Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Битарты æфсымæртæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Битарты æфсымæртæ 

 

Хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ советон адæм риуæмбæрц лæгдзинад æмæ чи никуыма уыд, ахæм хъæбатырдзинад æрлæууыдысты фашистон лæгмарты ныхмæ тохы, равдыстой стыр Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ цыфыддæр знаджы ныхмæ дæр хæсты азты æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ æвдыста лæгдзинад æмæ æхсардзинады дæнцæг. уæхски – уæхск тох кодтой Ирыстоны адæм дæр. Алы цыппæрæм цæрæг Ахæм ахсджиаг стыр хæст нæ уыд 1941-1945 азты Ирыстоны хъæбултæ Ныййарæг мады фæдзæхст сæрыстырæй æххæст кодтой æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд бырстой знаджы ныхмæ æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ кæм нæ архайдтой æмæ кæм нæ фесгуыхтысты. нæ хастой. Адæм сыстадысты знаджы ныхмæ æмæ хъæбатырæй тох кодтой хæсты быдыры. Райдыдта карз хæст æмæ ацы хъæбатыр лæппутæ араст сты сæ къонатæй, фæндараст загътой сæ бинонтæн, сæ уарзон чызджытæн. Фыдыбæстæйы хæст… Лæгæвзарæн хæст. Ахæм хъæу, ахæм мыккаг æмæ хæдзар нæ уыд хæсты цæхæр кæй нæ басыгъта. Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ фыццæгтима ацыдысты Битарты æфсымæртæ Мичурины хъæуæй. Фыдæй¬фыртмæ ирон цард рæсугъд у хистæр æмæ кæстæры æгъдауæй. Хистæр æмæ кæстæры æгъдауæй рæсугъд уыд йæ рæстæджы Битарты кадджын Тæтæрхъаны хæдзары дæр. Æвзæрст хоры хуызæн уыдысты Тæтæрхъаны кæстæртæ, йæ цыппар куыстуарзаг æмæ сæрæн фырты: Хæмæтхъан, Лазыр, Саулох, Барис æмæ уыдонæн се’ртæ рæсугъд хойы: Фатъимæт, Сона æмæ Сафеткæ. Хæдзарыдзаг бинонтæ хæлар, æнгом, адджын цард кодтой. 

 

Фæлæ цард æмæ рæстæгæн сæхи æгъдæуттæ ис. Баззад ныхас: хурбон, зæгъы, хуры хъармыл ма бацин кæн, къæвда йæ раивдзæн. Къæвда бон та къæвдайы’рцыдыл хъыг ма бакæн, уымæн æмæ йæ фæстæ хур ракæсдзæн æмæ æрдз йæ ног хуыз равдисдзæн, фæлмæцыд зæрдæйæн удæнцой æрхæсдзæн. Хæст куы райдыдта, уæд фæндыры цагъд æмæ ирон зард нал хъуыстысты нæ ирон, нæ фæрныг хъæутæй. Лæгдзинад, лæджы’хсар зын рæстæг хъæуынц. Мичуриныхъæуы Битарты æвзаргæ фæсивæдæй фыцццæгдæртимæ тохы быдырмæ ацыд Барис, адæм хъазты фидауц кæй хуыдтой, уыцы Барисы. Æрмæст Мичуриныхъæуæй Барисы фæстæ иу иннæйы фæдыл Битарты фæсивæдæй хæсты быдырмæ ацыдысты дыууадæс æвзаргæ лæппуйы. Æртындæсæм та, Битарты бæлццон фæсивæдæн се’ппæты кæстæр уыд – Хазджери. Йæ азтæ нæма амыдтой, уæддæр курдиат балæвæрдта æфсæддон комиссариатмæ, зæгъгæ, барвæндонæй цæуын Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Хæстмæ та йæ къахфындзтыл кафгæ ацыд, йæ хистæр æфсымæртæм цæуы, цингæнгæйæ. Уæд ничима зыдта, уыцы хæрзконд, хæрзуынд фæсивæдæн цы уыдзæн сæ фæндаг, куыд уыдзæн сæ хъысмæт. Фæлæ рæстæг куыд карз æмæ æнæхатыр уыд хæсты рæстæджы афтæ рауад сæ хъысмæт дæр. Битарты æртындæс хæстон лæппуйæ ма æгас хæдзар ссардтой æрмæстдæр æртæйæ: Ханджери, Иналыхъ æмæ Шамил. Уыдон дæр цæфтæй, рыст æмæ фæлладæй. Йæ царды рæсугъддæр азты Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау карз тохы быдырæй йæ уарзон Ирыстонмæ нал раздæхт хорз æмгар , хорз æфсымæр, дыууæ рæхснæг чызджы фыд Битарты Барис. Ничи зоны, кæм фæмард, кæм ис йæ ингæн. Бæлвырд у æрмæстдæр иу хъуыддаг. Фыццаг уыдис Дербенты , уый фæстæ йæ хæстон æмбæлттимæ афтыд Хъырыммæ. Дзурынц, зæгъгæ, уым знагимæ карз хæстыты Керчы донбакалæны бирæ ирон фæсивæд фесæфт æмæ, зæгъынц, уыцы цæрынхъуаг ирон хæстон фæсивæдыл ирон чызджытæ скодтой зарæг «Керчы хæстонтæ». Чи зоны, уыцы ирон фæсивæдимæ уыд Битарты Барис æмæ, чи зоны. Зарæг «Керчы хæстонтæ» у Битарты Барисы зарæг дæр. Чи зоны… Сæ цард Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау чи радта, уыдон рухс нæмттæ рох никуы уыдзысты адæмы зæрдæтæй. Алкæйы ном дæр сæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыди историйы. 

 

 

 

БИТАРТЫ ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ
 

 

Тархъæды бæлас цæмæн нызмæлди ирон зарæгмæ, 

Битарты Чермен, далæ-ма акæс комы нарæгмæ: 

Цæмæн нызгъæлди йæ сæууон æртæх йæ сау къабæзтæй? 

Уый де ’фсымæртæ кæд заргæ ссæуынц Германы хæстæй. 

Бæлццæтты астæу хæххон цæргæсау бæрæг чи дары, 

Уый кæд Барис у, сæ разæй цæуы дæрдтыл фæлгæсгæ. 

Битарты Барис зæрдæуынгæгæй афтæ ныззары: 

— Куыд зынаргъ мын дæ , куыд тынг дæ мысын, нæ ирон бæстæ! 

Фæлæ нын тохы нæ цардвæндагыл ихкъæвда уары, 

Ацы уæззау хæст цард æмæ амонд йæ разæй суры, 

Æз нал фендзынæн мæ дзæбæх хоты, мæ цардæмбалы. 

Æз нал фендзынæн мæ дыууæ чызджы, мæ дыууæ хуры. 

Хæстон лæппутæн сæ рæсугъд кæстæр Хъазджери уыди, 

Йæ хорз хистæртæм кафгæ ’мæ заргæ сау хæстмæ цыди. 

Уый йе ’фсымæрты цы уарзтæй уарзта, цы уарзтæй уарзта, 

Хуры хъæуæй цын, Хуры хъæуæй цын хуры рухс хаста. 

Фыдбоны артæй уæлахизимæ æрыздæхтысты 

Æхсарджын Шамил,сæрæн Ханджери, ныфсхаст Иналыхъ. 

Битары фырттæн хæстон фæндагыл сæ къах нæ фæллад, 

Тохы быдыры бæрзонддæр систой ирон лæджы кад. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ