Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хъайтыхъты Азæмæт
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
Хъайтыхъты Беслæны фырт Азæмæт (1923-2015) райгуырдис Ходы хъæуы.  

1939-æм азы каст фæци Садоны астæуккаг скъола æмæ кусын райдыдта Садоны æрзæткъахæнты хохкъæртгæнæгæй. 

1941-æм азы ацыд Сырх æфсадмæ. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курск-Орæлы тохты, операци «Багратионы». Авд хатты фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу уæддæр ногæй æрлæууыд йе ’мхæстоны æмрæнхъ. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, Намысы III къæпхæны, Фыдыбæсты хæсты I къæпхæны ордентæй, стæй 16 майданæй.[1] 

Фæстæдæр йæ хæстон фæндæгты тыххæй ныффыста мысинæгтæ, æмæ журнал «Мах дуг» чи кæсы, уыдон сæ бакастаиккой. 

Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы Ныхасы алыхуызон таурæгътæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ’фсæстис. Йæ цæстыты раз-иу сыстадысты, фыдæх æмæ фыддуджы ныхмæ чи рацыдис, уыцы сæрæнгуырдтæ æмæ-иу йæ сæнтты дард кæмдæр балæууыд. Уæд-иу Азæмæт гыццыл нал зындис йæхимæ — кард кæй нæ кæрды, фат кæм нæ хизы, ахæм хъæбатыр-иу басгуыхти. 

Æрзæткъахæнты куыста, фæлæ йæ зæрдæйæ нæ цух кодтой, кæддæр Ныхасы цы диссæгтæ хъуыста, уыдон. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд уыцы таурæгътæ ныффыссын æмæ джиппæй рауадзыны бæллиц. Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын байдыдтой йæ æхсызгон хъизæмаргæнæн æхсæвтæ. Дзаевгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Адæм ын бацин кодтой йæ таурæгътыл, къухæй-къухмæ сæ истой. 1984-æм азы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд Азæмæты таурæгъты фыццаг чиныг «Зынаргъ дур». 1989-æм азы та — йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр, чиныгкæсджытæ сæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ, дыууæ чиныджы уагъд æрцыдысты иумæ, иу чиныджы, «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. 

Фæстæдæр Хъайтыхъты Азæмæты райстой Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы рæнхъытæм. 

Ирыстоны бирæ таурæгъгæнджытæ уыди. Фыст дæр гыццыл не ’рцыдис сæ таурæгътæй. Фæлæ Азæмæты таурæгътæ бæрæг дарынц се ’хсæн сæ аив нывæфтыдæй æмæ сæ фидар композицион арæзтæй. Бæрæг дарынц уымæй, æмæ Азæмæт рагон таурæгъы бындурыл хорз кæй арæхсы нырыккон аивадон уацмыс снывæндынмæ. Уымæ гæсгæ Азæмæт хуымæтæг таурæгъгæнæг нæу, нæдæр таурæгъфыссæг у. Азæмæт у фыссæг, сыгъдæг ирон адæмон æвзагæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæнды, ахæм фыссæг. 

Царды æцæг хабæртты бындурыл фыст сты, Хъайтыхъты Азæмæт йæ ног чиныгмæ («Азæмæты таурæгътæ», 2005) цы рагон таурæгътæ бахаста, уыдон — «Уæгъуыллæйы мæлæт», «Доны къусы аргъ», «Фыдус», «Туджы пырхæнтæ», «Фыдохы арт», «Уазал фæлварæн», «Дзæхы фæстаг балц», «Хетæг», «Черчесты уæйыг», «Ус богал», «Аслæнбеджы мæлæт» æмæ æндæртæ. 

 

 

 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ