Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Цæрукъаты Алыксандр
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

БОНВÆРНОН СТЪАЛЫЙАУ РУХС, ИРД ÆМÆ ТÆМÆНТÆКАЛГÆ…
 

 

Ирон профессионалон театралон аивады йе сфæлдыстадон цард цыбыр кæмæн уыд, фæлæ дзы ирд, хæдхуыз, ахадгæ фæд чи ныууагъта, уыцы курдиатджын арфæйаг зиууæттæй иу уыдис ЦИАССР-йы адæмон æмæ УФ-йы сгуыхт артист Цæрукъаты Алыксандр (Дзибокка).  

 

Сценæйы йæ чи федта, уыдоны зæрдæты хуры фыццаг тынау баззад æрттивгæ йæ фарны рухс. Уымæн абоны онг æрмынæг уæвæн нæй, рæстæджы уадзилдух ыл нæ тых кæны. Йæ æрмдзæфы хæдхуыздзинады æууæлтыл абон дæр дис кæнынц ирон театры артисттæ æмæ аивадуарзджытæ. Æмæ йæ ном кæнæ йæ аив хъæлæс радиойæ фехъусгæйæ (уый та арæх вæййы!), æнкъардæй, зæрдæйы æрфытæй цæуæг ныхæстæй бакæнынц: "Алыксандр ирон сценæйы цæргæ кодта, цæргæ”. Йæ рæстæджы ирон теары цур студи каст цы фæсивæд фесты, уыдоны æхсæн йæ курдиат уæлдай ирддæрæй бæрæг уыд. Ирон профессионалон театры бындурæвæрæг, Цæгат Ирыстоны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг Тотраты Бесæ Алыксандры тыххæй ахæм зæрдиаг хъыдытæ загъта: "Ирон театры цур студийы чи ахуыр кодта, уыцы фæсивæды астæу уæлдай бæрæгдæр дардта Алыксандр, фыццаджыдæр, йæ куыстуарзондзинадæй. Æнæнцой уыд иудадзыг дæр. Мæнмæ афтæ касти, æмæ ацы лæппу бон нæ, фæлæ ма æхсæв бонмæ дæр, йæ царды фæндагæн цы нысан равзæрста, уым фæлвары йæхи. Цыфæнды хъуыддаг ын бабар кæн, цалынмæ-иу æй баххæст кодта, уæдмæ-иу йæхицæн æнцой не ссардтаид". Тотраты Бесæ аргъ кæнын зыдта æцæг курдиатæн, æмæ Алыксандрмæ стыр сфæлдыстадон фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, уый йæ зæрдиагæй уырныдта. Фæлæ цæй цыбыр разынд йæ хæдхуыз аивады фæндаг, цæй бирæ бæллицтæ бамынæг сты йе ‘взонг цæхæр зæрдæйы æнафоны æвирхъау адзалы аххосæй. Уымæ гæсгæ, фидарæй зæгъæн ис: Алыксандры сценикон цард уыд сæууон стъалыйы ферттывдау ирд, дзæнхъа дурау, æрттивгæ, фæлæ цыбыр. Цæрукъаты Алыксандр Ирон театры сценæйы цы сурæттæ сарæзта, уыдонæн сæ зынгæдæр уыд Токаты Асæхы пьесæ "Усгуртæ"-мæ гæсгæ æвæрд спектаклы бригадир Зауырбеджы сурæт. Ацы ролы тыххæй аивадиртасæг, наукæты кандидат Дауыраты Харитон йæ чиныг "Арвæрттывд"-ы бафиппайдта: "Ацы спектаклы Алыксандрн ноджы тынгдæр раргом йæ курдиат лирикон рольтæ хъазынмæ". Уый фæстæ ма Алыксандр ахъазыд бирæ рольты: Мавлен — Абдулла Каххары "Зæлдаг гауыз"-ы, Глостер — Шекспиры "Къарол Лир"-ы (ацы спектакль Мæскуыйы æвдыст æрцыд ирон аивады æмæ литературæйы декадæйы бонты дæр), Бестол æмæ Чермен — Плиты Грисы "Чермен"-ы æмæ бирæ æндæртæ. Артист йе сфæлдыстадон тыхтыл никуы ауæрста. Удуæлдай æмæ уæлтых, иудадзыгдæр хиуыл куысты руаджы цыд иу сфæлдыстадон æнтыстæй иннæмæ. Уæдæ æппынæдзухдæр йæ хуыздæр хæлæрттæ уыдысты ирон, фæсарæйнаг, уырыссаг, советон аивадон литературæйы уацмыстæ. Бадгæ кодтаид, фæндагыл цыдаид — хæзнаты хæзна — чиныг — уыд кæддæриддæр йемæ. Алыксандр канд курдиатджын артист нæ уыд, фæлæ ма ирон аив сценикон дзырды дæсны. Абон дæр нæ республикæйы паддзахадон радиойы æфснайд сты, нæ номдзыд артист йæ аив хъæлæсы ахорæнтæй кæй снывæзта, магнитофоны лентыл ныффыссыны размæ “гъæйтт, мардзæ” куыст кæуыл фæкодта, йæ хъæлæсы æрвон тыхы фæрцы дзæнхъа дурау кæй сæрттивын кодта,уыцы уацмыстæ: Къубалты Алыксандры кадæг "Æфхæрдты Хæсанæ", Хъуылаты Созырыхъойы кадæг "Кодзырты Таймураз", Плиты Грисы кадæг "Салдат". Ацы уацмыстæ дæр, Алыксандр сценикон аивады цы æнтыстытæ равдыста, уыдоны хуызæн сты нæ культурæйы æмæ аивады æвæджиуы хæзнатæ. Мæнмæ гæсгæ, абоны онг Цæрукъаты Алыксандры курдиаты авналæнтæм бæстон каст æмæ йын йæ алы ролæн дæр аккаг аргъгонд нæма æрцыд. Уыцы хъуыддагыл чи бакуса, уый стыр хордзинад сараздзæн йæ дзыллæйæн æмæ аивадуарзджыты бирæ фæлтæртæн. Алыксандры тыххæй бирæ æрмæджытæ уыд нæ бæстæйы æмæ республикæйы газетты æмæ журналты. Сæ наукон бæстон иртасæнты Алыксандры курдиатыл фыстой зындгонд ирон аивадиртасджытæ Маринæ Литвиненко, Дауыраты Харитон, Бæциаты Агуыдз, Плиты Жаннæ. Уыдон сæвæрдтой фидар бындур, артисты курдиаты миниуджытæ иртасыны фæндагыл чи æрлæууа, уыцы æрыгон аивадиртасджытæн. Номдзыд ирон артист Цæрукъаты Алыксандры тыххæй уæ размæ хæссæм йæ бинонтæй, йе ‘мкусджытæй, йæ хæлæрттæй цалдæры мысинæгтæ: ЦÆРУКЪАТЫ Азæ, Алыксандры хо: — Ме 'фсымæр Алыксандры зæххон цард тынг цыбыр уыд. Æдæппæт фæцард 39 азы. Фæлæ йын бантыст адæмы зæрдæты ирд æмæ рухс фæд ныууадзын. Æхсызгон мын у, кæд ме 'фсымæры æвирхъау адзалæй бирæ азтæ рацыд, уæддæр ын йæ рухс ном кæй нæ рох кæнынц нæ театры артистты, режиссерты хистæр фæлтæрæй УФ-йы сгуыхт артист Тлаттаты Бексолтан, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Икъаты Бертæ, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зындгонд режиссер Бекъойты Розæ, РЦИ-Аланийы адæмон артист, зындгонд диктор æмæ зарæггæнæг Мамсыраты Тасолтан, ЦИПУ-йы президент, академик Мæхæмæтты Ахуырбег. Æмæ ма бирæ æндæр зындгонд адæмтæ. Мæ сæрæй сын ныллæг кувын. Абон дæр мæ нæ рох кæны, Ирыстон ме 'дзард æфсымæры йæ фæстаг фæндагыл куы æрвыста, уæд цас æмæ цас дзыллæтæ æрбамбырд. Иу рæстæг сæм нæ мад Саучызг æнкъард цæстæй ракаст æмæ йæ хъæбулы табæтмæ ныхъхъарæг кодта: "Дзибокка, акæс-ма, дæ адзалыл цал æмæ цал адæймаджы зæрдæтæ риссынц. Æз дæ нырмæ мæхи хъæбул куы хуыдтон, ды та адæмы уарзон хъæбул куы уыдтæ!" Алыксандры курдиатæн аргъ кæнынц, ирон аивады æмæ журналистикæйы æнтыстджынæй чи архайы, уыцы æрыгон фæлтæртæ дæр. Уыдонæй сты РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусджытæ, ПТРК "Алани"-йы амонджытæ Лалыты Хъазыбег æмæ Налдыхъуаты Зæлинæ. Сæ эфиртæм гæнæн æмæ амалæй бахæссынц, Алыксандр йæ рæстæджы ирон фысджыты уацмыстæй кæй каст, уыдонæй аивдæр скъуыддзæгтæ. Йæ мысæн бонтæй иумæ йын бацæттæ кодтой сæрмагонд радиобакаст. КОТОЛИТЫ Мария, номдзыд зарæггæнæг, ЦИАССР-йы адæмон æмæ УФ-йы сгуыхт артисткæ: — Алыксандры базыдтон ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты. Иу хæдзары цардыстæм, Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы раз стыр хæдзæрттæй иуы. Махимæ тынг лымæн уыд, уæлдай стыр аргъ ын кодта мæ цардæмбал, зындгонд артист, режиссер Цихиты Мæйырбег. Ирон театры фидыц æй хуыдта. Алыксандр-иу цы спектакльты хъазыд, уырдæм-иу анæацæугæ никуы фестæм. Дис кодтон йæ курдиатыл, адæймагдзинадыл æмæ æддаг бакастыл. Алцæмæй дæр æххæст уыд, фæлæ йын цард куы бантыстаид, уæд йæ ном, йæ курдиат Уæрæсейæ дæр ма дарддæр кæй анхъæвзтаид, уый дызæрдыггаг нæу. Алыксандры цард уыд цыбыр, фæлæ Бонвæрнон стъалыйау рухс, ирд æмæ тæмæнкалгæ… ГÆЗДÆНТЫ Булат, номдзыд фæндырдзæгъдæг, дирижер, композитор, рухстауæг, РЦИ-Аланийы æмæ УФ-йы адæмон артист: — Алыксандр ирон тетралон аивадæн уыд йæ фидыц, йæ кад æмæ намыс. Кæд ирон театры героиконромантикон сурæттæ аразæг артисттæ уыдис, уæд уыдонæн сæ зынгæдæр уыд Алыксандр. Æз кæддæриддæр уæлдай æхсызгондæрæй цыдтæн, Алыксандр кæм архайдта (фæнды — сæйраг ролы, фæнды — фæрсаг), уыцы спектакльтæ фенынмæ. Йæ алы роль дæр уыд ирд фæзынд ирон театралон аивады. Мæнмæ гæсгæ, Алыксандр ма куы рацардаид, уæд ын нæ театры Тæбæхсæуты Балойæ къаддæр кад нæ уыдаид… Фæлæ ма нæ бон у мысын, зæрдыл дарын, æмæ йæ мысдзыстæм. Ахæм артисты номæн рохгæнæн нæй…  

 

 

Æрмæг бацæттæ кодта ГАСАНТЫ Валери 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ