Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Кокайты Тотрадз
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

 

Кокайты Тотрадз райгуырд 1944 азы Тырсыгомы Четырсы 

хъæуы. 1952 азы Тотрадзы бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, Тарскæйы хъæумæ. Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ 1960 азы бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон училищейы графикон хайадмæ. Училищейы ахуыр кæнгæйæ архайдта литкъорды. Уæд фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ республикæйы газетты æмæ журналты. Фæстæдæр бацыд ахуыр кæнынмæ М. Горькийы номыл литературон институтмæ, стæй райдыдта кусын республикæйы телеуынынады. Куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы. 1992 азæй фæстæмæу чиныгуадзæн«Ир» - ы сæйраг редактор. Поэты фыццаг æмдзæвгæтæ рацыдысты 1969 азы – иумæйаг æмбырдгонд «Райгуырæн бон»-ы. уый фæстæ фæзындысты «Нывæфтыд фæндæгтæ» (1974),«Æмдзæвгæтæ» (1983), «Æрвон райсомтæ» (1990), «Мæдзуар» (1994). Тотрадз у Хуссар Ирыстоны гимны ныхæсты автор. 

Тотрадзæн Ирыстон у йæ сагъæс, йæ мæт, йæ хъыг. Йæ царды бæллиц – зæххыл куыд фæуæлахиз уа рæстдзинад, куыд фесæфой мæнгарддзинад æмæ фыдæх. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц æрдзы нывтæ. Адæймаг æмæ æрдзы иудзинады уыны æгæрон тых, ныфс æмæ æнцойдзинад. 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ