Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

САФАЙЫ РÆХЫС
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

САФА
 

 

Сафа — къонайы дзуар ирон мифологийы, къонайы рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг, йæ лæвар адæмæн — къонайы рæхыс нымад цæуы æппæты ахсджиагдæр æмæ уæлфæдзæхстдæр дзаумайыл. Нарты кадджыты Сафа у уæларвцæрæг. Нартимæ йын ис хæлар ахастдзинæдтæ, у Нарты Уырызмæджыфырт Хъырым-Солтаны хъомылгæнæг-аталыхъ. 

Иуæй-иу кадджыты æвдыст цæуы Хуыцау — куырды хуызы, арæх æй хонынц «æрвон» Сафа. Йæ номимæ баст сты бинонты циклы æгъдæуттæй иу къорд, куыд «авдæнбæттæнтæ», чындзцæуæг чызджы «хæрзбон»-ы æгъдау йæ фыды уæзæгæн æмæ йæ йæ мойы къонаимæ базонгæ кæныны фæтк. 

Сафайы номимæ æмæ къонайы рæхысæн йæхиимæ баст сты ирон цардыуаджы иуæй—иу туджджынты бафидауын кæныны æгъдау æмæ ард хæрыны фæтк. Сафайы номæй ард бахæрын нымад уыдис уæлфæдзæхст хъуыддагыл. 

 

 

САФАЙЫ РÆХЫС

 

 

Къонайы рæхыс. Ирон адæмы фыдæлтæ кæддæр артмæ куывтой, æмæ цыдæриддæр артимæ баст ис, уыйсын табуйаг уыд. Уæлдай тынгдæр та Къонайы рæхыс-Сафайы конд рæхыс. Хохаг алы хæдзары дæр уыдартдзæст, йæ сæрмæ та – уæларты рæхыс. Зындгонд куырдты арæзт рæхыстæ. Фæлæ дзы уыдис ахæмтæдæр, адæм уæларвæй Сафайæ рауадзгæ рæхыстæ кæй хуыдтой. Ахæм рæхыстæ-иу цы бинонтæм, хæдзарвæндагмæ, хъæубæстæм уыдис, уыдон сæхи стыр амондджын хуыдтой. Ныр дæр ма сæ хæхбæстыбирæ бинонтæ сæ къонайы сæрæй нæ рафтыдтой, быдырмæ чи ралыгъд, уыдон сæ бæрæг ран сауыгътойкæнæ арф бафснайдтой æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц. 

Сафайы рæхысы стыр фарн ис. Ног чындз иу хæдзармæ куы бакъахдзæф кодта, уæд æй къухылхæцæгхъуамæ æртæ хатты æрзилын кодтаид йæ алыварс, нæлгоймаг-иу сомы кæнæ ард куы хордта, уæд-иуæнæмæнг хъуамæ бавнæлдтаид Къонайы рæхысмæ, æцæгæлон-иу бинонтыл йæхи куы фæдзæхста, уый-иуКъонайы рæхыс йæ хъуырыл атыхта, æмæ йын уыдоны æвастæй знаггад ничиуал ракодтаид.Бинонтæй-иу нæлгоймаг куы нал баззад, уæд-иу сæ чызджыты хистæр сæ Къонайы рæхыс йе 'фцæгылæрæфтыдта. Афтæ бакодта Хетæгкаты Олгъа, йæ намысджын иунæг æфсымæр Къоста куы амард, уæд. Æлгъыстæн баззад: «Дæ рæхыс де 'фцæгыл ахæсс!» 

Сафайы рæхыс – Къонайы рæхыс адавын, æддæмæ раппарын мæлæтæй карздæр уыд. Худинаг уыд æппæтхæдзарвæндагæн, тæссаг – уыцы ми чи кодта, уымæн. Кадæг Æфхæрдты Хæсанæйы мад Госæма йæфыртæн йæ фыды марджыты тыххæй куы дзуры, уæд уæлдай тынгдæр тыхсы, сæ Къонайы рæхыс сын кæйрафтыдтой æмæ йæ фаджысмæ кæй аппæрстой, ууыл. Амарынæй, Къонайы рæхыс æддæмæ раппарынæй – фæчъизи йæ кæнынæй кæцы карздæр уыд, уый нæ хицæн кодта ирон адæймаг. 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ