Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Коцты Бега
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын

Коцты Бега  

Ирон адæмы хъæбатыр, Чеселты уырысы æфсады ныхмæ растады сæргълæуæг. 

 

 
1830 азы сусæны мæйы, уырысы æфсад, инæлар Реннекампфы разамындæй ныббыырста Хуссар Ирыстоны Чеселты коммæ. Уыцы ахъаззаг цæфæй хъуамæ ныммынæг уыдаид ирон адæмы сарибаруазаг зонд, хъуамæ басастаиккой паддзахы минæвæрттæн æмæ се’вæрд бынæттон хицауадæн. Бирæ хъæуты ирæттæ хъæбатырæй æрлæууыдысты æфсады ныхмæ. Тохы мидæг мæлæт ссарын кæддæриддæр уыд кадджындæр знагæн басæттынæй. Чеселты 30 лæджы, сæ сæргъы Коцты Бега, афтæмæй сæ фыдæлты мæсыгæй дыууæ боны дæргъы ураттой мин æмæ æрдæг æфсæддоны. Сæхиуыл дуæрттæ ныхгæттой æмæ хæстæг бацæуын никæйы уагътой. Ренненкампф куы бамбæрста, ницы сын у йæ бон бакæнын, уæд мæсыгыл бандзарын кодта. Ирæттæ уæддæр нæ састысты, сæ тох дарддæр кодтой, мæлæтыл разы уæвгæйæ.  

Фæстагмæ, мæсыджы цар куы басыгъди æмæ куы ныккалди, уæд Бега æмæ ма ноджы фараст лæджы сæхи бæндæнтыл дæлæмæ рауагътой, хъаматимæ сæхи æфсæддонтыл андзæрстой. Фарасты дзы салдæттæ сæ джебогътыл хæрдмæ систтой. Бега ма йæхицæн фæндаг бæргæ айгæрста, фæлæ фæстæдæр уый дæр æрцахстой. Иннæ тохгæнджытæ басыгъдысты масыджы мидæг.  

 

Цалдæр азы фæстæ ма æвсæддон историк В.Потто фыста: «Абон ма æрмæстдæр мæсыджы сыгъд къултæ бацамондзысты фæндаггонæн уыцы бынат, дæс æмæ ссæдз ирон лæджы спартайнаг фидардзинадимæ мин æаме æрдæг уырыссаг æвсæддоны ныхмæ кæм тох кодтой, уый» 

 

Ацы æрмæг ист у Челæхсаты Казбеджы чиныгæй «Осетия и осетины»  

Иронау æй ратæлмац кодта Кучиты Руслан.  

 

Ноджы ма бакæсæн ис: 

Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг».  

Тынг зæрдиагæй уын æй амонын. Бакæсут æй, нæ фæфæсмон кæндзыстут. 

 

Бегайы номыл арæзт видеоклипмæ бакæсæн ис мæнæ ам 

http://www.tvir.ru/2008/01/27/rasskaz_o_geroizme_koshty_bega.html 

 



 Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ