Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Абациаты Дзамболат
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Абациаты Дзамболат (Дмитрий) Константины фырт 

(1857-1936)  

Инæлар-лейтенант  

 

 

 

Нæ Фыдыбæстæйы хæстон историйы зынгæ фæд ныууагъта не’мзæххон, хъæдгæройнаг Абациаты Дзамболат. Уый райгуырд 1857 азы, 3-æм декабры. Каст фæци Вилены Фистæг Æвсæддон Юнкерон Училище, æмæ уымæй райдыдта йе’фсæддон цард.  

«Уый уыди 22-23-аздзыд лæппулæг, -- фыста Верещагин йæ чиныг «Дома и на войне»-йы, -- æрвыст æрцыд Скобелевы къордмæ». Дзамболат тынг бауарзта æмæ стыр кад кодта инæларæн. Скобелевы-иу хуыдтой «Урс инæлар», уымæн æмæ-иу урс-урсид дзаумæтты, урс бæхыл бæдгæйæ дардмæ бæрæг уыди. Уый уыд стыр зонд æмæ хъаруйы хицау æмæ йемæ Дзамболат цыди хæсты зын фæндæгтыл.  

1877 аз. Уырысы ‘фсадæн сæ иу хай, уыдонимæ та Дзамболат дæр инæлар Скобелевимæ, горæт Ловчийы цур бацахстой ахсджиаг фæлгæсæн бынæттæ, стæй та Плевнæ дæр. Цъус фæстæдæр та ма сæм Осман-пашаийы ‘фсад цагъары бахаудта.  

Афæдзы дæргъы бирæ зындзинæдтæ бавзæрста Дзамболат, фесæфта бирæ æрдхæрдтæ æмæ зонгæты хæсты быдыры. Суанг Румынмæ бахæццæ. Зæрдиагæй лæвæрдта йæ хæс фыдыбæстæйæн. Йæ хъару æмæ йын йæ ныфс Уырысы æфсады æмбисондæн хастой.  

Иу ахæмы, Скобелевмæ æрæмбырд сты сихорафон йе’рдхæрдтæ – офицертæ, æмæ инæлар Дзамболаты æнæнхъæлæджы зæрдиагæй бафарста: «Зæгъ ма, искуы истæмæй тарсттæ?» Хъазгæ нæ кодта. Н.М.Данченко йæ чиныджы «Год войны»-йы фыста: «Дзамболат у диссаджы адæймаг. Мæсты-иу кодта, иннæтæ-иу акъопты нæмгуытæй æмбæхсгæйæ дæрддыл куыд хылдысты сæхи фыдбылызæй хизгæйæ, уымæ. Йæхæдæг та туркаг нæмгуытæй æмбæхсын йæ сæрмæ нæ хаста æмæ иу комкоммæ бырста размæ.» Йе’мгæртты ныхæстæм гæсгæ уыди тынг уæздан æмæ стыр аргъ кодта æрдхорддзинадæн. Адæймаджы цард æм тынг зынаргъ каст, фæлæ куы быхъуыдаид, уæд æнæмæнг йæхи цард раттаид йæ фыдыбæстæйы номыл. Йæ риуыл бынат фаг нæ уыди авд паддзахадæй лæвæрд, утæппæт майдантæн æмæ хæрзиуджытæн. 1881 азы Уырысы æфсад Скобелевы разамындæй бацахста Геок-Тепейы фидар Туркменийы быдырты. Уыцы стыр тохты Дзамболат уæззау цæф фæцис. Куы сдзæбæх и, уæд та йæ ногæй йе’фсæддон цард аппæрста Варшавæмæ, стæй та Петербургмæ.  

Уый фæстæ хæцыд Японы хæсты дæр.  

Йæ дарддæры цард баст æрцыд Кавказимæ. Сæвæрдтой йæ хъазахъхъаг дивизийы сæргълæууæгæй. 9-æм январы, 1912-æм азы сси инæлар-лейтенант. Фыццаг дунеон хæсты райдианы Дзамболат йæ дивизиимæ бахаудта Кавказаг хæсты быдыртæм. Ам дæр та хъазуатæй хæцыд, бæрзонд хаста ирон инæлары кад æмæ намыс. 

Фæлæ 1917-æм азы фæстæ Дзамболаты царды фæндаг цæхгæр аивта. Ног паддазахад йæ зæрдæмæ нæ цыди æмæ дзы хорзæй ницæмæ æнхъæлмæ каст. Цъус фæстæдæр фæсарæнтæм ацыди. Цардис Югославийы, куыста университеты библиотекæйы. Цардæмбалæн равзæрста Елизаветæ Фуксы æмæ йын райгуырд æртæ чызджы. Цæуыл фæци ацы сгуыхт адæймаджы цард уый нал базондзыстæм, фæлæ йæ мæгуыр зæрдæ иу æмæ дыууæ хаты куыд не’схъæрзыдаид йæ рæсугъд райгуырæн бæстæ фенынмæ бæллгæйæ…  

 

 

Г.Т.Дзагурова «Сыны Отечества» 

Уырыссаг æвзагæй æрмæг ратæлмац кодта Алыккаты Олег. 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ