Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Давид - Сослан (Цæраззонтæй)
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Давид - Сослан (Цæраззонтæй)  

Ирон паддзæхты фырт, хæстон разамонæг, гуырдзиаг паддзах Тамары сæрыхицау. 

 

Гуырдзиаг-Ирон ахæстытыл ныр рацыдис бирæ анустæ. Баййæфтой бирæ ивддзинæдтæ, райдай незамантæй, ирон адæмы рагфыдæлтæ алантæ-иу Кавказы хохрæбынтæй Дайраны нарæгыл Гуырдзымæ куы ныббырстой, æмæ фæстæдæр хæлардзинад æмæ уæздан мыгкæгты æхсæн хæстæгдзинады онг. 

Уымæн бæлвырддæр æвдисæн у 1188 азы Гуырдзыйы паддзах Тамар ирон адæмы раздзæуæг Давид Сосланмæ кæй смой кодта уый.  

Давид Сослан уыдис Цæраззонты паддзæхты бинонтæй. Тамаримæ иумæ бирæ хорздзинæдтæ сарæзтой Гуырдзыстонæн. Йæ цард арвыста знæгтимæ хæцгæйæ, кæцытæ æдзухдæр лæбурттой Гуырдзыстонмæ, тырныдтой ын йæ зæххытæ байсынмæ.  

Къæдзæхы йас хъаруджын лæг æмæ хъæбатыр хæстон уæвгæйæ, Давид Сослан уыдис ахуыргонд дæр, алыгъуызон дæсныйадтæм арæхстис. Ныры историктæй бирæтæ æрцыдысты хатдзæгмæ, зындгонд поэма «Стайы царм дарæг» дæр уый кæй ныффыста. Украинаг ахуыргондтæ сбæлвырд кодтой ацы поэмайы ирайнаг фæзындтæ бирæ кæй ис, стæй дзы цыдæр сæрмагонд бынæттæ уагъд кæй æрцыдысты, ногæй ногмæ-иу æй чи фыста, уыдоны къухæй. Уыцы хатдзæг хъуамæ дызæрдыгкаг ма уа. Уымæн æмæ Давид Сослан йæ рæстæджы ахуыргæндтæй хуыздæртимæ нымад кæй уыдис, æмæ ма бирæ æндæр чингуытæ кæй ныффыста, уый бæлвырдгонд у. Стæй афтæ бæлвырд у, уæды ирон уæздан адæм уыцы ахуырад кæй истой сæхимæ, Ирыстоны. Уыцы хатдзæг бахах кодта зындгонд гуырдзиаг историк, академик Чичинадзе дæр.  

Давид Сослан амардис 1208 азы æмæ бирæ рæстæджы дæргъы йæ æвæрæн бынат бæрæг нæ уыдис. Фæлæ ивгъуыд æнусы 1960 азты Нузалы ссардæуыд ирон уæздан лæджы уæдыгкон ингæн. Бирæ фæлварæнты фæстæ историктæ, археологтæ æмæ антропологтæ æрцыдысты хатдзæгмæ, уыцы ингæны Давид Сослан ныгæд кæй ис.  

Уырыссаг ахуыргонд Герасимова йын сарæзта йæ скулптурон хуыз. 

 

Бакæсæн ма ис ноджыдæр (уырыссагау):  

 

http://www.abkhazeti.ru/pub/geotoday/16_06_2002_19/ 

http://www.hrono.ru/biograf/bio_t/tamara.html 

http://www.abkhaziainfo.f2o.org/templ/EpVpyZZZlVqMJOhPWB.shtml 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ