Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Задалески Нана
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын

ЗАДАЛЕСКИ НАНА  

Ирон адæмы цытджын нана, тæтæры ныббырсты рæстæджы сывæллæтты ирвæзынгæнæг. 

 

Алантæ бирæ рæстæджы хъал цæмæй уыдысты, уыцы æнæкæрон сæрибардзинад цын фæстагмæ рацыдис стыр фыдбылызмæ. Алы хæстыты чи бахсæст, æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ чи нæ ‘рхаста, уыцы адæм равзæрстой мæлæт цагъары царды бæсты. 

1395 азы къулых Тимур, йæ æнæнымæц тугдзых бирæгъты æвсæдимæ ныббырста аланты зæхмæ. Куыд зонæм афтæ, тæтæры разамонæг фыццаджыдæр æгъатырæй цагъта, æртасын чи нæ куымтта, уыцы адæмты. Аланты разамонджытæ, кæд хицæнтæй уыдысты хъайтар æмæ æхсарджын, уæддæр уыцы заманты кæрæдзиуыл хорз нал хæцыдысты, алчи йæхи зондæй архайдта. Утæппæт æфсадты ныхма та иугай сæ бон уыдис æрмæстдæр тохы быдыры кадимæ мæлæт ссарын. Афтæмæй Тимур йæ «джихады» артæй басыгъта æгас алайнаг адæмы. 

Дыууиссæдз азы фæстæ ма фæндагкон - истоик Иосиф Барбаро фыста, бынæттон адæмы аланты тъæпæны кæй нал федта. Аланты бæстæйæ рауадис зæууат тыгъд быдыр, кæцыйы парахатæй фенæн уыдис æрмæстдæр алайнаг обау-ингæнтæ. Адæмæй ма цы армыдзаг аирвæзт, уыдон сæхи бафснайдтой бæрзон, æвадат хæххон кæмтты æмæ лæгæтты. Уыцы бæрзæндтыл сарæзтой хъæутæ æмæ уым фæцардысты цалдæр æнусы.  

Тимуры ныббырсты заманы хабæрттæ ирон адæмæй рох нæ уыдысты. Лæвæрттой сæ фыдæй фыртмæ таурæгъты æмæ зарджыты хуызы. Уыдонæй сæ зындгонддæр у «Задалескы Нанайы кадæг». Уыцы иумæ, у адæмы сæфты фæдыл зæрдæрыст хъарæг дæр. Фæлæ йæ сæйраг нысан у мæгуыр сидзæр сывæллæтты ирвæзынгæнæг Нанайæн æнустæм кад скæнын.  

Алайнаг сылгоймаг сидзæр сывæллæттæй ма чи аирвæзт, уыдоны æртымбыл кодта, æмæ сæ знæгтæй æмбæхсгæйæ, æхсæвыгæтты акодта хæхбæстæм. Афтæмæй бахызтысты æвцæджы сæрты, æмæ Задалескы æрцардысты. Фæхаста цæ кæрдæджытæй æмæ хъæды зайæгойтæй. Куы рахъомыл сты, уæд скодтой бинонтæ, фæцыдысты фæйнæрдæм. Уыдонæй рацыдысты бирæ хъæутæ æмæ мыгкæгтæ.  

 

Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ, 

Æвæстаг ку фæцæнцæ; кæугæ, дзиназгæ. 

Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ 

Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл. 

Уæд ма разиннуй дзилли амондæн 

Силæстæг дуйнебæл, æма седзæрти 

Æ разæй ку скæнуй, фусти къуари хузæн. 

Æхсæвæй-бонæй сæ гъæуай ку кæнуй 

Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр. 

Будурæй гъæдæмæ, гъæдæй æрдозæмæ, 

Дигори Æфцæгмæ е'рух ку раттуй, 

Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ  

Задалески Сæри ку'рбунат кæнуй. 

 

Цымæ цавæр уыдис Задалескы Нана? Цы хуындис йæ ном? Цы мыгкагæй уыдис? Мах уыцы фарстатæн æвæццæгæн дзуапп никуыуал ссардзыстæм. 

Фæлæ Задалески Нана адæмы зæрдæты баззадис цард æмæ рухс дæттæг сылгоймаджы нысанæй. Уый хонын нæ Ирыстоны Иумæйаг Мад. 

Дыгургомы алы сæрд дæр кæнынц Задалески Нанайы бæрæгбон. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр ын хистæртæ æрымысынц йæ рухс ном. 

Мадæлтæ раздæрау кувынц Нанамæ, курынц дзы сæ сывæллæтты фыдбылызæй бахизыны ахъаз. 

 

Найфонты Фатимæйы æрмæджы бындурыл.  

http://www.byloe.15rus.ru/zadaleskynana.htm 

( Кучиты Русланы тæлмацæй) 

 

МР3 Хуызы Задалески Найы зараеджы фыст Темирати Давиды архайдимае  

 

 

 

ЗАДАЛЕСКИ НАНА 

Тогуарæг æркодта, тогуарæг æркодта 

Тъæпæн Дигорæбæл, тъæпæн Дигорæбæл! 

Ахъсахъ Темури æфсæнцъух берæгътæй 

Саг цъæх будуртаг ку батар æнцæ, 

Æфсæнбид кауæй æнгомдæр, федардæр 

Саг фалæнбулай æртеголæ 'нцæ 

Тъæпæн Дигорæн сæ финдзцæуæг адæм, 

Сæ хъал фæсевæд, лæгæй — лæг хуæздæр, 

Се'знæгти къохæй тоглæсæн кæнунцæ, 

Кунæг кæнунцæ, мæрдтæмæ евгъуйунцæ. 

Фæстаг лæги уæнгæмæ бæргæ тохунцæ, 

Фал бунцагъд фæцæнцæ Тъæпæн Дигорæ! 

Уæд сугъдæ ку схуæцуй, цъæх арт ку сгъазуй 

Тъæпæн Дигорæн се 'вулд гъæутæбæл. 

Сæ байзайæггаг дæр — силæй дæр, нæлæй дæр — 

Хасти ку фæцæнцæ, хасти ку фæцæнцæ! 

Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ, 

Æвæстаг ку фæцæнцæ; кæугæ, дзиназгæ. 

Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ 

Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл. 

Уæд ма разиннуй дзилли амондæн 

Силæстæг дуйнебæл, æма седзæрти 

Æ разæй ку скæнуй, фусти къуари хузæн. 

Æхсæвæй-бонæй сæ гъæуай ку кæнуй 

Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр. 

Будурæй гъæдæмæ, гъæдæй æрдозæмæ, 

Дигори Æфцæгмæ е'рух ку раттуй, 

Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ 

Задалески Сæри ку'рбунат кæнуй. 

Алли зайæгойæй сæ хæссун ку байдайуй. 

Хæссун ку байдайуй. Ку растур унцæ, 

Ку сгъомбæл унцзе, гъæутæ ку сунцæ. 

Сæ еумæйаг мадæ Задалески Нанай мард 

Кадæ, цити хæццæ уæд ку байвæрунцæ  

Задалески фалдзос — Морги лæгæти. 



 Фиппаинæгтæ (1)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ