Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ГАЛ ÆМÆ БУРДЫМ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

ГАЛ ÆМÆ БУРДЫМ
 

 

Плиты Грис 

 

 

Чысыл Бурдым цъиу фæндаджы былыл кæрдæджы сбыдта йæхицæн ахстон, æрæфтыдта дзы цыппар айчы æмæ рауагъта лæппынтæ. Стахти къутæрмæ Бурдым æмæ къалиуæй къалиумæ пæррæстытæ кодта, зарыди: 

– Айрæзут, мæ дзибатæ! Айрæзут, мæ рухс хуртæ! 

Раст уыцы афон фæндагыл, богътæгæнгæ, рацæйцыди дынджыр хъæддаг Гал æфсæстæй, бухъзæрдæйæ. 

– Мæнæ адон сты дæ дзибатæ? Мæлæты рухс хуртæ! Ха-ха-ха! Ныртæккæ сыл дуне аталынг уыдзæнис! – загъта мæстыгæр Гал æмæ йæ дынджыр уæззау къахæй ныллæууыдис ахстоныл, стæй, богътæгæнгæ, ацыдис дарддæр, цыма ницы уыди, уыйау. 

Бурдым, мæгуырæг, йæ лæппынты сæфт куы федта, уæд базыр-зыр кодта, дуне йыл аталынг ис, йæ чысыл цæстытæй судзаг цæстысыгтæ æрызгъæлдысты. Æрæджиау, йе 'муд куы 'рцыдис, уæд атахти Галы фæдыл, баййæфта йæ, абадтис йæ дыууæ сыкъайы астæу æмæ йæ фæрсы: 

– Уæ, гормон3, цы хъомыс дын дæн, мæргъты 'хсæн мæнæй æнæбондæр, мæнæй æназымдæр куы ничи ис, куы никуы бацыдтæн дæ зæрдæхудты – цæмæн мæ бабын кодтай? Æви æз чысыл æмæ æдых кæй дæн, ды та стыр æмæ тыхджын, дæ бон мыл кæй цæуы, уымæн мын амардтай мæ лæппынты? 

– Базыдтай йæ: ды чысыл æмæ æдых кæй дæ, æз та – стыр æмæ тыхджын, мæ бон дыл кæй цæуы, уымæн дын амардтон дæ лæппынты. Дæ фыдæх мæ уæд! – загъта хъæддаг Гал æмæ йæ къæдзилæй æрбацъыкк ласта сыкъатырдæм. Фæлæ йæ къæдзил не 'рбаххæссыди, стæй Бурдым дæр афоныл апæррæст ласта. 

Бирæ фæсагъæс кодта зæрдæрыстæй чысыл маргъ, стæй æрæмысыди хъæддаг Галæй йæ маст райсыны мадзал, атахтис тар хъæды бæрзонд бæлæстыл бадæг дыгоппонты балмæ, кæугæ-ниугæ сын ракодта йе 'намонды хабар, загъта сын: 

– Баххуыс мын кæнут хъæддаг галæй мæ маст райсынмæ. 

– Цы нæ бон у уый ныхмæ? – сæргуыбыр æмæ æнкъардæй дзуапп радтой дыгоппонтæ, – уый – тыхджын, мах – æдыхтæ. Нæй, нæ бон ницы у. 

– Цытæ дзурут, цы? – бауайдзæф сын кодта чысыл Бурдым, – сымах – бирæ, уый – иунæг. Бирæйы бон бирæ у! Бавдæлут æмæ фыдзæрдæ хъæддаг Галыл æрбамбырд ут, йæ цæстытæ йын скъахут, маргæ та йæ акæндзынæн æз мæхæдæг. Фæхудтысты дыгоппонтæ чысыл Бурдымы ныхасыл, Галæн цы дæ бон бауыдзæни, зæгъгæ, фæлæ йын уæддæр ныфс бавæрдтой: 

– Галы цæстытæ скъахын та цы диссаг у? Уый дын – мах быгъдуан. Фæлæ маргæ? Нæ, уый мах бон нæу. 

Атахтысты дыгоппонтæ, ссардтой хъæддаг Галы, нымбырд ыл сты æмæ – дæ фыдгул дæр уыйау! – скъахтой йын сæ даргъ бырынчъытæй йæ дыууæ цæсты. Атахтысты дыгоппонтæ, хъæддаг Гал та, фырмæстæй богътæгæнгæ, сæрсæфæны былыл уыгæрдæны лæугæ баззади.  

Гыццыл маргъ уыди Бурдым, фæлæ йæ зæрдæйы стыр маст не 'ссыди Галы бакуырмæй, йæ тыппыртæ не 'суагъта. Уый апæррæст кодта сæрсæфæны былæй, ныттахтис арф коммæ, абадтис цъымарайы былыл, радзырдта йæ судзаг хабар хъуа-хъуагæнаг хæфсытæн, загъта сын: 

– Баххуыс мын кæнут хъæддаг Галæй мæ маст райсынмæ. 

– Цы нæ бон у уый ныхмæ? – дзуапп раттой сæргуыбыр æмæ æнкъардæй хæфсытæ. 

– Уый – тыхджын, мах – æдыхтæ. Нæй, нæ бон ницы у. 

– Цытæ дзурут, цы? – бауайдзæф сын кодта чысыл Бурдым. – Уый–иунæг, сымах – бирæ. Бирæйæн йæ бон дæр бирæ у! Сымах ам цъымарайы, уæ бон цас у, уыйас хъуа-хъуа кæнут, зарут, æндæр уæ ницы курын. Маргæ та йæ акæндзынæн æз мæхæдæг. 

Хæфсытæ Бурдымыл худæгæй бакъæцæлтæ сты, загътой йын: 

– Зарын та цы хъæуы? Уый дын мах быгъдуан! – æмæ уайтагъд ныйилæлæй кодтой. 

Æртæ боны рацыди, дыгоппонтæ Галы цæстытæ куы скъахтой, уæдæй. Гал хизгæ кодта йæ бынаты, фæлæ йæм доны хъæр никуыцæй хъуысти æмæ дойныйæ ахъаззаг тыхсын байдыдта. Раст æм уыцы афон фехъуысти хæфсыты уасын. 

«Фервæзтæн мæлæтæй!» – цингæнгæ ахъуыды кодта хъæддаг Гал æмæ араст ис, хæфсыты уасын кæцæй цыд, уыцырдæм. Æмæ фæци Бурдымы фæндиаг: куырм Гал сæрсæфæн былæй ахаудис арф коммæ, бынты быны пырх ныццис. Бурдым абадтис йæ уæлхъус: 

– Цæй, куыд, стыр æмæ тыхджын чи у, уыцы фыдзæрдæ? Чи у тыхджындæр? – афарста Бурдым. 

Фæлæ йын Гал дзуапп нал радта. 

 

 

Плиты Грис (1913-1999) райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ручъы хъæуы. 1920 азы, гуырдзиаг меньшевиктæ ирон адæмы куы цагътой, уæд йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. 1925 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон техникуммæ. Цыбыр рæстæг бакуыста ахуыргæнæгæй, стæй ацыд Мæскуымæ, æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Театралон аивады институтмæ. Каст æй куы фæци, уæд сыздæхт Ирыстонмæ, куыста театры актерæй, стæй литературон хайады сæргълæууæгæй.  

Грис хæсты фыццаг бонты ацыд йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохмæ, цалдæр хатты фæцæф. Хæстæй сыздæхт майоры цины, æртæ ордены æмæ майдантимæ. Цыбыр рæстæг акуыста ирон драмон театры директорæй, 1948-1952 азты та – журнал «Мах дуг»-ы бæрнон редакторæй. 1955-1957 азты ахуыр кодта М. Горькийы номыл литературон институты. 

Грис фыссын райдыдта 1920-æм азты кæрон, йæ фыццаг æмбырдгонд «Базырджын азты» мыхуыры рацыд 1933 азы. Грис у къорд чиныджы автор: «Æмдзæвгæтæ» (1939), «Салдат» (1948), «Чермен» (1958), «Цард æмæ мæлæт» (1963), «Авд цухъхъайы» (1967), «Драмæтæ» (1983) æмæ æнд.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ