Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ÆМБИСОНДЫ АВД АЙДÆНЫ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Джимиты-Хъантемыраты Кларæ (1938) райгуырд Цæгат Ирыстоны, Зилгæйы хъæуы. 1965 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны педагогон институты (ЦИПУ-йы) филологон факультет. Куыста фæскомцæдисы горкомы. 38 азы дæргъы та уыд сывæллæтты цæхæрадоны хицау. Йæ уацмыстæ мыхуыр кæны журнал «Ногдзау»-ы, рацыдысты йын хицæн чингуытæй дæр: «Æмбисонды авд айдæны» (1995), «В стране сказок» (1998) æмæ æнд. 

 

ÆМБИСОНДЫ АВД АЙДÆНЫ 

(Цыбыртæгондæй) 

 

ЗÆРОНД ХÆЙРÆДЖЫ АВД АЙДÆНЫ 

 

Раджы, тынг раджы, нæ хæхбæсты иу сау хъæды йæ талынг лæгæты царди къулбадæг ус Шеше. Шешейæн уыдис фондз чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Иу афон ус бынтон базæронд, йæ хъару лæгæты дуармæ рацæуын дæр нал уыдис, æмæ бадзырдта йæ цотмæ: 

– Базæронд дæн, æмæ мæ дарут. 

Чызджытæ йын загътой: 

– Зæронд хæйрæгæй нын æрхуы айдæнтæ ракур, уыдон нæ къухты куы бафтой, уæд паддзахы фырттæм смой кæндзыстæм, хъæздыг æмæ барджын уыдзыстæм æмæ дæу дæр дардзыстæм!  

Лæппутæ дæр ын загътой: 

– Фæцу зæронд хæйрæгмæ, ракур нын фæйнæ æрхуы айдæны. Ахæм айдæнтæ нæм куы уа, уæд паддзахы чызджыты ракурдзыстæм æмæ дæу дæр дардзыстæм. 

Цы гæнæн ма уыдис Шешейæн. Дæлдзæхмæ1 ныффардæг, ссардта зæронд хæйрæджы æмæ йын балæгъстæ кодта: 

– Ратт мæ цотæн фæйнæ æрхуы2 айдæны. Фæнды сæ адæмы хуыздæртимæ сæ амонд баиу кæнын. Мæ чызджыты паддзахы фырттæ бахъуыд! Мæ фыртты дæр уæдæ æрмæст паддзахы чызджытæ хъæуы! Ратт сын де 'рхуы айдæнтæй фæйнæ! 

Дæлимон бачыр-чыр кодта, фелвæста аджы сау донæй авд айдæны, радта сæ усæн æмæ загъта: 

– Алыхуызон у сæ тых: чи сæ æххæст кæндзæн иу курдиат, чи – фылдæр! Æрмæст-иу афтæ зæгъæд: «Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ!» 

Шеше авд айдæны йæ роны бавæрдта æмæ йæ лæгæтмæ сфардæг. 

 

ПАДДЗАХЫ ÆРТÆ ФЫРТЫ ÆМÆ ЙÆ ДЫККАГ УС 

 

Раджыма-раджы нæ хæхбæсты цардис хъæздыг паддзах Парси, æмæ йын райгуырдис æртæ фырты. 

Лæппутæй иу йæ къахæй ауадис, иннæ дыууæ фаззоны та авдæны хуыссыдысты, афтæ амардис паддзахы ус. Йæ амæлæты размæ лæппуты хъуыртыл фæйнæ фæрдыджы æрцауыгъта æмæ скуывта: 

– Хуыцæутты Хуыцау! Ацы фæрдгуытæн ахæм тых ратт, æмæ мын мæ хъæбулты фыдбылызæй куыд хизой! 

Баныгæдтой паддзахы усы, уæдæ цы уыдаид. 

Фехъуыста хабар Шеше æмæ фæдзырдта йæ чызгмæ. 

Пыхцылсæр, æнæдæндаг Миминæт уайтагъд йæ цуры фестад. 

Дзуры йæм мад: 

– Амардис Парсийы ус! Ракурын кæн дæхи паддзахæн. 

Миминæт бацин кодта, райста æрхуы айдæнтæй иу æмæ балæууыдис Парсийы галуаны цур. Уым бамбæхстис къудзийы фæстæ, фелвæста йæ ронæй айдæн æмæ афтæ зæгъы: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Фестын мæ кæн бæсты рæсугъд. Парси мæ куыд бауарза. 

Уый загъта, цы, Миминæт! Фестадис дын бæстырæсугъд чызг. Парси йæ куыддæр ауыдта, афта скарста: 

– Курын ацы рæсугъды! 

Цыдысты бонтæ. Бæркадджын уыдысты паддзахы зæххытæ, тыхджын – йе 'фсад, фæлæ йын уыдис знæгтæ дæр. Иу ахæмы йын дардбæстаг паддзах Тотихан æрбабырста йæ зæххытæм. Парси йе 'фсад рамбырд кодта. Йæ ацæуыны размæ бадзырдта Миминæтмæ æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Мæ сабитæ – де уазæг! 

Ус æрбамæсты. Уæддæр йæ маст ныуурæдта, афтæмæй дзуры: 

– Ахæм дард фæндагыл цæуыс, æмæ дæм мæнæн иу рæвдауæн ныхас нæ разындис. 

Парси йæм бахудт: 

– Мæнмæ ис æртæ хæзнайы: мæ фырттæ, мæ фыдæлты 'хсаргард æмæ ды. Уыдон сты мæ ныфс, мæ ис 'мæ бон, мæ цæстырухс. 

Парси ацыд йæ фæндагыл.  

Миминæт мæстæй рафыхт: 

– Æз мæ мадæн чызгæн нæ райгуырдтæн, ды мын иунæг мæхи куы нæ рахонай дæ цæстырухс! Æмæ сфæнд кодта гыццыл лæппуты фесафын. 

Иу талынг æхсæв сывæллæттæ цы уаты хуыссыдысты, уырдæм бахъуызыд. Сæ дыджызæйы3 сын бафынæй кодта, ахаста лæппуты æмæ сæ рындзæй аппæрста! Уыцы рæстæджы рындзы бын дардта йæ фос зæронд æнæзæнæг фыййау Уырызмæг. 

Иу афон хъусы Уырызмæг, æмæ йæ фыстæй иуы мехъхъ фæцыд. Рауад халагъудæй. Кæсы: фыс мард, фæлæ йæ фарсмæ кæрдæгыл бады чысыл лæппу. 

Зæронд фыййау бацин кодта. Бадавта сывæллоны халагъудмæ æмæ дзуры йе 'фсинмæ: 

– Усай, зæдтæ4 нын фырыхъулы хуызæн лæппу æрæппæрстой! 

– Табу сæхицæн! Стыр куывд сын скæндзыстæм, – бацин кодта ус æмæ сывæллоны хъæццулы бын ануæрста. 

Лæг, æрхуыссон, куыд загъта, афтæ та фысы мехъхъ куы фæцæуид. Ауадис, кæсы, æмæ та фыс мард, фæлæ уымæн дæр йæ фарсмæ кæрдæгыл бады гыццыл, фырыхъулы хуызæн, лæппу. 

Бацин та кодта лæг, бадавта та уый дæр халагъудмæ æмæ та дзуры усмæ: 

– Зæдтæ нын дыккаг лæппу дæр æрæппæрстой. Бацин та кодта фыййауы ус дæр. 

– Табу сæхицæн! Стыр куывд сын скæндзыстæм, – загъта та æмæ та уый дæр иннæ сывæллоны цур хъæццулы бын æрнуæрста. 

Цас абадтысты лæг æмæ ус, Хуыцау зоны, фæлæ та фысы мехъхъ куы 'рбайхъуысид. Ауади та Уырызмæг æмæ та уыны: фыс йæхæдæг – мард, фæлæ йæ фарсмæ бады иннæтæй стырдæр лæппу. 

Уырызмæг æм фæлæбурдта æмæ та йæ бадавта халагъудмæ. 

– Зæдтæ нын æртыккаг лæппу дæр æрæппæрстой! Табу Хуыцауæн! Ныр мын æртæ лæппуйы уыдзæнис! – цин кодта зæронд фыййау. 

Ус фæгæпп ласта, цырагъ асыгъта æмæ, сывæллæтты рухсмæ куы федта, уæд афтæ зæгъы: 

– Нæ лæг! Зæдтæ нæ, фæлæ нын Парсийы æрыгон ус сидзæр сабиты æрæппæрста. Ныр басæтдзæн Парсийы тых, æмæ йæ коммæ нал бакæсдзæнис йæ фыдæлты æмбисонды æхсаргард! Нæ, Парсийы ахæм бæллæхы ничи баппардзæнис. Уый кæлæнгæнæг Шешейы чызджытæй исчи ма уа, уый гæнæн нæй. Бахизын дзы хъæуы лæппуты. 

– Куыд ис искæй бамбæхсæн кæлæнгæнджытæй?! Банызтой нын нæ тут цæргæ-цæрæнбон! 

Ус ын афтæ зæгъы: 

– Цы фыстæ амардис, уыдоны бастигъ, сæ дзидза сын куыйтæн ратт, сæ цæрмтты та лæппуты стух, æмæ лидзæм ардыгæй.  

Уырызмæг фысты бастыгъта, сæ дзидза сын куыйтæн радта, сæ цæрмтты сын лæппуты стыхтой æмæ æмбисæхсæв атардтой сæ фос – хæхбæстæй дард фæлыгъдысты. 

Райсомæй Миминæт йæхи хъыггæнæг скодта лæппуты фесæфтыл, йæ кæуынæй нал æнцад. 

– Паддзахы лæппуты бабын кодта сæ дыджызæ. Аппарут æй куыдзæппарæн былæй5

Чызджы аппæрстой, уæдæ цы уыдаид!  

– Амæй фæстæмæ мæн уарздзæн паддзах! Æрмæст æз уыдзынæн йæ зæрдæйы цин! – загъта йæхицæн Миминæт. 

Цыдысты бонтæ, мæйтæ ивтой мæйты, азтæ – азты æмæ иу ахæмы æрбаздæхтис Парси дæр. Æрбаздæхтис, йе знæгтыл фæуæлахиз, афтæмæй. 

Паддзах йæ фыртты фесæфты хабар куы фехъуыста, уæд куывды бæсты хисты фынгтыл æрбадти йе 'фсад. 

Парсийы тых басастис. Тыхтæ-амæлттæй ма æрцауыгъта галуаны къулыл фыдæлты 'хсаргард. 

Миминæт цы нæ кодта! Куы зарæггæнджыты хуыдта сæ галуанмæ, куы – кафджыты! Фæлæ уыдæттыл нæ уыди Парси – тади бонæй-бонмæ. Йæ дзыхæй иу уддзæф нал хаудис. 

Парсийы хабæрттæ фехъуыстысты йæ фыдызнаг Тотиханмæ, æмæ загъта Тотихан: 

– Æз уымæй мæ мæстытæ райсдзынæн! 

Рамбырд кодта йе 'фсад, бабырста йæм æмæ йæм обауæй хъæр кæны: 

– Дæ худинаджы бон æрхæццæ, Парси! Райсом дæм Стыр фæзмæ фервитын мæ кæстæр фырты! Нæ фехъуыстон ма зæгъ! 

Фехъуыста Парси йæ уыцы ныхæстæ æмæ бакатай кодта. Бацыдис галуаны къулмæ, фæлæ æхсаргард æрисын йæ хъару нæ бацис. 

Дзуры йæм Миминæт: 

– Ратт де 'хсаргард де 'фсæддонтæй искæмæ æмæ йæ дæхи бæсты арвит Стыр фæзмæ. 

– Нæ, фыдæлты æхсаргард, мæ туг, ме стæг чи нæ уа, уый къухы нæ ныззæлланг кæндзæнис! – загъта æнкъардæй Парси. 

Зæронд фыййау дæр куыд нæ фехъуыстаид хабар! Йæ лæппутæ бон дисны рæзыдысты, æхсæв – уылынг6, афтæмæй уыцы бонмæ æртæ талайау се схæссæджы сæрты акастысты. 

Бакатай кодтой зæронд фыййау æмæ йæ ус, уæдæ цы уыдаид. Сæхи удтæй фылдæр уарзтой лæппуты, фæлæ иугæр фыдæлты зæхх бахъуыдис хъахъхъæнын, уæд æдзæугæ нæ уыди лæппутæй искæмæн. 

Уырызмæг бадзырдта хистæр лæппумæ æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Будзи, фæцу паддзахы галуанмæ, райс къулæй фыдæлты æхсаргард æмæ бавзар дæ хъару Тотиханы фыртимæ. 

Ус ын балæгъстæ кодта: 

– Мæ хуры тын! Ма фесаф, дæ хъуырыл цы фæрдыг ис, уый! Æмбисонды тых дзы ис – уый дæ бахиздзæни мæлæтæй. 

Будзи бахудтис, æрбахъæбыс кодта зæронд усы æмæ атагъд кодта паддзахы хæдзармæ. 

Цас рацыдис, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ галуанмæ, æриста къулæй фыдæлты æхсаргард. Æхсаргард цины дзинг ныккодта. 

Парси дисы бацыд: 

– Чи дæ? Цæмæн дыл бацин кодта æмбисонды 'хсаргард? 

Дзуры йæм лæппу: 

– Æз зæронд фыййау Уырызмæджы хистæр фырт Будзи дæн, мæ паддзах! 

Миминæт бамбæрста хабар, тасы зыр-зыр ыл бахæцыд. Æрæджиау афтæ зæгъы: 

– Уым диссагæй ницы ис! Будзи нæ бæстæйы тæккæ сæрæндæр гуырд у, дæ фыдæлтæ йæ æцæгæлоныл нæ нымайынц! 

Баууæндыдис усы ныхæстыл паддзах. Лæппу та æфсæддонты разæй Стыр фæзмæ атагъд кодта. 

Тотиханы кæстæр фырт Будзийы къухы тæмæнтæкалгæ æхсаргард куы ауыдта, уæд фæтарстис, фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис! Фæхæцыдысты хурыскастæй хурныгуылдмæ. Будзийы къух фæллад нæ зыдта, карста знæгты йе 'мбисонды æхсаргард. Фæмард Тотиханы кæстæр фырт, иу нал баззадис йе 'фсæддонтæй дæр. Будзи йæхæдæг дæр рог цæф фæцис, афтæмæй æрбаздæхтис паддзахы галуанмæ. 

Парси хъæбатыр гуырдæн стыр куывд куыннæ скодтаид! Аргæвстой галтæ, хæринæгтæ стъолтæм хæссын байдыдтой. 

Уæд дын Миминæт дзуры: 

– Будзи, рауай æмæ дын дæ цæф мæхæдæг абæттон!  

Лæппу ацыдис паддзахы усы фæдыл, уæдæ куыд. Миминæт ын йæ цæф æрæхсадта, марг ыл айзæрста, æмæ Будзи мæрдфынæй ацис, стæй йын йæ фæрдыг амбæхста æмæ, йæ дзыккутæ тонгæ, разгъордта адæммæ. 

– Фæлтау мын мæхи марды хабар куы фехъусиккат! Маргæйдзаг разынд знаджы фат. Куыддæр ын йæ цæф æрæхсадтон, афтæ æрбамарди. 

Парси фæкуыдта, фæеудодой кодта, стæй Будзийы паддзахы зæппадзы бавæрдтой. Куывды бæсты хисты фынгтыл æрбадтысты паддзахы адæм. 

Тотихан хабар куы фехъуыста, уæд та æфсад ратымбыл кодта æмæ та обауæй ныхъхъæр кодта. 

– Дæ худинаджы бон æрхæццæ, Парси! Райсом дæм æнхъæлмæ кæсдзæнис Стыр фæзы мæ хистæр фырт! Нæ фехъуыстон ма зæгъ! 

Парси фехъуыста Тотиханы ныхæстæ æмæ бакатай кодта. Бацыди та фыдæлты æхсаргардмæ, фæлæ кæм! Фезмæлын дæр æй нæ бафæрæзта. Æрбамæсты йæм Миминæт. 

– Мæн бауарз, дæ фыртты ферох кæн, æмæ дæм дæ раздæры тых æрыздæха! 

Парси сæргуыбырæй лæууыдис. Йæ хæстонтæ иу иннæйы фæдыл цыдысты галуанмæ, архайдтой æхсаргард æрисыныл, фæлæ сæ никæй бон бацис йæ базмæлын кæнын дæр. 

Фехъуыста Тотиханы ныхæстæ Уырызмæг дæр æмæ фæдзырдта дыууæ фаззонæй иумæ: 

– Лæппу, фæцу паддзахы галуанмæ, райс къулæй фыдæлты æхсаргард æмæ бавзар дæ хъару Тотиханы хистæр фыртимæ. 

Дзуры йæм зæронд ус: 

– Дæхци, мæ къона! Бахъахъхъæн де 'мбисонды фæрдыг! Уый дæ бахиздзæн фыдбылызæй. 

– Ма тыхс, нана! – бавæрдта йын зæрдæ лæппу æмæ атагъд кодта паддзахы галуанмæ. Бахæццæ ис галуанмæ, æриста æхсаргард. Æхсаргард та фыр цинæй, дзинг, зæгъгæ, фæкодта. 

Парси та дисы бацыд. 

– Кæй фырт дæ? Цæмæн дыл бацин кодта нæ фыдæлты æхсаргард? 

Лæппу йæм дзуры: 

– Æз Уырызмæджы фырт Дæхци дæн, мæ паддзах. 

Уæд та дын Миминæт бауадис йæ моймæ æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Дæхци нæ бæстæйы тæккæ сæрæндæр лæппу у, æмæ йыл цин кæнынц дæ фыдæлтæ! Уый сын бахъахъхъæндзæни сæ зæхх фыдызнагæй! 

Баууæндыдис та усы ныхæстыл Парси. 

Дæхци æфсады сæргъы Стыр фæзмæ араст и. 

Тотиханы хистæр фырт, йе знаджы къухы æмбисонды æхсаргард тæмæнтæкалгæ куы ауыдта, уæд фыр тæссæй базыр-зыр кодта. 

Дæхци дзуры йе 'фсадмæ: 

– Ам лæуут! Кæд æмæ бæхæй рахауон, уæд мæм батагъд кæндзыстут! 

Знаджы æфсадæн се 'мбис лидзгæ фæкодта, иннæтæ фæтох кодтой Дæхциимæ хурныгуылдмæ. Знаг састы бынаты баззад. Дæхцийæн йæ галиу цонг фæцъæррæмыхст, афтæмæй æрбаздæхтис галуанмæ. 

Парси йæхи стыр куывдмæ бацæттæ кодта, уæдæ цы уыдаид. 

Миминæт та дзуры лæппумæ: 

– Дæхци, рауай-ма! Мæхæдæг дын абæттон дæ цæф къух. 

Дæхци ацыдис паддзахы усы фæдыл, уæдæ цы уыдаид. Миминæт ын йæ цæф ахсадта, стæй йыл марг айзæрста æмæ та Дæхци дæр мæрдфынæй ацис. Ус та уый фæрдыг дæр амбæхста, йæхæдæг æрдиаггæнгæ рауадис адæммæ. 

– Фæлтау мын мæхи марды хабар куы фехъуыстаиккат! Маргæйдзаг разынди знаджы кард. Куыддæр ын йæ цæф æрæхсадтон, афтæ йæ уд исыныл ныллæууыд. 

Баууæндыдис та Парси усыл. Фæхъыг кодта æмæ уый дæр йæхи зæппадзы сæвæрын бафæдзæхста. Куывды бæсты та хисты фынгыл æрбадтысты адæм. 

Цалдæр боны рацыд æмæ та райхъуыст обауæй: 

– Райсом дæм мæхæдæг фæцæуын! Нæ фехъуыстон ма зæгъ! 

Парси ныссагъæс кодта. Рауадис æм Миминæт. 

– Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма Уырызмæгæн æртæ фырты уыдис, æмæ уæд æртыккаджы дæр ардæм хъæуы. 

Уыцы рæстæджы, æцæг, паддзахы галуаны фæзынд уæнгджын лæппу-лæг, æриста къулæй æхсаргард. Фыдæлты æхсаргард цины зыланг ныккодта. 

Парси дисы бацыдис. 

– Кæй лæппу дæ? Цæмæн дыл бацин кодта фыдæлты æхсаргард? 

– Æз Уырызмæджы фырт Знаур дæн, мæ паддзах!  

Миминæт дзуры паддзахмæ: 

– Знаур нæ бæстæйы тæккæ сæрæндæр гуырд у, æмæ йыл куыннæ бацин кæной дæ фыдæлтæ дæр! 

– Æцæг зæгъыс, мæ зæрдæйы цин, – сразы йемæ Парси. 

Знаур æфсады разæй Стыр фæзы балæууыд. 

Тотихан лæппуйы къухты сырх тырысайау тæмæнтæкалгæ æхсаргард куы ауыдта, уæд бамбæрста, цы бæллæхы бахаудысты йæ дыууæ фырты, æмбисонды æхсаргард сæ кæй бабын кодта, уый æмæ лидзынмæ фæцис. Знаур æй йе 'фсадимæ фæсте асырдта æмæ йын сухты цагъд7 фæкодта йе 'фсады. Тотиханы дæр амардта. 

Æрбаздæхтис Знаур. Стыр куывд ын скодта Парси. Фæбадтысты дзаг фынгтыл адæм. Кады нуазæнтæ8 фæлæвæрдтой сæ хъæбатырæн, уæдæ цы уыдаид. 

Миминæтæн адæмы цур цы йæ бон уыдис, фæлæ æртыккаг бон, Знаур сæхимæ цæуынвæнд куы скодта, уæд æм нуазæн бахаста. 

– Нæ ирвæзынгæнæг, мæ нуазæныл баввæрс!  

Знауры зæрдыл æрлæууыдысты йæ зæронд нанайы ныхæстæ: «Лæппу, де 'фсымæрты дын амардта паддзахы ус, адавта сын сæ фæрдгуытæ!» 

Парси дзуры лæппумæ: 

– Кад скæн ме 'фсины нуазæнæн, Знаур! 

Лæппу райста къус æмæ, цыма æнæнхъæлæджы фæцудыдта, уыйау æй фæкъул кодта, бæгæныйæ зæхмæ æркалди. Хатыр ракуырдта сылгоймагæй æмæ йын кувын байдыдта, афтæмæй ауыдта, стыр нæл гæды зæххы бæгæны куыд астæрдта, уый. Цалынмæ Знаур кувгæ кодта, уæдмæ гæды йæ гæндзæхтæ бацагъта. 

Уæд Знаур афтæ зæгъы: 

– Парси, мæ дыууæ æфсымæры знаджы къухæй нæ, фæлæ де 'фсины маргæй амардысты. 

Миминæт хъæрмæ фæцис: 

– Мæ паддзах! Амарын кæн ацы æдзæсгомы! Амарын æй кæн! 

Парси фæдзырдта йæ хæстонтæм, æмæ Знаурыл æрхæцыдысты. Парси загъта: 

– Амарут Знауры! Не 'фсины къухæй райста кады нуазæн æмæ йæ нæ банызта. Ноджы ма йын маст дæр скодта. 

Знаур дзуры: 

– Мах уыдыстæм æртæ 'фсымæры æмæ нæ алкæй хъуырыл дæр уыдис æмбисонды фæрдыг! Уыцы фæрдгуытæ нæ хызтой мæлæтæй. Нæ федтон мæ мард æфсымæртыл сæ фæрдгуытæ!.. 

– Фæрдгуытæ?! – фæхъæр кодта Парси æмæ бауадис Знаурмæ, ауыдта йын йæ риуыл зонгæ фæрдыг æмæ бамбæрста, уый Уырызмæджы нæ, фæлæ йæхи фырт кæй уыдис! 

– Фесафут ацы сылгоймаджы! – ныхъхъæр кодта Парси, æмæ йæ фæсдзæуинтæ æрхæцыдысты Миминæтыл. 

– Бануазæд бæгæны Миминæт йæхæдæг! – хъæр кодтой фæсдзæуинтæ. 

– Нæ! – загъта Парси. – Аппарут æй куыдзæппарæн былæй! 

Миминæты аппæрстой куыдзæппарæн былæй, æмæ бынæй дуртыл ныххæррæгъ. 

Уæдмæ фæсдзæуинтæ ссардтой дыууæ æмбисонды фæрдыджы дæр, ацыдысты паддзахы зæппадзмæ, æмæ сæ куыддæр лæппуты хъуыртыл бакодтой, афтæ райгас сты лæппутæ. 

Паддзах йе 'ртæ фырты цинæй адзæбæх, йæ раздæры тых та схъазыд йæ уæнгты. 

Цины фынгыл хистæрæн бадтис зæронд Уырызмæг, æмæ йын загъта Парси: 

– Дæ руаджы æмæ дæ бинойнаджы руаджы баззадысты удæгасæй ме 'ртæ фырты! Абонæй фæстæмæ Будзи, Дæхци æмæ Знаурæн уыдзæнис дыууæ фыды: ды æмæ æз. 

Уырызмæг æмæ йæ ус дæр паддзахы галуаны цæргæйæ баззадысты. 

 

 

АЛДÆ ÆМÆ КЪУЛБАДÆГ УСЫ ЧЫЗГ ПУПУНÆТ 

 

 

Пупунæтæн йæ сæр пыхцыл, йæ дзыхы разæй цыппар дæндаджы, йæхæдæг цыбырзæнг, цыбырцонг, æмдымбыл æмæ уырыйы хъыллист кæны, афтæмæй мады раз балæууыд. 

Шеше йæ фæрсы: 

– Цы дзуапп дын радта зæронд хæйрæг? 

– Ницы! Паддзахы иунæг фырт Ассей, дам, ракурдзæн æрмæстдæр цуанон Батыры чызджы! – хъыллистæй дзуапп радта чызг. 

Уæд ын Шеше афтæ зæгъы: 

– Бавдæл æмæ смой кæн Батырмæ, ныййар ын чызг æмæ уый смой кæндзæнис паддзахы фырт Ассеймæ! Де сиахс æй куы бакæнай, уæд æнцад цæрдзынæ! Æцæг Батыры сидзæр чызг Алдæйы хъæудзæни фесафын. 

Сразы ис мады фæндоныл Пупунæт, райста дзы кæлæнгæнæн айдæн æмæ ацыдис. 

– Хъусыс, Пупунæт, айдæн дын сæххæст кæндзæнис æрмæст дæ иунæг курдиат! – адзырдта ма йæ фæстæ Шеше. 

Батыр цардис йæ сидзæр чызг Алдæимæ хохаг хъæуы. Дардта фос, цыдис цуаны æмæ æнцад хъомыл кодта йæ хъæбулы. Алдæ та уыцы гыццылæй дæр æххæссыд хæдзары куыстытыл – кодта хæринаг, хуыдта нывæфтыдтытæ, быдта цыллæ кæлмæрзæнтæ. 

Пупунæт уыцы хъæуы балæууыдис, фелвæста ронæй айдæн æмæ дзуры: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Фестын мæ кæн ахæм æрыгон чызг, æмæ мæ Батыр куыд ракура! 

Ууыл æмдымбыл Пупунæт фестадис хæрзконд æрыгон чызг, æцæгдæр фæцыдис Батыры зæрдæмæ, æмæ йæ ракуырдта. Бонтæ ивтой бонты, мæйтæ – мæйты, æмæ Пупунæтæн æцæгдæр чызг райгуырд. Мад ыл Уырыхан сæвæрдта, æмæ цардысты сæхицæн. 

Иу ахæмы Батыр Алдæйы хуыд дарæс стыр горæтмæ аласта æмæ сæ тынг бирæ æхца райста. Дыккаг хатт дæр та стыр чырыны дзаг уæрдоны бавæрдта алыхуызон рæсугъд нывæфтыд уæлæдарæс æмæ фæрсы: 

– Пупунæт, цы дын æрласон горæтæй? 

– Хоры голлаг! – загъта ус. 

– Уырыхан, цы дын æрласон горæтæй? 

– Хоры голлаг! – загъта гыццыл чызг дæр. 

– Алдæ, дæу цы хъæуы? 

– Мæнæн æрлас бирæ цыллæ æндæхтæ. 

Батыр та горæтмæ ацыдис, ноджы зынаргъдæрыл ауæй кодта, кæй аласта, уыдон. Балхæдта дзы дыууæ голладжы мæнæу, чырыны дзаг цыллæ æндæхтæ æмæ æрыздæхти сæхимæ. Ноджы ма æрхаста ахæм хабар: 

– Паддзахы фырт Ассей хæстæй тынг цæфтæй ссыдис æмæ нæу йæ бон йæ сынтæгæй рахизын. Амæлдзæн, зæгъынц дохтыртæ, йæ зæрдæ куы ницæмæй барухс уа, уæд. 

– Мæгуырæг! – батæригъæд ын кодта Алдæ æмæ балæууыд гауыз уафыныл. Иу абонæй йæ иннæ абонмæ фæуæфта. Сныв ыл кодта урссæр хæхтæ, бæрзонд æхсæрдзæнтæ, дзæбидыртæ æмæ дыууадæссиуон сагтæ, стæй ма бæласы къалиуыл бадти дыууæ рæсугъд цъиуы. Фæлæ чызджы æндæхтæ фесты æмæ цъиутæн цæстытæ цæмæй скодтаид, уый нал уыдис. Уæд Алдæ ратыдта йæ дзыккуйæ дыууæ халы æмæ уыдонæй бахуыдта цъиутæн сатæгсау цæстытæ. 

Иу бон Батыр æмæ Пупунæт аластой гауыз паддзахы галуанмæ. Бирæ адæм дзы куыннæ уыдаид! Алырдыгæй хастой алы нывтæ, кафыдысты, зарыдысты, фæлæ Ассей куыдфæндыйы цæстæй кастис æмæ хъæрзыд йæ цæфты рисæй. Батыр æмæ Пупунæт дæр бацыдысты, сæ рад куы æрхæццæ, уæд, æрцауыгътой къулыл гауыз. 

Ассей гауыз куы ауыдта, уæд рабадт йæ хуыссæны æмæ тынг бацин кодта: 

– Æмбисонды рæсугъд ныв! Дыууæ цъиуы та мæм цымæ сæ цæстытæй фæлмæн худынц! 

Ууыл Алдæйы уæфт гауыз къулыл баззад æмæ йæм кæсынæй не 'фсæстис Ассей. Лæппу фыр цинæй адзæбæх. Паддзах загъта: 

– Батыр, дæттын дын, дæхи дзыхæй цы зæгъай, уый! 

– Ратт нын дыууæ голладжы æхца! – фæкодта Пупунæт. 

Радтой сын дыууæ голладжы æхца, æмæ сæхимæ æрбаздæхтысты. 

Иу зымæгон бон Батыр хæхтæм цуаны ацыдис. Уæд дын Пупунæт йæхи рынчынæфсон акодта. 

Фæрсы йæ чызг: 

– Цы дæ риссы? 

– Мæ рахиз зæнгæй фæмæлын! Арсы хъис ыл куы нæ авæрон, уæд мæ уд сисдзынæн! 

Алдæ акодта йæ хъарм кæрц, æркодта кæлмæрзæн æмæ ацыдис хъæдмæ. 

Уырыхан ма йæ фæдыл ахъæр кодта: 

– Хъусыс!? Æгас арсы хъис æрхæсс! 

Алдæ бон-изæрмæ фæзылдис хъæды æмæ куы ницы ссардта, уæд тулдз бæласыл банцой кодта æмæ скуыдта. 

Уæд дын æй арс фехъуыста æмæ дзуры йæ хуыккомæй: 

– Цæуыл кæуыс, чызг? 

– Мæ фыды ус мæ арсы хъисмæ рарвыста! Йæ рахиз къахæй фæмæлы. 

– Мæ хъисæй дæуæн куы радтон, уæд ацы уазалы мæхæдæг басидзынæн, – загъта йын арс. 

– Авæр мын дзы иу армы дзаг! Æз дыл мæ кæрц æрæмбæрздзынæн, – дзуры йæм чызг. 

Сразы ис арс. Алдæ ралыг кодта арсы хъисæй иу армы дзаг, стæй йæ йæ кæрцæй бамбæрзта, йæхæдæг сæхимæ азгъордта. 

Пупунæт куы федта, Алдæ удæгасæй æрыздæхти, уый, уæд æм мæстæй рафыхтис æмæ хъæрмæ фæцис:  

– Кæм лекка кодтай нырмæ?! Мæнæн мæ рахиз къах адзæбæх! Фæмæлын мæ галиу къахæй! Цу, ныр та мын бирæгъы хъис æрхæсс!  

Уырыхан та бафтыдта мады ныхæстæм: 

– Удæгас бирæгъы хъис æрмæст! 

Алдæ йæхи æрбатыхта йæ кæлмæрзæны æмæ та хъæдмæ ацыд. Бон-изæрмæ чызг фæзылдис зымæгон хъæды, фæлæ бирæгъыл нæ фембæлд. Иу ахæмы иу лæгæты дуармæ æрбадт æмæ скуыдта. 

Зæронд бирæгъ ын йæ кæуын фехъуыста æмæ йæм дзуры æддæмæ: 

– Цæуыл кæуыс, чызг? 

– Мæ фыды ус мæ бирæгъы хъисмæ рарвыста! Йæ галиу къахæй фæмæлы. 

– Мæ хъисæй дæуæн куы радтон, уæд ацы уазалы мæхæдæг басидзынæн, – загъта йын бирæгъ.  

Дзуры йæм Алдæ: 

– Авæр мын дзы иу армы дзаг! Æз дыл мæ хъарм кæлмæрзæн æрæмбæрздзынæн. 

Бирæгъ сразы. Алдæ йын йæ хъисæй иу армы дзаг ракодта, æрбатыхта сырды йæ хъарм кæлмæрзæны, йæхæдæг сæхимæ азгъордта. 

Пупунæт та чызджы удæгасæй куы ауыдта, уæд та хъæрмæ фæцис: 

– Цалынмæ ды лекка кодтай, уæдмæ фæлыгъд мæ низ! Нал мæ хъæуы бирæгъы хъис! Цу, уæлæ уæлхохмæ фæцу æмæ мын Тымыгъы галуанæй зынг æрхæсс! Нæ арт ахуыссыд, æмæ ихæнæй мæлæм! 

Алдæ бакатай кодта, уæдæ цы уыдаид. Тымыгъы галуан адæймаг нæ, фæлæ цæргæс дæр никуы федта, афтæ бæрзонд уыд. Чызг ацыдис. Цас фæцыд, чи йæ зоны, фæлæ уыцы рæстæг дард балцæй æрбацæйздæхтис зæронд Тымыгъ – урсдадали сылгоймаг. Уый миты рагъыл чызджы куы ауыдта, уæд дисы бацыд æмæ йæм дзуры: 

– Кæд дзæгъæл фæдæ, уæд зæгъ, кæй чызг дæ, уый, æмæ дæ дæ хæдзарыл сæмбæлын кæнон! 

Алдæ йын афтæ зæгъы: 

– Дзæгъæл нæ фæдæн. Мæн мæ фыды ус дæумæ зынгмæ рарвыста! 

Байхъуыста йæм Тымыгъ, фелвæста чызджы, ахаста йæ йæ галуанмæ æмæ загъта: 

– Уæртæ къуымы лæууы æртæ стыр чырыны. Равзар дзы иу дæхицæн æмæ зынг нæ, фæлæ дæ фыды усæн лæвæрттæ ахæсс! Ды цалынмæ лæвар æвзарай, уæдмæ æз дæр балцæй æрбаздæхдзынæн. 

Урсдадали Тымыгъ ацыд галуанæй, йæхи уæларвмæ систа æмæ æрбайсæфт. 

Алдæ байгом кодта фыццаг чырын æмæ дзы æвзист æндæхтæ куы федта, уæд дзы ферох и, цæмæ рацыди, уый дæр. Æвзист æндæхтæй нывæфтауын байдыдта Тымыгъы галуаны къултыл. Уыдон нывгонд куы фæцис, уæд та байгом кодта дыккаг чырын дæр. Уым та уыдис урс лыстæг фæрдгуытæ. 

– Адонæй цар снывæфтыд кæндзынæн! – загъта та чызг æмæ балæууыд кусыныл. 

Уый дæр та фæцис. Тæмæнтæ скалдта галуаны цар. Байгом кодта чызг æртыккаг чырын дæр. Уым та уыди лыстæг тæмæнтæкалгæ цыллæ æндах æмæ зынаргъ дуртæ. 

– О, адонæй Тымыгъæн кæлмæрзæн сбидзынæн! – бацин кодта Алдæ. 

Уæдмæ балцæй æрбаздæхтис Тымыгъ. Галуаны къултæ ахæм рæсугъд нывæфтыдæй куы ауыдта, уæд фыр цинæй, цы уыдис, уымæй авд хатты æрыгондæр фæцис! Цармæ куы скастис, уæд йæ их зæрдæ атадис. Кæлмæрзæн йæ уæлæ куы æрбакодта, уæд та йæм йе 'рыгоны рæсугъддзинад æрыздæхт. Дзуры дын Тымыгъ чызгмæ: 

– Стыр рæсугъддзинад мын балæвар кодтай, Алдæ! Цæр мæ галуаны амæй фæстæмæ, æз дæ æппындæр ницы хъуаг уадздзынæн. Æви дæм исты курдиат ис? 

Алдæ йын афтæ зæгъы: 

– Фæнды мæ мæ фыды фенын. 

– Хорз, Алдæ. Æз дæ æвзист цъиу фестын кæндзынæн æмæ атæх хæхбæстæм. Кæд æмæ дæ къæхтæй зæххыл андзæвай, уæд фæстæмæ чызг фестдзынæ æмæ-иу ма фæтæрс. Дæ цæнгтæ та куы батилай, уæд фæстæмæ цъиу фестдзынæ. Боныцъæхтæм куы нæ æрбаздæхай, уæд æз фыр æнкъардæй амæлдзынæн. 

– Ма амæл. Æз фендзынæн мæ фыды æмæ фæстæмæ фездæхдзынæн, – зæрдæ йын бавæрдта Алдæ æмæ, гыццыл æвзист цъиу фестад, афтæмæй сæхимæ атахтис. 

Уыцы рæстæджы Батыры хæдзары уыдис чындзæхсæв. Паддзахы фырт сдзæбæх æмæ æрбацыд Батыры чызджы курынмæ. Симдтой хъæуы фæсивæд, дзаг фынгты уæлхъус бадтысты хистæртæ. 

Ассей та мидæгæй ныхас кодта Уырыханимæ. Фæгуырысхо и – ау, ацы чызг бауæфтаид уыцы гауыз, ацы чызг бахуыдтаид уыцы цъиуты сатæг сау цæстытæ? Уæд Алдæ цы гауыз бауæфта, уым цъиуты цæстыты æндах сæфтауын кодта, афтæмæй йæ æрбахæссын кодта, стæй дзуры Уырыханмæ: 

– Чидæр мын мæ гауызæй фæхъазыд! Скъахта цъиуты цæстытæ! Цалынмæ мæ фæллад уадзон, уæдмæ сæ фæстæмæ, раздæр куыд уыдысты, афтæ скæн! 

Ууыл Ассей ацыд æмæ сусæгæй чызгмæ кæсы. 

Уыцы рæстæджы Алдæ рудзынгыл абадт, йæ зæрдæмæ тынг фæцыд Ассей, æмæ кæсы, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Пупунæт куыннæ фехъуыста, Алдæ цъиутæн йæ дзыккуйы халтæй скодта цæстытæ, уый. Радавта судзин, ратыдта йæ дзыккуйæ хал, фæлæ дзы иу сынк скæнын дæр нæ бафæрæзта: ныссуйтæ хал. Ратыдта та дыккаг дæр, æртыккаг дæр... 

– Баххуырсдзыстæм искæй æмæ сæ бахуыйдзæн! – загъта Уырыхан æмæ ацыд йæ уатмæ. 

Алдæ лæппуйæн фæтæригъæд кодта, уаты зæххыл къæхтæ амбæлдысты æмæ, цы уыди, уый фестадис, фелвæста судзин зæххæй, ратыдта дыууæ халы йæ дзыккуйæ æмæ дыууæ цъиуæн фæстæмæ цæстытæ скодта. 

Ассей дисы бацыд. Уырыхан æнарæхст уыдис, нæ бауæфта уыцы рæсугъд гауыз, уый йын цы бамбарын хъуыдис, фæлæ чи у ацы чызг æмæ æвзист цъиуæй цæмæн арбатахт? 

Уæдмæ чызг йæ цæнгтæ базмæлын кодта. 

Лæппу йæм дзуры: 

– Ма атæх, ды дæ мæ амонд! 

– Мæнæн нæй æнæ атæхгæ! Хæрзбон! Рудзынгæй атæхон куыд загъта, афтæ йæ Ассей рацахсынмæ хъавыд, фæлæ йæ армы аззад æрмæст иунæг æвзист сис. 

Ууыл паддзахы фырт йæ бæхыл абадтис æмæ ацыд чызджы агурæг. Скъæры хъæды фæндагыл. Йæ размæ фæцис арс. Дзуры йæм Ассей: 

– Арс, зæгъ ма мын, кæй у мæнæ ацы сис? 

– Уый нæ хъæды цæрджытæй никæй у, фæлæ ма кæд исты зонын, уæд Батыры чызг Алдæйы тæф кæны, фæрс дзы бирæгъы, – зæгъы арс. 

Ассей дарддæр скъæры йæ бæх. Сæмбæлдис зæронд бирæгъыл. 

– Бирæгъ, зæгъ-ма мын, кæй у мæнæ ацы сис? 

Бирæгъ басмыста сисмæ æмæ афтæ зæгъы: 

– Кæд ма исты зонын, уæд Батыры чызг Алдæйы тæф кæны сис. Бафæрс дзы Тымыгъы. 

Ассей уайы дарддæр. Схæццæ уæлхохмæ. Кæсы æмæ Тымыгъ митзилдух кæны, ниуы. Лæппу йæ развæндаг нал уыдта. 

Дзуры Ассей: 

– Тымыгъ! Уазæгуаты дæм ссыдтæн! Хъусыс мæ? 

– Хъусын, Ассей! Хъусын, фæлæ дæуыл нæ дæн! Чидæр мын Алдæйы æнгуылдз атыдта! 

– Мæнмæ ис чызджы хос! – загъта паддзахы фырт.  

Фенцад Тымыгъ. Асыгъдæг кодта фæндаг митæй суанг йæ галуаны дуармæ. Ассей бацыд мидæмæ, систа ронæй сис, аныхæста йæ чызджы къухыл. Ууыл Алдæ адзæбæх. 

Бацин кодта Тымыгъ, уæдæ цы уыдаид, æмæ загъта: 

– Алдæ, стыр рæсугъддзинад балæвар кодтай мæнæн! Бузныг. Ныр айс мæ лæвæрттæ дæр! 

Тымыгъ ног йæ дыууæ армы кæрæдзийыл авæрдта. 

– Рахæссут авд чырыны! Байдзаг сæ кæнут зынаргъ дуртæй, сызгъæрин æмæ æвзист æндæхтæй! 

Фæзындысты фæсдзæуинтæ, айдзаг кодтой авд чырыны зынаргъ дуртæй, æвзист æмæ сызгъæрин æндæхтæй. 

– Ассей, ныр дæ бар ис – сбадын кæн Алдæйы æмæ фæндараст фæут! – зæгъта Тымыгъ. 

Чызг æмæ лæппу хæрзбон загътой Тымыгъæн, сбадтысты дзоныгъы æмæ уайтагъд Батыры хæдзары балæууыдысты. Пупунæт æмæ йæ чызг та фыр мæстæй уырытæ фестадысты æмæ зæххы хуынчъы афардæг сты. 

 

 

 

ХУССАРЫ ДЫМГÆ ÆМÆ КЪУЛБАДÆГ УСЫ ЧЫЗГ ЧУТАНÆТ 

 

Иу ахæмы дын сау мигъы къуыбар къулбадæг усы лæгæты фæкуыси. Мигъы къуыбар Шешейы цурмæ куы бахæццæ, уæд цъилау ныззылдис æмæ йæ кæстæр чызг Чутанæт фестади. 

Æрбамæсты йæм мад: 

– Кæм лекка кæныс?! Ссардтай паддзах? Кæд нæ, уæд дзæгъæлы æрбацыдтæ: нæ дын ратдзынæн айдæн! 

Дзуры йæм Чутанæт: 

– Паддзæхтæ райгуырынц æмæ амæлынц! Мæн та æнæмæлгæ Дымгæ хъæуы! 

– Цы аразыс уыцы æнæкъонайæ?! – хъæр кæны мад.  

Уæды рæстæг Дымгæйæн цæстæй уынæн уыдис. Куы тахтис арвыл, куы хъазыдаид хохаг сауцæст чызджытимæ суадоны цур, куы симдта фæсивæдимæ. Фæлæ, нæдæр йæ хæдзар кæм ис, уый ничи зыдта, нæдæр йæ ныййарджытæ чи сты, уый.  

Æрмæст Чутанæт зыдта æппæтдæр, уымæн æмæ уый рагæй зылди Дымгæйы фæдыл. Загъта йæ мадæн: 

– Бæрзонд цъититы 'хсæн цæры ихын Нана. Ис ын цыппар фырты. Хуымæтæджы фырттæ нæ, фæлæ тыхгæнæг тых кæмæн нæ ары, ахæм цыппар фырты, цыппар Дымгæйы. Сæ фыд та у Хур. Нана æмæ Хур ракуырдтой се 'ртæ хистæрæн устытæ, радтой сын зæххытæ. Æртæ хистæр фырты систы Цæгаты, Хурыскæсæны æмæ Хуырныгуылæны Дымгæтæ. Сæ устытæ та уыцы зæххытыл барджын æфсинтæ! 

– Уый – хистæртæ! Цы ис кæстæр Дымгæмæ та? – фарста йæ Шеше. 

Дзуапп ын радта Чутанæт: 

– Кæстæр Дымгæйæн абон ихын Нана æмæ Хур балæвар кодтой Хуссары зæххытæ æмæ йæ схуыдтой Хуссары Дымгæ! Мад ын радта æмбисонды гага. Аныгæн, дам, æй зæххы, бахъахъхъæн æй хурныгуылдæй хурыскастмæ æмæ фестдзæнис чызг! Ныр хъахъхъæны Дымгæ æмбисонды гагайы! Ратт мын кæлæнгæнæн айдæн, æмæ йын бабын кæнон йæ усаджы! Кæстæр Дымгæ хъуамæ мемæ æрлæууа авд боны фæстæ Хуры цур! Æз хъуамæ суон уыцы зæххыты барджын æфсин! 

Куыд нæ бацин кодтаид Шеше! 

– О, мæ зондджын чызг! Ды уыдтæ мæ цотæн сæ тæккæ тыхджындæр, нæ уыдис се 'хсæн дæуæй æгъатырдæр! Гъа, айс айдæн! Сæ хуыздæр дæуæн нывæрдтон. 

– Цы у йæ бон? – фæрсы Чутанæт. 

– Айдæн дæ коммæ кæсдзæн авд боны æмæ авд æхсæвы. Йæ бон цы у, уый зоны æрмæст хæйрæг, æз та дын зæгъын: никæй фервæзын кодта æвзист айдæн мæлæтæй. Ма йыл дар ды дæр дæ зæрдæ æмæ хъахъхъæн дæхи. 

Чутанæт ма загъта: 

– Авд боны æмæ авд æхсæвы фæстæ мæ ардæм хъæуы. – Загъта æмæ æрбайсæфтис. Сау мигъы къуыбар фестадис, хъæдгæрон балæууыд æмæ, Дымгæйы, хоры гага кæм аныгæдта, уым бадгæ куы ауыдта, уæд дзуры: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Ферох уæд Дымгæйæ хурыскастмæ хоры гага! 

Загъта æмæ сау мигъæй йæхи бауагъта лæппуйыл. 

Дымгæйæ æцæгдæр æрбайрох, гага кæй хъахъхъæдта, уый. Лæппу фæгæпп кодта æмæ хæхбæсты хъазты балæууыд, æмбисæхсæвмæ дзы фæсимдта, уырдыгæй фурдмæ афардæг, йæхи дзы ныннадта æмæ, хур куы скастис, уæд хоры гага йæ зæрдыл æрбалæууыдис. 

Хоры гага кæм баныгæдта, уым æнахуыр чызг баййæфта. Сатæгсау – йæ буар, пыхцыл – йæ сæр, дыууæ зынгау цæстытæ тæмæнтæ калынц, туджы зилынц. 

– Æз дæ чындзаг дæн, Дымгæ! – дзуры йæм чызг. 

Баууæндыдис ыл Дымгæ æмæ фæрсы: 

– Цы зæгъы дæ зæрдæ? 

Дзуры йæм Чутанæт: 

– Арвыл сау мигътæ амбырд кæн! Фæнды мæ, тыхджын дæ æви нæ, уый базонын. 

Дымгæ чызджы къæдзæхы тигъыл авæрдта, йæхæдæг сау уæззау мигътæ хæссын байдыдта арвы кæрæттæй, æмæ æмбисбонмæ баталынг бæстæ. 

Лæппу æрлæууыд къæдзæхы тигъыл æмæ фæрсы: 

– Цы ма зæгъы дæ зæрдæ? 

Чутанæт та йæм дзуры: 

– Мигътæ æрбамбырд кодтай. Фæлæ мæ, уазал мигъты кæрæдзийыл куыд хойдзынæ æмæ зæххытæ ихы бын куыд фæкæндзынæ, уый фенын фæнды. 

– Уый дын мæ бар! – загъта тыхджын Дымгæ, арвмæ йæхи систа, æмæ тагъд рæстæг ихы ставд дуртæй зæхх урс-урсид фестади. Их тадис æмæ Хуссары зæххытæ доны бын фесты. 

Уыцы рæстæг ихын Нана рацыдис йæ мæсыгæй, скастис арвы айдæнмæ, федта йæ кæстæр фырты къæдзæхы тигъыл Чутанæты фарсмæ лæугæ æмæ бамбæрста хабар. Бадзырдта йæ лæппумæ. 

Дымгæ балæууыдис цъититы 'хсæн, æрлæууыд мады цур. Дымгæйы тарцъæх цæстытæ уыдысты мæтæйдзаг, йæ сызгъæрин дзыккутæ уæхсчытыл апырх сты, йæ ныййарæгæн сæрæй куы æркуывта, уæд. 

Нана йын афтæ зæгъы: 

– Нæ бахъахъхъæдтай дæ чындзаджы æмæ лæггад кæныс къулбадæг усы чызг Чутанæтæн! Дæхи чындзаджы куы нæ ссарай, уæд дыл Хур уыцы æнаккагимæ саргъаудзæн æмæ Хуссары Дымгæ нæ, фæлæ æлгъаг цъымаратæ фестдзысты дæ зæххытæ, дæхæдæг та суыдзынæ Цъымараты Дымгæ! 

Фæрсы йæ лæппу: 

– Куыд базонæн ис мæ чындзаджы? 

Дзуапп ын радта Нана: 

– Æнæ цæстæй фенгæйæ дæ Сызгъæриндзыкку чи схона, уый у дæ амонд. 

Дымгæ йæхи арвмæ систа æмæ æрбайсæфт. Уый фыццаджыдæр арв асыгъдæг кодта сау мигътæй, стæй йæ амонд агурыныл схæцыд. 

Чутанæт дзæгъæлы æнхъæлмæ кастис къæдзæхы рындзыл. Дымгæ куы никæцæй зындис, уæд чызг фелвæста айдæн æмæ дзуры. 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Зæгъ, кæм ис Хуссары Дымгæ? 

Дзуапп ын радта кæсæнæй фæсус хъæлæс: 

– Дымгæ хæхты, быдырты æмæ дæтты агуры йæ усаджы. 

Чутанæт хъæрмæ фæцис: 

– Нал æй ссардзæн! Æз хоры гага уыгæн радтон. Уыг цъымарайы сæрты куы фæцæйтахтис, уæд æй амардтон! 

Рæстытæ дзырдта Чутанæт. Фæлæ уыг амардис, хоры гага та йæ дзыхæй рахаудис æмæ цъымарайы æхсæвы талынджы стъалыйау тæмæнтæ калдта. Хæфсы лæппынтæ дзы фæтарстысты æмæ йæ цæугæдонмæ расхуыстой. 

Ленк кодта æмбисонды гага, æмæ йæ райсомæй систа иу зæронд ус. 

Ахаста йæ йæ мæсыгмæ, къусы сыджыт бахаста, рудзынгыл æй сæвæрдта æмæ дзы хоры гага ныссагъта. Йæхæдæг ацыдис æмæ хæдзары куыстытæ кæны. 

Уалынмæ хур скастис, йæ тын андзæвыд къусыл, æмæ дын гага æвзар куы суадзид, æмæ æвзар хæрз чысыл чызг куы фестид. 

Бацин кодта зæронд ус, систа чызджы йæ арммæ. Хуымæтæджы чызг нæ уыдис, мыййаг! Йæ буар урс-урсид, йæ дзыккутæ дæр сау æмæ цæстытæ дæр. 

– Мæ чысыл къона! Ном дыл сæвæрдзынæн, æмæ мемæ цæрдзынæ, – загъта йын ус. 

– Чызджы ном мыл ма сæвæр! Къулбадæг усы чызг мæ ссардзæнис! – фæтарстис уый. 

– Бæрзбызычъи дæ схонон? – бахудт æм зæронд ус. 

– Уый фыдуынд ном у! 

– Цæмæнхъуыд та ? 

– Нæ, æз хъæуын иу лæппуйы! 

– Бæрз бæлас дæ схонон? 

– Бæрз бæлас?! Схон! – сразы чысыл чызг. 

Уæдмæ дын Дымгæ бахæццæ ис зæронд усы мæсыгмæ. Бауыгъта йын йæ дуар æмæ, æхгæд куы разынд, уæд рудзынг батъæпп ласта æмæ балæбурдта хæдзармæ. Уый усы армæй чысыл чызджы фелвæста, азилдух æй кодта, æмæ чызг рог бумбулийау базы сæр балæууыд. 

– Сызгъæриндзыкку! Уый куыд æнарæхст дæ!? – цъæхснаг хъæлæсæй йæм дзуры чызг. 

Дымгæ фæсыпп, мæсыджы пъолыл æрлæууыдис, систа йæ усаджы йе 'нгуылдзыл æмæ фæрсы мæтæйдзаг хъæлæсæй: 

– Куыд дæ равдисдзынæн ме 'фсымæртæм? Куыд æрлæудзынæн демæ Хуры цур? 

Чызг æм дзуры: 

– Ууыл æппындæр ма тыхс, Сызгъæриндзыкку! Ауз мæ дæ армы, дзур мын рæвдаугæ ныхæстæ, æмæ изæрдалынгтæм айрæздзынæн! 

– Уый дын мæ бар! – бацин кодта Дымгæ. 

– Хæрзбон, Нана! 

– Хæрзбонтæ дыл кæнæд, мæ Бæрз бæлас! – загъта ма æнкъардæй ус. 

Ууыл Дымгæ ахаста чызджы, уызта йæ йæ фæлмæн армы, кодта йын рæвдауæн ныхæстæ, уæдæ цы уыдаид! 

Уыцы афон Чутанæт къæдзæхы тигъыл лæууы – фæдис хъæр кодта Дымгæмæ, бæргæ, фæлæ никуы æмæ ницы. 

Фелвæста та кæсæн æмæ фæрсы: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Кæм ис ныртæккæ Хуссары Дымгæ? 

Дзуапп ын радта фæсус хъæлæс айдæн: 

– Хуссары Дымгæ ссардта йæ усаджы! Ныртæккæ йæ узы фурды урссæр уылæнтыл.  

Рафыхтис мæстæй Чутанæт æмæ та дзуры: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Чызджы кæсаг фестын кæн æмæ æрбайсæфæд фурды!  

Фæсус хъæлæс ын айдæнæй дзуапп радта: 

– Чутанæт, уыцы чызгæн нæй удгоймаджы ном, æмæ йыл мæ тых нæ цæуы. 

Чутанæт амбæхста айдæн йæ роны æмæ афардæг Дымгæйы агурæг. Цас фæцыди, чи йын цы зоны! Фæлæ æхсæвы талынджы кæсы Чутанæт, æмæ Дымгæ Стыр обауыл лæууы хæрзконд чызгимæ. 

Чутанæт зæронд ус фестадис, бацыдис сæм æмæ дзуры: 

– Уый хуызæн рæсугъд дзыккутыл тынг сфидауиккой арвы стъалытæ! Æви дæм æгæр кæсынц арвы стъалытæ? 

– Мæ Бæрз бæласы аккаг лæвар нæй зæххыл æмæ арвыл дæр! – фæхъæр кодта Дымгæ æмæ æрбайсæфт. 

Чутанæты дæр æндæр ницы хъуыдис. Уый кæлæнгæнæн айдæны 'ххуысæй чызджы бæлас фестын кодта, йæхæдæг Бæрз бæласы халдих фестад æмæ алæууыд Стыр обауыл. Уалынмæ Дымгæ æрыздæхтис арвæй, æркалдта Чутанæты дзыккуйыл стъалытæ æмæ дзуры: 

– О, мæ Бæрз бæлас! Мæ зæрдæйы цин, цы ма зæгъыс? Кæм атезгъо кæнæм ардыгæй Хуры скастмæ? 

– Хур ныл куыддæр саргъауа, афтæ тезгъо кæндзыстæм! Ныр та мæ уæлæ къæдзæхтæм ахæсс, æмæ уым мæ фæллад суадзон, – дзуры йæм Чутанæт. Дымгæ йæ ахаста къæдзæхтæм, фæлæ йæхæдæг æрыздæхтис Стыр обаумæ, ауыдта урсбуар, сауцæст бæласы, æрбахъæбыс æй кодта æмæ фæрсы: 

– Куы никæй дæ ныссадзгæ федтон, куы никæй дон кæнгæ, уæд куыд тагъд айрæзыдтæ? 

Дзуры йæм Бæрз бæлас æнкъард хъæлæсæй: 

– Æз афтæ тагъд дæ рæвдауæн ныхæстæй айрæзыдтæн, Сызгъæриндзыкку! Фæсайдта та дæ Чутанæт! Фæцу дæ Нанамæ, æмæ кæд исты æрхъуыды кæнид. 

Дымгæ уайтагъд цъититы сæр балæууыд æмæ хабар йæ мадæн ракодта. 

– Фервæзын кæн мæ Бæрз бæласы! Асайдта та мæ уыцы кæлæнгæнæг! – балæгъстæ кодта мадæн лæппу. 

Ихын Нана рацыдис мæсыгæй æмæ бакуывта: 

– Хурты Хурзæрин! Æмбисæхсæв фæзын зæххы сæрмæ! Æртав æй дæ царддæттæн тынтæй! Суайæд зæххæн йæ иу кæронæй иннæмæ урсбуар сауцæст бæлæстæ! 

Уыйадыл Хур стылдис æмбисæхсæв зæххы сæрмæ æмæ куыддæр йæ тынтæ хæхтæ, къуыбыртæ æмæ быдыртыл амбæлдысты, афтæ бæрз бæлæстæ суадысты, акодтой сæ урс буæрттыл цъæх дари къабатæ. 

Чутанæт дисы бацыд, Хур æмбисæхсæв скæсгæ куы федта, уæд. 

Уый фелвæста йæ ронæй айдæн æмæ дзуры: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Зæгъ, цы куыста Хур æмбисæхсæв хæхбæсты? 

Дзуапп ын радта айдæнæй фæсус хъæлæс: 

– Дымгæ базыдта, йæ усаг бæлас кæй фестадис, уый. Хурмæ бадзырдта Нана. Айдзаг зæхх бæрз бæлæстæй, æмæ бамбæхстой се 'хсæн чызджы. 

Чутанæт уый фехъуыста цы! Хæйрæджы айдæн дурыл фæкодта, ныппырх и айдæн. Чутанæт йæхæдæг та хырх фестадис. «Æз хурыскастмæ иу бæлас дæр нал ныууадздзынæн», – загъта, бæргæ, фæлæ йыл уалынмæ Дымгæ йæхи æрбауагъта, ныззылдта йæ, стæй йæ дурты 'хсæн ассæста, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ! Аныгæдта къулбадæг усы кæстæр чызджы айнæг дурты бын. 

Ууыл фесæфтис Чутанæт. Иуæй-иутæ ма фæдзурынц, ныр дæр, дам, ма ис фенæн Чутанæты, чысыл сау мигъæй, хæхбæсты иу талынг лæгæтæй иннæмæ цæугæ. Æхсæвы талынджы та фæбады бæрз бæлæстыл, фæкæуы, дымгæ сын цы рæвдауæн ныхæстæ кæны, уыдонмæ хъусгæйæ... Чи зоны æмæ афтæ дæр уа. 

Хуссары Дымгæ та Бæрз бæласимæ æрлæууыд ихын Нана æмæ Хуры цур уыцы райсом. 

 

 

ЕЛДÆ ÆМÆ ШЕШЕЙЫ КÆСТÆР ФЫРТ ЧИЧИБЕГ 

 

Раджыма-раджы стыр фурды астæу иу цъæх сакъадахыл царди денджызы паддзах йæ ус æмæ йе 'мбисонды рæсугъд чызг Елдæимæ. 

Уыцы сакъадахы цæрджытæ сурыл адæм уыдысты, доны – хъазтæ, уæлдæфы – тæхгæ цъиутæ. 

Паддзахы чызджы кой уайтагъд айхъуыстис зæххы кæрæттæм. Лæппуты хуыздæртæ йæм курæг цæуын байдыдтой, фæлæ паддзах дзырдта: 

– Елдæ хъуамæ айрæза хъарм денджызы был, хъуама фена бирæ бæстæтæ, стæй бон цæуы æмæ фарн хæссы. 

Фехъуыста денджызы паддзахы чызджы кой къулбадæг ус Шеше дæр æмæ загъта: 

– Ракурин æй мæ фырт Чичибегæн, фæлæ цы уыдзæнис денджызы паддзахмæ? Уæд та мæнæй мæгуырдæр у?! – Стæй раласта йе 'фсæйнаг къухдарæн: чъизи къусы дон æркодта æмæ йæ уым нысхуыста. 

– Доны кæлмытæ – дæлимоны фæсдзæуинтæ, зæгъут-ма, хъæздыг у денджызы паддзах? 

Ууыл къусы дон базмæлыд, æмæ дзы йæ сæр сдардта калм. 

– Елдæйы дзыккуйæ иунæг хал куы ратонай æмæ йæ зæхмæ куы аппарай, уæд йæ бынаты фестдзæнис сызгъæрины кæри! – загъта калм æмæ æрбайсæфт. 

Скастис уæдмæ дыккаг калм æмæ дзуры: 

– Елдæйы систæй иунæг куы ратонай æмæ йæ зæхмæ куы аппарай, уæд дæ къæхты бын фестдзæнис æвзисты кæри! 

Æртыккаг калм райдыдта: 

– Елдæ æрмæст кæй бауарза... 

Шеше йыл схъæр кодта: 

– Банцай, æнæсæр! Чичибег, кæй нæ бауарзай, ахæм лæппу куы нæ у! 

Калм бачыр-чыр кодта æмæ æрбайсæфт. 

Шеше фелвæста йæ къухдарæн æмæ загъта йæхицæн: 

– Кæд æмæ Елдæ нæ къухы чызгæй бафта, уæд ын тондзыстæм йæ дзыкку! Кæд æмæ нæм хъазæй æрбафта, уæд та йын йæ систæ тондзыстæм афæдзæй афæдзмæ! Æвзист дæр хæзнайыл нымад у! 

Фæдзырдта йæ фыртмæ: 

– Чичибег! Къуырма бауай, кæм дæ? 

Æрæджиау кæддæр фæзынди кæцæйдæр æрдиаггæнгæ Чичибег, йæ цонг цæф, афтæмæй. 

Фæрсы йæ Шеше: 

– Чи та дæ фæнадта? Уыцы Бутъусæн ницы фыд скодтай? 

– Нæ йыл цæуы мæ тых. 

– Банцай! Дæлæмæ дæр Бутъус æмæ уæлæмæ дæр! Сбæтт ын йе уæнгтæ хинтæ æмæ кæлæнтæй! Цæуыл дæ фæцахуыр кодтон! – мæстæй рафыхтис мад. 

– Зынгæ дæр æм нæ кæнынц мæ кæлæнтæ.  

– Ферох кæн уыцы мæгуыры! Фæцу, далæ фурды астæу цы сакъадах ис, уырдæм, æмæ ракур денджызы паддзахы чызг Елдæйы.  

Æрбамæсты йæм Чичибег: 

– Цы аразын денджызы паддзахы чызгæй! Мæн хъæздыг лæджы чызг хъæуы! 

– О Чичибег! Елдæйæ хъæздыгдæр нæй! Йæ дзыккуйы хал ын ратон, аппар æй зæхмæ, æмæ йæ бынаты сызгъæринты кæри фестдзæнис! Доны куы баленк кæна, уæд ын йæ систæй иу ратон, аппар æй зæхмæ, æмæ дын – æвзисты кæри! 

Бацин кодта лæппу. 

– Уый, æцæгдæр, хъæздыг куы у! 

– Гъа, мæнæ дын æрхуы айдæн, – загъта ма мад, æмæ Чичибегæн радта хæйрæджы æрхуы айдæн. 

Чичибег сау хъаз фестади, афтæмæй балæууыди фурды астæу цъæх сакъадахы. Уым хъазтæ æрæмбырд сты æмæ сæхи цæттæ кодтой дард балцмæ. Паддзах дзырдта æрыгон хъазтæн, арвмæ сæхи куы сисой, уæд сæ халæй иуварс атæхыны бар кæй никæмæн ис, стæй аздæхти йæ чызгмæ. 

– Елдæ, дæ разæй тæхдзæни дæ мад. Дæ фæстæ халы бынат чи 'рцахса, уый та хъуамæ дæхæдæг равзарай, уый дæ къай уыдзæнис. 

Чичибег базыры бынæй æрхуы айдæн фелвæста æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Мæн равзарæд йæхицæн Елдæ къайæн! 

Паддзахы чызг уæдмæ Чичибеджы цурмæ æрбахæццæ æмæ дзуры йæ фыдмæ: 

– Дада, кæд гæнæн ис, уæд мæнæ ацы сау хъаз тæхæд мæ фæдыл, хъарм фурды та уæд мæ фарсмæ. 

– Уыдзæнис, дæу куыд фæнды афтæ, мæ чызг! – сразы йемæ фыд, стæй дзуры Чичибегмæ: Дзуапп мын ратт æрмæст мæ иу фарстайæн: чи дæ? Кæцæй фæзындтæ нæ сакъадахмæ? 

– Æз дæн фæсарæйнаг! Мæ фыд та у сау денджызы паддзах! – асайдта йæ Чичибег. 

Уый фæстæ хъазтæ стахтысты арвмæ сæ паддзахы фæстæ, дыууæ халæй адаргъ сты æмæ хуссармæ сæ ных сарæзтой. 

Чи зоны, цас фæтахтысты, фæлæ денджызмæ фæхæццæ кæнынц, афтæмæй ауыдтой, иу коммæ бирæ æфсад кæй лæбурдтой, æмæ сæ размæ иунæг лæг кæй лæууыдис, йæ къухты тæмæнтæ калдта æхсаргард, афтæмæй сæ комы мидæмæ нæ уагъта. 

Елдæ фæрсы йæ мады: 

– Нана, чи у уыцы хъæбатыр? 

– Бутъус у йæ ном, – дзуапп ын радта мад. 

– Паддзах у, æвæццæгæн, æмæ йæ зæххытæ хъахъхъæны, – загъта та Елдæ. 

Чичибег æрбамæсты. 

– Паддзах! Цæй паддзах у! Æнæ базыр, æнæ хæдзар!  

Елдæ дзургæ ницыуал скодта, фæлæ, лæппуйы хæд сæрмæ куы бахæццæ сты, уæд йæ базыртæ йæ фæрстæм æрбалхъывта, æмæ уæззау дурау зæхмæ атахтис. 

Бутъус уый куы ауыдта, уæд йæ бæх фæзылдта æмæ маргъмæ батагъд кодта. Афтæ фенхъæлдта, хъазы знæгтæй исчи фæцæф кодта. Уый та зæхмæ куы æрхæстæг, уæд йæ базыртæ айтыгъта, фæлмæн æрбадт кæрдæгыл æмæ бæсты рæсугъд чызг фестадис. Знаджы æфсæдтæ уый федтой, цы! 

– Ай хуымæтæджы лæг нæу, арвæй йæм зæд кæд æртахтис, уæд! Лидзæм! – ныхъхъæр кодта сæ раздзæуæг, æмæ сæ кой-сæ хъæр нал фæзынд. 

Бутъус дзуры: 

– Чи дæ, хорз чызг? 

– Æз денджызы паддзахы чызг Елдæ дæн. Мæ ныййарджытимæ хъарм бæстæм тæхæм, – дзуапп ын радта чызг. 

– Кæд мын тæригъæд фæкодтай, æмæ уымæн æртахтæ зæхмæ, уæд дæ салам бирæ. 

Елдæ бахудт. 

– Фæнды мæ базонын – нæ паддзах дæ, нæ дæ хъæздыг лæг хонынц, уæд цæй сæраппонд суæлдай кодтай дæ цард? Уый бæрц æфсады ныхмæ æрлæууынмæ иунæгæй дæ ныфс куыд бахастай? 

– Паддзæхтæ райгуырынц æмæ амæлынц, хъæздгуытæ мæгуыр дæр свæййынц! Мулкæн дæр ис ссарæн! Нæй ссарæн фыдыбæстæн æрмæст! Гъе уымæн æй хъахъхъæнын удуæлдайæ. Ныр мæхи стыр амондджын хонин, ды мемæ куы баззаис, уæд. 

Елдæ йæм бахудт, стæй азгъордта, стахтис уæларвмæ урс цъиуæй æмæ ма æрдзырдта: 

– Уалдзæджы мын фехъусдзынæ мæ дзуапп! Уалдзæджы... 

Елдæ баййæфта хъазты. Раст зæгъын хъæуы, тынг æй бафхæрдтой йæ ныййарджытæ, фæлæ, цы 'рцыдис, уымæн раздахæн нал уыдис, æмæ иу афон æрсабыр сты. Чичибег мæстæй фыхтис бæргæ, фæлæ йæ зæрдæ тынг дардта, афæдзы 'рдæгмæ Елдæ Бутъусы кæй ферох кæндзæнис æмæ йын кæлæнгæнæн айдæны 'ххуысæй йæхи кæй бауарздзæн. Сæнтсау хъазæй ленк кодта хъарм фурды Елдæйы фарсмæ. Чызг уыдис æдзух æнкъард. Иу ахæмы йæ фæрсы паддзах: 

– Мæ чызг, цæуыл æнкъард кæны дæ зæрдæ? Кæд дæ æрдзы нывтæ фенын фæнды, – уæд цом... 

Елдæ йæм бахудти. 

– Мæ цæстыты раз æппынæдзух Бутъус лæууы! Нæй уымæй рæсугъддæр æрдзы нывты 'хсæн! 

Уый фехъуыста, цы, Чичибег! Мæстæй рафыхтис æмæ хъуыды кæны: «Фæлæуу, æз дын фесафдзынæн дæ Бутъусы, мæнæ аздæхæм фæстæмæ!» 

Цыдысты бонтæ. Елдæ йæ рæстæг æрвыста сау хъазы фарсмæ, фæлæ æнкъардæй-æнкъарддæр кодта, æмæ та йын фыд зæгъы: 

– Уæд та дын зараг цъиуты æрбахонон, æмæ дын кæд бахъæлдзæг кæниккой дæ зæрдæ. 

Дзуапп ын радта чызг: 

– Мæ хъустыл кæддæриддæр Бутъусы хъæлæс уайы! Нæй, никæцы цъиуæн ис ахæм æмбисонды хъæлæс. 

Чичибег йæхицæн загъта: «Æз кæфхъуындар фестдзынæн æмæ Бутъусы аныхъуырдзынæн, куыддæр аздæхæм, афтæ». 

Бонтæ ивтой бонты, мæйтæ мæйты, æмæ та денджызы хъазтæ сæхи бæрзонд арвмæ систой, халы сæ раздæры бынæттæ æрцахстой æмæ сæхи сакъадахы 'рдæм атахтысты. Иу бон комы сæрты фæцæйтахтысты. 

Бутъусы ауыдта къæдзæхы цъуппыл æмæ дзуры йæ фыдмæ: 

– Дада, хæрзбон! 

– Хæрзбон, мæ чызг, – дзуапп ын радта фыд. 

– Нана, хæрзбон. 

– Хæрзбон, мæ хъæбул, – æнкъард уыдис мады хъæлæс. 

Уый фæстæ Елдæ йæхи фæиуварс кодта æмæ, Бутъус кæм лæууыд, уырдæм атахт. 

Чичибег бамбæрста хабар, атахтис чызджы фæдыл, рацахста йæ урс-урсид хъазæй æмæ йæ йæ мады лæгæты скуыси кодта. 

Шеше куыннæ бацин кодтаид! 

– Ныр тондзыстæм систæ æмæ бумбулитæ! 

– Тондзыстæм, æмæ паддзахæй хъæздыгдæр суыдзынæн мæхæдæг! 

Уалынмæ дын бæхы къæхты хъæр æрбайхъуыстис. Шеше фехста хъазы лæгæты æмæ дзуры лæппумæ: 

– Кæфхъуындар фест! Стыр кæфхъуындар фест æмæ Бутъусы аныхъуыр! 

Чичибег дзуры: 

– Хæйрæджы цæст – æрхуы зæрдæ! Тынг стыр кæфхъуындар мæ фестын кæн! 

Æмæ стыр кæфхъуындар фестадис, ахæм стыр, æмæ лæгæты зæххæй цармæ бацахста. Фæлæ йын фыр стырæй фезмæлæн нал уыдис – ныссагъдис дзы, æмæ йæ Бутъус æхсаргардæй кæрдын байдыдта. 

Шеше уый куы ауыдта, уæд уаллон фестадис æмæ зæххы хуынчъы абырыд. Чичибеджы та Бутъус скарста йе 'хсаргардæй. Уæд æм лæгæты арфæй рацыди Елдæ, æмæ ма абон дæр цинтæ кæнынц сæ кæрæдзийыл. 

 

Фиппаинæгтæ: 

 

Аргъæутты цикл хицæн чиныгæй рацыд 1995 азы, уацмыстæ фыст сты адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ. 

 

 

1. Дæлдзæх –Рагон уырнынадмæ гæсгæ, дуне арæзт у уæлдзæх æмæ дæлдзæхæй, уыимæ уæлдзæхтæ дæр æмæ дæлдзæхтæ дæр сты æвдгæйттæ. Фыццаг уæлдзæх у зæххы цъар – адæм, цæрæгойтæ кæм цæрынц, зайæгойтæ кæм зайынц, уый. Уымæй уæлæмæ ма арвы тыгъдады ис æхсæз уæлдзæхы – уæларвы. Уыдонæй алкæм дæр цæрынц зæдтæ, дауджытæ, хæрзудтæ. Æппæты уæллаг уæларв у Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы цæрæнбынат. Дæлдзæх – дæлимонты цæрæнбынат.  

2. Æрхуы – згъæры мыггаг (уырыс. «медь»). 

3. Дыджызæ – сывæллонгæс, хъомылгæнæг (уырыс. «няня», «кормилица»). 

4. Зæдтæ – ирон мифологийы, нæ абоны царды арæх æмбæлæм сæ койыл, фылдæр «зæдтæ æмæ дауджытæ», зæгъгæ, ахæм хуызы. Сты Хуыцауы дæлбар тыхтæ. «Зæдтæ цæрынц уæларвы. Хуыцауы размæ бацæуæн сын ис, куы сæ æрцагура, уæд. Æрмæст иунæг Уастырджи йæм цæуы æнæ бар ракургæйæ… Ирон дунембарынадмæ гæсгæ, зæдтæ арвæй тæхынц, уæлдайдæр та сæ кувæндæттæм. Æмæ хорз у, тæхгæ сæ куы фенай, уæд». Уыимæ-иу сæ тæхгæ чи федта, уый хъуамæ æнæмæнг сæ номыл æртæ чъирийæ скуывтаид, йæхи Хуыцауыл æмæ зæдтыл бафæдзæхстаид. 

5. Куыдзæппарæн был – фыдгæнджыты-иу кæцæй аппæрстой фыдæлты заман, ахæм къæдзæх. Куыдзæппарæн былæй аппарын нымад уыд тæккæ карздæр тæрхоныл. Кæй-иу аппæрстой, уыдон ныгæд дæр цыдысты æгадæй, хибар уæлмæрдты, æнæ цырт, æнæ ингæн бæрæгæй. «Æвзæрты, фыдгæнджыты, куыдзæппарæнæй æппæрст мæрдты æгады, фидиссаджы номæй Иры дзыллæ ныгæдтой бæрæг бынæтты комгай, бæстæгай. Уыдонæй иуы ном баззад адæмы хъуыдыйы иугæндзон æгадæй, фидиссагæй. Уый у Леты уæлмæрд. Зындгонд уыд Лет йæ æвзæрты, фыдгæнджыты ныгæнæн уæлмæрдæй. Абон дæр ма фехъусæн ис уайдзæфы, фидисы ныхас хистæртæй: «Уымæй æвзæрдæр Леты уæлмæрды дæр нæй», зæгъгæ». 

6. Бон дисны рæзыдысты, æхсæв – уылынг – аргъæутты арæх чи æмбæлы, ахæм ныхас. Дунеон фольклоры баст у «хъайтарон сабидуджы» мотивимæ. Адæмон аргъæутты хъайтартау Дзег дæр рæзыд тынг тагъд. Уылынг – арм куы айтынг кæнай, уæд стыр æнгуылдзæй амонæн æнгуылдзы онг дæрддзæг; дисн, дисны, уыдисн – рагон дæргъбарæн бæрц, арм куы айтынг кæнай, уæд хистæр æнгуылдзæй кæстæры онг. 

7. Сухты цагъд – кæс: бындзагъд сæ фæкодтой. Сух – цагъды чи фæцис, ахæм æбæрæг адæмыхатт. 

8. Кады нуазæн (кæнæ цыты нуазæн ) – ирон фынджы фыдæлтыккон æгъдæуттæй иу. Хистæртæ-иу æй радтой фынгылбадджытæй кадджындæр, цытджындæр лæгтæн, æрбацæуæг уазджытæн. 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ