Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ХÆЛЫНБЫТТЫР
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Букуылты Алыкси (1920-2010)  

 

райгуырд Хуссар Ирыстоны. Ам, Уалыты хъæуы, каст фæци райдиан скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта Громы хъæуы, стæй та Сталиниры педтехникумы. Каст æй фæци 1940 азы æмæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй, фæлæ йæм цыппар мæйы фæстæ фæсидтысты æфсадмæ. Службæ кодта Украинæйы, ам æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æртæ мæйы фæхæцыд, стæй уацары бахауд. Уацайрæгты лагеры фæци суанг 1944 азмæ, стæй та ногæй хæцын райдыдта цыфыддæр знаджы ныхмæ. Австрийы зæххыл уæззау цæф фæци æмæ ма тыххæй фервæзт, сыздæхт Ирыстонмæ.  

1946 кусын райдыдта корректорæй чингуыты рауагъдады, уый фæстæ – газет «Коммунист»-ы, журнал «Фидиуæг»-ы. 1951 азы йæ æрцахстой, советон хицауады ныхмæ архайдæй йæ азымджын кодтой; афæдзы фæстæ æнаххос у, уый сбæрæг, фæлæ йæ нал суæгъд кодтой, уацары кæй уыди, уый æрымысгæйæ. Рахастой йын 25 азы «карз режимы» фæбадыны тæрхон. 1956 азы æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ. 1960 азы каст фæци пединститут. Цыппор азæй уæлæмæ фæцард æмæ фæллой кодта Цхинвалы. Куыста радиокомитеты, газет «Советон Ирыстон»-ы бæрнон нымæрдарæй, рауагъдады сæйраг редакторæй, журнал «Фидиуæг»-ы редакторæй. 

Алыксийæн уацмыстæ мыхуыры цыдысты газетты, журналты, стæй хицæн чингуытæй дæр: «Уыцы бонты» (1957), романтæ «Царды уалдзæджы» (1960), «Фарны уалдзæг» (1969), «Зарæг баззади цæргæйæ» (1980, 1988) æмæ æнд.  

 

ХÆЛЫНБЫТТЫР 

 

Раджы ма раджы, мæнæ, дам, хъæддаг сырдтæ æмæ мæргътæ дзурын куы зыдтой, уыцы рæстæджы зæххы къорийыл уыдис æрмæст дыууæ паддзахы. Сæ иу – сырдты паддзах Домбай-Хъаруджын, иннæ та – Цæргæс-Сæрыстыр. Дыууæ сыхаджы бирæ мингай азты цардысты кæрæдзи æмбаргæйæ, адджынæй. Иу ахæмы дын къæм бахауд сæ мыды къусы æмæ сын быцæумæ асайдта. Иугæр куынæуал фидыдтой дыууæ паддзахы, уæд дын асидынц сæ цагъартæм: 

«Ой, уæдæ схæцынхъом чи у, æмæ, дам, йæ мыггаджы маст исынмæ чи нæ рацæуа, йæхи чи бамбæхса, уый хæсты азарæй сыгъд фæуæд, йæ паддзах, йе ‘рвадæлтæй – хъодыгонд1!» 

Æмæ ма чи фæлæууыд фæстæ: маргъæй, сырдæй – алчи бацахста йæ бынат. Айхъуыста паддзæхты сидт Куырмиаты тæппуд Хæлынбыттыр дæр æмæ катайы бахауд. Зæххыл ын йæ сау къоппайæ зынаргъдæр ницы уыди. Æмæ йын иугæр хæстмæ æдзæугæ нал у, уæд аскъуыдздзаг кодта: «Афтæ бакæнын хъæуы, куыд фервæзон мæлæтæй…» 

Хуыздæр æм фæкаст мæргътимæ атæхын. Хъуыды кодта: «Искуы дæ сæр бафснай. Бæрзондгомау сбад æмæ кæс, иннæтæ кæрæдзийы куыд цæгъдынц, уымæ…» Æмæ мæргътæм фæцæйтахт, фæлæ æвиппайды цыдæр фæхъуыды кодта æмæ раздæхт фæстæмæ, – æндæр зонд æм æрцыд: Домбай, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхджындæр у, æмæ уæлахиз дæр уый фæуыдзæн. Гъе, æмæ хорз! Ставд сырдты аууæтты цæудзынæн, аирвæздзынæн мæлæтæй, уадз æмæ æз дæр, кæдæй уæдæй, нымад æрцæуон тыхджынтыл…» Хæлынбыттыр рараст кодта сырдтæм. Куыддæр æрбапæр-пæр кодта æмæ рæнхъы кæрон æрлæууыд, афтæ йæ ауыдта Домбай-Хъаруджын æмæ йæм радзуры: 

«Айбæрц сырдтæн паддзахиуæг кæнын, æмæ никуыма федтон нæ мыггагæй тæхæг, уæд цæмæн дæ ды не ‘хсæн абон?» 

Æмæ йын дзуапп куы ратты уæд Хæлынбыттыр: 

«О, тыхджынтæй-тыхджындæр, Домбай-паддзах! Дæ бæрзонддзинады хæрзиуæгæй ма уон хайджын, уый мæ бон нæу. Æз, Куырмиаты Хæлынбыттыр, – дæн цагъар æрмæст дæуæн. Мæ фыдæлтæ дæр æрмæст дæуæн лæггадгæнæг уыдысты æнусæй-æнусмæ. Æз нæ зонын зæххыл дæу йеддæмæ паддзах. Базыртæ мыл кæй ис, уый тыххæй та мыл дызæрдыг ма кæн: бæрзондыл бадæг бардуаг2 мын мады ‘фсымæр бахæссы3 æмæ мын сæ уый балæвар кодта. Зæгъ, мæ зондджын паддзах, æмæ цы нæ бакæндзынæн æз, – кæд бахъæуа, мæ сау сæр лыгмæ ратдзынæн дæу тыххæй!» 

Сырдты паддзах баууæндыд Куырмиаты Хæлынбыттыры ныхæстыл. Сбæздзæн мын хæсты, зæгъгæ, æмæ йæ минæварæй баурæдта йæхицæн. 

Афтæ райдыдта хæст, тугкалæн хæст. 

Æмæ лæбурынтæ систой кæрæдзимæ Сырдтæ æмæ Мæргътæ. 

Æмæ нал уыд азмæлæнтæ фæндæгтыл, быдырты, хъæдты – алы ран холыйы рæдзæгъдтæ – сугъты цагъд4 кодтой кæрæдзийæн Сырдтæ æмæ Мæргътæ. Удæгас ма чи уыди, уыдоны та туджы зæй ласта. 

Уалынмæ дын уæлахиз кæнын райдыдтой Мæргътæ. Цæргæс-Сæрыстыр уæд бæрзонд хохы цъупмæ стæхы æмæ уырдыгæй куы рафæлгæсы, куы радзуры Мæргътæм: 

«Æрзилут хъæдты, кæд ма дзы исчи баззад Сырдтæй, ныццæвут сыл уæхи, къахгæут сын сæ цæстытæ æмæ сæ тæргæут тыгъд быдырмæ, уым куырмæй куыд хилой, аууоны сын балæууæн куыд нæ уа, тæвд хур сæ куыд судза æмæ дойныйæ куыд мæлой!» 

«Уæдæ ме сæфт куы ‘рцыд, ме сæфт!» – фæтарст йæ удæн Куырмиаты Хæлынбыттыр. Домбай-Паддзах ын цы кадджын бынат радта, уый ма йæ æндæвта, цы! Уыциу тъæбæртт дын фæласта æмæ Цæргæс-Паддзахы раз йæ дзæхст фæцыд. 

Бафарста йæ Цæргæс-Сæрыстыр: 

«Чи дæ ды, ам цæмæн дæ, бакастæй мысты хуызæн куы дæ, уæд?» 

Æмæ та куыннæ фелвæстаид йæ мæнгард æвзаг Хæлынбыттыр: «О, тыхджынтæй-тыхджындæр – Цæргæс-Паддзах! Дæ бæрзонддзинады хæрзиуæгæй ма уон хайджын, уый мæ бон нæу. Æз, Куырмиаты Хæлынбыттыр, – дæн цагъар æрмæст дæуæн. Мæ фыдæлтæ дæр æрмæст дæуæн лæггадгæнæг уыдысты æнусæй-æнусмæ. Æз нæ зонын зæххыл дæу йеддæмæ паддзах. Раст зæгъы дæ бæрзонддзинад: мыстытæ æцæг мæ дард æрвадæлтæ сты, фæлæ æз раджы систон мæ къух уыцы хъуынахортыл… Мæ иунæг рафæлдисæг мын батæригъæд кодта æмæ мын балæвар кодта базыртæ – цу æмæ, дам, дæ цард æрвит уæздан Мæргътимæ. Цалынмæ мæхи тæхын ахуыр кодтон, уæдмæ мын хæстмæ дæр байрæджы. Фæлæ ницы кæны, мæ хорз паддзах, Куырмиаты Хæлынбыттыр нырма равдисдзæн йæхи. Зæгъ, мæ зондджын паддзах, æмæ цы нæ бакæндзынæн æз, кæд бахъæуа – мæ къубал лыгмæ ратдзынæн дæу тыххæй». 

Бауырныдтой Мæргъты паддзахы Куырмиаты Хæлынбыттыры ныхæстæ. Йæхицæн æй лæггадгæнæгæй баурæдта… Ссардта та æдас бынат. Æмæ ма цы хъуыдис æндæр фæлитой Хæлынбыттыры дæр! 

Фæлæ та бирæ нæ ахаста йæ цин. Домбай-Паддзах дæр дзæгъæлы кæм бадти – фæндтæ, тæрхæттæ кодта. Сырдты сæ адзалæй5 куыд фервæзын кæна, ууыл. Æмæ æрхъуыды кодта æппынфæстаг. Бæрзонд къуыпмæ, дам, схызти, æмæ уырдыгæй радзырдта йæ дæлбар хæстонтæм: 

«Хъусут, хъусут уе стыр паддзахмæ! Тас мæлæтæн æххуыс нæу! Цæугæут мæ фæдыл быдыргæрон стыр денджызы былмæ. Цæугæут æмæ уæ фæдыл сайгæут Мæргъты. Уым сыл быдыргæрон фæзы æрхъула кæндзыстæм æмæ сæ денджызы ныккалдзыстæм. Афтæмæй фервæздзыстæм знагæй...» 

Сæ паддзах сын куыд загъта, афтæ бакодтой Сырдтæ. 

Æмæ бахаудтой Мæргътæ къæппæджы. Уæдæ сын денджызы æнæкалгæ нал ис, уæд та Куырмиаты Хæлынбыттыр дæр куыннæ фæтарстаид йе ‘нæбары удæн: ауылты-ууылты, æмæ та Домбай-Паддзахы раз æрхауд йæ зонгуытыл. Ногæй йæм фелвасы йæ къæдз æвзаг: 

«О, зондджынтæй зондджындæр Домбай-Паддзах! Дæ диссаджы æрхъуыды та куыд фæхорз абон Сырдтæн: дæ бардзырд æххæстгæнгæйæ, тахтæн æз Мæргъты разæй æмæ сæ æрсайдтон къæппæгмæ…» 

Фæлæ тæппуд æмæ хъæбатырæн нæу сæ фæндаг иу. Нал акарста Куырмиаты саузæрдæ Хæлынбыттырæн ацы хатт йæ къæдз æвзаг. 

Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Сырдтæ Мæргъты доны калыныл куы схæцыдысты, раст уыцы рæстæджы дыууæ стыр паддзахы бамбарынц сæ рæдыд: уæдæмæ, зæгъынц, хæст фыдбылызы йеддæмæ хæрзæбон никуы æрхæссы йемæ. – Акæс-ма, сугъты цагъд кæнæм кæрæдзи, скъуыйы иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр нæ мыггаг. Æмæ ныллæууыдысты фидауыны къахыл Мæргътæ æмæ Сырдтæ. 

Иугæр дыууæ стыр паддзахы ныхасмæ куы ‘рцыдысты, уæд хурмæ ракалдысты Хæлынбыттыры сау митæ дæр. Æмæ йыл рахæтыдысты маргъæй, сырдæй се ‘ппæт дæр. Æмæ йын райдыдтой тæрхон кæнын. Сæрыстыр Цæргæс загъта: 

«Тæппуд, фæливæг æфхæрд æрцæуæд!» 

Æмæ Домбай-Хъаруджын сразы йæ фæндоныл. Æмæ æппæт Сырдтæ æмæ Мæргътæ дæр, удæгас ма сæ чи баззад, уыдон се ‘ппæт дæр сразы сты Цæргæсы фæндоныл. Загътой: 

«Амарæм æй!» 

«Дурты бын æй фæкæнæм!» 

«Удæгасæй йæ баныгæнæм!» 

«Доны йæ баппарæм!» 

Цæргæс-Сæрыстыр та уæд ногæй афтæ загъы: «Дзырд ыл нæй, мæлæт иууыл карздæр æфхæрд у. Фæлæ уый гадзрахатæйцæуæгæн у æгæр рог…»  

Æмæ фæлхат кæны Домбай-Хъаруджын: 

«Æнæмæнг рог æфхæрд у мæлæт уæйгæнæгæн!» 

Æмæ аскъуыдздзаг кодта: Куырмиаты Хæлынбыттыр йæ сау миты тыххæй хъодыгонд фæуæд махæй: Сырдтæ æмæ Мæргътæй. Абонæй фæстæмæ мауал уæд нымад, ма дæр Сырдтыл, ма дæр Мæргътыл. Йæ цард æрвитæд талынджы иунæгæй, куырмæй!.. 

Æмæ уыцы бонæй ацы бонмæ йæхи æддæмæ нал æвдисы Куырмиаты Хæлынбыттыр, цæры куырмæй, иппæрдæй. Боныгон нæ ратæхдзæн, дунейы рухсмæ нæ акæсдзæн – нæ уыны. Æрмæст æхсæвы Сырдтæ æмæ Мæргътæ куы æрфынæй вæййынц, уæд, тæрсгæ-ризгæйæ, разилы цуаны, фæлæ талынджы кæм ары хæринаг? 

Тæппудæн – тæрсæ-ризгæйæ йæ царды гакк, хуыздæр аккаг дæр нæу! Æмæ фиды саузæрдæ Хæлынбыттыр дæр æнус-æнусты йæ хъизæмæрттæ, йæ мæнгарддзинад, йе стыр рæдыды тыххæй. 

Ууыл фæцис нæ аргъау. Уый æрцыдмæ нын сымах, нæ чысыл хуртæ, æнæниз æмæ дзæбæхæй бирæ фæцæрут, хызт ут сон æмæ рынæй6 æмæ уæ макуы макæуыл æрцæуæд Хæлынбыттыры сайд! 

 

Фиппаинæгтæ:  

 

Ацы сюжет зындгонд у бирæ адæмты фольклоры. Аргъау фыццаг хатт мыхуыры рацыд журнал «Фидиуæг»-ы (1965, № 7). 

 

 

1. Хъодыгонд – хъоды кæуыл бакодтой, ахæм. Хъоды (кæнæ хъæудзырд) – ирон царды фæтк халæджы æхсæнадон бафхæрды хуыз. Хъодыгонды-иу хъæугуывдтæм, хистытæм, Ныхасмæ нæ уагътой. Иууылдæр-иу ыл сæхи атигъ кодтой, нæдæр йæ къæсæрæй уазæг бахызтаид, нæдæр æй йæ хæдзармæ исчи бауагътаид, суанг ма йын йæ фос дæр рæгъаумæ нæ истой. Ахæм адæймагæн-иу хъæуы цæрыны фадат нал уыд Ам цæрæгойты царды нывты æвдыст цæуынц адæмы æхсæн ахастытæ.  

2. Бæрзондыл бадæг бардуаг – ам ныхас цæуы Хуыцауыл. 

3. Мады ‘фсымæр мын бахæссы – ома, мæ мады ‘фсымæр у. 

4. Сугъты цагъд – бындзагъд сæ фæкодтой. Сух – цагъды чи фæцис, ахæм æбæрæг адæмыхатт. 

5. Адзал – мæлæт, хъысмæт (уырыс. «рок, судьба, смертный час»). 

6. Хызт ут сон æмæ рынæй – арфæйы ныхæстæ. Сон – знаг, рын – низ.  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ