Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ансамбль «КЪОНА»-йы зарджытæ æмæ цæгъдтытæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 

 

Берозты Таймураз — ансамбль «Къона»-йы саразæг

 

 

Музыкалон уацмысмæ хъусӕджы зӕрдӕмӕ арф бахъарынӕн ӕмӕ йын ӕхцондзинад раттынӕн алыгъуызон гӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ ис. Уыдон сӕйрагдӕртӕй иутӕ сты, уацмыс цӕй фӕрцы ис сӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ хъусӕгмӕ ирддӕрӕй радӕттӕн, ахæм музыкалон инструменттæ. Сӕ конд, сӕ ас ӕмӕ, сӕйраджыдӕр та, сӕ зӕлынадмӕ гӕсгӕ сты алыгъуызӕттӕ, се ‘ппӕт дӕр хъусӕгӕн сты ӕхцон, зæрдæлвас. Уыдонӕн сӕ рагондӕртӕй ӕмӕ ахадгӕдӕртӕй иу уадындз у. Бынтон рагон у, хæццæ кæны суанг Нарты эпосмӕ. Ӕмбисондӕн куы баззад Нарты Ацӕмӕзы уадындзы цагъд, суанг-иу хъӕддаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕ дӕр йӕ диссаджы цагъдмӕ хъусынтыл куы фесты. 

 

Иу рӕстӕджы ацы уадынгарз чысыл рохуаты аззад, ничиуал дзы пайда кодта. Фӕлӕ та уымӕн цалдӕр азы размӕ ногӕй айхъуыстысты йæ зæлтæ ӕмӕ та ӕрбатымбыл кодта аивадуарзджыты. Уыцы хъуыддагыл уӕхскуӕзӕй чи бафыдӕбон кодта, уыдонӕй иу у Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Берозты Таймураз. Уый каст фӕци музыкалон скъола, фӕстӕдӕр та ацы хаххыл ахуыргӕнӕндон дӕр, ныртӕккӕ зары Цӕгат Ирыстоны филармонийы. Берозы фырт йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй райдианы тынг дард лӕууыд ирон музыкӕ, ирон аивадмӕ. Фӕлӕ адӕймагӕн ӕрдзӕй цы хӕрзиуӕгон фӕндаг нывгонд вӕййы, уымӕй йын нӕй фӕхицӕнгӕнӕн, кӕддӕр ыл ныллæууы ӕмӕ йын уӕд ӕрхӕссы удӕнцой. Таймураз 2010 азы ӕрыхъуыста Моурауты Сосланы кой ӕмӕ сфӕнд кодта йемӕ базонгӕ уӕвын. Моурауы фырт дӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф айста рагон ирон уадынгӕрзтӕ аразыны дæсныйад ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр кодта. Райдианы уал арӕзта къустӕ, уацамонгӕтӕ. Иу рӕстӕджы йын чидӕр загъта, ома, хуыздӕр уыдзӕн, нӕ фыдӕлтӕм цы уадынгӕрзтӕ уыд, уыдонæн ног цард раттын. Райдианы куыста йӕхи хӕдзары, сцӕттӕ кодта далафӕндыр ӕмӕ йӕ фенын кодта Культурӕйы министрадæн, фӕцыд йӕ куыст сӕ зӕрдӕмӕ. Уӕд раргом кодта уадынгӕрзтӕ кæныны тыххæй йæ фæнд, кусӕн бынат ын куы уаид, уӕд. Рахицӕн ын кодтой Бӕстӕзонӕн музейы зӕронд пырх мӕнгагъуыст, скодта йӕ рог цалцӕг ӕмӕ ӕрæвнæлдта йæ ахсджиаг куыстмæ. Фӕлӕ сӕмбӕлд иу ныхдурыл — хъуыд, музыкӕ чи зыдтаид, ахӕм дæсны адæймаг ӕмӕ уӕд базонгӕ Ходы Олегимӕ. Уый фӕрцы райдыдта, музыкӕйы нотæтæм гæсгæ раст арæзт чи уыд, ахӕм уадынгӕрзтӕ цӕттӕ кӕнын. Рӕстӕг куыд цыд, афтæ хуыздӕр кодта Сосланӕн дӕр йӕ дӕсныйад. Гъе, ӕмӕ Берозы фырт дисы бахауд, Сосланы кусӕн ӕрмадзы куы федта далафӕндыртӕ, ӕрдӕгконд хъисынфӕндыр, стӕй уасӕн, уӕд. Уасӕн нырма ӕххӕст арӕзт нӕ уыд, фӕлӕ йыл цӕгъдӕн уыд. Райста йӕ ӕмӕ йыл чысылгай райдыдта цӕгъдын. Афтӕ тынг фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ арæх цæуын райдыдта Сосланмæ уазæгуаты. Сосланы кусӕн бынатмӕ ма фæцагъуыд сты, цӕгъдын ӕмӕ зарынмӕ чи цымыдис кодта, ахӕм кӕстӕртӕ, уыцы нымӕцы Бестауты Алыксандр, Тедеты Натия, Илаты Тимур ӕмӕ ӕндӕртӕ. Фӕлӕ ардӕм ӕрвылбон дӕр чи цыд, йӕ курдиат раргом кӕныныл зӕрдиагӕй чи архайдта, уый та уыд ӕрмӕстдӕр Берозы фырт. 

Хъӕууон бынӕтты ма исчи уадындзӕй цӕгъды, зӕгъгӕ, уымӕ дӕр тынг цымыдис кодтой Сослан æмæ Таймураз. Ӕрыхъуыстой, Задалескы кӕй цӕры 82-аздзыд Цоппойты Ламбег, уый цагъта хъӕзуадындзыл. Сосланимӕ йӕм иу бон араст сты, бӕстон фӕныхас кодтой йемӕ, цӕгъдгӕ дӕр ма сын акодта, кӕд бынтон йӕ тыхыл нал уыд, уӕддӕр. Таймураз ноджы тынгдӕр сразӕнгард ӕмӕ аскъуыддзаг кодта уый ӕххӕстӕй базонын, алы музыкалон уацмысӕн дӕр дзы сӕххӕстгӕнӕн куыд уа, афтӕ. 

Адӕймаджы конд афтӕ у, ӕмӕ цы фӕзоны, цы йын бантысы, уый йӕм ӕгъгъӕд нал фӕкӕсы, фӕлӕ фӕтырны ноджы фылдӕр базонынмӕ, саразынмӕ. Æмæ кæй кой скодтам, уыдонæн бамбарын кодта, кæй йæ фæнды фольклорон ансамбль саразын. Æмæ фæзынд ахæм ансамбль. Йæ ном — «Къона». Сӕ архайдмӕ бавнӕлдтой зӕрдиагӕй ӕмӕ бонӕй бон хуыздӕр кодта сӕ аивад, мидисджын ӕмӕ хъӕздыгдӕр та — сӕ репертуар. Сӕ иутӕ цагътой дыууадӕстӕнон фӕндырыл, иннӕтӕ — хъисынфӕндыр, далафӕндырыл, Берозты Таймураз уыцыиу рӕстӕджы цагъта далафӕндырыл дӕр ӕмӕ уадындзыл дӕр. «Къона»-йы репертуары фӕзындысты ахӕм цӕгъдтытӕ, куыд «Ханты цагъд», «Симд»-ы цалдӕр варианты: «Заманхъуйлаг», «Къуыдайраг», «Дыгурон», стӕй «Хонгӕ» æмæ æндæр цӕгъдтытӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕххӕст кӕнынц зарджытӕ дӕр. Зӕгъӕм, «Туаллаг зарӕг». Уымæн йæ мидис у ахӕм, ома, чызджы чындзы куы ӕрвыстой, уӕд туаллӕгтӕ ардтой сӕ фыдӕлты нӕмттӕ ӕмӕ рухс кӕнын райдыдтой мыггаджы бындурӕвӕрӕгӕй ӕмӕ-иу фесты, ӕппӕты фӕстагмӕ чи фӕзиан, уымӕй. 

Берозы фырт азилы хъӕутыл ӕмӕ исты ӕгъдау йӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд ӕй бахӕссы йӕ репертуармӕ. Цӕвиттон, уыд Берозты кувӕндоны, кодтой Уациллайы бӕрӕгбон, уым ма уыд Цорӕты мыггаджы минӕвар. Уый ныффыста Уациллайы зарӕг ӕмӕ йӕ заргӕ дӕр акодта, Таймураз та йӕ диктофоныл ныффыста. Уый фӕстӕ йын чысыл аранжировкӕ сарӕзта ӕмӕ ныр ис «Къона»-йы музыкалон альбомы дӕр. 

«Къона»-йы уӕнгтӕ ӕрыхъуыстой, Мӕскуыйы аивадуарзджыты фæндон, рагон ирон цӕгъдтытӕ ӕмӕ зарджытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон аивадимӕ базонгæ уæвыны тыххæй. Æмæ ацыдысты Мæскуымæ. Сӕ концертӕн уыд стыр ӕнтыст. 

Берозы фырты куы афарстон, кæм ма уыдысты гастролты, уымӕй, уӕд йӕ дзуапп уыд: 

— Цалдӕр хатты уыдыстӕм Мӕскуыйы, Санкт-Петербурджы, Цхинвалы, Стамбулы, фӕйнӕ хатты Анкарайы, Ростовы, Самарæйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Æмбæлдыстæм фæсарæнты цæрæг ирæттимæ дæр, уыдонæн ферохгæнæн нæй, уӕлдайдӕр та Турчы цӕрӕг ирӕттимӕ фембæлдтытæн. 

Ивгъуыд аз Берозты Таймураз рахызт, йӕ хъӕппӕрисӕй цы «Къона» сырӕзт, уый скондӕй. Уый тыххӕй йæ ныхас уыд, зӕгъгӕ, «Къона»-йы ныр хорз, цӕттӕ ӕххӕстгӕнджытӕ ис, уыдон сӕ табугӕнджыты зӕрдӕтӕ тавдзысты ӕмӕ рухс кӕндзысты сӕ аивадӕй. Мӕн та фӕнды ӕндӕр къорд срӕвдз кӕнын, ӕрмӕст хъуамӕ «Къона»-йы ӕнгӕс ма уа, фӕлӕ ӕндӕргъуызон. Йӕ репертуары уыдзӕн вазыгджындӕр музыкалон уацмыстӕ. Уы-дзӕн нӕм 4-5 ӕххӕстгӕнӕджы, ныртæккæ уал стӕм ӕз ӕмӕ ирон хъандзалфӕндырыл цӕгъдӕг Елисаты Макс. Ӕнӕуый та мӕ тынг зӕрдиагæй фӕнды, цӕмӕй алы ирон хӕдзарӕй дӕр хъуыса ирон зарӕг, ирон цагъд. 

 

Хуыбиаты Никъала 

 

http://new.xurzarin.ru/berozty-tajmuraz-ansambl-kona-jy-sarazaeg/ 

 

 

 

Попытка молодежи Северной Осетии возродить создание национальных музыкальных инструментов и иметь возможность слушать родную мелодию во всей ее первоначальной красоте. Документальный фильм "Къона". ГТРК Алания 

 

 

 

 

Dzeranty Lavrenty zaræg (Дзеранты Лавренты зарæг) 

 

 

 

Ой, чызгай...  

 

 

 

 

Бирæгъзæнггаг хонгæ.  

 

 

 

Лидер ансамбля "Къона" Таму Берозты исполняет симд на осетинской волынке (лалым-уадынз). 

 

 

 

Хорз ус. 

 

 

 

Нарты Батразы кадæг 

 

 

 

 

Ой алай. 

 

 

 

Æфсатийы зарæг.  

 

 

 

Чепена. 

 

 

 

 

Куклайы цагъд 

 

 

 

Песня косарей 

 

 

Ерысы кафт.  

 

 

 

Тотиты Акимы зарæг 

 

 

 

 

Аджиаты Азджерийы фырт Куыцыччы кадæг. 

 

 

Нартыхты Сосойы зарæг. 

 

 

 

 

Алолай. 

 

 

 

 

Сау хохы фыййау. 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ