Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ГÆМÆТ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дарчиты Дауыт. 

Дарчиты Дауыт (1911-1989)[/I][I] райгуырд Цæгат Ирыстоны, Алагиры. Скъола фæуыны фæстæ бацыд рабфакмæ, фæстæдæр каст фæци Мæскуыйы коммунистон хъомылады академи. 1936-1939 азты куыста журнал «Фидиуæг»-ы, стæй йæм фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, райдианæй кæронмæ фæхæцыд фашистон лæгмарты ныхмæ. 

Хæсты фæстæ Дауыт куыста Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдады, газет «Рæстдзинад»-ы. 1948 азы каст фæцис Уæлдæр литературон курсытæ Мæскуыйы, уыд журнал «Мах дуг»-ы бæрнон секретарь, сæйраг редакторы хæдивæг. Дауыт æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1930-æм азты. У бирæ чингуыты автор: «Сафирæт» (1947), «Царды уалдзæг» (1952), «Фæндаггоны зарæг» (1963), «Хистæр дзуры кæстæрмæ» (1965), «Лæггад» (1968), «Мæ сагъæстæ» (1981), «Сæрдыгон изæр» (1986) æмæ æндæртæ. Поэты сфæлдыстады сæйраг темæтæй иу у сæрибары сæраппонд знагимæ тох. Поэт сывæллæттæн сæрмагондæй ныффыста цалдæр уацмысы, уыдонимæ «Гæмæт» (1959).  

Кодта тæлмацгæнæджы куыст дæр. Ирон æвзагмæ раивта А.С.Пушкины, А.П. Чеховы, М. Горькийы уацмыстæ. 

 

 

ГÆМÆТ 

(Цыбыртæгондæй) 

 

Раджы, раджы – незаманы 

Царди сидзæргæс лæгъз раны. 

Уым та фалдæр – хъæдтæ, хæхтæ,  

Цъитиджын бæрзонд къæдзæхтæ  

Систой арвы онг сæ сæртæ,  

Æмæ калынц уым тæмæнтæ.  

Бафæллади ус йæ цардæй,  

Бонтæ йыл цæуынц æнкъардæй.  

Иу лæппу йын уыд, мæгуырæг,  

Лæппу, нæ, нæ уыд æгуыдзæг. 

Уый хуыдтой Гæмæт – йæ номæй, 

О, йæ бонæй уа, йæ бонæй! 

Асæй у Гæмæт бæрзонд, 

Бакастæй Гæмæт – хæрзконд: 

Уый уыд саулагъз, сау – йæ хил, 

Фындзы бын чысыл фæмил. 

Цъæх йæ хæлаф, урс – йæ хæдон, 

Худæй хорз, зæгъгæ куы зæгъон, 

Уæд рæдыд уыдзæн, рæдыд:  

Сты йæ кæрæттæ рæтыд,  

Тинтычъийæ1 нæу – къуымбилæй, 

Дардта йын йæ иу фарс хъилæй. 

Уыд æм фат дæр, уыд æрдын2

Уый сæ хорз зыдта æхсын. 

Уый фыдуаг уыди, фыдуаг, 

Арæх-иу ысси дзырддаг  

Иу ахæмы райсом раджы,  

Хуры тын нæма зынд таджы,  

Мæргътæн азæлгæ сæ зард  

Тар хъæдæй нæма хъуыст дард,  

Афтæ цуаны уый фæраст, –  

Алырдæм цырддзастæй каст:  

Й' алфамбылай фæзтæ – цъæх,  

Бæстæ – дидинæг, дзæбæх...  

Хъæдгæрæтты размæ уад  

Æмæ къуыбыртыл фæллад. 

«Ехх, стæвд дæн!» – зæгъгæ, загъта,  

Йе 'гънæджытæ цырд ысуагъта.  

Арвæй йæм ныккаст зынг хур,  

Лæппуйæн йæ ком ныссур,  

Зæрдыл уазал дон лæууы,  

Æмæ суадонмæ цæуы. 

 

Дарддæр хъусут, уæдæ, цы!..  

Чызг дæр уыцырдæм тындзы.  

Ис ыл разкъæртт3, ис ыл рон –  

Рон æй балвæста æнгом.  

Риуыгънæджытæ4 – фæтæн, 

Калынц стъалытау тæмæн.  

Хорз – йæ дарæс. Дарæс циу!  

Риутæ – аив къуыпп, æниу, 

Чи 'рхæсдзæни чызгмæ фау? – 

Даргъ – йæ дзыккутæ, сæнтсау. 

Къахвæндагыл чызг тындзы, 

Дурын уæхскыл, уæдæ цы! 

Дурын у хуымæтæг, бур, 

Не ‘рттивы йæ фарсæй хур. 

Базгъордта Гæмæт йæ размæ, 

Уайтагъд алæууыд йæ фарсмæ,  

Худы мидбылты фæлмæн: 

– Гъей, кæдæм цæуыс, кæдæм?  

 

– Уæртæ суадонмæ куы цæуын...  

Фæлæ дæу мæнæй цы хъæуы?.. 

Мæн дæуимæ нæй хъуыддаг,  

Не ‘хсæй ницы ис дзырддаг. 

 

Лæппу дæр ын уæд фæкæны: 

– Уый дæр дзуапп у, дзуапп, цы кæны! 

Дурын авæр уартæ уым, 

Æмæ ауыдзæн зыгуым. 

 

– Уæ, ныууадз мæ, лæппу, курын, 

Уæхскæй не 'риста йæ дурын.– 

Нæ, дæ къайаг æз нæ дæн!  

Ды цытæ уæндыс? Цæмæн?. 

Сабыр у... Мæн уадз мæ уагыл.  

Æз цæуын мæхи фæндагыл. 

 

Лæппу фелвæста йæ фат,  

Уый ныхъхъавыдис æнцад,  

Фат ысуагъта æмæ уым  

Дурын акодта зыгуым.  

Чызг фæхъæр ласта: «Дæдæй!..  

Уый цы бакодтай?.. Уæууæй!.. 

Худинаг дын фод, Гæмæт, 

Уый бæсты хуыздæр – мæлæт!» 

 

Уайтагъд фездæхти Зæлинæ  

Æмæ балæууыд сæхимæ. 

Къуымы сагъдауæй лæууы,  

Уый хæкъуырццæгæй кæуы. 

 

Пецы раз ныййарæг бады: 

– Циу, цы 'рцыд? – хъæбулмæ хаты...  

Амоны йын: 

– Чызг, æрбад, 

Дзур мын, хъусы дæм дæ мад!  

Дзур, мæ хъæбул, дзур, цы 'рцыд,  

Исчи дæ хъыгдардта, цы?  

Сусæг мацы кæ, мæ хур,  

Циу, цы 'рцыд?.. Фæд-фæдыл дзур! 

 

Чызг дæр бандоныл æрбадт,  

Уад Гæмæт йæ цæстыл, уад.  

Арф ныуулæфыд, йæ къухæй  

Цæссыгтæ æрсæрфта рустæй.  

Хабæрттæ бæстон дзырдта,  

Æмæ нал æнцад, – куыдта. 

 

Мад фыдуаг гуырдмæ хæцы. 

Уый ысмæсты, уæдæ цы! 

– Цу та, цу, мæ цæст, мæ бон, 

Мах хъæуы ныртæккæ дон. 

Марадз, ауай ды фæстæмæ, 

Ма йæм бацу, ма, хæстæгмæ! 

Æмæ та дæ кæд хъыгдара, 

Фатæй дурынмæ фæхъава, 

Кæд ысфæнд кæна æхсын, 

Бафæраз ын уæд зæгъын: 

«Ныр дæ хъал мæныл цы калыс? 

Кæд дæ лæджыхъæд æвзарыс, 

Уæд цы тох кæныс мæнимæ? – 

Бавзар ма йæ, ба, тыхимæ! 

Уартæ Урс хохæн йæ фæстæ  

Ис тæригъæддаг сыгъд бæстæ,  

Ничи уæнды уым ысхудын,  

Ничи уæнды уым ысдзурын, –  

Адæмыл сæ бон ныттар,  

Кæфхъуындар5 сын у æлдар,  

Иу æртах нæ дæтты донæй,  

У сæ цард фыддæр зындонæй. 

 

Уырдæм ацыди дæ фыд,  

Уым хъæбатырæй хæцыд  

Æмæ карз тохы фæмард, –  

Радта дзыллæйæн йæ цард. 

Дар ын, дар, сыгъдæг йæ ном,  

Дурынимæ, зæгъ, хæстхъом  

Алчи дæр уыдзæн, æз дæр,  

Чи зоны, дæуæй – хуыздæр.  

Ма, зæгъ, кал мæныл дæ хъал,  

Кæд богал дæ ды, богал, 

Де 'гъдау уæд дæхимæ дар,  

Ды дæ тых тыхимæ 'взар.  

Æз мæ ныхас ныр фæдæн, 

Нæй ныртæккæ, нæй гæнæн,  

Ды, цы фехъуыстай, мæ хур,  

Уыдæттæ Гæмæтæн дзур, 

Цу ныр, фезмæл, уатмæ бакæс, 

Уырдыгæй мæ дурын рахæсс. 

 

Уыцы дурын нæу хуымæтæг, –  

Зоныс, зоныс æй дæхæдæг.  

Нарæг æмæ лæгъз – йæ хъуыр,  

Нæу фæтæнтæ, нæу ыстыр.  

У сæнтурс, æргъæу6 – йæ фæрстæ,  

Хъал дзы уыд нæ туг, нæ хъæстæ.  

Дон дзы хаста, дон, дæ мад,  

Рахæццæ дæумæ йæ рад...  

Уым цы дон уа, уый – æндæр,  

Уый æлутонæй7 – хуыздæр,  

Иу хъуыртт дзы æрмæст ыскæн –  

Ног тыхтæ дæуæн дæтдзæн. 

 

– Хорз, цæуын та, – чызг ын загъта.  

Уый йæ мады уым фæуагъта  

Æмæ суадонмæ фæраст,  

Тарстхуызæй дыууæрдæм каст:  

«Лæппу та, мыййаг, мæ цуры  

Ныр куы февзæра, тæхуды!..» 

Уæхскæй ферттивы йæ дурын.  

Ногæй дурыныл нæ дзурын.  

 

Февзæрд та Гæмæт йæ разы: 

Фат, æрдынæй нæууыл хъазы,  

Нæй йæ митæн, нæй, сæрфат,  

Дурынмæ фæдардта фат. 

 

– О, лæппу, хатыр дæ курын,– 

Райдыдта йын дондзау дзурын, –  

Ныр дæ хъал мæныл цы калыс?  

Кæд дæ лæджыхъæд æвзарыс,  

Уæд цы тох кæныс мæнимæ?  

Бавзар ма йæ, ба, тыхимæ!  

Уартæ Урс хохæн йæ фæстæ  

Ис тæригъæддаг сыгъд бæстæ. 

Ма мыл кал, лæппу, дæ хъал, – 

Кæд богал дæ, ды, богал; 

Де 'гъдау уæд дæхимæ дар, –  

Ды дæ тых тыхимæ 'взар. 

Лæппу фат фæстæмæ руагъта: 

– Бузныг, хорз чызг! – зæгъгæ, загъта. 

Уый æгад æркаст йæхимæ  

Æмæ арасти сæхимæ,  

Уый фыццагау ныр нæ хъазы,  

Мадæн алæууыд йæ разы,  

Дзуры йæм: 

– Уæлæмæ сыст, 

Ис дæуæн дæр абон куыст.  

Уæ, мæ буц æна, ныййарæг,  

Ды уыдтæ мæнæн мæ дарæг,  

Хъомыл кодтай мæн, гъеныр,  

Цæй, æрбакæс, дæн ыстыр!  

Æз кæдмæ бадон дæуимæ? – 

Бавзарон мæ тых тыхимæ:  

Уартæ Урс хохæн йæ фæстæ, 

Ис тæригъæддаг сыгъд бæстæ.  

Адæм уым куы сæфынц, адæм...  

Уæд æнæмæтæй куыд бадæм?  

Уырдæм æз цæудзынæн райсом,  

Хъуамæ сын сæ маст æз райсон.  

Гъе, фæлæ мын – цæхх, кæрдзын,  

Стæй ма ноджыдæр зæгъын:  

Кæд мæ фыдæн уыд гæрзтæ:  

Фат, æрдын, æрмæст – хæрзтæ! 

 

Хабар бамбæрста йæ мад, 

Рустыл хъарм цæссыг æруад:  

– Кæд, мыййаг, æрра нæ фæдæ,  

Банцай уæд, ныууадз дæ сæнттæ! –  

Къултыл хоста уый йæ сæр  

Æмæ хъуысыди йæ хъæр: 

– О!.. Уым бирæтæ хæцыд, 

Бабын, байсæфт дзы дæ фыд! 

Ныр, мæ хъæбул, сабыр, цæй, 

Уыцырдæм цæуæнтæ нæй!..  

Фырт хатыр йæ мадæй куры,  

Сабыргай йæ сагъæс дзуры: 

 

– Байхъус уал мæм ды фыццаг, 

Бамбар уал мын ды мæ уаг, – 

Нал дæн, нал, æна, сывæллон. 

Фехъуыстай мæнæн мæ фæндон: 

Хорздзинад куы уа мæ бон, 

Уæд æнæмæт æз куыд уон!.. 

Хъуамæ адæмтæ сæударæй 

Фервæзой налат æлдарæй. 

Ды уыныс, æна, дæхæдæг, –  

Ныр мæ тохы бон æрхæстæг.  

Нæй мæнæн æдзæугæ, нæй, 

Арвит мæ фæлтау рæвдзæй. 

 

Мад йæ хъæбулæн цы кæна?  

Искуы дард бæсты куы мæла...  

Кæфхъуындары митæ зоны...  

Къухтæ бакодта йæ роны,  

Æмæ катайыл фæци, –  

О, цæй мæгуыр у Гыцци!..  

Фыртмæ бакæсы æргом:  

Нæу, дам, нæу, нырма хæстхъом.  

Раздæрау ыстыхсти мад,  

Цæстытыл йæ сахъ лæг уад... 

 

Лæппу фездæхти йæ мадмæ  

Æмæ февнæлдта йæ кардмæ; –  

Æз куы 'рвитон цард æгадæй,  

Уæд цы кæнын, цы, мæ фатæй?  

Нал дын бæззын уæд фыртæн.  

Уæд цæмæн ныййардтай мæн?  

Зоныс мæ, мæ къух нæ чиуы,  

Æз фæлтау, æна, мæ риуы  

Арф ныссадздзынæн цыргъ кард,  

Фидиссагæй циу мæ цард? 

Мадæн нал уыди гæнæн,  

Загъта: 

– Царæфтыд фæдæн!..  

Кæд ысфæнд кодтай хæцын,  

Уæд – фæндараст!.. У мын зын...  

Фæлæ знæгты уындæй ма риз,  

Уыдоныл мын кæн уæлахиз,  

Ды куы кæнай семæ тох, –  

Ма дæ уæд мæ фæдзæхст рох:  

Ис æртæ хорзы лæгæн,  

Дзурын сæ, мæ фырт, дæуæн. 

У мæ фæдзæхстты фыццаг:  

У мын иудадзыг уынаг.  

Де 'мгæрттимæ цу фæрнæй, –  

Иугæйттæй уæлахиз нæй!  

Уыд домбай дæуæн дæ фыд,  

Кæфхъуындаримæ хæцыд,  

О, фæлæ уыдис уый иу!  

Иу адæймаг тохы циу!  

Дзурынц, асасти йæ кард,  

Дзурынц, карз тохы фæмард.  

Цал дзы фесæфт, уæвгæ, цал! –  

Макуы у кæйдæртау хъал  

Ды дæ тых æмæ дæ кондæй, –  

Архай мын æдзухдæр зондæй.  

Ноджы, ма дын æз зæгъын:  

Цъус куы уа дæумæ кæрдзын, –  

Де 'мбæлттæн дзы бакæ хай,  

Тохы бон уæлахиз к' уай, –  

Де 'мбæлттæн дзы бакæ хай,  

Уæд уыдзынæ ды домбай.  

Кæд æрæгмæ ды цæуай,  

Кæд къуыримæ ам нæ уай,  

Уæд нæ уаты ис кæсæн,  

Уырдыгæй дæ ныв зындзæн.  

Кæд йæ уæлæ халас бада,  

Сау тынтæ фæйнæрдæм уадза, 

Уæд дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, 

Уæд дæуыл дæ хур ныгуылдзæн.  

Мад, хъæргæнгæйæ, ызгъордзæн,  

Дзыккутæ бындзыггай тондзæн;  

Уæд хæрзгæнæгмæ уый дзурдзæн,  

Уæд хæрзгæнæгæй уый курдзæн:  

«Тагъддæр, бахъуыд мæ дæ сæр!..  

Искæд бон дын кæд æз дæр  

Хорзæй бафидин дæ хæрзтæ...  

Тагъд, мæ лæппумæ – æд гæрзтæ!»  

Ис дзæбæх чызг, ис, нæ хъæуы, 

Арæх суадонмæ фæцæуы,  

Сатæджы, цъæх-цъæхид фæзы  

Дурын йе 'уæхскыл фæхæссы.  

О, куыд хорз чызг у Зæлинæ! 

Уый куы бацæрид дæуимæ,  

Уæд цы хъæуид мах та, цы! 

Ис æм султъы8, уый тæхы,  

Дардыл зилы æрвгæрæтты  

Уæлдæфы, – бæрзонд нæ сæрты,  

О, фæлæ-иу ма тыхс, ма,  

Зын, мыййаг, дæуæн куы уа,  

Ма-иу фæтæрс уæд зынæй,  

Чызгмæ сиддзынæн хъæрæй:  

«Тагъддæр, бахъуыд мæ дæ сæр, 

Искæд бон дын кæд æз дæр  

Хорзæй бафидин дæ хæрзтæ, 

Тагъд, мæ лæппумæ – æд гæрзтæ!»  

Разгъордзæни уæд Зæлинæ, 

Зæрдæ дзурдзæни дæуимæ.  

Султъыйыл дзæбæх æрбаддзæн,  

Хурсыгъд бæсты дæу ыссардзæн.  

Йе' уæхскыл уыдзæнис дурын.  

Ноджы ма дæуæй æз курын:  

Адæмимæ у хæлар, 

Хорздзинад, дæ зæрдыл дар.  

Де 'мгæрттимæ цу фæрнæй, –  

Иугæйттæй уæлахиз нæй! 

 

Дыккаг фæдзæхст къаддæр нæу,  

Бахъæудзæни, лæппу, дæу.  

У мын зын, фæлæ зæгъын:  

Ис дæ фыдæн фат, æрдын.  

Талынг раны, уæлæ цары  

Фат ызгæйæ бурбын дары.  

Зивæг ма фæкæн, ысхиз,  

Ды дæ хотыхтæ æрис.  

Нал дын ис ныр кæд æдзæугæ,  

Уæд ныссыгъдæг кæ дæ гæрзтæ.  

Ис дын, ис, мæ хъæбул, бар, –  

Ныр фыдгулыл тых æвзар!  

Кæд нæ цæуай ды рæвдзæй, –  

Тохы бон уæлахиз нæй!  

О, мæ хæдзары бындар,  

Ацы дзырд дæ зæрдыл дар! 

 

Æртыккаг дæр къаддæр нæу, –  

Бахъæудзæнис, лæппу, дæу.  

Æз дæуæн æргом зæгъдзынæн,  

Ис, мæ къона, ис дæ фыдæн,  

Уалæ рындз кæм дары цъæх, 

Уыцы хизæны сырх бæх.  

Уый нæу байраг, нæу хуымæтæг,  

Дурæй фидардæр – йæ сæфтæг,  

У дымгæйау раст йæ уад,  

Никуы зоны уый фæллад.  

Бæх æрцахсдзынæ æнцонæй,  

Бадзур-иу æм, ба, йæ номæй:  

«Уæ, мæ Ертугъан, мæ бæх,  

Цæй, мæ размæ тагъд æртæх,  

Ды фæхызтæ фаг, дзæбæх,  

М' армы дын æрхастон цæхх»!..  

Сæрвæтæй дæм уый æруайдзæн,  

Хин-кæлæнæй дæу нæ сайдзæн,  

Февнал-иу ын ды йæ барцмæ,  

Баппар-иу дæхи йæ рагъмæ.  

Бæх йæ рохтæ размæ тондзæн,  

Фæндæгтæ йæхæдæг зондзæн... 

Мад фæхъус и, мад æнкъардæй  

Къонайы цур бадт фæлладæй,  

Арф ныуулæфыд, ыстæй  

Фыртмæ бадзырдта тыхстæй: 

– Кæд æрфæндыд дæу хæцын,  

Уæд фæндараст дæу кæнын.  

Мады дзырд дæ зæрдыл, дар,  

Ды дæ уд æмбæлттыл хъар  

Æмæ раздæхай фæрнæй, –  

Иугæйттæй уæлахиз нæй!  

Ницы дæн æндæр зæгъинаг,  

Акæнон дын æз хæринаг,  

Рог куыд уа дæуæн хæссынæн,  

Адджын, адджын та – хæрынæн. 

Нал ис лæппуйæн цæлхдуртæ,  

Уымæн мæйтæ æмæ хуртæ  

Ныр йæ цæсгомæй куы кæсы:  

Суайы асинтыл, æрхæссы 

Цырд йæ фыды гæрзтæ царæй,  

Се 'згæтæ сын хафы кардæй.  

У Гæмæтæн рæвдз йæ куыст,  

Алцыдæр ын хорз æнтыст, –  

Уатæй рæсы хыртт-хыртт хъуыст.  

Мадмæ бадзуры: 

– Фæдæн...  

Скалдтой хотыхтæ тæмæн... 

 

Лæппу ахордта, ыстæй  

Арæвдз кодта хи гæрзтæй. 

Мадæн загъта: 

– Цæй, хæрзбон,  

Æз мæ фæндагыл цæуон! 

Лæппу сæрвæтмæ фæуайы  

Æмæ йе 'взонг зæрдæ райы,  

Ифтонг – фат æмæ æрдынæй,  

Чи йæм бафсæддзæн кæсынæй!  

Мæнæ разындысты хæхтæ...  

Иу тъæпæны хизынц бæхтæ.  

Лæппу бавдæлд æмæ комæй  

Дзуры йе 'всургъмæ9 йæ номæй:  

– Уæ, мæ Ертугъан, мæ бæх,  

Цæй, мæ размæ тагъд æртæх,  

Ды фæхызтæ фаг, дзæбæх, –  

М 'армы дын æрхастон цæхх! 

Уый дæр февзæрди йæ разы, 

Уый ыскафы, уый ысхъазы 

Зæхх ныххойы, зæхх, йæ къæхтæй. 

Нæууыл азгъоры тъæбæрттæй... 

 

Дуры сæрмæ лæппу схызт, 

Адæргæй æваст ысрызт… 

Рæвдз йæ къухтæ дард фæхаста, 

Барцæй йе ‘фсургъы æрцахста, 

Иу зыввыттæн йе ‘ккой абадт, –  

Бæх дымгæйау размæ атахт, 

Зæхх йæ къæхты бын нызмæлы, 

Хæхтыл, къæдзæхтыл нæ кæлы… 

Сахъ барæджы хорз фæндонæй 

Цас фæтахти, чи йæ зоны! 

Гъе фæлæ нæ бæлццон мæнæ 

Бахæццæ ис иу бæстæмæ. 

Кæфхъуындары фос дзы хизынц, 

Куыйтæ с’ алыварс æрзилынц. 

Фыййау дуры цъуппыл бады 

Æмæ цадæггай ныззары: 

 

– Уæртæ Урс хохæн йæ фæстæ 

Ис тæригъæддаг сыгъд бæстæ, 

Уым хæрзконд, рæсугъд чызг ис, –  

Чи йæм акæндзæн фæдис! 

Тагъд æй Кæфхъуындар хæсдзæн, 

Чызджы царæфтыд кæндзæн. 

Чызг нынниуы, чызг дзыназы, 

Дойныйæн йæ цæссыг нуазы… 

К’ уаид тых мæнмæ фылдæр, –  

Уырдæм ацæуин æз дæр, 

Уыцы тугдзыхы ныммарин, 

Фаг дон дзыллæтæн æз раттин, 

Уымæн к‘ уаид, куы гæнæн, 

Уæд зæгъин: «Аминæт мæн»… 

 

Хъусы зарæгмæ Гæмæт, 

Æмæ систа катай, мæт. 

Сагъæс байдыдта тыхстæй, 

Кæфхъуындармæ сыгъд мæстæй. 

– Байрай, фиййау, æз дæумæ 

Байхъуыстон бæстон æмæ 

Уыд æнкъард дæуæн дæ зарæг, –  

Бадзуры йæм бæхæй барæг.  

 

Фыййау дын æм аззад джихæй, 

Уый йын дзуапп лæвæрдта тигъæй: 

– Бацæр, хорз бæлццон, дзæбæхæй, 

Рахиз иу чысыл дæ бæхæй! 

Æмæ батылдта йæ дыстæ, 

Иу æрбаргæвста йæ фыстæй, 

Къаннæг нæ – йæ дынджыр фыр, 

Арт дæр байдыдта гуыр-гуыр. 

Физонæг ысцæттæ уайтагъд: 

 

– Уазæг, мæнæ дурыл абад, 

Февнал, ма ‘фсæрмы кæ, хæр, 

Фездæхдзынæн тагъд æз дæр. 

Ды æрцыдтæ ардæм дардæй, 

Ахæр, уазæг, ахæр хъармæй. 

Сихорæн уал мæнæ ныр, 

Радуцон чысыл æхсыр, –  

Фыййау уазæгæн зæгъы… 

Хинымæр хъуыды кæны: 

«Барæг дурыл кæд æрбада, 

Иунæгæй йæхи æфсада, 

Уæд куыд цæудзæни хæстмæ? 

Уый нæ фæуыдзæн рæстмæ»… 

Фыййау радыгъта йæ сæгъ… 

 

Барæг не суагъта йæ бæх, 

Фынгмæ не ‘рцыди æмгæрон, 

Иунæгæй, дам, æз куыд хæрон. 

Сабыргай йæхицæн зары, 

Мады фæдзæхст зæрдыл дары. 

 

Уалынмæ дын фиййау мæнæ 

Фездæхт бæлццонмæ фæстæмæ. 

Иумæ ‘рбадтысты, хæрынц… 

Иумæ сагъæстæ кæнынц… 

 

Фыййау ын йæ уадындз радта. 

«Дар æй, дар, мæ номыл, – загъта, – 

Зын мыййаг куы уа дæ тох, – 

Ма-иу æй фæкæн уæд рох. 

Уас-иу уадындзæй, фæдзур: 

«О, мæ хæрзгæнæг, мæ хур, 

Тагъддæр, бахъуыд мæ дæ сæр!» 

Уайдзынæн дæм уæд æз дæр. 

 

Уадау атахти йæ бæх.  

Кæхты бын æнкъуысыд зæхх.  

Цас фæуади лæппу фæзты,  

Кæм – цы хох æмæ цы бæсты.  

Уыдоныл нæ дзурын ныр, –  

Фæндаг, нæ, нæ уыд цыбыр... 

Хурсыгъд бæстæм лæппу бафтыд,  

Доны былæй иу хъæу разынд,  

Нæй ызмæлæг уынгты, нæй,  

Бæлæстæ кæнынц фынæй...  

Дон дæр не 'скæны сæр-сæр,  

Дымгæ бамыр ис кæмдæр.  

Уым, йæхи бæсты Гæмæтæн 

Не 'нцайы сæ къуыззитт мæргътæн.  

Гауызау, рæсугъд – сæ фæзтæ,  

У хъæздыг сæ зæхх, сæ бæстæ.  

Мæргътæн ам сæ кой дæр нæй,  

Цыма ракалд хъæуыл зæй, –  

Дурыл нал баззади дур, 

Быдыр бахус и, ныббур...  

Лæппу дисгæнгæ цæуы,  

Хæлдæй иу хæдзар лæууы.  

Сау – йæ къултæ, сау – йæ цар,  

Уынджырдæм – фæйнæгæй дуар.  

Иу зæронд ус дурыл бады.  

Уый ныккæуы, уый дзыназы: 

– Уæ, мæ хъæбул, уæ, мæ уарзон,  

Мах ыстæм зынтæн фæразон:  

Ныр цы фæуон, ныр цы кæнон?  

Ацы зæххыл ма куыд цæрон? 

Барæг бауадис йæ цурмæ,  

Уый ныккасти ахуырст къулмæ  

Æмæ иу цъусдуг ныхъхъус,  

Барæджы нæ федта ус. 

Ус йæ былыцъæрттæ хордта... 

Ус дзынæзта, марой кодта: 

– Уæ, мæ чызг, ныр æз цы фæуон? 

Ам æнæ дæу æз куыд цæрон? 

 

– Бахатыр кæ, хорз ус, ды,  

Тынг мæ базонын фæнды:  

Циу, цы хабар у, цы 'рцыд?  

Радзур-ма йæ ды бæлвырд!  

Æз дæ тыхстдзинад уынын,  

Истæмæй дын кæд дæ зын  

Иу цъус акæнин æнцондæр. 

 

Ус æм бакасти бæстондæр,  

Ома, чи у, стæй кæцон,  

Рагæй нал уыд ам бæлццон.  

Гъе стæй та йæ сæр æруагъта,  

Лæппуйæн кæугæйæ загъта: 

– Махыл рахатти Хуыцау... 

Зæрдæ хъиамæттæй ныссау. 

Мах æрвитæм цард зынæй, 

Нæй æппын æрæнцой, нæй... 

Акæс уартæ хъæугæронмæ,  

Айнæджы раз сабыр донмæ,  

Фæлæ-иу æм ма кæ джихтæ...  

Уыцы доны уартæ мигътæ,  

Цавддурау, лæууынц æнцад,  

Уыдонæн фæци сæ рад.  

Уым куы цæры Кæфхъуындар,  

Мах ын не 'ппæт дæр – дæлбар.  

Оххай, ацы цъаммар, ацы!..  

Донмæ нæ хæстæг нæ уадзы,  

Ардæм чи цæуы дæуау?.. 

 

– Къул та уæд цæмæн у сау? – 

Рахызти Гæмæт йæ бæхæй, 

Рахызт ифтонгæй, дзæбæхæй.  

– Æз æнæмæтæй куыд бадон? 

Чызджытæй фæфидæм хъалон, 

Ныр æрцыд мæ чызджы рад, 

Ныр цы бакæна йæ мад?.. 

Сахуырстон мæ къултæ сау... 

Охх, куы 'рбамæлин фæлтау! – 

Ус ныккæрзыдта, тæрсы… 

 

Дон ызмæст уылæн хæссы...  

Кæфхъуындар фæзыны, хъазы,  

Йе' уæнгтæ фæйнæрдæм ‘вазы,  

Ис ын рихи, сæр – лæгуын,  

Ис йæ фæрстыл иу цъус хъуын,  

У дæргъытæ, хъулон-мулон.  

Дарддæр уын йæ митæ дзурон.  

Уый ныйивазы йæ ком: 

– Раскъæрут уæ фос, уæ хъом! 

Æз æххормаг дæн, цæй, тагъд! 

Науæд уæ кæнын бындзагъд!.. 

 

Иу зæронд лæг рахызт комæй;  

Бадзуры йæм, ба, йæ номæй: 

– Кæфхъуындар – нæ хорз æлдар! 

Æз – лæггадгæнæг, дæлбар, 

Курын дæ хатыр æрмæст: 

Ахæсс хъæубæстыл дæ цæст. 

Цъиуызмæлæг уынгты нæй,  

Сæфынц дзыллæтæ сыдæй. 

Ассывтай нын ды нæ муртæ,  

Баззад ма нæм баззад дуртæ… 

Хъуг дæр нал ис, гал дæр – нал 

Гъер ныл мауал кал дæ хъал! 

 

– Чи у уый та, чи у, чи?.. 

Чи куыдз, чи хæрæг, кæм и?.. 

Раскъæр хъомтæ, раскъæр тагъд! 

Науæд уæ кæнын бындзагъд! 

 

Лæг æм бацыди хæстæгмæ, 

Кæфхъуындар ын рæвдз йæ сæрмæ 

Февнæлдта, бæрзонд æй систа, 

Лæг йæ дзæмбыты ныцъцъист и… 

Кæфхъуындар кæны хъуыр-хъуыр: 

– Бахаудтай мæ къухмæ ныр! – 

Æмæ даргъ æвзаг ыстилы… 

Мигъы цъупп йæ сæрмæ зилы, 

Мигъы цъупп хуымæтæг нæу –  

Мигъы тæфæй мæнæ хъæу,  

Уæнгмардæй кæны фынæй. 

Дон дæр басабыр бынæй. 

 

Ус ма бады, ус кæуы,  

Усæн йе 'рдиаг цæуы: 

– Уæ, мæ хъæбул, уæ мæ чызг, 

Бахуысдзæн дæуæн дæ зынг! 

Кæфхъуындар дæ тагъд хæсдзæн... 

Уый мæ царæфтыд кæндзæн... 

 

Цадæг бадзуры Гæмæт: 

– Хорз ус, ма кæ, ма кæ мæт... 

Зæгъ, кæм дæ хъæуы æххуыс? 

 

Усы дзуапп æнкъардæй хъуыст: 

– Ницы бауыдзæн дæ бон, 

Йемæ схæцын нæу æнцон. 

Ардæм бирæтæ фæцыд, 

Йемæ бирæтæ хæцыд. 

Цæй, цы дын сæ дзурон дардыл?  

Иу дзы нал сæмбæлд хæдзарыл.  

Сæфæм... Сæфæм, лæппу, зон æй,  

Сау халон ыстæхдзæн донæй,  

Уый нæ сæрмæ зилдзæн, зилдзæн,  

Базыртæ сындæггай тилдзæн, 

Ома, чызджы ракæн тагъд, –  

Кæфхъуындар кæндзæни загъд... 

 

Лæппу дзуры: 

– Ис гæнæн..  

Нæй йын афтæмæй дæттæн!.. 

Уалынмæ, дын халон донæй  

Хъæумæ ратахти уæндонæй,  

Уым ныллæджыты æрзилы, 

Базыртæ сындæггай тилы.  

– Гъей, сæмпæрчъи10, гъей, зæронд! 

Кæфхъуындармæ хъуамæ знон  

Рæвдз фæзындаид дæ чызг... 

Гъей, цы калыс ды цæссыг?!  

Æз æрцыдтæн мæнæ – халон!  

Ныр кæм ис мæнæн мæ хъалон? –  

Фурдмæ атæхы фæстæмæ... 

Уатæй рацыди æддæмæ 

Иу саулагъз чызг, иу хæрзконд, 

Нарæг астæу, стæй бæрзонд.  

Дзуры уый: 

Цы у нæ бон? 

Цæй хæрзбон, æна, хæрзбон!.. 

 

– Нæй, Аминæт, нæй дæуæн  

Уыцы тугдзыхмæ цæуæн. 

Уадзут æй мæхи бар, уадзут, 

Ам сымах уæхицæн бадут! 

– Уый цы кæныс, лæппу, цы?.. 

Сæфынæн æвгъау дæ ды. 

– Кæд сымахæн нал и цард,  

Уæд куыд бадон æз æнцад? 

– Махæн, мæ хур, нæу уæлдай, –  

Ды фæлтау фæстæмæ уай! 

– Ам фæлæуу, чызг, ам, чысыл, 

 

Мæнæ уадындз дæр, хæц ыл! 

Кæфхъуындар, мыййаг, мæныл 

Тых куы кæна, уæд «мæлын», 

Зæгъгæ райхъуысдзæн мæ дзырд, 

Ма-иу фæтæрс, фæлæ цырд,  

Уадындзæй ныууас, фæсид, 

Кæд мæ хорз хæлар зынид. 

 

Донмæ бацыди хæстæг.  

Уарийау фæлгæсы дардыл,  

У цæттæ, хæцы йæ кардыл: 

– Кæфхъуындар – нæ карз æлдар,  

Мæнæ диссаджы лæвар, –  

Чызг æрбакодтон – дæ хæс,  

Æмæ йæ фæрнæй фæхæсс!.. 

 

– Уф, хæстæгдæр æй фæкæн! 

Нæй мын донбылмæ цæуæн!..  

– Нæ, гуымиры11, уырдæм – нал!  

Ацырдæм дæ фæндаг дар!  

– Уфф, хæххон дзигло12, хæххон!.. 

Ис дын, ис, мæнмæ тæрхон! –  

Рахызт фурдæй æмæ сурыл 

Сахъ Гæмæтмæ уый лæбуры...  

Февнæлдтой... Æнкъуысы хох...  

Доны был ыстынг и тох... 

Сахъ Гæмæт йæ кард фæдары, –  

Дыккаг фæдзæхст зæрдыл дары...  

Цъыкк, зæгъгæ, æрцавта сæр,  

Не 'рхауд Кæфхъуындар уæддæр.  

Ног æрцавта Кæфхъуындары,  

Кард нæ кæрды йе 'ндон буары. 

 

Цæй, цы кæна, циу йæ бон! 

Смæсты маргзæрдæ бынтон.  

Уый ныббогъ ласы, ныууасы,  

Лæппуйæн йæ фæрстæ 'лвасы,  

Фæлæ уый уæддæр нæ цуды... 

Кæфхъуындар кæл-кæлæй худы… 

 

Лæппуйæн кæлы йæ туг:  

«Оххай-гъе, кæнын хуыдуг! 

Гъей, джиди, ныр иу хъуыртт дон,  

Ногæй уаин уæд хæстхъом! 

О, чызг, фыййаумæ фæсид, 

Кæд æххуысмæ уый зынид»… 

 

Дард у лæппуйæн йæ бæстæ… 

Ныр куыннæ тоной йæ фæрстæ 

Сидзæргæсæн, уарзон мадæн?! 

Мад йæ сабийыл тыхсы, 

Къулмæ айдæнмæ кæсы: 

Фырты хуызыл халас бады, 

Сау тынтæ фæйнæрдæм уадзы… 

Разгъордта æддæмæ мад,  

Хъæууынгты хъæргæнгæ уад: 

 

– О, мæ хæрзгæнæг, фæзын… 

Мæнæ царæфтыд кæнын!.. 

Тагъддæр, бахъуыд мæ дæ сæр.  

Чи зоны дын кæд æз дæр 

Искуы бафидин дæ хæрзтæ, 

Тагъд мæ лæппумæ – æд гæрзтæ!.. 

 

Иу лæг рацыд, рацыд иннæ...  

Султъы райтыдта Зæлинæ,  

Дурын рахаста йæ уатæй,  

Султъыйыл æрбадт æнкъардæй. 

Хæхты сæрты чызг тæхы.  

– Дон дæр бахъæудзæн, – зæгъы, – 

Султъы, куры дæ чызгай: 

Хæхты сæрты рæвдздæр уай... 

 

Чызгæн ис йæ къухы дурын,  

Æмæ уый Гæмæтмæ дзуры:  

– О, æгас цæуай, æгас!..  

Айс, табуафси, рæвдздæр, айс!.. –  

Анызта зыдгæнгæ дон, –  

Сси фыццагау уый хæстхъом...  

Фиййау дæр æрхæццæ ныр,  

Фиййау дæр фæлæууыд цырд,  

Кæфхъуындары бахста фатæй,  

Сахъ Гæмæт æрцавта кардæй. 

Багæпп кодта бæх йæ цурмæ,  

Тугдзыхы нылхъывта дурмæ,  

Тугдзых адаргъ и, ныммард,  

Тугдзыхæн фæцис йæ рад. 

 

Мадæн барухс и йæ зæрдæ, –  

Касти хъæлдзæгæй фæйнæрдæм:  

Фурды дон кæны сæр-сæр,  

Хæдзæрттæй чысыл уæлдæр  

Уыгæрдæнтæ дарынц цъæх,  

Сулæфыд йæ фыдтæй зæхх.  

Бæлæстæ сæ сыфтæ тилынц,  

Мæргътæ цъипп-цъипп кæнгæ зилынц. 

 

Зæронд лæг хъæугуывды бады,  

Буц нуазæн Гæмæтмæ ратты:  

– Равдыстай лæгдзинад. 

Цæр!.. 

Фæлæ уаид ныр хуыздæр,  

Махимæ куы цæрис, уæд,  

Уæ, нæ сæрхъызой13, Гæмæт! 

– Бузныг, бузныг, 

Уарзон адæм!..  

Искуы та зындзынæн ардæм! –  

Хъуыстой, хъуыстой йæм æнцад,  

Фиййау, чызг, ыстæй йæ мад. 

– Уæ, фиййау, зынаргъ æмгар,  

Ертугъан дæуæн – лæвар! –  

Сыстад дзаг фынгæй бæлццон,  

Загъта дзыллæйæн «хæрзбон». 

Сахъ Гæмæт æмæ Зæлинæ  

Султъыйыл тæхынц сæхимæ.  

 

Аргъау æз фæвæййын… Рæзут!..  

Æмæ хорз цотæн ысбæззут,  

Сбæззут сахъ лæппу Гæмæтау, 

Кусут адæмы сæрвæлтау...  

Æмæ уæ рæсугъд Зæлинæ,  

Уæд æрхондзæни сæхимæ.  

Сусæгæй уын æз зæгъон,  

Дурынæй уын ратдзæн дон. 

 

 

 

 

Фиппаинæгтæ:  

Аргъау фыст у адæмон сфæлдыстады бындурыл. Мыхуыры фыццаг хатт рацыд журнал «Мах дуг»-ы (1955, № 3) 

 

1. Тинтычъи – сæгъты лыстæг фист (уырыс. «подшерсток», «пух»). Калын æй райдайынц уалдзæг. Иннæ къуымбилæй уæлдай у фæлмæндæр, уымæ гæсгæ тинтычъийæ конд тын нымадтой хуыздæрыл, зынаргъдæрыл, хуыдтой дзы басылыхъхъытæ, цухъхъатæ, куырæттæ. 

2. Æрдын, фат – рагон хæцæнгарзы хуызтæ (уырыс. «лук», «стрела»).  

3. Разкъæртт, разгом – сылгоймаджы уæлæдарæс, къаба; раздæр уыд æрвылбоны дарæс, ныртæккæ та – æрмæст чындздзон. 

4. Риуыгънæджытæ – разкъæртт аивгæнæн æгънæджытæ. Нымæцæй вæййынц авдæй æстдæс къайы онг. Уæллаг у даргъдæр, куыд бынмæ къаддæргæнгæ цæуынц 

5. Кæфхъуындар – аргъæутты æмбæлæг цæрæгой. Фæхъахъхъæны дон, нæ дзы дæтты адæмæн, цалынмæ йын хъалон бафидынц, уæдмæ. Хъалон дæр хуымæтæг нæ – чызджыты рæсугъддæры, хатт та – æртæ кæнæ авд рæсугъд чызджы. Ирон адæмон сфæлдыстады ма ацы персонажы аналог у залиаг калм.  

6. Æргъæу – зынаргъ, нывæфтыд дур (уырыс.: 1) «жемчуг», 2) «перламутр»). 

7. Æлутон – нæртон нуæзт, хицæн уагыл фых бæгæны. Ирон адæмон сфæлдыстады афтæ хонынц цавæрдæр диссаджы хæрд-нозт: йæ чысыл фæхъæстæйæ дæр сæтты адæймаджы стонг, йæ низтæ йын суры; рынчыны дзæбæх кæны, марды – æгас, адæймаджы цард – даргъдæр. Фæстагмæ «æлутон» нысан кæнын райдыта «бæркадджын» дæр. 

8. Султъы – стурдзармы, æрчъиаджы фæтæн уадздзаг. Хуыдтой дзы æрчъитæ, кодтой дзы дзабыры уафстæ. Ам ын ис алæмæты миниуæг: тæхы уæлæрвты (абар æй уырыс. «ковер-самолет»-имæ). 

9. Æфсургъ – уæлæрвты чи тæхы, ахæм хæрзмыггаг таурæгъон бæх. 

10. Сæмпæрчъи – мæгуыр, скъуыдтæ дарæс кæуыл ис, ахæм (уырыс. «оборванец»). 

11. Гуымирытæ – зæххыл фыццаг цæрджытæ, æмбæлынц адæмон сфæлдыстады. Ам дзырд «гуымиры»-йæн ис фидисы нысаниуæг: «къуымых», «æнæсæрфат», гуырымыхъхъ. 

12. Хæххон дзигло – афтæ аргъæутты уæйгуытæ хонынц хуымæтæг зæххон адæмы. Дзигло – хохаг гыццыл цъиу. 

13. Сæрхъызой – хъахъхъæнæг, сæрылхæцæг (уырыс. «защитник, покровитель»).  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ