Ныхæстæ: Хабæты-Гæджынаты Риммæ,
Композитор: Воложанин Евгений.
Проекты разамонæг: Сæлбиты А.
Мах ног азы æрцыдмæ
Фæбæллæм алы аз.
Фæкæсæм мах æнхъæлмæ,
Æрхаста та нын заз!
Æркафæм ныр йæ быны,
Æрцаразæм, цæй, хъазт,
Нæ лæвæрттæ- йæ хуыны,
У ног азмæ нæ каст!
Зон, сабитæн нæй сайæн,
Æнхъæлмæ йæм кæсæм.
Ныр урсзачъе дадайæн
Мах зарджытæ кæнæм!
Цæй, зазы бын æркафæм,
Æрцаразæм дзы хъазт,
Нæ лæвæрттæ- йæ хуыны