Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Цæрукъаты Алыксандр 

 

ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ 

Зæххы буар ныссæфтæг1 –  

Басыгъта йæ хур.  

Уыгæрдæнты кæрдæг  

Баруади, ныббур. 

 

Бампылди зæбулæй  

Нартхорæн йæ сыф.  

Мæнæу дæр сæркъулæй  

Фæндагмæ кæсы. 

 

Йе 'нцъылд сыфтæр коммæ  

Тигъæй згъалы бæрз.  

Ахауди уæлгоммæ  

Ададжы был хæфс... 

* * * 

Быдырæй фæцæуы  

Хæхтырдæм Цъæхил.  

Ранæй-ран æрлæууы,  

Асæрфы йæ хид. 

 

Амбæлди йыл фахсы  

Иудзæлхыг уæрдон, –  

Дæлимон2 дзы ласы  

Боцкъайы дзаг дон. 

 

Лæг фæджих: «Циу ай та? –  

Къæхты онг – йæ хил!..»  

Хæйрæджы дзырд уайтагъд  

Айхъуыста Цъæхил: 

 

– Гъей, дæ бæрзæй саст уа! 

– Уæ, дæ хъуыддаг – раст!. 

– Гъей, дæ риуы маст уа! 

– Уæд фæрнæй дæ уарзт!.. 

 

Хæйрæджы æлгъыстæн  

Арфæ кæнын зон, –  

Хæйрæджы æвзыстæн  

Мацы уа йæ бон! 

 

 

Чи бафæрса раздæр  

Иннæйы, – уыдзæн  

Ацы ран æдасдæр,  

Йе 'знаджы сæтдзæн! 

 

Феррайау, фæкуыддæр  

Сау æлгъыстгæнæг. –  

– Чи дæ? Зæгъ, кæм уыдтæ! – 

Сарæхсти йæм лæг. 

 

Даргъ лыстæг къæдзилджын  

Батылдта йæ къах. 

Разырдæм ысчъилджын3 

Ралæхурдта тагъд: 

 

– Æз цы зæгъон,  

Уый – мæ тæрхон.  

Æз кæм тæхон,  

Уый – фыдæрхон, –  

Куы – дæлдзæхон,  

Куы – уæлдзæхон4. 

 

Нæй мын афон...  

Алцы сафон,  

Саурын уафон.  

Æз цы 'рдавон,  

Уый – уæларвон,  

Уый – дæларвон. 

 

Дæлимонтæй  

Дæн бындзыг. 

Уæд мæ ном та 

У Гæндзыг. 

 

Мæн ды ма 'нхъæл  

Царæфтыд5.  

Дзанхыл-Манхъыл  

У мæ фыд. 

 

Кæд нæ зоныс – 

Дæн нымад. 

Рохъыз-Бохъыз 

У мæ мад. 

Ме 'фсымæрæн уай фындзсæрфæн. 

Ды мæ хойæн уай зæхмæрзæн. 

Ды мæ фыдæн – баз, нывæрзæн. 

Ды мæ мадæн – къах æмбæрзæн! 

 

Хурзæринæй уай æнæхай!  

Урс бæхæй мын ды фæхæтай! 

 

Хоста зæхх йæ ныхæй,  

Алæууыдис хъен. 

Ракалдта йæ дзыхæй  

Сау ала, цырен. 

 

Хохаг лæг æм хъама  

Фелвасинаг уыд. –  

«Ма 'взидон, цæй, амæ,  

Уон цæмæй æвыд»6. 

 

– Чердæм у дæ фæндаг, – 

Радзур æй æххæст. 

– Хорзæй дæ цы фæнда, 

Ма 'рцæуæд æххæст! 

 

– О, фыдбылыз ма къах –  

Де ‘нæбонмæ кæс!.. 

– Хохдзæндтæй сакъадах 

Самадтон дæлвæз. 

 

Аскъæрдтон дзы гутон, 

Къæйдурыл – мæ хуым. 

Еуу, кæрдзæвæг – уыдон 

Байтыдтон æз уым. 

 

Ме 'сбон æмæ ме ‘зæр –  

Сау куысты уæлхъус,  

Фæлæ хортæн се’взар  

Хурбонты ныххус. 

 

Архайын, кæд ма сын  

Исты 'ххуыс фæуон –  

Мæнæ сæм фæласын  

Цъитигомæй дон... 

 

– Гъей, Гæндзыг, 

æмбыдсæр, –  

Дзуры йæм Цъæхил, –  

У дæуæй дæсныдæр  

Фаджысы хъæндил. 

 

Дон хæссын, йе ласын  

Никæддæр хъæуы.  

Донæн уалæ фахсæй  

Йе хæс у цæуын. 

 

Рауадз æй, – уæд хуымтæм  

Акæлдзæн, бырсдзæн.  

Хус зæххæн йæ къуымтæм  

Цардыхос хæсдзæн. 

 

Боцкъа дын æркъуырдта,  

Лæдзæгæй Цъæхил, –  

Йе 'стыр бын ныттыдта,  

Уæрдон дæр фæхъил. 

 

Дон пæррæстæй атахт,  

Йе 'згъорæн – уырдыг...  

Цæсты разæй уайтагъд  

Айсæфти Гæндзыг. 

 

II 

 

Хæйрæгæн сæхимæ  

Бахæццæ йæ хъаст,  

Æмæ дын Цъæхилмæ  

Рафыхти сæ маст. 

 

– Уыцы 'взæр гуымыйæ7 

Сбидзыстæм æндах, 

Судзины хуынчъы йæ 

Аласдзыстæм мах. 

 

– Скæнæм дзы къæсса8, 

– Ссинаг нын хæсса, – 

Загъта фыд. 

– Скæнæм дзы уæдæртт9, 

Æлхуйыл10– тъæбæртт, – 

Загъта мад. 

 

– Саразон дзы кард!  

– Скæнон дзы хæсгард! 

– Уый мæнæн – цæлласæн11 

– Уый мæнæн – сæрвасæн 

 

 

– Саразон дзы похци12! 

– Саразон дзы цолпи13! 

– Хорз уаид мæцъисæн14! 

– Хорз уаид фыдисæн15! 

 

– Скæнон дзы цæджындз! 

– Скæнон дзы æрцындз16! 

– Нæ фæлæ –гуыдыр! –  

– Нæ фæлæ – сымпыр17! 

 

Хæйрæджыты загъдæн  

Нал уыди кæрон.  

Фыд фæстагмæ загъта: 

– Рахастон тæрхон... 

 

Цæй, мæхæдæг суайон  

Нæй æндæр фæрæз.  

Хъуамæ йæ фæсайон  

Уайтæккæдæр æз. 

 

Айчы хъузджы йæ  

Ныппарон! 

Дуры къусчы йæ  

Фæдарон! 

 

Карды фындзыл æй  

Æрсадзон! 

Какосындзыл æй  

Ныууадзон! 

 

Хъазын мæ фæнды,  

Цъипп-цъыррыст!  

Фестдзынæн гæды,  

Уый та – мыст!.. 

 

Гъей, мæ хъалон,  

Тагъд ныммæл.  

Æз кæд – халон,  

Ды – хæдмæл. 

 

Царм дæ, – ам дæ, 

Ис уæфстæ!  

Кæд æз калм дæн, –  

Ды хæфс дæ! 

 

Æтт! Æрцагъта уадындз.  

Хойынц бедра, тас...  

Хæйрæджытæ кафынц  

Арты алыварс. 

 

* * * 

Дзанхъыл-Манхъыл ныр 

уæлдзæх 

Агуры Цъæхилы. 

Бастад, бафæллад йæ бæх, 

Сабыргай ма хилы... 

 

Хохæй хъæдбынмæ æрхызт.  

Суагъта уым йæ бæхы.  

Араст фистæгæй... Сæ рыст  

Нал æнцайы къæхтæн. 

 

Сау фæлм хæхты сæр æрбадт,  

Дымгæ мигъты скъæры.  

Фехсы Уацилла18 йæ фат,  

Елйа18 тынг ныннæры. 

 

Бæстæ уалынмæ ныттар.  

Хур цымæ цы фæци?  

Зæхх – бынæй, уæле та – арв,  

Хойынц ныр кæрæдзи... 

 

Хæйрæг лидзынмæ фæци...  

Гæрæхтæй фæтæрсы.  

Хуынчъы ауадзы йæхи,  

Дуры бын æмбæхсы. 

 

Фæлæ никуы ары къуым, –  

Раст йæ фыддæрадæн  

Хи кæм фæтъыссы, гъе уым  

Разыны къæвда-дон. 

 

Арв цыхцырæг у цыма –  

Фемæхсти сæх-сæхæй.  

Ахæм сахуарын19 нырма  

Никуы ‘рцыди зæххыл. 

 

Къæвда банцад... Хæхтæй  

'Хсæрдзæнтæ тæхынц.  

Хъæддаг сырдтæ, мæргътæ  

Иууылдæр – хуылыдз. 

 

Хуры цæстмæ дарынц  

Хуссæртты сæхи.  

Хæйрæг дæр фæсуарын  

Рахылд рухсмæ, и! 

 

Сабыргай лæмары  

Йе 'скъуыдтæ хæдон.  

Цæст фæйнæрдæм дары, –  

Дæлæ иу бæлццон! 

 

Сау куырæтджын... фистæг...  

Стыр нымæтхуд – урс.  

Мæнæ схæццæ. Диссаг! –  

У йæ дзаума хус! 

 

– Гъей, фæлæуу-ма, хорз лæг! 

– Арц20 дæ тæны!.. Циу? 

– Ракæ-ма мын хорзæх... 

– Фараст æви иу? 

 

Ацы лæгъз ныхасæй 

Фæндагыл цæуæг  

Бамбæрста: йæ разы  

Ис дæлдзæхцæрæг. 

 

– Иу уал, стæй, та – фараст, –  

Хæйрæг загъта цырд. 

Фæндаггон æм бакаст, 

Баппæрста йæ дзырд: 

 

– Иуæй иумæ баззай –  

Ма дын уæд бындар! 

О, дæ удæгасæй  

Фараст фыды ссар! 

 

– Хъазынæн дæр – афон. 

Раст мын зæгъ æрмæст –  

Стыр къæвдайы абон 

Ды кæм уыдтæ 'мбæхст? 

 

– Мигъ мын уыд нымæтæн,  

Бадæн та мын – рындз. 

– Ау, уæдæ куыннæ дæ 

Афтæмæй хуылыдз? 

 

– Уый зонæг куы уаис!.. 

– Радзур-ма йæ, цæй!.. 

– Бацамон, куыд сайыс, 

Ноджы ма – цæмæй? 

 

Сайæн хъул æм хæйрæг  

Хъусы хуынкъæй систа.  

Уыд йæ «цыг»21 æргъæуæй,  

Уыд йæ «фыр»21 æвзистæй. 

 

– Рацыд мыл гуыр-гуырæй  

Дымгæйæн йæ футт –  

Феппæрстон мæ куырæт,  

Хæлаф æмæ худ. 

 

Пыхс-къутæрты –  

Сæпп! 

Доны сæрты –  

Гæпп! 

Дæлæ фахсмæ –  

Уайгæ! 

Стыр бæласмæ –  

Уайгæ! 

 

 

Мæрайы сæ стъыстон,  

Арвы нæрдмæ хъуыстон.  

Æмæ йæ æлгъыстон:  

«Уæ, фæуай гæныстон!»22 

 

Мадард-бæгънæгæй  

Къуылдымыл бадтæн,  

Арв мæ лæдзæгæй,  

Ставд ехсæй надта. 

 

Уарын уалынмæ фæхъус.  

Скодтон æз мæ дарæс.  

Сты мæ уæлæ знонау хус –  

Мæнæ-ма, æрбакæс! 

 

Айс дæ хъул, – фæуæд дæхи.  

Адзысси йыл кæн.  

У мæ ном мæнæн Цъæхил,  

А зæххон лæг дæн! 

 

Хæйрæг фесхъиудта æваст, 

Фыр мæстæй ныдздзагъыр. 

Загъта: ‘Рцæудзынæ ды саст, 

Хъуамæ суай æрмахуыр! 

 

Ме ‘скъæт байдзаг и дæлдзæх – 

Ласдзынæ йæ фаджыс. 

– Ис мæнмæ та хохы дзæргъ – 

Хъусныхæг ын уаис!.. 

 

Стæй – хæрæг… – дзæбæх мын уæд! – 

Уыцы уасаг фосæн  

Фестис ды дæлдымæг хъæд23 

Сбæззис джиттæлбосæн24. 

 

Æлгъаг дæ, мамма25,  

Хъуыран-чытапп!..  

Кæм дæ, мæ хъама,  

Хъуыран-чытапп!.. 

 

Лæг æм февзыста, –  

Хъама февдыста. 

 

Хæйрæг фæтарст,  

Айсæфт æваст. 

 

 

Ш 

 

Дæлимонтæи цыд сæ цъах-цъах: 

«Байсæфтыстæм ныр!»  

Хабар базыдта сæ паддзах – 

Сохъырцæст Бæлгъуыр26. 

 

Бадт йæ лæгæты, рæбынæй, 

Уыцы схъæлæфсæр. 

Ралæст хъуынатæн сæ бынæй,  

Сау лопъо – йæ сæр. 

 

Аныхта йæ фындз, йæ синтæ,  

Фегом ис йæ дзых:  

– Адæймаг уыл зондæй, хинтæй, 

Гормæттæ27, фæтых! 

 

Фу! Мæ фыр мæстæй цы зæгъон? 

Фесæфтат уæ ард!  

Уыцы ницæййаг уæлзæххон  

Н’ алидздзæни дард! 

 

Рахæссон æй удæгасæй –  

Мардæй? Цæй, зæгъут! –  

– Маргæ – уый фæстæ... Æрлас æй! 

Сласæм ын йæ уд! 

 

– Къупристыгъдæй, йе æд цармæй? –  

Циу уæ фæндон, тагъд? 

– Рауадздзыстæм ын йæ армæй 

Ам гæрзытæ мах! 

 

– Уый – уæхстыл кондæй, æви уал 

Афтæмæй лæууа? 

– Бауадз-иу æй, ба, нæхи бар, 

Уадз, æнæхъæн уа! 

 

Бæх-кæфхъуындар, уæд йæ ехс та  

Маргджын калм уыди.  

Цъыкк, зæгъгæ, уæлдзæхмæ фехста  

Сау Бæлгъуыр йæхи. 

 

* * * 

Æфцæгæн йæ кæрдæг –  

Раст цыма цъæх хил.  

Ауагъта йæ цæвæг  

Уыцы ран Цъæхил. 

 

Адаста нæ хосдзау  

Иу чысыл гæппæл.  

Фæлæ нал уыд хорзау –  

У йæ куыст дзæгъæл: 

 

Чидæр ын йæ фæстæ  

Пырх кæны йæ карст,  

Æмæ йæм æдæрсгæ  

Хохаг лæг фæраст. 

 

Фыдгæнæг уым нал зынд –  

Амбæхсти кæмдæр. 

Хосдзауæн куы разылд  

Иу цъусдуг йæ сæр. 

 

Бамбæрста: уый – хæйрæг!  

«Багъæц уæдæ ды!» –  

Смæсты лæг, йæхæдæг  

Ногæй хос 'кæрды... 

 

Мæмæ та фæзынди  

Лопъосæр Бæлгъуыр!  

Додойгæнгæ 'рзылди  

Лæджы рæзты ныр: 

 

– «Сабыр уал…Дæ зонд дын 

Асурдзынæн æз. 

Стæй… Цы хъæуы – зонын… 

Афтæ-ма фæкæс! 

 

Агла-догла, 

Цара-циц! 

Сагла-могла, 

Бара-биц! 

 

Каси-даси 

Оппа-футт. 

Саси-баси 

Копа-тутт!»28 

 

Бæрзы цонг æрсаста,  

Скодта дзы цæвæг.  

Хос дзы цыма карста –  

Лæджы сси фæзмæг. 

 

Лæг æрлæууы, – уый дæр  

Байдайы лæууын.  

Лæг фæцæуы, – уый дæр  

Байдайы цæуын... 

 

* * * 

«Чи фæсайд уа раздæр!» –  

Бавзыста Цъæхил.  

Хæйрæгмæ æввахсдæр  

Баласта йæхи. 

 

Уым æрбадт... Ыздухы  

Кæрдæгæй бæндæн.  

Зæнгтыл æй куы тухы  

Сахсæны29 хуызæн. 

 

Æмæ йын ысрæвдз и...  

Хæйрæгмæ фæкаст –  

Хæйрæг дæр куы фæци  

Йе 'здыхт къæхтæ баст. 

 

Лæг йæ цæвæг райста,  

Арæхсгæ, дзæбæх,  

Бæттæнтæ дзы скарста... 

Ныр йæ къæхтæ – уæгъд. 

 

Хæйрæг дæр фæцæрдæг,  

Схæцы тынг – фæцъынд...  

Фæлæ дын бæрз лæдзæг  

Кард у, мыййаг, цы?! 

 

Бадгæ баззад афтæ:  

Гъестæй йыл Цъæхил  

Бирæгъау ныццавта  

Уайтæккæ йæхи. 

 

Фист-рихийы хилтæй  

Ратыдта бындзыг.  

Дæлимон йæ хинтæй  

Уыйадыл фæсыкк30. 

 

Уый уыд майрæмбоны. 

‘Рцыд уæрдæхтæй31 баст,  

Стæй хæрæгуæрдоны –  

Хохаг хъæумæ ласт. 

 

Айхъуыст хабар дисæн –  

Алчи сси фæрсæг.  

Уадысты фæдисау 

Бæлгъуырмæ уынæг… 

 

 

* * * 

Фидар æй ныббаста  

Цæджындзмæ Цъæхил.  

Майрæмбонты даста  

Хæйрæгæн йæ хил... 

 

Рацыдис иу афæдз... Сугмæ фæраст  

Хохаг йæ хъæдын уæрдоны.  

Арф комы иуран йæ сæмæн ныссаст...  

Ферох дзы ноджы – цы бон у... 

 

‘Рхæццæ кæркуасæнты уыцы æхсæв.  

Федта: уым нал ис йæ хæйрæг, –  

Цæджындзыл баззад йæ сау царм, 

йæ хæрв,  

Фæлæ цы фæци йæхæдæг? 

 

Хъæддзау ыскатай ис: «Уыцы сæлхæр  

Алыгъди йе 'лгъыст бæстæмæ...  

Майрæмбон!.. Баззад æнæ даст йæ сæр –  

Æмæ фæдæлдзæх фæстæмæ». 

 

Райсомæй даргъ михыл хæйрæджы царм  

Ауæдзы астæу æрсагъта. 

– «Баззай тæрсынгæнæн маммайæ ам»,–  

Хуымы кæрон æй ныууагъта. 

 

* * * 

Хæйрæджыты паддзах  

Аирвæзт зынтæй... 

Хæйрæджыты цъах-цъах  

Нал хъуысы уæдæй. 

 

Нал сæ уыны цæст дæр...  

Ау, цымæ кæм уой? –  

Баззад ма æрмæстдæр  

Аргъæутты сæ кой. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ