Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ИНДИАГ АРГЪАУ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дауырæ (Дауыраты-Сланты Зоя) 

 

ИНДИАГ АРГЪАУ

 

 

Цардис æмæ уыдис иу пыл. Пылтæй бирæтæ саутæ сты, фæлæ уый та уыди урс. Уыдис тынг зæрдæхæлар. Йæ ном хуындис Джу. Джу тынг бирæ уарзта сабиты. Армукъамæ-иу уæззау хæссинæгтæ куы ахаста, уæд-иу йæ хицау цалынмæ йæ уæйгæнинæггæ уæй кодта, уæдмæ-иу Джу йæ алыварс сабиты æрæмбырд кодта, йæ даргъ хæтæл фындзæй-иу сæ йæ фæтæн фæсонтæм иста æмæ-иу се ‘ппæты дæр йе 'ккойы сбадын кодта. Армукъайы фæзы-иу сæ фæрахæсс-бахæсс кодта, сабыргай цæугæйæ, æмæ-иу сæ фæстæмæ иугай-иугай йæ хæтæл фындзæй зæхмæ æрæргъæвта. 

Джу тынг бирæ уарзта маймулиты лæппынты дæр, иннæ сырдты лæппынты дæр. Йæхи дæр ын уарзтой сырдтæ дæр æмæ адæм дæр. 

Иу бон куы уыдис, уæд Джу ацыдис Джунглимæ. Иу къуырийы фæстæ фæстæмæ æрбаздæхт æмæ йемæ æрбакодта йæ ноггуырд гыццыл лæппыны. Схуыдтой йæ Джуджу. Джуджу уыдис къорийау æмдымбыл. Йæхæдæг урс уыд, йæ къæхтæ та фæныкхуыз. 

Джуджуйыл иу мæй куы рацыдис, уæд йæ мад фыццагау адæмæн æххуыс кæнын райдыдта – райдыдта армукъамæ уæзæгтæ хæссын. Райсомæй-иу куы цыдис, уæд-иу йæ лæппыны ныффæдзæхста, æппындæр куыд никуыдæм ацæуа изæрмæ, афтæ, æмæ-иу гыццыл пылы лæппын бон-изæрмæ хурмæ кастис, – зыдта, хур зæхмæ куы æрхæццæ уа, уæд йæ мад æрбацæудзæн æмæ бирæ цыдæртæ æрбахæсдзæн. 

Иу бон та Джу кусынмæ ацыд. Джуджу хурмæ кæсынæй куы бафæллад, уæд афынæй. Кæддæр-кæддæр цыдæр æнахуыр хъыллистытæ йæ хъустыл ауад, æмæ фесхъиудта – уый маймулиты лæппынтæ, хъыллистытæгæнгæ, Джуджуйы алыварс зилын райдыдтой, гæппытæ кодтой, кафыдысты, стæй йыл фæхæцыдысты æмæ йæ семæ Джунглимæ аскъæфтой. Бæргæ ма фæархайдта йæхи се 'хсæнæй ратонынмæ, фæлæ афтæ дард ацыдысты хъæуæй, æмæ Джуджу иунæгæй фæндаг нал ссардтаид. 

Згъордтой маймулийы лæппынтæ бæлæстыл Джунглийы арфмæ. Згъордта Джуджу дæр сæ фæдыл Джунглийы пыхцыл хъæды. Фæлæ йыл, æппындæр æнхъæл кæмæн нæ уыд, ахæм бæллæх сæмбæлд: йæ кæхты бын зæхх аскъуыд æмæ цыдæр арф дзыхъхъы смидæг. Бæргæ ма архайдта уырдыгæй фæстæмæ схизыныл, фæлæ дзыхъхъ афтæ арф уыдис, æмæ йæм маймулиты хъыллист дæр нал хъуыстис. Æвæццæгæн, маймулитæй дæр зондджынтæ вæййы - иу гыццыл маймулийы лæппын арф дзыхъхъы тигъыл алæууыд, æмæ Джуджумæ ныхъхъыллист кодта. Уый дæр æм йæ дынджыр сау цæстытæй æнкъардæй скаст æмæ йæ сæр бынтон ныллæг æруагъта. 

Хур зæххыл куыд атылдис, уый Джуджу нал федта, уымæн æмæ арф дзыхъмæ боны рухс æппындæр нæ хæццæ кодта. 

Джу бон-изæрмæйы куыстæй фæллад куыд нæ уыдис, фæлæ-иу йæ рæсугъд лæппын йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд-иу йæ фæллад фæцыдæр. 

– Джу-Джу! Джу-Джу-у-у! – бауасыд дынджыр пыл йæ даргъ хæтæл фындзæй хъæугæронæй, фæлæ, иннæ бонты куыд уыдис, афтæ уыцы бон йæ лæппын йæ размæ нæ ратахт. Джу фæтарст æмæ згъорын райдыдта хъæумæ. Зæхх йæ къæхты бын рызти. Æрра сырдау разгъор-базгъор райдыдта хъæуы уынгты – йæ уарзон хъæбул Джуджуйы агуырдта, фæлæ никуы æмæ ницы. Ничи федта адæмæй дæр æмæ сырдтæй дæр пылы лæппыны. 

Тынг куы æрталынг, æмæ маймулитæ куы бафынæй сты бæлæстыл, уæд иу гыццыл маймулийы лæппын – бонæй Джуджумæ дзыхъхъы былæй чи ныккастис, уый йæ мады хъусы бадзырдта: 

– Мумули, æз Джуджуйæн тæригъæд кæнын, арф дзыхъхъы кæй ныххауд, уый тыххæй! 

Мад-маймули хъуыддаг куы бамбæрста, уæд уайтагъд пылы уæлхъус алæууыд æмæ йын хъуыддаг бамбарын кодта. 

Пыл афтæ хъæрæй ныууасыд, æмæ йæ, æвæццæгæн, Джунглийы пылтæ иууылдæр фехъуыстой – бамбæрстой, цыдæр бæллæх æрцыд, уый æмæ Джумæ згъордтой. Гыццыл маймулийы лæппын æмæ йæ мад сæ разæй, афтæмæй иууылдæр араст сты талынг Джунглийы Джуджуйы агурæг. 

Хорз æмбæрстой зондджын пылтæ, куыд тæссаг у Джунглийы, уæлдайдæр та æхсæвыгон, уый. Уымæн, æмæ сырдахсджытæ тынг арæх скъахынц арф, дынджыр дзыхъхъытæ, Джуджу кæм ныххауд, ахæмтæ. Боныгон дæр сырдтæн тынг зын раиртасæн вæййынц – цуанæттæ сыл уæле пальмæйы къалиутæ æмæ пыхсытæ бамбæрзынц. 

Кæддæр-кæддæр ирвæзынгæнджытæ бахæццæ сты, Джуджу цы дзыхъхъы уыд, уымæ. Уый, мæгуыр, фыр тæссæй улæфгæ дæр нал кодта. Йæ мад æм куы ныууасыд, уæд лæппын-пыл кæуæгау скодта, æмæ мады зæрдæ рацæйтыдта. 

Мæйæн дæр, æвæццæгæн, мад-пылы тæригъæдæй йæ зæрдæ рысти, бынтон ныррухс кодта йæ цæст, æмæ суанг талынг Джунгли дæр ныйирд. 

Пылтæ дзыхъхъы алыварс рацу-бацу кодтой æмæ уасыдысты. Ницы сæ бон уыд гыццыл лæппыны сласынæн. Сæ даргъ фындзтæ-иу бынмæ ныууагътой, фæлæ дзыхъхъæн йæ æмбисмæ дæр нæ хæццæ кодтой. 

Уæд дын сæм фалдæрæй даргъ залиаг калм кæсы æмæ сын уайтагъд сæ тыхст бамбæрста. Пылтæ кæлмытимæ хæларæй никуы цардысты, – тынг тæрсынц маргджын дынджыр кæлмытæй. Фæлæ маргджынтæй дæр, æвæццæгæн, тæригъæдгæнагтæ бирæ ис. Бабырыдис калм дзыхъхъы былмæ, æмæ пылтæ фæйнæрдæм алыгъдысты. Джу тынг фæтарст йæ лæппынæн, фæлæ залиаг сабыргай йæхи бынмæ куы ауагъта, æмæ йын сындæггай йæ лæппыныл йæхи куы æрбатыхта, уæд Джу бамбæрста, æххуыс сын кæй кæны, уый. 

Систа калм пылы лæппыны, æмæ йæ йæ мады цур сындæггай æрæвæрдта, йæхæдæг абырыд Джунглимæ. Пылтæ та ныууасыдысты, æвæццæгæн, ацы хатт калмæн арфæ кодтой. 

Гъе, афтæ калм фервæзын кодта пылы лæппыны, уымæн æмæ йæхицæн дæр лæппынтæ уыдис, æвæццæгæн. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ