Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хетæг
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ацы кадæджы автортæ мын куыд загътой, афтæмæй сын фыны радзырдæуыд, фæстæдæр гæххæттыл кæй ныффыстой, уыцы хабæрттæ. 

Сæ курдиатмæ гæсгæ сæ хæссæм уæ размæ 

 

 

ХЕТÆГ 

 

(кадæг) 

 

Фыссæм Кавказаг саггуырдыл йæ кадæн, 

Æцæг дунейы чи свæййы рухс зæд. 

Сæйраг кæмæн у лæгдзинад йæ царды. 

Чи райтауы йæ удфидар хъысмæт. 

 

Куы ныууагъта хъæбатыр лæг йæ фæстæ 

Уæларвон стъалыйау сызгъæрин фæд. 

Не ’стондзæн, нæ, тыхджын дымгæ бæлæстæ, 

Уыдон зæххы сæ уидæгтæ æппæт 

 

Куы ауадзой тынг арфмæ сæ фæндонæй, 

Бæлас фæцæры мингай æзтæ ’мраст. 

Уæдмæ куы свæййынц хъæддыхдæр æндонæй. 

«Кæуыл у таурæгъ?» – алкæмæн йæ фарст. 

 

...Нæ сахъгуырд Хетæгыл уыдзæни зарæг, 

Лæвæрдта чи аланты кадыл цард. 

Кæй фервæзын кодта Уæларвон барæг! 

Хæрынц кæй номæй абон дæр ма ард! 

 

Бæрзонд, фæтæнриу, ’мæ тыхджын æгъдауæй. 

Франкау, нæ уыд йæ хъаруйæн кæрон. 

Нæ уыд цыма Хетæг уæд дæр зæххон! 

Æвзæрст куы ’рцыди Кадджын Стыр Хуыцауæй! 

 

. . . . . . . 

 

...Йæ хъуыдытæ иуыл æрмæстдæр 

Алайнаг къниазæн æргом. 

Йæ фырттæм сдзургæйæ: «Кæцæйдæр 

Æрбабырста æзнаг. Йæ ном 

 

«Мамай» сæ паддзахæн. Мæ риуы 

Цъæх арт куы сæхсиды!» Æваст 

Цæф сырдау тыхдымгæ нынниуы. 

«Рыст зæрдæйы нал цæуы маст. 

 

Цæсты куы нал ахадын скондæй. 

Сымахимæ, гъай-гъай, хæстмæ 

Фæцæуин æз. Фæлæ – зæрондæй?! 

Хæссинаг нæу хъуыддаг сæрмæ. 

 

Мæ бæх дæр нал кæсы мæ коммæ. 

Уынут, кæй нал дæн хæцынхъом. 

Лæбурон куыд фæрæтæй донмæ?! 

...Ныппырх кæнут монголты ргом! 

 

Карз тохы быдырæй – къæсæрмæ 

Æгад мачи ’рхæссæд йæ сæрмæ! 

 

Хæдба́рады тыххæй уæ цард 

Куыд нæ кæнат æвгъау! Сæ разæй 

Æфсадæн алкæддæр! Æфхæрд 

Куыд нæ æбба́рат цардæгасæй! 

 

Æзнагæн сыскъуынут йæ фæд, – 

Сæйраг фæдзæхст гъе уый фæуæд! 

 

Лæбурджытæн мæнглыгъд сæ цуры 

Куыд саразой не ’фсæдтæ, уæд. 

Мæ фырттæ! Æз сымахмæ дзурын, 

Цæмæй, æрлæугæйæ фæсвæд, 

 

Уæ фæзылд уа виппайд. Æнæвгъау 

Уæ ныццæвд знагыл, æмæ хæст 

Уым ногæй райдайут æвирхъау. 

Куыд нæ хæца́ уæ иуыл цæст! 

 

Хистæртæ ма хъæрæй сæ фæстæ 

Дзырдтой хъæбатыртæн: «Бæстон 

Æзнæгтæн саразут зындон! 

Бахъахъхъæнут сырдтæй нæ бæстæ! 

 

Фыдæлтæн ма ’руадзут сæ кад! 

Æхсынмæ рæвдз дарут уæ фат!» 

 

Сæ бахæццæ фсæдтæн бынатмæ. 

Ныр уал алайнаг куыйтæ ’мбæхст. 

Куы тырны знаг йæхæдæг кардмæ,– 

Фæцагæйы тугкалæн хæст... 

 

Куыдз-бирæгътæ сæхи бæрзондæй 

Лæгмартыл рауадзынц, уæгъдгондæй. 

 

Рæдувынц сæ фæйнæрдæм ’ргом, 

Рыскъæфгæ тугдзыхты уæлбæхæй. 

Арауы знаг йæ хъæрæй ком. 

Æрдымы васт айнæг къæдзæхæй. 

 

Хъæбатыр алантæ гъе уæд 

Куы бацæуынц хæдфæстæ тохы. 

Нæ фесты черкестæй дæр рохы, – 

Сæ ныццæвд монголтыл фæсвæд. 

 

Хæст бацайдагъ цъыфдзаст бынаты, 

Лæгæты фарсмæ, уым, рохуаты. 

 

Æнæнымæц куы ’рцæуы мард. 

Цæгъды сæ Хетæджы цыргъ кард. 

 

Фæтæры Мамайы рындзуатмæ. 

Кæны мæлæтдзаг хæст æндон. 

Тындзынц фыдæзнæгтæ бынатмæ. 

Цæхæртæ ракæлы фæндон 

 

Сæ кæрдтæй алырдæм. Уæлбæхмæ 

Куы ’хсынц нæ хъайтары. Нæвгъау 

Æлхъивынц сахъгуырды къæдзæхмæ: 

«Æз райсдзынæн мæлæт фæлтау 

Цагъары бæсты!.. Йæ Хуыцау!» 

 

Ныхъхъæр кæны Мамай фæстагмæ: 

«Къæйныхы бауадзут мæ бар!» 

Хæцгæйæ рахизынц фæндагмæ. 

Æвиппайды рухс арв фæтар. 

 

Куы бацыд тох йæ тæккæ карзмæ, 

Мамайæн фесхъиуы ’хсаргард. 

Æрлæууыд сахъ æзнаджы размæ. 

Хъайтарæн ферттивы йæ кард. 

 

Ныббогъ кæны лæгсырд йæ цуры, – 

Фæхицæн рахиз къух æваст. 

Ныхъхъæрзгæйæ, цыдæр ма сдзуры, 

Гъе стæй ныййарц вæййы æмраст. 

 

Нынниуынц бирæгътæ фæзуаты. 

Куы нал зыны мæрдтæй уым зæхх. 

Сау халæттæ æлгъыст бынаты 

Кæнынц аууон бæрзонд къæдзæх... 

 

...Черкесæгтæ, алантæ ногæй 

Саразынц иумæ бæрæгбон. 

Кæнынц нæртон кафт сæ фæндон 

Кавказаг сахъгуырдтæ уым рогæй. 

 

Алутон бæгæны мæ ронг – 

Гъе уымæй кувынц Стыр Хуыцаумæ. 

Сызгъæрин зæдтæм дæр уæлиаумæ. 

Уыд алчи уыцы куывды рвонг. 

 

 

...Куы ’рлæууынц цъæх-цъæхид фæзуаты 

Уым, дугъы уайджытæ бæлвырд. 

Уыдонимæ Иналы фырт. 

Æркафы йе ’фсургъ мидбынаты. 

 

Уæдмæ ныззæлыди æргом 

Лæджы хъæрæй черкесты ком. 

 

Куы фезмæлынц сыгъдæг уæлдæфы 

Рæвдз дугъонтæ... Фæлæ цыргъзонд 

Фæуырдыг донмæ. Уым, тыхцæфы, 

Йæ баленк Хетæгæн æрæфы. 

Куы вдисы амалджын е ’сконд. 

 

Фæзилы уадсуры цæхгæрмæ 

Нæ саггуырд, у цыма фæдис. 

Фыццаг куы бахæццæ тæгæрмæ. 

Кæнынц нæ усгурыл фырдис. 

 

Къæдзæхрæбын тæрхæг. Æфснайды 

Куы ’рттивы паддзахчызджы рон. 

Зынаргъдæр ницы ис нæ царды 

Сæрæндзинадæй. Хъæдгæрон, 

 

Цъæх арвы бынмæ, ’нæвнæлд æрдзы 

Йе ’рбаскъæфт камарийæн тагъд. 

Йæ зонд æмæ йæ ныфсы фæрцы 

Хетæг куы рамбулы уайтагъд. 

 

. . . . . . . 

...Сæ паддзах черкестæн æфсонтæй: 

«Пысылмон динимæ нæ баст. 

Сымах хуызæн куы стæм ыскондæй. 

Гъе ныр мæ чызджытæм уе ’ркаст. 

 

Нæ хъæбултæн гъе ацы бæсты, 

Куы хатын æз дæумæ, Инал, 

Сæ цардрахаст уыдзæни хъал. 

Ыстут уæлиау æвæрд нæ цæсты». 

 

Йæ къухтæ ’рцæвгæйæ, Солтан, 

Сæ кæрæдзиуыл васт, сæ цуры, 

Уыди цыма æвзæрст нысан: 

«Чызджыты ракæнут!» – ысдзуры. 

 

Рæсугъддæр иу иннæмæй раст, 

Дыууæ хойы, дыууæ æстъалы 

Куы рацæуынц. Хетæджы ’ркаст 

Чызджытæй кæстæрмæ. Æркалы 

 

Сызгъæрин хур йæ тынтæ уæд. 

Куы базмæлынц къæдзæхтæ, хъæд. 

 

Зæрдæхъæлдзæг сæ паддзах. Ногæй: 

«Ыскæнæм та Хетæгæн аргъ! 

Зынтæн аппардзыстæм сæ уаргъ, 

Куы равдисой нæртон симд рогæй! 

 

 

Нæ сахъгуырд рацæуы. Æваст 

Йе ’рлæудт йæ къахфындзтыл. Цæргæсау 

Куы сисы йе ’уæнгтæ. Хуызæртау 

Фæци Мæзинæ, не ’фсæрмдзаст. 

 

Сæ зæрдæты уыдонæн ввонгæй 

Ыссудзы уарзты цæхæр тагъд. 

Кæны зæланг фæндырыцагъд. 

Уыдонмæ паддзахы ’ркаст ногæй... 

 

Черкестæн, алантæн сæ бадт 

Уыди куы иумæйаг хæларæй. 

Уæлæрвтыл райхъуысы сæ зард. 

Фæфæстиат уæрæх куывд барæй. 

 

...«Тыхджындæр фæуыдзæн гъеуæд 

Лымæндзинад, Инал! Æнусмæ 

Ныууадздзыстæм рæсугъддæр фæд! 

Тырндзыстæм Бонвæрноны рухсмæ, 

 

Нæ дин куы райсат, у мæ дзырд! 

Пысылмæтты æгъдау хæсдзысты 

Мæ чызг Мæзинæ, мæ дæ фырт! 

Цардамондæй хайджын уыдзысты! 

 

Æмгъуыдæн – фондз боны рæстæг». 

Паддзахы разныхас уæнгрогæй: 

«Зæгъæм кæрæдзийæн «хæстæг», – 

Адæмты хорзæхæн, æввонгæй». 

 

...Куы райсынц, куы, пысылмон дин 

Инал æмæ йæ дыууæ фырты. 

Черкесты паддзахæн йæ цин, 

Фæлæ дарддæр Хетæг нæ дзырды. 

 

...Уæрæх галуанты саггуырд мраст 

Хуыссы рынчын æфсон, уæнгмардæй. 

Йæ фесхъиудт цæмæндæр æваст, 

Цыма лæджы ныццæвынц кардæй. 

 

...Уыди паддзах Солтаны дис: 

«Хæрын æз ард урс зæдты номæй! 

Цы уа хуыздæр ма, цы?! Æргомæй 

Райстат пысылмон дин!.. Ныр ис 

 

Мæ хъуыдыйы: кæсын уæм дардæй... 

Кæм и дæ кæстæр фырт?, – мæ фарст». 

Ысдзуры уæд Инал: «Йæ цардæй 

Куы стыхст цæмæндæр. У мæ тарст, – 

 

Фæци рынчын. Хъуыддаг гъе афтæ 

Æз курын, ма дзы ракæн хъаст». 

Сæ кæрæдзиуыл та ныццавта 

Паддзах йæ къухтæ: «Нæу кæд ахст! 

 

Цы низ æм ис? Йæ ныхмæ ’ххæстæй 

Куы не ’рлæудзæн иу лæджы фырт! 

Чи раирвæзт тугкалæн хæстæй, 

Цы кодта уагæр?, – у мæ дзырд...» 

...Нæ барджытæ фæзынынц дардмæ. 

У Хетæгмæ сæ тагъд, хæдзармæ. 

 

Сæ бацыд мидæджырдæм. ’Вваст 

Рынчынгондмæ Иналы ’ркаст. 

 

Йæ фыртмæ сдзургæйæ фырсонтæй: 

«Кæнæ фæцух дæн æз мæ зондæй, 

 

Кæнæ ды скодтай фсон? Цæмæн?! 

Куы дæ æнæниз дзуæртты размæ! 

Хъуыддаг ма бацæуæд йæ карзмæ! 

На бадзырд рауайæд фæлмæн». 

 

«Фæцæгъддзысты, куы, мах фæндырæй! 

Куыд райстат искæй дин уæддæр?!» – 

Йæ бафарст Хетæгæн. «Цыбырæй, 

Кæны уæззау рыст, куы, æгæр 

 

Мæ уд, баба! Уым нал ис уалдзæг... 

Фæрсын, «цы бакуыстат?!» – æргом. 

Куы нал и ’ппын зæрдæйы хъæлдзæг. 

Мах ралгъитдзæн фыдæлты ком! 

 

Ме ’фсымæртæ! Сымахмæ дзурын, 

Куыд нæ саразат ам зындон. 

Мæ диныл мæ ныууадзут. Курын! 

Вæййы уырнындзинад фæндон...» 

 

Уым паддзахы фырттæн æхсæзæй, 

Зынгкалгæ цæстытæн гъеуæд, 

Сæ ныккаст Хетæгмæ тызмæгæй: 

«Фæцæуæд ардыгæй, – науæд!..» 

 

Сæ хъæр черкесæгтæн æмдзыхæй: 

«Ыскæнæм хивæндæн кæрон! 

Ныртæккæ рахæссæм тæрхон!», 

Фæлæ ын тарстысты йæ тыхæй. 

 

«Дæу нал ысхондзынæн мæ фырт! 

Нæ кæныс аргъ, лæппу, дæ уагæн! 

Хетæг! Ды райсай, хъуамæ, кадæн 

Пысылмон дин, гъе уый мæ дзырд!» 

 

«Нæ аивдзынæн, нæ, мæ зæрды 

Фыдæлты дин! У тынг зынаргъ! 

Мæ цардфæндагæн у цырагъ! 

Аланты намыс, мæн куы фæнды, 

 

Цæмæй нæ зонды уа бæлвырд. 

Куыд рауагътат ахæм рæдыд?! 

 

Дзырдтай мын дæхæдæг хуыздæрæн: 

«Æгады бæсты ссар мæлæт! 

Кæнод фæуыдзыстæм æвæд!» 

...Ысаккаг кæн, мæ фыд, æндæрæн 

 

 

Дæ куырдиат, зæгъын æргом. 

Мæ динæй ницы ис зынаргъдæр. 

Куы зонут, – Хетæг у мæ ном! 

Йæхиуæтты куы ’мбары маргъ дæр». 

 

«Мыддоны вдулдзынæ, а бæстæй 

Кæсгон паддзахы чызг дæ хай 

Фæуа куыддæр! Æрмæст ныхæстæй 

Нæ рауайы хъуыддаг. Дæ къай 

 

Ыскæн кæстæр чызджы, мæ джихтæ 

Ды мауал кæн. Гъе ацы бон 

Фæсурай куыд зæрдæйæ мигътæ. 

Æппæтæн сараз бæрæгбон! 

 

Ды райс пысылмон дин нæ разы. 

Ысбæд черкестимæ дæ уд. 

Хи дарын афтæ нæу рæсугъд!», 

Куы бацæуынц ныхæстæ карзы. 

 

«Нæ фæндыл сразы у, мæ фырт, 

Ыстæм уыдоны хуызæн кондæй!» 

«Нæ аивдзынæн, на, мæ дзырд!» – 

Ысдзуры Хетæг ма фырсонтæй. 

 

«Сызгъæрин динтæ Стыр Хуыцау 

Куы ратта адæмæн, зæххонтæн. 

Куыд райсон искæй дин æфсонтæн?! 

Зынаргъдæр у аланты гъдау. 

 

Фыдæлты намысмæ куы хъарын, – 

Чырыстон дин зæрдæйы рмæст...» 

«Куы хъæуы Хетæджы ныммарын! 

Гъе уый, мæ фырттæ, мæ фæдзæхст». 

 

Хъуысыд Иналы хъæр уым, дардмæ 

Йæ февнæлд алкæмæн хсаргардмæ. 

 

Сæ ныццæвд фсымæртæн æвваст, 

Паддзахы фырттæн дæр, – æмраст. 

 

Куы ’схæцыди астимæ кардæй. 

Фæцыд куы Хетæгæн йæ хъæр: 

«Ыстыхстæн виппайды мæ цардæй! 

Æфсымæрдзинадæй хуыздæр 

Куы ницы ис дунетыл! Гæр!» 

 

Цæхæртæ ракæлынц æргомæй 

Се ’хсаргæрдтæй, гъеуый нæ загъд. 

Æрбадымы тыхджындæр комæй. 

Сау мигъты рбахæццæ уайтагъд. 

 

Йæ фæцæф Хетæгæн. Æвваст 

Йæ ратахт галуанæй, гъе уымæн. 

Ауадзгæ йе ’фсургъы æмраст, 

Ысдзуры фыртыхстæй: «Мæ лымæн! 

 

Ыссарæм рагфыдæлты зæхх! 

Æрлæууон куыд фсымæрты ныхмæ? 

Мæ дугъон, курын, исты зæгъ... 

...Ма руадз мæ, Стыр Хуыцау, æдыхмæ!» 

 

Цæргæсау Хетæгæн йæ бæх 

Фæтæхы куы. Ныннæрынц хæхтæ. 

Фæзыны арвгæрон хи зæхх 

Куы ферттивынц къæбæлдзæг рæгътæ! 

 

...Сæ иуæн йе ’рбатахт кæрæтты 

Гъе уыцы марджытæй. Æваст 

Куы ’рбахсы Хетæджы фæсвæдты. 

Куы райсы нувыд бæхæй маст. 

 

Мæлæтдзаг фат ныссæдзы ввонгæй 

Тæхбæхы риуы, ’мæ бынат 

Ыссырх вæййы уайтагъд йæ тугæй. 

Хетæгмæ скæсгæйæ, рынцад. 

 

Ныддæргъвæтин рæстæг изæрмæ. 

Хуыцаумæ скувгæ, бадæлгом. 

Æвиппайды уæларв йæ сæрмæ 

Ныррухс и Хетæгæн æргом. 

 

Сызгъæрин Уастырджи бæрзæндты 

Йæ базырджын æфсургъыл ’мраст 

Æрбацæйтахт. Гъеуæд æфсæнтты 

Æрцъыкк кæны йе ’хсæй æваст. 

 

«Хъæдмæ, Хетæг, сараз дæ хъуыды! 

Æрбайсæфдзæн гъе уым дæ фæд!» 

«Рæстдзинад, Уастырджи, дæ дзырды, – 

Фæлтау мæ цуры фестæд хъæд!», – 

 

Ыскувы та Хетæг æваст: 

«Цæуы хъуыддаг æгæрон карзмæ. 

Мæ къæхтæ нал хæссынц мæн размæ». 

– «Уæдæ хъæд Хетæгмæ æмраст!» 

 

Æрдымы уæд тыхджын; фырмæстæй 

Йæ базмæлд тар хъæдæн æгæр! 

Се ’стахт æд уидæгтæ бæлæстæн! 

Хъуысыд уæларвмæ сæ уынæр. 

 

Бæгъатырæн фестад йæ разы 

Куырттаты уæгъдбыдыры хъæд. 

Уыди ма тыхдымгæ йæ карзы. 

Фыдбойнаг сурджытæм гъеуæд 

 

Ысдзуры Уастырджи: «Уæ сæртæ 

Куыд айсат ардыгæй!.. Науæд!..» 

Йехсцæфæй ракæлы цæхæртæ. 

Сæ фæлыгъд схъиуд лæгтæн фæд-фæд. 

 

. . . . . . .  

 

Нæ райгуырæн хæхтæ, нæ зæхх 

Куыд уарзынц Хетæджы хъæбулау! 

Хæларзæрдæ æмæ уæрæх. 

Куы ’рттивы абон дæр ма хурау! 

 

 

Хетæджы Уастырджийы хорзæх неппæты дæр уæд! 

 

Дауыраты Александр,  

Цорионты-Тауитты Эмилия 

 

2018 г. 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ