ахæм иумæйаг бæрæгбæтты. Æмбæлдысты кæсæгмæ дæр (хъуромэ) æмæ таджикæгтæм (Сус-хотун). Адон дæр, ома таджикæгтæ, хæдзæрттыл зилгæйæ семæ хастой нывæфтыд хъил. Уыцы хъилтæ ирмæ амыдтой «царддæттæг бæлас», рæзт æмæ куыстдæттæг тых. Кæхцгæнæнты циндзинады ахъаззагдæр уыдысты «Сойгæнæны» æгъдæуттæ æмæ зарджытæ. Абон дæр ма уый фидарæй æххæст кæнынц цалдæр хъæуы — Хъæдгæрон, Пысылмонхъæу æмæ Суададжы, Куырттаты комæй рацæуджытæ.  

Ам уыцы бæрæгбон хонынц «Маймулиты къуыри». Фæсивæд сæхи схъулæттæ кæнынц, «смаймулитæ» вæййынц. Кæддæр бæрæгбоны ахæм «цæсгомджынты» архайдæн уыд уыцы нысаниуæг, цæмæй нывондгонд кусæрттаджы мæлæт сахада ног царды равзæрдыл. «Маймули» куы «амæлы», уæд йæ тых, йæ цард бауадзы ноггуырды уæнгты. Рауайы хæдбындур семантикон мидис: цард — мæлæт — цард, нывонды адзал æнæфæхицæнгæнгæ баиу вæййы ног царды равзæрдимæ.  

Лæппуйыл иу аз сæххæст, зæгъгæ, уæд ын кодтой «Афæдзы гуыл». Хæдзары-иу зæххыл нымæт байтыдтой æмæ-иу сабийы алыварс сæвæрдтой хæцæнгарз, кусæнгæрзтæ, æвзалыгонд æхсидавы къæртт, чиныг, кæрдзын æмæ а.д. Йæ къухмæ цы систаид саби, уымæ гæсгæ йын йæ хъысмæт бæрæг кодтой. Æппæт ныййарджыты дæр фæндыд, цæмæй лæппуйæн йе ’ргом хæцæнгарзмæ здæхт фæуа, уый. Уæд, дам, хъæбатыр æмæ лæгдзинадæй хайджын уыдзæн. Хæринаг систа, зæгъгæ, уæд та — фидæны фæныкгуыз æмæ гуыдынхъус. Куыд фæстæмæ уыцы дзаумæтты нысаниуæг ивгæ цыд: хæцæнгарз амыдта æфсæддон лæг, хæринаг — зæхкусæг, чиныг — ахуыргонд... Æнгæсæн æгъдæуттæ ис нæ сыхаг адæмтæм дæр. Зæгъæм, кæсгæттæм — саби фыццаг къахдзæф куы акæны, уæд: Лъэтэувэ.  

Лæппуйæн-иу йе ’ртæ азы йæхи куы фесты, уæд ын кодтой «Цæуæггаг». Цъæххалы рæзт æмæ зæххы соимæ баст иннæ бæрæгбæттау ай дæр бæрæг кодтой Куадзæны къуыри цыппæрæмы. Уыцы бонмæ-иу сабийæн бахуыдтой лæджы бæрæгбоны фæлыст къахæй сæрмæ, суанг ма йын-иу хъазæн хъама, æндæр хæцæнгæрзтæ дæр скодтой. Хистæртæ-иу бæрæгбонарæзт лæппуты Мады-Майрæмы кувæндонмæ акодтой. Бирæ адæм æмбырд кодтой уырдæм. Лæппутæ-иу ам хæрзбон загътой Мады-Майрæмæн æмæ ныр та сæхи фæдзæхстой Уастырджийыл, лæгты, æфсæддонты æмæ бæлццæтты цытджын дзуарыл. Куывды сæйрагдæр хъуыддæгтæ-иу цыдысты Уастырджийы дзуары цур. Лæппутæн дзуармæ цæугæйæ хъуамæ сæ къухты уыдаид алыхуызон хъуымацы уадздзæгтæй фæлыст фæттæ, адæм гæнæн æмæ амалæй дари хъуымацы уадздзæгтæ агуырдтой. Зындгонд куыд у, афтæмæй фат амыдта цæстдзыды нысан.  

Хистæр-иу йæ куывды раарфæ кодта лæппутæн, сæхи къахæй дзуары бынмæ цæуынхъом кæй фесты, уый фæдыл. Фæдзæхста сæ Уастырджийыл æмæ сын ныстуан кодта, хистæртæн сæрыстыры хос кæстæртæ куыд. уой, уый. Хистæры куывды фæстæ-иу лæппутæн сæ худтæ стыр арфæтимæ систой æмæ-иу сын сæ сæртæ згъæр даст ныккодтой. Æрмæстдæр-иу уæд фæттæ бавæрдтой дзуары мидæг — уый хуынд æрхъуын кæнын. Нырæй фæстæмæ лæппутæ нымад цыдысты æхсæны цæрджытыл, алцæмæй дæр йæ барджын уæнгтыл.  

Уыцы бон-иу фыццаг хатт лæппутæн ацаходыны бар радтой — бæгæныйæ Ахæм æгъдауы мидис амыдта, зæгъгæ, сабийæ хъуамæ ферох уа йæ мады ’хсыры ад æмæ барджынæй лæгыл нымад æрцæуа. Уыдис ма ноджыдæр ахæм фæтк дæр, æмæ-иу æртæ азы кæуыл нæ сæххæст, уыцы саби куы фæзиан, уæд æй уæлмæрдты не ’фснайдтой — æхсæны лæгыл нымад нæма цыд, «Цæуæггаджы» куывд ын кæй нæма уыд, уый охыл.  

Хъепсуртæм æнгасæн бæрæгбоны тыххæй фыссы этнограф Вера Бардвелидзе. Хуыйны «Тавмосап арсо самтхо», арæзтой-иу æй цытджындæр кувæндон «Саг мэрто гуданис джвари»-йы цур. Сабийы дзуарыл фæдзæхсыны кадæн-иу ссыгътой сойын цырагъ, райстой-иу нывонды бæгæныйы къус æмæ-иу лæппуйæн йæ сæры тенка дзуарвæд алвыдтой — уæларвон дзуары кады нысанæн. Ирмæ дæр згъæр даст уыцы ’гъдаумæ гæсгæ кодтой, ома æрвон тыхтыл æй уыцы хуызы фæдзæхстой. Сæр афтæ дасын ма æмбæлы Кавказы иннæ индоевропæйаг адæмтæм дæр. Уыдæттыл дзургæйæ фæфиппайын æмбæлы, æмæ сомихмæ дæр кæй уыд лæппуты сæртæ тенкайыл дасын, ныхыл æмæ къæмисæнтыл та бындзыгтæ уадзыны æгъдау. Дзуарыл фæдзæхсæн бæрæгбæтты лæппуйы сæр æнахуыр хуызы дасыны æгъдау уыд рагон индустæм дæр.  

14–15 азы кары лæппу нымад цыд æцæг хъомылыл, уымæн æмæ-иу уæдмæ лæджы куыстытæ æххæст кодта. Кæй бахъомыл, уый дæр сæрмагондæй бæрæггонд цыд. Уыцы кары-иу лæппу кæд фыццаг хатт хосгæрстмæ раст кодта, уæд ын-иу йæ циныл цин кодтой, йæ кадæн-иу сфыхтой гуыдын. Гуыдынæн ма æрæджы дæр ахсджиаг семиотикон1 ахадындзинад уыд. Уыцы бæрæгбонмæ ма-иу лæппуйæн бахуыдтой ног сæрмагонд фæлыст дæр.  

Фынддæсаздзыд лæппу æххæст лæгыл нымад цы циндзинады боны цыд, уый йе ’мгъуыдмæ гæсгæ æййæфта иумæйаг стыр бæрæгбоны афон— Атынæг, кæнæ та Цыргъисæн. Æнæхъæн æхсæнадæй сæ бæрæг кодтой, стыр куывдтæ-иу скодтой. Фыццагдæр уый тыххæй фыста Дзускаты Соломон 1855 азы: «Фæссихор райдайынц алы ерыстæ-хъæзтытæ. Къахфындзтыл кафт, гæпкæнынæй ерыстæ, хъæбысхæст — раздæр-иу кæстæртæ райдыдтой, стæй-иу стыр цахъæн лæгтæ дæр нал фæлæууыдысты. Ирæттæн уæлдай уарзондæр уыдысты згъорынæй ерыстæ. Суанг-иу изæрдалынгтæм ахастой циндзинады хъæзтытæ, стæй-иу адæм ахæлиу сты, райсомы хосгæрстыл æмæ хоргуыстыл хъынцъымгæнгæйæ».  

Лæппу ныр лæджы бындзæфхад кæй у, уый ма-иу хъуамæ сбæлвырд уыдаид хос кæрдгæйæ дæр — чи сæ сæрæндæр æмæ æвзыгъддæр у, йæ уис сæ раздæр чи ахæццæ кæндзæн, ууыл ерысы. Кæнæ та сæ бæрæг рæстæгмæ чи фылдæр ныккарстаид, уымæй дæр сын сæ лæгдзинад æвзæрстой. Ахæм фæлварæнтæ сын арæзтой уæззау куысты уæлхъус. Кæд фесгуыхтæ, уæд æцæгæй дæр дæ ног кары домæнты аккаг дæ.  

Фæлæ ма иу фæлварæн уыд иу карæй иннæ карыл æгъдауы æууæлтæм гæсгæ банымайынæн—уый ирон этнографон литературæйы амæй размæ æвдыст не ’рцыд, Бæлвырдæй мын æй чи радзырдта, уыдонæн зæрдæбын арфæ канын: Милдзыхты Хъамболат, Хъæстуаты Будти, Къониаты Бодзи, Мыртазты Знауыр æмæ иннæ заманхъуйлаг лæгтæн. Цы ’гъдауы кой кæнын, уый æмбæлд æрмæстдæр пысылмон ирæттæм, хуннгæ та кæны сунæт кæнын. Иуæй йын дины, иннæмæй та социалон ахадындзинад ис. Тынг рагон у йæ культы мидис, сæрмагонд литературæйы ма зындгонд у куыд инициаци дæр.  

10–17-аздзыд лæппутæ хъуамæ иууылдæр сунæтгонд цыдаиккой. Арæхдæр ирмæ сунæтгæнджытæ уыдысты дагестайнæгтæ, фæлæ ирон хъæуты сæхи «дæснытæ» дæр уыд — зæгъæм, Заманхъулы — Дудиаты (Кæвтæрты) Хъабе, Елхоты — Бады Зæрæбо. Уыцы æгъдауæн афæдзы мидæг сæрмагонд æмгъуыд нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу сунæтгæнинаг лæппутæ алы кары рауадысты. Фæдзæхст чи цыд дины дзуарыл, уыдоны-иу иннæ адæмæй хицæн бынатмæ акодтой. Заманхъулы сын хъæугæрон арæзтой халагъудтæ, уым-иу 10–14 боны фесты, цалынмæ сдзæбæх уой, уæдмæ. Елхоты дæр афтæ уыд. Алы халагъуды дæр — фæйнæ фондз-авд лæппуйы. Æрмæстдæр лæгтæн уыд бар уыдоны бæрæг дарын æмæ сын хæринаг æмæ нозт хæссын: æртæ чъирийы, фых карк, бæгæны. Сæ хуынтæй-иу иумæйаг куывд скодтой, кафыдысты æмæ зарыдысты. Хъæумæ-иу куы ’рбаздæхтысты лæппутæ, уæд нымад уыдысты æхсæнады уæнгтыл, ныр иу карæй иннæмæ кæй рахызтысты, уый уымæй бæрæг кодта.  

Ам цымыдисаг у сунæткæнинæгты кар — 17 азы кæуыл сæххæст, уыдоны кар. Æгъдауы фæтк мын чи амыдта, уыдон сæ усгуртæ хуыдтой. Астæуккаг Азийы «Суннат-Той» кæнынц айдагъ фондз, авд, фарастаздзыдтæн. Турчы та, 12–13 азы кæуыл сæххæст уа, уымæн сунæт кæнынмæ байрæджы, ома «фæзæронд», Æнæцымыдисаг нæу, ир лæппуты сылгоймæгтæй иппæрдæй кæй дардтой, уый дæр. Афтæ æндæр пысылмон адæмтæм нæ кæнынц. Астæуккаг Азийы-иу сылгоймæгтæ лæппутæн сунæт кæнгæйæ сæ цуры хъуамæ ма уыдаиккой, фæлæ-иу йæ хæдфæстæ саби йæ мадимæ уыд. Афтæ амыдта æгъдау Цæцæн æмæ Кæсæджы дæр — исламы дин Ирмæ ног рæстæджы уырдыгæй æрбацыд.  

Ацы хъуыддаджы ирон æрмæг зæрдыл æрлæууын кæны рагон адæмты æгъдау — инициаци. Уыдон дæр усгур кары лæппуты инициатийы рæстæджы сылгоймæгтæй хицæн кæнынц. Æмæ фидарæй афтæ зæгъæн дæр нæй, зæгъгæ, ирмæ уыцы фæтк ахæм рагон адæмтæй æрбайсгæ у. Агуринаг ма сты йæ фæдтæ. Æрмæст сæ исламы дины идеологийы агурын бынтон дзæгъæлы уыдзæн: иуæй ир иу дин дæр æнувыдæй нæ райстой, иннæмæй та, пысылмон диныл зæрдиагæй хæст чи у, уыдоны ’хсæн дæр ахæм домæн нæй, æмæ лæппутæ сылгоймæгтæй хъуамæ исты фæдзæхст бынаты уой, зæгъгæ.  

Афтæ у цыбырæй сывæллæттимæ баст æгъдæутты мидис æмæ ахадындзинад ирмæ. Уыдон дзурæг сты нæ рагон бастдзинæдтыл, куыд нæ сыхаг адæмтимæ, афтæ æндæр индоевропæйаг адæмтимæ дæр. Æгъдæутты рагбындурты ратæдзæнтæ цæуынц уырныны культæй, историон æгъдауæй сын æнæ фæзынгæ нæ уыд царды, æхсæнады ’хсæн хи дарыны культурон æууæлты. Кæд æппæт æгъдæуттæ абон æххæстгонд нал цæуынц, уæддæр сæ иуæй-иу хуызтæ цæрæццагдæр разындысты. Цард куыд ивы, адæмы зондахаст дæр афтæ ивгæ цæуы. Æдзух рæстырдæм рауайы — уый та æндæр ныхас у.  

 

 

Уарзиаты Вилен  

 

Журнал «Мах дуг», 1991 аз, №6



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ