Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИМÆ КУЫВД
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИМÆ КУЫВД
 

 

 

Хетæджы Уастырджимæ ирон адæм кувынц хистæрæй, кæстæрæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Кувæг лæг, дзырдæн, фæзæгъы афтæ:  

 

– Æмбал кæмæн ний, Уыцы Иунæг Кадджын Хуыцау, табу Дæхицæн! Æппæт дуне Рафæлдисæг Дæ æмы нæ Де сконд зæдты хорзæх дæр, Дæхи хорзæх дæр уæд!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны зæххыл цæрæг дзыллæтæм Хуыцауæй минæвар дæ æмæ ныл рæстырдæм куыд аудай, ахæм амонд нæ уæд! Дæ рухс кувæндонмæ Иры алы къуымтæй цы дзаджджын хуынтæ цæуы, уыдон дын барст уæнт!  

– Оммен, Хуыцау! 

– Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Тыхы рæстæг у æмæ дæ курæм: Æрæфы дон, Урсдон, Æрыдон, Фиййагдон, Джызæлдон сæхи Терчы донимæ куыд æхсызгонæй бабастой, афтæ дæ кувæг ирон адæмы зонд æмæ хъарутæ куыд баиу уой, ахæм арфæ нын ракæн! 

– Оммен, Хуыцау! 

– Хетæджы цæхæрцæст Уастырджи, ахæм хорздзинад нын ракæн, æмæ Ирыстонæн йæ хуссары хъоппæг дидинæг цæгаты уардиимæ кæрæдзийыл куыд сыздыхсой! Нæ ирон туг, нæ кад, не ‘гъдау (см. Æгъдау), нæ мадæлон рæсугъд æвзаг куыд нæ фесафæм, хъахъхъæнын æй куыд бафæразæм, уыцы хорзæх дæ курæм!  

– Оммен, Хуыцау! 

– Хетæджы рухс Уастырджи, табу дæхицæн! Абон æфхæрд Ирыстоны бæркад йæ гаччы нал и, цард фæцудыдта, фæлæ та йæ бынаты куыд сбада, нæ зæдтæ, нæ дауджытæн та гал-нывæндтæ куыд кæнæм, уыцы хорз амонд нын Мыкалгабырæй ракур! Нæ буц кæстæртæ рын, сонæй хызт куыд уой, уыцы хорз арфæ та сын рухс Алардыйæ ракур!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Ныхасы бæрзондыл бадæг Уистырджи, табу дæхицæн! Нæ ныхасы фарн куыд уа æмæ ацы змæст дуджы, Ирыстоны алыварс цы сыхаг адæмтæ цæры, уыдонимæ цæхх æмæ кæрдзын адджынæн куыд хæрæм, не хсæны хидыл цъæх хъуына куыннæ схæца, кæрæдзийæн бонхорз зæгъынхъом куыд уæм, ахæм арфæ дæр дæ курæм!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Æфсæддон Уастырджи, дæумæ дæр кувæм! Нæ гыццыл Ирыстон дзуарджын бæстæ у, æмæ нын æй фыдгулы зынгæй бахъахъхъæн!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Зæдты уынаффæдоны фæбадыс æмæ, цы амондджын тæрхæттæ рахæссут, уыдонæй нæ гыццыл Ирыстонæн дзаджджын хай бакæн! 

– Оммен, Хуыцау!  

– Чесаны Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны къæсæры бардуаг дæ, æмæ ацы тыхст дуджы фыдгулты фæндиаг куыннæ фæуæм, ахæм арфæ нын ракæ! Нæ сызгъæрин къæсæрыл саутуг, фыдзæрдæ лæг макуы ‘рбахизæд! Мидæмæ цæуæг-иу нæм амонды къах æрбавæрæд, æддæрдæм ыл чи хиза, уый та фæндараст куыд кæна, йæ бынатыл сæрæгасæй куыд æмбæла, уыцы хорз арфæ дæ курæм! 

– Оммен, Хуыцау! 

– Фæндагсар Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ гыццыл Ирыстоны фæндæгтæ æнæфыдбылыз, æнæмаст куыд уой, хæстон машинæйы цалх сыл куыннæ тула, ахæм арфæ дæ курæм! Нæ бæлццæттæ, нæ уазджытæ сыл зæрдæрухсæй хæрдгæбыдтæ куыд нывæндой, ахæм арфæ нын ракæ!  

– Оммен, Хуьщау!  

– Уæ, Хетæджы рагон Уастырджи, зонгуытыл лæугæйæ дæм худаистæй табу кæнæм, курæм дæ: Мады Майрæмы хорзæх Иры зæххыл байтау! Фыдæлты хорз амондæй нæ æнæхай ма фæкæ! Дæ амменгæнджытæ тархъæды бæлæстау фылдæрæй фылдæр куыд кæной æмæ Ирыстоны кад Уазайы цытджын цъуппæй. бæрзонддæр куыд сисой, ахæм амонд сын ратт! 

– Оммен, Хуьщау! 

– Уæ, арвы кæрæтты бон æртæ зылды чи кæны, нæ фыдæлты уыцы цæхæрцæст Уастырджи, табу дæхицæн! Ирыстоны алы къуыппыл, алы рындзыл дæ рухс кувæндæттæ сты æмæ, сæ алыварс чи цæры, уыдон цардæфсæст æмæ хурæфсис куыд уой, ахæм арфæ нын ракæн! 

– Оммен, Хуыцау!  

–Гъæйтт, Хетæджы Уастырджи, бæрзондæй ныллæгмæ нæм рафæлгæс! Кæд искуы искæйы кувинæгтæ адджынæн айстай, уæд мах куывд дæр уый æмбал фæкæ! Иры зæххыл цæрæг дзыллæтæ стырæй, чысылæй де уазæг, дæ фæдзæхст! 

– Оммен, Хуыцау! 

– Цæй, æмæ афтæ цы зæд загъта, мæ ном ссаргæйæ æз хуыздæр ахъаз, хуыздæр арфæтæ ракодтаин, зæгъгæ, уымæн дæр не ‘ртæ чъирийы барст уæнт!  

– Оммен, Хуьщау! 

1980-90 азтæй фæстæмæ Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон ссис æппæтадæмон. Кувæндонмæ республикæйы алы горæттæ æмæ хъæутæй æрцæуынц дæсгай æмæ дæсгай мин адæймæгтæ. Сæхи, сæ бинонты, сæ къабæзты бафæдзæхсынц Хетæджы Уастырджийыл, фæкувынц, фæзарынц, фæкафынц, кæрæдзийæн фæзæгъынц сæ зæрдæбын дзуринæгтæ. Хетæджы дзуары кувæндон, Хетæджы Уастырджийы бонтæ систы адæмы иугæнæн бонтæ, нациты кæрæдзиуыл бæттæг бонтæ. 

 

 

 

http://www.iriston.com/nogbon/news.php?newsid=335



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ