Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Зæрватыкк
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Зæрватыкк 

 

Хъайтыхъты Азæмæт

 

 

Цæй, мæ хуры чысылтæ, Бабайы чырынтæ байгом кæнæм, æмæ рагон таурæгъмæ æркæсæм, кæддæра зæрватыччы дымæг саджил цæмæн у, стæй йæ уæздан маргъ цæмæн хонынц.  

Цæвиттон, Хуыцæутты Хуыцау æрдз куы рантысын кодта, загъд ис рагон таурæгъы, уæд æнæ цæрæгойтæ нæ фидыдта, æмæ сфæлдыста адæмы, сырдты, фосы, мæргъты, хилджыты, саситы æмæ ма бирæ лыстæг цыдæртæ. Уыдонæй алкæмæндæр се сфæлдисæг бацамыдта, чи цы хæринагæй цæрдзæн, уый æмæ йæ уæларвон фæндагыл куы азылд, уæд æй калм бафарста: 

– Æмæ мæн та цæмæн ферох кодтай, цæмæй хъуамæ цæрон æз?.. 

Хуыцау æм æнæрвæссонæй ракаст æмæ, йæ сызгъæрин рихитæ здухгæ, бахъуыр-хъуыр кодта: 

– Ды бындзы дзуаппы аккаг дæр бæргæ нæ дæ, фæлæ-иу уый бафæрс. 

Калм мæстæй йæхи уæрдæхау ныззылынтæ кодта, фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис, бындзы бацагуырдта æмæ йын йæ хъусы басыф-сыф кодта: 

– Хъусыс, мæ лымæн, не сфæлдисæг мæ дæуыл бафæдзæхста. Ды, дам, цæуыл нæ абаддзынæ, ахæм нæй, æмæ базон, цæрæгойтæй адджындæр кæй туг уа, уый уыдзæн мæ минасаг. 

– Уый дын мæ быгъдуан, – фæцырд и бындз æмæ калмы курдиат æххæст кæнынмæ ныппæррæст ласта. 

Ныддаргъ сты калмыл бонтæ, къуыритæ. Аивгъуыдтой цалдæр мæйы, уæддæр ма калм комхæлиуæй æнхъæлмæ касти йæ рог минæвармæ æмæ бынтондæр нытътъанг и. 

Бындз кæй тугæй нæ сахуыста, зæххыл ахæм цæрæгой нал баззад, æмæ йæ даргъ балцæй фæстæмæ здæхти, уæдæ цы уыдаид. Хатгай-иу йæ фæллад уадзынмæ куы кæм абадт, куы кæм. 

– Дæ хорзæхæй, бынтондæр цæуыл сбындз дæ, цы агурыс? – иу ахæмы йæ афарста зæрватыкк. 

– Цы куы зæгъай, уæд Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ сгарын, цæрæгойтæй йæ туг кæмæн адджындæр у, уый. 

– Æмæ уæд цы уыдзæн? – бацъыбар-цъыбуртæ йæм кодта урсдæллагхъуыр зæрватыкк. 

– Уæд уый уыдзæн калмы æрвылбоны хæринаг. 

– Æмæ адджындæрæн цымæ кæй туг равзæрстай? – бауасыд та бындзмæ зæрватыкк. 

– Ноггуырд сывæллоны тугæй адджындæр а дунейыл никæцы цæрæгойæн ис, – сдыв-дыв кодта бындз æмæ ныппæррæст ласта.  

– Нæ, ахæм бæллæх æруадзæн нæй, калм сывæллæтты куы хæра, уæд уый адæмы сæфт куы уыдзæн, – ныккæрзыдта зæрватыкк æмæ бындзы сурынтæ систа. 

Бындзы фæстæмæ фæкæсыны бон дæр нал уыд. Йæ тæнæг базыртæ ныппака сты, афтæмæй, сыффыттытæгæнгæ, размæ тындзыдта. Бæргæ ма æрбахæццæ калмы цурмæ, фæлæ йæ зæгъинаг зæгъынмæ йæ дзых куы фæхæлиу кодта, уæд æй зæрватыкк æрбаййæфта æмæ йын тæхгæ-тæхын йе 'взаг фæцыхауи ласта. Калм ма йæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ йын йæ дымæгæй дзыхыдзаг цы ратыдта, æндæр йæ бон ницыуал бацис. Бындз ма æнæ 'взагæй бæргæ дыгъал-дыгъул кодта, йæ лыстæг къæхтæй сабийы ныв кæныныл дæр бæргæ архайдта, фæлæ йæ адæмы амондæн калм та хæфсмæ бамбæрста æмæ сыф-сыфгæнгæ цъымарайы 'рдæм ахылд. 

Бузныг зæгъæг дæр ын нал фæцис æмæ фыр мæстæй йæ гæндзæхтæ тилгæ фæуæлгоммæ, афтæмæй ма абон дæр йæ байзæддæгтæ сæ мадæлы дзæгъæл фыдæбоныл фæсмонгондæй дзыназынц. 

 

Хъайтыхъты Азæмæт (1923-2015) райгуырд Цæгат Ирыстоны, Ходы хъæуы. 1939 азы каст фæци Садоны астæуккаг скъола æмæ кусын райдыдта Садоны æрзæткъахæнты хохкъæртгæнæгæй. 

1941 азы ацыд æфсадмæ, уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курскы, Орæлы тохты, хæстон операци «Багратион»-ы. Цалдæр хатты уыди уæззау цæфтæ. Хорзæхджын у Сырх Стъалыйы, Намысы III къæпхæны, Фыдыбæстæйы хæсты I къæпхæны ордентæй, стæй 16 майданæй. Хæсты фæстæ сыздæхт Садонмæ, уæдæй фæстæмæ цæры æмæ кусы уым. 1984 азы рацыд йæ таурæгъты фыццаг чиныг «Зынаргъ дур», 1989 азы та – «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр (1994 æмæ 2004 азты) чиныгкæсджытæн балæвар кодта йæ ног чингуытæ «Амондуарджытæ» æмæ «Азæмæты таурæгътæ». Хъайтыхъы-фырты уацмыстæ фыст сты царды æцæг хабæртты бындурыл, йæ æвæджиауы курдиаты руаджы сæ æцæг зынаргъ дуртау, алмаситау сæрттивын кодта, радта сын ног цард. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ