Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

УÆ ХОРЗÆХÆЙ, МА РÆДИЙУТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Газет "Рæстдзинад", №136, 4.08.2018 аз. 

 

Ацы æрмæджы сæргонды ныхæстæ арæх мæ сæрмæ æрцæуынц искуы æгъдауы фæдыл куы фæбадын, уæд. Фæлæ кæд æвзагыл абадынц, уæддæр сæ уым зæгъгæ никуы фæкæнын, уымæн æмæ ирон фынджы уæлхъус далейæ уæлæмæ зонд амонын не’мбæлы. Уый у ирон æгъдауы домæн. Хистæр куы рæдийа, уæддæр ын бабыхс, ма архай æнæгъдаудзинады мадзæлттæй æгъдау æвæрыныл. Куы сыстай фынгæй, уæд дын бар ис дæ хъуыдытæ уæзданæй, æнæ схуыст ныхас зæгъынæн. Уый у мæ фыццаг фиппаинаг. Уæ хорзæхæй, ма рæдийут. 

 

Нæ фыдæлтæм сæ алы æгъдауы дæр уыдис æвæрд арф, сæ уырнынад æмæ дунембарынадимæ баст чи уыд, ахæм мидис. Уымæн æххæст кодтой алы æгъдау дæр йæхи сæрмагонд хуызы. Нæ йын уыдис ивæн, гъе аппарæн. Уæд иу æвæццæгæн ничи загътаид: «Мæ фыд ацы æгъдау куыд кодта, æз дæр æй афтæ кæнын». Хъыгагæн, мах рæстæджы нæм сарæх ис хиæрхъуыды уæлдай митæ, æгъдаухалæн фæзындтæ. «Махмæ афтæ кæнынц», - фæзæгъынц æгъдау хорз чи нæ зоны, ахæмтæ, æмæ та мæнæ кæс ног цыдæр фæзындмæ. Афтæмæй æгъдауæн йæ хъомыс сæфы, баззайы ма йæ уæлцъар.  

 

Кæд аргъуанмæ бацæугæйæ никæйы сæрмæ æрцæудзæн уым цы æгъдау ис, уый сæрты ахизын, кæнæ йæхимæ гæсгæ аивын, уæд цæмæн афтæ æнцонæй раив-баив кæнæм нæ ирон фынджы æгъдæуттæ? Æви нын уый куывдтон бынат нал у? Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кæм кувæм, уым цæмæн саразæм арвистон? Нæ ныхасæй сыл нæхи бафæдзæхсæм, нæ æгъдаухалæн митæй та сын сæ фыдох агурæм. Кæд искæмæ афтæ кæсы, æмæ ирон фынджы æгъдæуттæ абон ахсджиаг нал сты, куыд-фæнды сæ кæн, уæд уый стыр рæдыд у. Фынг фыдæлтæй нырмæ махæн нæ уаз бынат у, кувгæ уым кæнæм, комкоммæ, æргомæй, æмæ дзы лыстæг хъуыддæгтæ нæй, алцыдæр хъуамæ уа йæ бынаты, фыдæлты æгъдау куыд домы, афтæ. Уый чи не’мбары, уымæн йæ куывд никæдæм фæхæццæ уыдзæн, бон изæрмæ рæсугъд ныхæстæ куы фæкæна, уæдæр. 

 

Хъыгагæн, цард размæ куыд цæуы, афтæ кæстæртæ дарддæр кæнынц уыцы æгъдауттæй, уымæн æмæ сын сæ мидис æмæ арф æвæрд хъуыды чи бацамона, ахæм хистæртæ скуынæг сты. Стæй чи ис, уыдонæн дæр арæх сæ ныхас иумæ нæ фæбады, æмæ уæд кæстæртæ бынтон сдзæгъæл вæййынц. Цæмæн æвæрæм фынгыл сæр æмæ бæрзæй, цы у сæ нысан? Цæмæн кувæм Хуыцаумæ æртæ уæливыхæй æмæ бæгæныйæ? Цæуылнæ æмбæлы хæрнæджы фынгыл бирæ хæринæгтæ æмæ нозтытæ æвæрын? Куыд арфæ кæнынц цины æмæ зианы? Ис сæвæрæн мин ахæм фарстайы, кæцытæн хистæрмæ хъуамæ уа бындурон дзуапп, уæлæнгæйттæй йæ кæстæр нæ бамбардзæн.  

 

Куыд зонæм афтæмæй нæ фыдæлтæ тынг хицæн кодтой цины æмæ зианы æгъдæуттæ, архайдтой цæмæй дзы мацы уа иумæйагæй. Цины, уæларвмæ кæсгæйæ, кувгæ кæнæм Хуыцау æмæ йе’сконд зæдтæ æмæ дауджытæм, зианы та сæргуыбырæй хæлар кæнæм мæрдты бæстæм чи ацыд, уымæн. Иуы дзы алцы нымадтой æнæкъæйттæй, иннæйы та – къæйттæй. Уымæн нæм баззад нæ ирон æвзаджы дæр цинæн фынгæвæрд, зианы кæндæн та – фынджыдзаг, цины – кусæрттаг, зианы – æргæвдинаг, цины – хуынд адæм, зианы – æрцæуæг адæм, цины - ракуывд, сидт, гаджидау, зианы та – рæгъ, æ.а.д Ныры рæстæджы махæй уый рох кæнын райдыдта, куыд нын æнцондæр у, афтæ архайæм баиу кæныныл, иугæнæн кæмæн нæй ахæм æгъдæуттæ, æмæ уый, æвæццæгæн, Хуыцаумæ дæр хъыг кæсы. Уымæн æмæ арæх æвдисы нæ куыдфæндыйы цæстæнгас нæ фыдæлты Фарнмæ, стæй сæ уырнынадмæ.  

 

Уый фыццаджыдæр зыны нæ уæлæдарæс æмæ нæ уагæй. Бирæтæ Дзуары бынмæ, кæнæ чындзæхсæвмæ цæуынц зианмæцæуæгау сау-сауид дзаумайы, мардмæ та – фæлурс, кæнæ хъулоны, бæгъæмсарæй. Нæлгоймæгтæ фаутæ æвæрынц, мæрддзыгоимæ æрбацæуæг æрыгон сылгоймæгтыл стырзæвæтджын дзабыртæ æмæ æлхъывд фадæгджын хæлæфтæ куы фенынц, уæд. Фæлæ цæмæй хуыздæр у цыбырдыс урс хæдоны æнæ худæй, кæнæ спортивон дарæсы чи бацæуы, уыцы нæлгоймаг? Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрдыгон тæвды афтæ буарæн æнцондæр у. Æгъдау уыцы æнцойдзинадыл не'нцайы, хатгай удæн кæнæ буарæн фæхъæуы базын кæнын, цæмæй æгъдау æмæ æхсæнады домæнты сæрты ма ахизай.  

 

Ивгъуыдимæ абаргæйæ абоны царды цæстуынгæ фæзындтæй иу у дзыппыдаргæ телефон. Алчидæр дзы пайда кæны, 7-азыдзыд сабитæй суанг 90-азыдзыд зæронд устытæм. Уый хорз у, удæнцой, цыфæнды рæстæг дæр дæ бон аныхас кæнын у дæ кæстæр, дæ хион, дæ зонгæимæ. О, фæлæ мæм афтæ кæсы, уыцы телефонтæ куы фæзындысты, уæд хъуыди Samsung æмæ Apple-æй бадомын, цæмæй нын алы телефонимæ дæр æрвитой адæмы астæу дзы куыд пайда кæнын хъæуы, ахæм бæрæгуат. Æнæ уымæй бирæтæн зын бамбарæн у, адæмы ’хсæн (маршруткæйы бадгæйæ, рынчындоны, кæнæ библиотекæйы) хъæрæй дзурын аив кæй нæу.  

 

Телефон æнæмæнг æрмынæг, кæнæ ахуыссын кæнын хъæуы æмбырды, кинойы æмæ æндæр ахæм рæтты. Театыры сценæйы сæрмæ куы ныффыссынц, стæй ма аивæй куы ракурынц: «Уæ хорзæхæй, уæ телефонтæ æрмынæг кæнут», уæд ма уый фæстæ цал ранæй хъæрæй ныззарынц кæцыдæр къуырма æмæ куырм адæмы телефонтæ. Бирæтæ уым схæцынц ныхас кæныныл, раст цыма сæ уыцы минут алыг кæнын хъæуы дунейы ахсджиагдæр фарстатæ æмæ сын нæй иу сахат аргъæвæн. Уый хуымæтæг ирон æвзагæй хуины æдзæсгомдзинад, уымæн æмæ ахæм адæймаг йæ алыварс адæмæй æппындæр æфсæрмы нæ кæны. Тынг арæх систы сæ телефонты дзæнгæрæджы бæсты ирон цагъдтытæ æмæ зарджытæ чи сæвæры, ахæмтæ. Хорз у, ирон аивадуарзæг адæм нæм уыйбæрц кæй ис, фæлæ цард айдагъ зарын æмæ кафынæй нæу. Кæмдæрты уыдон не’мбæлынц.  

Автобусы дæ фарсмæ йæ хуыздæры сæфтыл æхсæвæй-бонæй æрдиаг чи кæны, ахæм саударæг ус куы æрбада, æмæ дæ телефон ирон хъæлдзæг цагъд куы ныккæна, уæд ды дæхи сæвæрдтай тынг æвзæр бынаты, бафхæрдтай уыцы рызт адæймаджы. Уæдæ искæйы зианы лæугæйæ дæр арæх рауайы афтæ. Фæлтау иу рагацау æрмынæг кæн дæ телефон, дæхи ма фæхудинаг кæн. Æхсызгон кæй хъæуай уыцы сахаты ‘рдæг, уый дæ фæстæдæр ссардзæн. Æрæджы мын радзырдæуыд ахæм хабар. Кæмæндæр марды чырын хæсгæйæ йæ дзыппы телефон хъæрæй ныззарыд «Айт, æйт лæппутæ!». Телефон кæцырдыгæй уыд æвæрд, уыцы къухæй лæппу чырыныл хæцыдис, æмæ йæ цалынмæ чидæр раивта, уæдмæ мæгур лæджы мард заргæ фæхастой.  

 

Худæг уаид, фæлæ мæнмæ тынгдæр кæуинаг кæсы, уымæн æмæ не’гъдауæн йæ ахæм хуымæтæг домæнтæ кæм нал æмбарæм, уым æвæццæгæн кæуинаг дæр стæм. Афтæ ма банхъæлут, æз цыдæр сæрмагонд домæнтæ мæхи зондæй æрхъуыды кодтон. Уыдон дунейы алы къуымты нымад сты цивилизацигонд уæздан адæймаджы миниуджытыл. Бирæтæ абон дæнцæгæн кæй æрхæссынц, уыцы европæйаг размæцыд адæмтæм дæр ис ахæм æгъдæуттæ, æмæ сæ, махæй хъауджыдæр, æххæст кæнынц. Чи нæ кæны, уый та у нымад хъæддагыл. Кæддæр, дам, сын уыцы уæздандзинад нæ рагфыдæлтæ, алантæ æмæ сæрмæттæ балæвар кодтой…  

 

Ацы царды, æвæццæгæн, æппæты æнцондæр у сырдтæн, уыдонмæ нæй æгъдæуттæ æмæ æхсæнадон домæнтæ, æрдзон инстинктмæ гасгæ сæ цы фæнды, уый кæнынц. Адæймаг та æхсæнады мидæг цæры, æмæ хъуамæ йæ уаг, йæ митæ æнцайой уыцы æхсæнады æгъдæуттыл. Уыдон сты тынг вазыгджын, зын æххæсткæнæн, фæлæ се стыр мидис, сæ арф хъуыды дæр уый мидæг ис. Æнцон цард агургæйæ Хуыцауы ныхмæ цæуæм. Кæд дæ уый нæ фæнды, уæд æппæты фыццаг дæ фыдæлты рæсугъд æмæ арфмидисджын æгъдæуттæ хорз сахуыр кæн, цæмæй рæдийгæ ма кæнай, æмæ дæ кæстæртæ хорз зонд исой.  

 

Æрæджы Хетæджы Дзуары бон, уым мæхи карæн лæгæй йæ бинонты æртæ кæрдзыны уæлхус куы фехъустон: «Дыккаг рæгъæй та арын Уастырджийы ном», уæд тынг фæдызæрдыг дæн, уыцы лæджы куывд кæй фæхæццæ уыдзæн, ууыл. Уымæн æмæ рæгъытæ зианы фынгыл уадзынц, уый йын æвæццæгæн никуы ничи бацамыдта. Цы нæ зоныс, уымæй бафæрс, кæнæ, æппын фæстаг, цы бирæ чингуытæ фæзындис, уыдонæй иу уæддæр бакæс, æмæ уæд базондзынæ кæм цы’мбæлы, цы нæ. Фæлæ иуæй-иутæ уый сæ сæрмæ нæ хæссынц, уый бæсты фыркъайау ныллæууынц, афтæ у, зæгъгæ. Куы бафæрсай, цæмæн æфтæ у, уæд та фехъусдзынæ: «Уымæн, æмæ мæ фыдæлтæ афтæ кодтой».  

 

 

Цы хъауджы дам ис сæр æмæ бæрзæй куыд сæвæрай, уымæй? Чидæртæ фæзæгъынц, уый лыстæг хъуыддаг у, зæгъгæ, æмæ йыл ма дзурæм. Кæмдæрты сæ цины æвæрынц зианы фынджы æгъдауыл, æмæ уæд куывды нысан æмæ хъомыс фесæфы. Уыцы хицæндзинад нæм нæ уаид, куы æрхъуыды кæниккам цы нысан кæнынц кусарты сæр, бæрзæй æмæ уæн, стæй цы мидис ис ирон уырнынады рахиз æмæ галиуæн. Зианы нæ фыдæлтæ алцыдæр нымадтой æмæ фынгыл дæр æвæрдтой къæйттæй. Уыимæ хистæртæ сæхæдæг дæр уыдысты дыууæ, æртыккаг сæм бафтыдис фæстæдæр, цины фынджы æнгæс бадт кæнын куы райдыдтой, уæд. Æнхъæл дæн, гуырдзиаг саудаджертæ æмæ миссионертæ парахатæй Хуссар Ирыстон, Туалгом æмæ Уæлладжырыл 18-19 æнусты дыууæрдæм цæуын куы райдыдтой, уæд сæ бирæ цыдæр дзырдтæ æмæ æгъдæуттæ райстой нæ фыдæлтæ. Æндæр адæмы æгъдауы та æндæр мидис æвæрд ис.  

 

Уæдæ ма уырдæм хауы, зианы фынгыл цал кæрдзыны æмбæлы, уый фæдыл быцæу дæр. Æгъдауæн йæ мидис куы зонай, уæд æй æххæст дæр раст нæ кæндзынæ. Цы нысан кæнынц кувинаг æртæ кæрдзыны, уый абон фылдæрæн амонын нæ хъæуы. Æмæ кæд чи фæзиан ис, ууыл йæ хур аныгуылд, уæд дзы хъуамæ уый номыл кæрдзын мауал уа æвæрд. Афтæ чи фæзæгъы, Хуыцаумæ æнæ æртæ кæрдзынæй нæ кувынц, зæгъгæ, уый æнæмæнг раст у, фæлæ иу йæ зæрдыл æрлæууын кæнæд, зианы фынгыл кувгæ бынтондæр кæй нæ кæнынц, фыццаг рæгъæй та зианджын бинонты Хуыцауыл фæдзæхсгæ кæй бакæнынц, уый. Гъе, уымæн нæ ахæцынц кæрдзынтыл фæйнæрдæм дæр, æртæ дзы Хуыцаумæ æвдисын нал фæхъæуы. Стæй кувгæ куы кæниккам, уæд дзы «Омен!» дæр уаид æмæ кувæггаг дæр. Ардыгæй ис скæнæн хатдзæг – уыцы фынгыл не’мбæлы æртæ кæрдзыны æвæрын, уыдон æрмæстдæр цины нысан сты, кувынæн. 

 

Ирыстоны фылдæр рæтты нал кæнынц мæрдæхсæвæр, кæцы бирæ куырыхон æгъдауджын хистæртæ, стæй уыдонимæ Иры Стыр Ныхас дæр, раджы банымадтой тæригъæдыл мæрдты бæсты. Фæлæ уæддæр кæцыдæр хъæуты æмæ сыхты цæлуарзаг чидæртæ нылæууынц «Кадджын лæг уыди, скæнæм ын æхсæвæр», зæгъгæ. Агъуысты хиуæттæ мардыл йæ чырыны раз æрдиаг фæкæнынц, сых та хæдзары сæхицæн фынгтæ равæрынц. Цы ма уа абоны царды фыдуынддæр æмæ кæуинагдæр? Хистæртæ цы сыхы ис, уым баныхас кæнынц иу æгъдауыл, æмæ кæстæрты дæр рæдийын нæ фæуадзынц. Фæлæ æнæфиййау рæгъауæн бирæгъ сæ хъомгæс. Ахæм хъæубæстæтæ æмæ сыхбæстæтæ нæм фæзындис, фынгыл хистæрæн æрбадын кæм ничи фæкомы. Цæмæй æгъдау бынтон ма сæфа, уыйтыххæй иу хатгай рæстæмбис кары лæгты, стæй фæсивæды дæр сæ ирондзинад равдисын фæхъæуы.  

 

Чындзхæсджыты хæдзарæй афæндараст кæнынц фынджы уæлхъус бадгæйæ. Уым хистæр скувы Хуыцаумæ æмæ бæлццæтты Уастырджийыл бафæдзæхсы. Уый хорз æгъдау у, ис дзы мидис. Фæлæ уыцы æгъдау нæ фæччы кæнын хæдзарæй мæрддзыгой куы фæцæуы, уæд. Æгъдау гуыбыны æхцонæй бæрзонддæр хъуамæ уа æвæрд. Уæ хорзæхæй, ма хæццæ кæнут нæ цин æмæ нæ зианы æгъдæуттæ, ма æвæрут фынг мæрддзыгой цы хæдзарæй цæуы, уым. 

 

Зиан æвæрæн бон чидæртæ хæлар кæнынмæ кæнæ фæлдисынмæ куы бацæуынц, уæд уым рæгъытæ кæныныл схæцынц, лæугæ-лæууын иу иннæйы фæдыл нуазгæйæ. Уый дæр та дзурæг у, æгъдауæн йæ мидис кæй байрох вæййы, ууыл. Дыууæ, кæнæ цыппар лæджы нозт, хойраг æмæ фыдызгъæл ныххæлар кæныны фæстæ нуазгæ æнæмæнг нæ бакæнынц, фынгмæ нозтæй æртадзынц æмæ сæ агуывзæтæ æрæвæрынц, уымæн æмæ зианы, лæугæйæ нуазын не’мбæлы. Кæмдæрты зианы бон фыдæбонгæнджытæ хæрнæджы фынг æвæрыны размæ сæхицæн æргæфст стуры дзидзайæ акæнынц лывзæ, гъе æндæр хъарм хæринаг. Уый гуыбынæн бæргæ æхсызгон у, фæлæ фыдæлты æгъдау та халы æвирхъауæй, уымæн æмæ цалынмæ цæттæгонд хойраг, нозт æмæ фыдызгъæл хæларгонд не’рцæуой, цалынмæ хистæртæ фынгыл рухсаджы рæгъ нæ зæгъой, уæдмæ сæм нæй æвналæн. Кæд сыдæй мæлыс, уæд дæ хæдзармæ бауай æмæ къæбæр бахæр, фæлæ æгъдауы сæрты ма хиз. Чындзæхсæвы нæ лæггад кæныс, адæм дæм кæсгæ кæнынц. Ингæнкъахджытæн дæр хæринаг хицæнæй æрцæттæ кæнын, кæнæ балхæнын фæхъæуы.  

 

Ныр цалдæр хатты зианы фынгмæ федтон нуазæнтæ рахæсгæ. Цыппар агуывзæйы тæбæгъыл! Фæрсгæ дæр бакодтон, цæмæн афтæ бакодтат, зæгъгæ. Æмæ мын дзуапп радтой: «Хистæртæ нын афтæ бацамыдтой». Уæд уый цавæр хистæр у, зианы кæндты нуазæнтæ нæ хæссынц, уый нæ зонгæйæ, йæхи кæстæртæн зондамонæг чи скодта? Зианджынтæ арфæ кæнынмæ рацæуынц æрмæст дзидзайы хайимæ (дыууæ фæрскимæ). Уырдыглæууæг хъуамæ байдзаг кæна дыууæ агуывзæйы æмæ сæ арфæгæнджытæ раттынц дыууæ хистæрмæ. Æрмæстдæр уыдон хъуамæ бануазой уыцы нуазæн, кæд арфæ хауы æппæт æрцæуæг адæммæ, уæддæр. Зианджынты арфæйæ уым дæлæмæ рæгъ кæнын не’мбæлы. Уый цины æгъдау у, ма сæ æмхæццæ кæнæм. Гъе, уымæн нæ рахæссынц арфæгæнджытæ зианы фынгмæ нуазæнтæ. Уыимæ, уыцы ран нæ хъæуы зианджынæн йæхимæ фæстæмæ нуазæн дæттын. Уый арæх вæййы æрыгон нæлгоймаг, фынгыл та бады йæ мыггагæй хистæр. Уый куы раарфæ кæна, уæд йæ фæстæ кæстæрæн нæдæр арфæ кæнын æмбæлы, нæдæр лæугæйæ нуазын. Цæмæй мыггагæй хистæр иунæгæй ма нуаза (хъуамæ уой къæйттæ), уый тыххæй хистæртæ дзаг агуывзæ авæрынц арфæгæнджыты хистæрмæ дæр. Ацы арфæйæ уæлдай хистæртæм арфæ кæнынмæ хъуамæ мачиуал цæуа.  

 

«Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…». Хæстæг хионы фæдыл мардмæ æрцæуынц мæрддзыгой адæм, йæ сыхбæстæ, кæнæ йе’мкусджытæ. Уый хорз æгъдау у, фæлæ цымæ фыццаг чи æрхъуыды кодта, уыдонæн сæрмагонд арфæ кæнынмæ цæуын? Кæй фæдыл æрцыдысты, уый хай ракуры æмæ хистæры æвастæй иу æмбалимæ бараст вæййы фынджы астæумæ, цæмæй сын уым арфæйы нуазæнтæ бануазын кæна. Уый у хистæрты æфхæрæн, фыдуынд æмæ æнæгъдау ми зианы фынджы уæлхъус. Дæ фæстæ чи рацыд, уыдонæн ис дзыхы ныхасæй раарфæ кæнæн, фынгæй куы сыстой, уæд. 

 

Зианы фынгыл не’мбæлы рæгъытыл бирæ, кæнæ хъæрæй дзурын. Дæ дзырдарæхстдзинад дæ æндæр ран бахъæудзæн, ам та дæхиуыл фæхæц æмæ хорз æгъдау равдис. Лæугæйæ не’мбæлы нуазын, хойраг йе фыдызгъæл кæрдын, агуывзæ дзаг кæнын. Фынгыл бадгæйæ ма дым тамако, ма сыст хистæрты разæй - уымæй æвдисыс дæ æнæгъдаудзинад, хистæртæн аргъ кæй нæ кæныс, уый. Кæд дæ бон нæу бафæразын иу сахат (самолеты тæхгæйæ бирæ фылдæр бафæразыс), уæд хуыздæр уыдзæн фынгыл куы нæ сбадай. Хуыцау дæ бахизæд искуы зианы фынгæй расыгæй сыстынæй. Уымæй худинаг кæныс дæхи дæр, стæй дæ бинонты æмæ дæ мыггаджы. Ма хатæм кæрæдзимæ нозтæй, йæ градусты нымæц ирон æгъдаумæ æппындæр ницы бар дары. Чи цы æмæ цас нуазы, уый хъуамæ уа йæхи бар. Уый цы æгъдаухалджытæ не’мбарынц, уыдонмæ та ма хъусæм. Зианы фынгыл хистæр нæ кæны кувгæ, нæ уадзы сидтытæ æмæ гаджидæуттæ, æрмæст – рæгъытæ. Уыцы бар æндæр никæмæ хауы, æмæ дзы дæлдæр бадæг адæмæн ныхасы бар дæттын нæ хъæуы. Цины фынгыл – æндæр хъуыддаг. Уыимæ, хисты цæрæнбоны рæгъытæ сты нымад, нæ сæм хъæуы хи хъæппæрисæй æфтауын.  

Иуæй-иуы ферох вæййы цы фынгæн бады хистæрæн уый, æмæ фæсиды хистæрты, гъе хæдзары хицауы (уæлдайдæр бонджын лæг куы уа, уæд), кæнæ æндæр искæйы цæрæнбоны тыххæй. Ахæмтæн сæ бар сæхи уадз, уæд хæрнæджы фынджы рæгъыты нымæц 20-25-мæ схæццæ кæндзысты, æмæ ма уæд куывдæй цы кæныс? Уыдоны фарс рахæцынц иуæй-иу къуымыхзонд фæлæ цæлуарзаг адæм дæр: «Кæдæм тагъд кæнут? Ныр ацы фыдызгъæл æмæ хойраг цы фæуыдзысты?» Ома, æнæмæнгæй сæ бахæрын хъæуы, цæмæй ма фесæфой! Гуыбынæй æгъдау иуварс ссонын хъуамæ макæмæн уадзæм.  

 

Цал рæгъы æмбæлы зианы фынгыл, зæгъгæ куы бафæрсай, уæд дын алы ран дæр хицæн дзуапп ратдзысты. Кæм аст, кæм дæс, кæм та ноджы фылдæр, хистæрæн чи бада, уымæ гæсгæ. Иры Стыр Ныхас æмæ бирæ хистæртæ хæрнæджы фынгыл æхсæз рæгъы нымайынц фагыл. Уымæн ис гæнæн, фыдæбонгæнджыты (сыхбæсты, æрцæуæг адæмы æмæ кæстæрты) иу рæгъæй куы æрхъуыды кæнай, уæд. Фæлæ бирæтæ сæхи сцæгъдынц: «Цытæ дзурут! Уый та куыд? Дæс-дыууадæсæй къаддæр гæнæн нæй». Ис ахæм хъæутæ æмæ сыхтæ, зианы фынгыл дæс хатты æрмæст рухсаг кæм фæзæгъынц. Уæ хорзæхæй, ма аразæм зианы фынгæй «посиделовка», не’гъдæуттæй та хынджылæггаг, арвистон.  

 

Зæгъын ма мæ фæнды кæстæртæн дæр: алкæйы дæр уæ фидæны хистæры бынатмæ хъæудзæн, æмæ йæм дзæбæхæй бахæццæ ут. Фæлæ абон не’гъдæуттæн сæ мидис куынæ бамбарат, уæд сæ райсом уæлейы бадгæйæ бынтон ныссуйтæ кæндзыстут.  

 

Нæ фыдæлтæ хæрнæджы фынгыл æвæрдтой æрмæстдæр цæхх, фыдызгъæл æмæ хойраг (дзул, сойылвых). Уый æвдыста, ахæм хъуыддагмæ рагацау цæттæ кæй нæ вæййынц. Фæстæдæр, хæрнæджы хæссын райдыдтой астæуккаг азиаг хъарм хæринаг - плау. Уыимæ йæ фылдæр хатт, сой адæмыл тæдзгæйæ рахæссынц фæстæдæр, æмæ фынджы хистæр уæд ныллæууы, плау хицæнæй ныххæлар кæнын хъæуы, зæгъгæ. Цы нысан ис ацы æгъдауы, æмæ йæ чи æрхъуыды кодта? Кæд æнæ уыцы плауæй нал ис гæнæн, уæд иу æй рагацау цæуылнæ сфыцæм æмæ йæ цы фыдызгъæлæй конд у, уыимæ цæуылнæ ныххæлар кæнæм? Ныр ма нæм хæрнæджы фынгыл ноджы фæзындис гуырдзиаг лобиа дæр, стæй цæхджынтæ, дыргътæ, адджинæгтæ. Дарддæр та цы? Фыдджынтæ æмæ цъыс-цъысгæнгæ физонæг, бæгæны, коньяк æмæ виски? Худгæ ма кæнæм, худаджы хал дам хауаг у… 

 

Ноджы ма иу фыдуынд хъуыддаг ныффидар ис нæ хистыты. Адæм, сæ къухтæ дон æмæ сапонæй ныхсыны бæсты, фынгыл æрбадгæйæ, февналынц водкæмæ, æмæ дзы хъазуатонæй «дезинфекци» кæнын райдайынц. О, хæццæ йæм кæны спирт, æмæ уый къухтæ хорз сыгъдæг кæны, фæлæ нæ цæмæн байрох вæййы мардæн хæларгонд нозт уымæн кæй нæу, уый? Раст зæгъгæйæ, Дзæуджыхъæуы, стæй хъæуты дæр, бирæ рæтты нæ вæййы утæппæт адæмæн къухтæ донæй ныхсыны фадат саразын. Уæд иу фынгыл цалдæр уымæл салфеткæты къоппы æрæвæрын растдæр нæ уаид? Уый рæстæджы домæн у.  

 

Цард ивы, æмæ абон сылгоймæгтæ дæр æрбадынц хæрнæджы фынгыл. Хатгай ахæм ран сæ ныхас хистæрты ныхасæй хъæрдæрæй фæхъуысы. Уый фыдæбонгæнджыты ‘рдыгæй у стыр рæдыд. Сылгоймæгты кæд æнæмæнг сбадын кæнын хъæуы, уæд æндæр ран, хистæртæй дæлдæр. Уæдæ сын водка æмæ æндæр карз нозтытæ чи æрæвæры, уый та сæ кæны худинаг æмæ æгад. Æппындæр сæм куы не‘вналой, уæддæр сылгоймаджы раз хисты карз нозтæн йæ кой йæ хъæр дæр хъуамæ ма уа, кæд сæ нæхæдæг сафынвæнд не скодтам, уæд. Уæ хорзæхæй, ма рæдийут.  

 

Нæ фыдæлтæм мард ныгæнæн бон «музыкæ» нæ цагътой, уыцы æгъдау æрбайстам советон дуджы рæстæг. Хъæуы æви нæ, уыцы фарстайæн алчидæр йæхæдæг раттæд дзуапп. Æз мæхæдæг мæ мады зианы нæ баххуырстон музыканттæ, æмæ йыл нæ фæфæсмон кодтон. Чидæртæ та уыцы музыка нымайынц мардæн уæлдай кадыл. Уыдонимæ быцæу нæ кæнын. Фæлæ нæ зианты æндæр адæмты фæндыртæ æмæ уадындзтæй цæгъдын та мæм кæсы æнæуаг, фауинаг ми. Уыимæ ма фæзындысты æндæр æххуырсгæ лæггæдтæ дæр. Арæх фехъусæн ис, нæ мад (гъе та фыд) афтæ фæдзæхста, зæгъгæ. Æмæ кæд дæ рынчын цардвæллад хистæр ирон кафт уарзта, уæд ын йæ зианы симд ауадзынмæ хъавыс? Хуыздæр иу нæ уаид, уыцы хистæртæн сæ ныгæнæн бон æххуырсгæ цæстмæмитæ кæныны бæсты сын уæлæуыл хорз лæггад бакæнын? 

 

Вæййы ма фенæн цины фынг зианы фынгмæ куы аздахынц, ахæм цаутæ дæр. Искæйы чындзæхсæвы, кæнæ куывды хистæр куы сысты, æмæ зæронд мæрдты (зæгъæм, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи фесæфт уыдоны) ном аргæйæ сын рухсаг куы фæзæгъы, стæй ма фынгмæ дæр нозтæй куы æртадзы, уæд уый у фыдракæнд фысымты бинонтæн. Фыццаджыдæр зонын хъæуы цæмæн æртадзæм нозтæй фынгмæ рухсаг зæгъгæйæ. Уымæй символикон æгъдауæй фынгыл цы ис уыдонæй хай кæнæм чи фæзиан уымæн. Æмæ кæд афтæ у, уæд куыд ис мæрдтæн хай кæнын искæйы цины фынгæй? Уæдæ зианы фынгыл дæр иуы рухсаггагæй иннæмæн рухс кæнын не’мбæлы, уымæн сæ не сцæттæ кодтой. Ном ссарын æндæр хъуыддаг у. Куыд зонæм, афтæмæй зианы нуазынц бадгæйæ, зæгъгæ лæугæйæ куы кæнай, уæддæр. Хъыгагæн, бирæтæй уый ферох вæййы, æмæ цины дæр фæтагъд кæнынц æрбадынмæ бануазыны размæ. Афтæ кæнын нæ фæччы. 

 

Цал ахæм лыстæг фæзилæны ис Ирон Æгъдауы! Æвæццæгæн сæ чингуыты бæстон куы фæфыссæм, уæд бахъæудзæн æнæхъæн библиотека саразын. Бирæтæм уыцы фæзилæнтæ ахсджиаг нæ кæсынц, уымæн æмæ сын сæ мидис не'мбарынц, уынынц æрмæстдæр сæ уæлцъар. Цæмæй æгъдауæн йæ арф хъуыды бамбарай, уыйтыххæй хъуамæ мады æхсырау чысылæй фæстæмæ дæ буары ахъара, дæ дадзинты тугимæ зилдух кæна. Уымæн та ис гæнæн æрмæстдæр мадæлон æвзаг æмæ хорз æгъдаухæссæг хистæрты фæрцы. Хуыцау сæ кæмæн нæ балæвар кодта, уыдон мæ нæ бамбардзысты, зæгъдзысты та: «Им там что, больше делать нечего?» Ахæмтæн зын бамбарæн вæййы цы у Ирон Æгъдау æмæ нын æнæ уый фидæн цæуылнæ ис. Уæлдай сын нæу, цины уой æви зианы, сæхи дарынц иухуызон – удæн æмæ буарæн æнцондæр куыд у, афтæ.  

Уыдонмæ чи нæ хауы, кæмæн у зынаргъ йæ адæмы национ цæсгом æмæ фидæн, чи тырны йæ фыдæлты æгъдæуттæ хорз базонынмæ, ахæмтæн Иры Стыр Ныхас бацæттæ кодта «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ» чысыл бæрæгуаты (справочникы) ног рауагъдад. Уыцы чиныгыл йæ заманы зæрдиагæй бакуыстой Ирыстоны алы къуымтæй рацæугæ кадджын æмæ куырыхон хистæртæ. Ирон æгъдæуттыл нæм бирæ чингуытæ рацыдис фæстаг æзты, фæлæ уыдонæн сæ фылдæр сты иу авторы зондæй фыст. Ацы чиныг та равзæрдис сæдæгай лæгты иумæйаг зонд æмæ унаффæйæ, æмæ йæ стыр уæз ис уый мидæг. Бæрæгуат уыдис æмхъæлæсæй фидаргонд 2007 азы ирон адæмы 6-æм Съезды Цхинвалы, æмæ уый фæстæ адæмыл апарахат ис, разы дзы уыдысты, пайда дзы кодтой. Фæлæ рæстæг цæуы æмæ цард дæр йемæ ивы. Уыцы ивддзинæдтæ нæ æрдомдтой бæрæгуатыл ногæй бакусын. Дыккæгæм рауагъдадимæ абаргæйæ йæм хаст æрцыдис хæрзчысыл ивддзинæдтæ, фæлæ ма уыдонмæ бафтыдтам бирæ фиппаинæгтæ, кæцытæ чиныгкæсæгæн æмбарын кæнынц æгъдæуттæн сæ мидис. Уый зонгæйæ æнцондæр у се’ххæст кæнын.  

Чиныг ис райсæн лæвар, Иры Стыр Ныхасы, Фрунзейы уынджы, 24 хæдзары. 

 

Фæрнæйдзаг ут, мæ Ирыстоны адæм, æмæ нæ Иунæг Кадджын Стыр Хуцау рæсугъд æгъдаухæссæг фæкæнæд. 

 

КУЧИТЫ РУСЛАН  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ