Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

ХО ÆМÆ ÆФСЫМÆРЫ АРГЪАУ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Гуыцмæзты Алеш 

ХО ÆМÆ ÆФСЫМÆРЫ АРГЪАУ 

 

 

Цардысты æмæ уыдысты мæгуыр лæг æмæ ус. Мæгуыр та истæмæйты мæгуыр вæййы: нæ сын зæххы гæппæл уыд, нæ – фос, нæ – мулк æмæ нæдæр цот, уæддæр сæ къæхтыл лæууыдысты æмæ цардамæлттæ кодтой. Лæг æрвылбон цыдис Стыр хъæдмæ æмæ æлдарæн хаста æргъомыдзаг суг. Ус та бонæй-баизæрмæ бадтис пецы фарсмæ æмæ куывта йе сфæлдисæг Хуыцаумæ, цæмæй йын хъæбулы ад базонын кæна. Æппын фæстагмæ сæ иугъæдон цардыл куы ныхъхъæцыдысты æмæ æппындæр хорзæй куы ницæмæуал æнхъæлмæ кастысты, афтæ дын иу бон мæгуыр лæджы ус куы банхъæлцау уаид. Лæг æмæ ма усæн сæ цинæн кæрон кæм уыдис, цы? Æхсæв сыл бон нал кодта, бон та – æхсæв. Афтæ дын иу изæрыгон, лæг йæ суджы æргъом æлдары хæдзармæ куы ныххаста æмæ фæстæмæ йæ мæгуыр къæсмæ куы рбаздæхт, уæд сæ хæдзарæй сывæллоны кæуын куы райхъуысид. Бахызт мæгуыр лæг хæдзармæ æмæ йæ усы фарсмæ баййæфта цыкурайы фæрдыджы хуызæн1 чызг æмæ лæппу. 

...Фæндзгай азтæ сæххæст ис дыууæ сывæллоныл, æмæ сæм цæст кæсынæй не 'фсæст, сæ мæгуыр дæр ницæмæуал дардтой сывæллæтты ныййарджытæ. Фæлæ ныр мæгуыр лæджы иу æргъом суг цыппар удгоймагæн цардываг нал кодта, æмæ мæгуыр лæг æхсæвæй-бонæй катæйттыл бафтыд. Ус йæ мойы мидхъуырдухæн æнæ хатгæ нæ уыд, уæдæ, йæ катай цæуыл у, уый дæр куыд нæ зыдта, æмæ йын иу бон афтæ зæгъы: 

– Табу Стыр Хуыцауæн, ныр нæ сабитæ фестыр сты, афон сын у æмбарынæн, иумæ нын æнæ цæугæ нæй хъæдмæ, иу æргъомы бæсты дыууæ æргъомы куы хæссæм æрвылбон æлдары кæртмæ, уæд нын фидгæ дæр фылдæр кæндзæнис. 

Мæгуыр лæг ныхъхъуыды кодта, сабитæн иунæгæй цы хуызы ис ныууадзæн, зæгъгæ, фæлæ йæ ус сразы кодта. 

Дыккаг бон райсомæй мад йæ сабитæн цымгæ2 акодта, хорз сæ федта, стæй сын ныффæдзæхста: 

– Ныр стыртæ стут, нанайы хуртæ, æмбарынхъом стут. Мæнæн бабаимæ кусынмæ æнæ цæугæ нæй, науæд нæ баба бонæй-бон фыдхуыздæр кæны, æмæ нын уый куы нæ уа, уæд не 'ппæт дæр донласт фæуыдзыстæм. Сабитæ йæм хъуыстой æмæ сæ гыццыл сæртæ разыйы тылд кодтой. 

Бирæ сæ куы фæфæдзæхста, цæмæй уыдон æддæмæ ма ацæуой, сæ кæрæдзи ма схойой, сæ баба æмæ нанайы æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсой, уæд йе 'ргъомбæттæн йе 'ккой баппæрста æмæ йæ мойы фæдыл араст. 

Бонтæ цыдысты, уæдæ цы, æмæ сабитыл æвдгай азтæ сæххæст. Сæ ныййарджытæ сæ тынг разы уыдысты, афтæ æмбаргæ кæй разындысты, уымæй. 

Уыцы бон дæр иннæ бонтау раджы ацыдысты сæ нана æмæ сæ баба Стыр хъæдмæ. Чызг æмæ лæппу иннæ бонтау бирæ фæхъазыдысты хæдзары тыргъы, фæлæ сæ ацы хатт иннæ хæттытау хуыссæг нал æрцахста, æмæ дарддæр нал зыдтой, цы ма кæной, уый. Уæд дын чызг афтæ зæгъы: 

– Диссаджы фæнд æрхъуыды кодтон, ме ‘фсымæр. Бавдæлæм æмæ баба æмæ нанайæ ахъазæм. Мæ хъазæн чындзытæ райсæм, цымгæ сын бахæрын кæнæм, хорз сæ ныффæдзæхсæм æмæ нæхæдæг Стыр хъæдмæ суг хæссынмæ ацæуæм. Æз иу бæндæн зонын уæлхæдзар, алыг æй кæндзыстæм йæ астæуыл, æмæ дæуæн дæр уыдзæнис бæндæн æмæ мæнæн дæр. 

Лæппу чызджы фæндыл не сразы ис: 

– Æрвылрайсом нын баба æмæ нана цы фæдзæхсынц, уый дæ ферох? 

– Цалынмæ уыдон здæхой, уæдмæ мах ам уыдзыстæм. Бузныг дæр ма нæ фæуыдзысты, – нæ уисæн кодта чызг. 

Саби уæддæр саби у, æмæ лæппу дæр æппынфæстагмæ йæ хоимæ сразы. 

Чызг фыр цинæй йæ мидбынаты сгæппытæ кодта, стæй бæндæнмæ азгъордта, фæлæ уый æгæр уæлиау ауыгъд уыдис, æмæ йæм нæ сæххæст. Уæд йе 'фсымæрмæ фæдзырдта. Уый йæ фыды сигæцыл3 даудта йæ тулдз фæрæт æмæ-иу ыл рæстæгæй-рæстæгмæ æрту кодта, стæй та-иу æй ногæй сигæцыл сдаудта. 

Йæ фæрæт, йæхимæ гæсгæ, дзæбæх куы сцыргъ кодта, уæд сбырыд уый дæр уæлхæдзармæ. Ныр хъуыды кæнынц дыууæйæ, бæндæн цы хуызы æрæппарой бынмæ, ууыл. Уæд та йæм чызг дзуры, бавдæл æмæ, дам, ды дæ цыппæртыл æрлæуу, æз де рагъмæ куы сбырон, уæд æм æнæмæнг сæххæсдзынæн, зæгъгæ. 

Чызг æмæ лæппу хъæды иу дзæвгар куы баивгъуыдтой, уæд æнæнхъæлæджы сæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Лæппу тæрхъусы лæппыны фæдыл барæуæг, йæ къухы не 'фтыд æмæ йæ йæ фæдыл сайдта, чызг та гæлæбуты фæдыл адзæгъæл. Уалынмæ дын кæцæйдæр иу цъæх бирæгъ куы фæзынид, лæппуйыл йæхи ныццавта æмæ уайтагъд хъæды æрбайсæфт. 

Чызг гæлæбуйы фæдыл ратæх-батæхæй куы бафæллад, уæд фæстæмæ фæкаст æмæ йе 'фсымæр йæ цуры нæй. Хъæр кæны чызг йе 'фсымæрмæ, хъæр кæны, фæлæ никуы æмæ ницы. 

Уæд ставд цæссыгæй ныккуыдта, бирæ, тынг бирæ куы фæкуыдта æмæ йæ бон кæуын куы нæуал уыд, уæд сыстад æмæ фæстæмæ сæ хæдзармæ раздæхт. Æниу уый йæхæдæг афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, фæстæмæ сæ хæдзармæ здæхы, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Чызг зъордта бынтон æндæр фæндагыл æмæ бахаудта, ахизæн кæм нæ уыдис, ахæм тархъæдмæ. Уæддæр йæ гыццыл уд скъуыдта, бырыд тых æмæ амæлттæй, уыцы тархъæды мидæг ныббызгъуыр йæ уæлæдарæс, ныссуйтæ сты йæ сызгъæриндонытылд дзыккутæ, афтæмæй иу афон иу цавæрдæр æрдузмæ бахаудта. Уæдмæ бон дæр баизæр. Гыццыл чызг фæуыргъуыйау, нал зыдта, цы ма акæна, æмæ уæд иу дуры цъуппыл æрбадт. Æрбадт æмæ райдыдта кæуын. Уыйбæрц бирæ фæкуыдта, уыйбæрц бирæ, æмæ йæ алыварс æрдуз сцад ис цæссыгæй. Цадмæ хæфсытæ райдыдтой алырдыгæй гæппытæ кæнын, æмæ цыбыр рæстæгмæ цад хæфсæй байдзаг. Чызгæн йæ къæхтæ уæрджыты онг уыдысты доны. Хæфсытæ бырыдысты йæ зæнгтыл; гæпп ын кодтой йæ цæсгоммæ. Сæ уасынæй бæстæ сæ сæрыл истой. Чызг бынтондæр стыхст, ныууагъта йæ кæуын æмæ хæфсытимæ тох кæнын райдыдта. Тыдта сæ йæхицæй æмæ сæ зыгъгъуытт кодта цадмæ. 

Афтæ æхсæв-бонмæ семæ фæхъуырдухæн кодта æмæ, æхсæвы тар куыд æрбабон, уый хатгæ дæр нæ ракодта. Хур куы 'ркаст, уæд цад ныссур, æмæ хæфсытæ фæцыдæр сты. Чызг нæууыл æрфынæй, йæ фыр фæлладæй дзы æппæт дæр æрбайрох. Раст уыцы рæстæджы уырдæм æрбафтыдысты паддзахы цуангæнджытæ. Сæ цуан нæ фæрæстмæ, æмæ æрдузмæ сæхи æрбайстой аулæфыны охыл. Кæсынц æмæ уынынц диссагæн дзуринаг: нæууыл хæрз иунæгæй фынæй кæны æмбисонды рæсугъд сывæллон. Кæд, мыййаг, зæд у, зæгъгæ, йæм бацæуын нæ уæндынц, фæлæ йæм дардæй кæсыныл фесты. Иу афон чызг æрыхъал йæ фынæйæ. Йæ мидбынаты рабадт, йæ алыварс аракæс-бакæс кодта. Куы йæ бауырныдта, æцæгæй дæр тархъæды зыбыты иунæгæй кæй ис æмæ фын кæй нæ уыны, уый, уæд та ногæй зæрдæхалæн куыд ныккодта. Цуангæнджытæ куы бамбæрстой, чызг зæххон адæймаг у, уый, уæд йæ алыварс атымбыл сты. Уый æвиппайды утæппæт гæрзифтонг адæмы йæ уæлхъус алæугæ куы ауыдта, уæд йæ гыццыл зæрдæ ауазал, æмæ ницыуал бамбæрста. Цуанæттæ йæ нымæтыл æрæвæрдтой, стæй йæ æрчъицын кодтой. Чызг йæ цæстæй куы ракаст, уæд кæугæ нал скодта, æнцад касти уыцы æнæзонгæ адæммæ æмæ сын ницы æмбæрста, чи сты æмæ цы сты, уымæн. Уæд æй уыдон райдыдтой фæрсын, ардæм кæцæй æрхауд æмæ кæй чысыл чызг у, уымæй, фæлæ сын чызг сæ фарстытæн ницы дзуапп лæвæрдта. Уæд æй базыдтой – чызг бакъуытты. Æрхастой йæ сæ паддзахы дуармæ. Сæ паддзах – æнæзæнæг лæг – Стыр Хуыцауæн кувинæгтæ фæкодта, æрхуыдта йæ паддзахады æппæт адæмы мæгуырæй, хъæздыгæй æмæ сæ иу абонæй иннæ абонмæ куывдты фæбадын кодта. 

Цыдысты бонтæ, паддзах тынг хъыг кодта, чызг дзыхæй кæй нæ дзырдта, уый тыххæй. Цынæ бæстæм, цынæ паддзахадмæ фервыста фидиуæг – йæ чызгæн ын чи баххуыс кæна æмæ йæ дзыхæй чи сдзурын кæна, уымæн ратдзæнис йæ паддзахады æрдæг. Бирæ, тынг бирæ хосгæнджытæ фæцыдис алырдыгæй паддзахы чызгмæ, фæлæ никæй бон бацис уымæн баххуыс кæнын. 

Чызг йæ дзыхæй кæд нæ дзырдта æмæ йæ уды рыст йæ бон зæгъын нæ уыд, уæддæр йæ гыццыл зæрдæйæ рох нæ кодтой йæ ныййарджытæ. Йæхимидæг-иу бирæ фæхъуыды кодта, ныр афонмæ йе 'фсымæр сæ тыргъы иунæгæй куыд хъазы, фæсмон кодта йæ хивæнд æрхъуыдыйы тыххæй, æмæ-иу æнæмæнг цæсты сыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр кодтой. 

Сывæллон æппæтдæр тагъд рох кæны. Паддзахы æнувыд рæвдыд, стæй ма йæ лæггадгæнджыты зæрдиаг ахаст цыбыр рæстæгмæ сабийы зæрдæйæ æппæтдæр байрох кæнын кодтой. 

Чызг паддзахы хæдзары куы æрцард, уымæй рацыд æнæхъæн фынддæс азы. Паддзах базæронд, йæ тыхтæ дæр скадавар сты. Æппынæдзух ын йæ зæрдæ хордта, йе 'рдхæрæны рæсугъд чызг дзыхæй кæй нæ дзырдта, уыцы сау маст. Уый йæхимæ марæн кæрдтæ хаста, йæ фыдæн æмбарын кодта, искæмæн æй куы ратта, уæд йæхи удæгасæй кæй нæ ныууадздзæнис. Фыд дæр хъуыды кодта, зæгъгæ, æгомыг чызг у æмæ цы хъуамæ кæна искæй хæдзары... Нæ! Фæлтау бæззайæд зæронд чызгæй, афтæ хуыздæр уыдзæн. Иугæр ын Хуыцау афтæ сныв кодта, уæд хуыздæр у, йæ фыды уæларт куы бада, уæд. 

Иу хатт куы уыд, уæд дын паддзахы зæрдæ куы 'рцагурид хъæддаг хуыйы игæртæй физонæг. Фæсдзæуинтæ уайтагъд паддзахы цуангæнджытæн фехъусын кодтой, сæ паддзах хъæддаг хуыйы игæртæй физонæг зæрдиагæй кæй мысы, уый. 

Цуанæттæ сæ бæхтæ барæвдз кодтой, цы сæ хъуыд, æппæт уыдæттæ айстой семæ æмæ фæцæуæг сты. 

Ацы хатт сæ цуаны амонд нæ фæцис. Ахызтысты цалдæр хохы сæрты, басгæрстой цалдæр сырдджын хъæды, фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Уæд ныхъхъуыды кодтой. Фæстæмæ сын афтидкъухæй здæхæн нæй, кæд сæ паддзах фыдлæг нæу, уæддæр ахæм хъуыддаг нæ ныббыхсдзæн. Уæд сфæнд кодтой сæхи паддзахы арæнтæй ахизын. «Цы уа, уый уæд», – загътой сæхицæн æмæ араст сты, бæрзонд хохы фале цы стыр хъæд ис, уырдæм. Æниу хорз зыдтой, ам сын æдас кæй нæу. Хъæдæн уыдис тынг бирæ хъахъхъæнджытæ, сæ къухмæ куы бахаудаиккой, уæд сын мæлæты тæрхонæй ирвæзæн нæ уыдис. 

Ам дæр бирæ фæрахау-бахау кодтой, фæлæ хъæддаг хуы нæ – тæрхъусыл дæр нæ сæмбæлдысты. Ныр сæ хæлц дæр фæцис, æмæ райдыдтой тыхсын. Иу ран иу æрдузы рæбын суадоны цурмæ сæхи байстой, сæхи сатæг донæй хорз федтой, стæй сæ нымæттыл сæхи æруагътой, чысыл афынæй кæнæм, зæгъгæ. Уалынмæ кæсынц, æмæ æрдузмæ иу сычъийы лæппын йæхи æрбахаста, фæйнæрдæм акаст, федта цуанæтты. Цæуылдæр ныхъхъуыды кодта, фæстæмæ фæкаст, стæй йæ мидбынаты фесхъиудта æмæ йæхи размæ ахста – йæ фæдыл хъæды дзыхæй фатау йæхи рауагъта иу цъæх бирæгъ. Ныр æм фæлæбура, афтæ цуанæттæ сæ фæттæм фæлæбурдтой æмæ бирæгъы æмæхст фæкодтой. Бирæгъ фæуæлгоммæ, судзаггаг ниуд ныккодта, фæлæ та уайтагъд йæ къæхтыл алæууыд. Ногæй та йыл сæ фæттæ суагътой, бирæгъ та зæххыл фæуæлгоммæ. Афтæ æртыккаг хатт дæр, стæй уæд ныссым. Цуанæттæ йæм кæсынц, æппынфæстаг сæ иу афтæ зæгъы: 

– Цæй, афтæ бакæнæм, æмæ бирæгъы игæртæ сисæм, паддзахæн сæ хуыйы игæрты бæсты бахæрын кæнæм, уый сæ уæддæр нæ базондзæн, мах та мæлæтæй фервæздзыстæм. 

Се 'ппæт дæр уыцы фæндыл сразы сты. Дыууæйæ бирæгъы суадоны цурмæ сдавынмæ куыд ауадысты, афтæ кæсынц, æмæ уæртæ бирæгъ фæгæпп кодта æмæ хъæды дзыхы æрбайсæфт. Цуангæнджытæ – сæ дзыхтæ хæлиуæй – бирæгъы фæстæ кæсгæйæ бæзадысты. 

Цуанон лæг та диссæгтæ куыд нæ фены, фæлæ дзы ахæм диссагыл никуыма ничи сæмбæлд. Уал фаты цы бирæгъы нынныхст, уый ма йæ бынатæй сыстынхъом бауа, уый æнахуыр диссагæн дзуринаг у. 

Уæд, се 'хсæн æппæты æрыгондæр лæппу чи уыд, уый размæ рахызт æмæ афтæ зæгъы, бавдæлæм, дам, æмæ йæ тугвæдыл ацæуæм, уый дард нал фæцæудзæнис. Бафтыдысты тугвæдыл, фæлæ уыдон куыд хъуыды кодтой, хъуыддаг афтæ нæ рауадис. Тугвæд сæ акодта тынг дард, ноджы ныффæлладысты, ныддонзоныг сты æмæ сæ бон бæхтыл бадын дæр нал уыдис. 

Иу афон бирæгъы фæд иу стыр хохрæбын æрæнцад. Кæсынц, агурынц, уæдæ цы фæуыдаид дарддæр, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Фесæфт фæд. Уæд та æвзонг лæппу кæсы, æмæ мæнæ къæдзæхы хуынкъыл дур фæлдæхт. 

Лæппу зæгъы: 

– Ай хуымæтæджы хуынкъ нæ уыдзæнис, бавдæлæм æмæ дурыл иуварс ахæцæм, мидæмæ дзы бабырæн куыд уа, афтæ. Уæд цалдæр лæгæй дурыл схæцыдысты, фæлæ йæ æнкъуысын дæр нæ фæкодтой. Уæд æм се ‘ппæт дæр февнæлдтой, фæлæ та сын ацы хатт дæр змæлын дæр нæ бакуымдта. Бирæгъ та уыцы хуынчъы кæй фæмидæг, ууыл дызæрдыг кæнæн нæ уыд: дуры уæлæ туджы æртæхтæ баззад. 

Уæд сæ чидæр хуынкъæй мидæмæ бакаст æмæ дзуры: 

– Æнахуыр диссаг, уынын нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, кæлы дзы хуры рухсы хуызæн, нæлгоймаг дæр æмæ сылгоймаг дæр кæуынц. 

– Уæд хуынчъы алыварс æртымбыл сты æмæ хъусынц. Иу афон кæуын нал райхъуыст, стæй айхъуыстой сылгоймаджы хъæлæс: 

– Цыдæр фыдбылызæн ацы хатт цырддзаст нал уыдтæн, тынг мæ фæндыд дæуæн сычъийы игæртæй физонæг бахæрын кæнын. Æрдузмæ куы баирвæзтæн, уæд æз фæтарстæн, куы мын аирвæза, уымæй, æмæ мæ цæст нæ ахастон, налдæр ме 'мбудæнтæ скуыстой. Цалдæрæй мæ фехстой, æмæ дзы иу фат сæмбæлд мæ галиу дæларм, æз фæуæлгоммæ дæн, фæлæ та уайтагъд мæ къæхтыл алæууыдтæн, зæгъын, мæ фат фелвасон, фæлæ та мæ æмæхст æрбакодтой. Уыдонæй дæр та иу мæ галиу дæлармы баныхст, æз та зæххыл атылдтæн, æмæ, мæ буары цы бирæ фæттæ сагъд уыд, уыдон сцъæлтæ сты. Æртыккаг хатт куы афæлвæрдтон мæ буары фæттæ сæлвасын, афтæ та мæ æртыккаг хатт дæр æрбахстой. Ацы хатт мæ фат æгæр арф бахызт, æмæ уайтагъд мæ ныфс асаст, фæлæ æвиппайды дæ хуыз мæ разы февзæрд, мæ тыхтæ фæфылдæр сты, иу фат сæлвæстон æнæзмæлгæйæ, сластон дыккаг дæр. Æртыккаг куыд сцæйластон, афтæ фæкастæн, æмæ мæм мæ марджытæ дыууæйæ æрбацæйхæстæг кодтой. Æз фат фæуагътон æмæ мæхи хъæдмæ рахстон. Хъуыдис ма мæ æртыккаг фат сисын, æртæ хатты мæ хъæдгом æвзагæй астæрын, æмæ мын уæд сæ бон ницыуал бауыдаид, фæлæ мын ферæджы. Чысыл ма куы афæстиат уыдаин, уæд мæ æрцахстаиккой. Бастыгътаиккой мын мæ царм, мæ фыд мын сæ егæрттæн бахæрын кодтаиккой, ды та мын ам æхгæддуарæй бæзадаис, æмæ мын уæд куыд уыдаис?.. Ныр дæ курын иу хорз. Мæ фарстæн мын раст дзуапп ратт. Мæ фæстаг сахат кæй æрлæууыд, ууыл ма хъуыды кæн, афтæмæй мын æргом зæгъ, амондджын уыдтæ мемæ æви æнамонд? Райхъуыст нæлгоймаджы хъæлæс: 

– О мæ рухс зæды бардуаг! Æппæт цинты бардуаг! Æз мæ бон дæр дæу куы хонын æмæ ме 'хсæв дæр. Дæ цæсгомæй дарддæр æз æппындæр куы ницы уынын, дæ хъæлæсæй дарддæр куы никæй хъæлæс хъусын, дæ улæфтæй куы улæфын, дæ цæрайæ куы цæрын, æппæтдæр мын ды куы дæ а зæххыл, уæд мын ды та цытæ дзурыс! Кæд дæуæн цæргæйæ нал у, уæд ма мæнæн дæр а зæххыл цы бæзадис? 

– Нæ! Ды мын мæ фарстæн æргом дзуапп нæ радтай. Зæгъ мын, амондджын уыдтæ мемæ æви æнамонд? 

– О мæ дунейы рухс, зæххыл ма уымæй фылдæр æндæр амонд ис, уымæн æз ницы зонын, фæлæ æз мæ риуы цы æгæрон тых æмæ цин æнкъарын, уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Уыцы цин æмæ уыцы тых та æрмæстдæр ды дæ, æрмæстдæр ды! Æмæ мын ныр ды куы нæуал уай, уæд мын нал уыдзæн цин, уæд мын нал уыдзæнис тых, æмæ ма мын баззайдзæнис æрмæстдæр иунæг хос, дæ галиу дæлармы бын цы фат æрхастай, уый бахиздзæнис мæ галиу дæлармы бын дæр. 

Чызг ын йæ арм авæрдта йæ былтыл. 

– Æгъгъæд! Мæ мæлæт мын ма тагъддæр кæн дæ ныхæстæй. Курын дæ, ратт мын дзырд, куыд ацæудзынæ адæммæ, уый тыххæй. Ныр æрхæццæ кæны мæ фæстаг сахат. Никуы дын радзырдтон мæ сусæгдзинад, æнхъæлдтон, æппæтдæр хорз уыдзæн æмæ дын уæд алцыдæр раргом кæндзынæн. Æз дæн уæларвон Уациллайы4 чызг. Æрмæстдæр ма æртæ къуырийы хъуыдис, цæмæй мæ кæлæнæй ссæрибар уыдаин, ацыдаиккам адæммæ, ссардтаиккам дæхиуæтты æмæ амондджын уыдаиккам. Уымæн ныр гæнæн нал ис. Ныббар... 

Мæ фыд зæххон адæмимæ баст уыд æмæ арæх цыдис се 'хсæнмæ. Уæд уыцы рæстæджы йæ ус та Бахъ-Бахъ гуымиры уæйыгимæ æрвыста йæ рæстæг. Уымæн – хæринаджы дзæбæхдæртæ, мæн æмæ мæ фыдæн та – йæ уæлдæйттæ. Æз æппæтдæр зыдтон æмæ тынг мæсты кодтон. Иу хатт сæ фæдыл ахъуызыдтæн æмæ сын сæ сусæг бынат базыдтон. Мæ фыд йæ балцæй куы 'рцыд, уæд ын радзырдтон æппæт дæр. Мæ фыды мæ ныхæстæ нæ бауырныдтой, æмæ сæ йæхæдæг райдыдта хъахъхъæнын. Иу ахæмы сæ кæрæдзийыл цинтæгæнгæ куы баййафид. Уæд ус базыдта, æз æй кæй сардыдтон, æмæ мæ ралгъыста, фынддæс азы æмгъуыдмæ хъæды цъæх бирæгъ фест, адæммæ дын фæндаг куыд нæ уа, зæгъгæ. 

Уæд мæ фыд загъта: 

– Фынддæс азы æмгъуыдмæ сау хъæды сау галуан-лæгæты дæ цæрæн уæд, галуаны мидæг чызг куыд уай, галуаны æдде та – цъæх бирæгъ.Тыхгæнæг дын тых макуы ракæнæд. 

Уæд та ус загъта: 

– Дæ мæлæт дæ галиу дæлармы бынæй фæуæд æртæ цæфæн. Уæд мæ фыд загъта: 

– Дæ галиу дæлармы бын хъахъхъæн, фæлæ йæм искуы исты куы баххæсса, уæд йæ сисын дæ бон бауæд, æртæ хатты та йæ æвзагæй астæр, æмæ дын уæд мæлæт нæ уыдзæн. 

Уæд та ус загъта: 

– Нæлгоймаг циу, уый макуы базон. Уæд та мæ фыд загъта: 

– Стыр хъæды рæбын Стыр хъæуæй мæгуыр лæджы лæппу тар хъæды радзæгъæл. Уæддæр сырдты холы кæндзæнис æмæ дæ хай фæуæд. 

Лæгæты æдде дæ бирæгъы тых уæд, лæгæтæн мидæгæй та – сылгоймаджы. Цалынмæ дæ кæлæнтæй фервæзай, уæдмæ мæгуыр лæджы фыртæн дæ цæсгомы рухс йеддæмæ боны рухс макуы фенын кæн, науæд дæу нал уыдзæнис. 

Мæ фыды ус ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йын мæ фыд уый бар нал радта, йæ нымæтын ехсæй йæ æрцавта, æмæ сау халон фестад. 

Мæ фыды ус ма иу уысммæ йæ тыхы уыд, йæ базыртæ сцагъта мæ фыдыл, æмæ уый та уари фестад, афтæмæй сæ кæрæдзи тонгæ арвы тыгъдады айсæфтысты. 

Лæппу чызджы раз æрхауд йæ зонгуытыл, йæ хъæбысы æрбатыхта чызджы уæрджытæ æмæ хæкъуырццæй куыдта. 

Чызг æм дзуры: 

– Кæугæйæ дын нал у, уæлæмæ сыст æмæ мæм лæмбынæг æрбайхъус. Дæумæ нырма ис зæххон лæджы тых, мæ былтæм мын æрхæсс дæ галиу дæларм, æз дзы мæ комы тæф бауадзон. Уæд дын тыхгæнæг тых нал ракæндзæнис. Æрмæст зон, цæстыгагуыйау æй хъахъхъæн, дæуæн дæр дæ мæлæт æрмæстдæр уырдыгæй уыдзæнис. 

Лæппу чызджы сæр йæ хъæбысы бакодта æмæ йын афтæмæй йæ былтæм æрхаста йæ галиу дæларм. 

Чызг улæфы лæппуйы дæлармы, улæфы æнахуыр тæвд улæфтæй, æмæ лæппуйы буар ссудзы, афтæ ссудзы, æмæ æнæхъæнæй дæр зынг фесты. Фæстагмæ лæппуйы буар æнæхъæнæй дæр зынгау фæздæг калын райдыдта, чызджы улæфт та – уазал кæнын æмæ, æппынфæстаг, бынтондæр æруазал. Чызджы сæр æдыхæй лæппуйы цæнгтыл æрхаудта. Уæд лæппу йæ сæры хъуынтæм фæлæбурдта æмæ дзы йæ армы цы цыдис, уый йæ сызгъæрин коцорайæ рарæдывта, нырдиаг кодта. 

Иу ахæмы йæм æддейæ цавæрдæр уынæр æрбайхъуыст. Уый паддзахы цуангæнджытæ, утæппæт диссæгтæм кæсгæйæ, смидхъуырдухæн сты, сæ иутæ дзырдтой, лидзæм, зæгъгæ, аннæты фæндыд, дарддæр цы уыдзæнис, уый бæонын, æмæ сæ хъæлæба мидæмæ дæр байхъуыст. Лæппу уайтагъд фæхатыдта, уый, чызджы чи фехста, уыдон кæй сты æмæ йæ фæдыл кæй рацыдысты. Лæппу иу гæппæн лæгæтмæ æрбахизæны цур февзæрд. Цалдæр лæгæй æнкъуысын дæр цы дур нæ фæкодтой, уый йæ къахæй сцавта, æмæ сау фæныкæй æркалд. Лæппу лæгæты æдде куыд фæцис, афтæ йын цыма йæ цæстыты исчи фæттæ фæцавта, – ницыуал сæ ауыдта. Дыууæ къухæй фæлæбурдта йæ цæстытæм, йæ фыр рыстæй зæххыл йæхи фæкодта, æмæ зæхх лæджы 'мбæрц бынмæ ацыд. Лæппуйы цæстытæ ахæм рыст кодтой, æмæ арсау богътæ кодта, стæй, цы 'рцыд, уымæн ницыуал базыдта. 

Цуанæттæ афтæ фенхъæлдтой, амардис, зæгъгæ, æмæ йæ алыварс амбырд сты. Бирæ йæм фæкастысты, æмæ, æппынфæстаг æцæгæй куы баууæндыдысты, мард у, ууыл, уæд æм сæ иу февнæлдта. Уыцы уысм лæппу йæхимæ æрцыд, йæ мидбынаты рабадт, йæ цæстытæ байгом кодта, æмæ сæ сау тар бады, йæ алыварс æппындæр ницы уыны. Уымæй ноджы фæсонтау, фæгæпп кодта, паддзахы цуанæттыл йæхи ныццавта, райдыдта семæ хæцын æмæ сæ къубалскъуыдтæ фæкодта. Цалдæрæй ма лидзæг фесты, фæлæ уыдоны дæр сæ къахуынæрæй базыдта, кæд уынгæ нæ кодта, уæддæр йе смудæнтæ афтæ куыстой, æмæ-иу сæ сæ хиды тæфæй ссардта. Фæстагмæ йæ алыварс æппæтдæр куы 'рсабыр, уæд баздæхт фæстæмæ лæгæтмæ. Ам ын цæуын æнцондæр уыд, алцыдæр ын дзы зындгонд уыдис æмæ дзы æдыхстæй змæлыд. Ссардта чызджы. Бахаста йæ, фынæй кæм кодтой, уыцы ранмæ æмæ йæхæдæг йæ разы æрбадт. Æртæ боны æмæ æртæ 'хсæвы чызджы цурæй нæ сыстад, йæ цæст цъынд не 'ркодта. Цыппæрæм бон ыл йæ хуыссæг фæтых, йæ сæр чызджы риуыл æрæвæрдта æмæ тарф фынæй бацис. 

Паддзахæн йæ цуангæнджытæ куы нæ æмæ куы нæ здæхтысты, уæд дын сæ фæдыл сæдæ барæджы агурджытæ куы арвитид. Бирæ сæ фæцагуырдтой, фæлæ уыдон цыма раст зæххы скъуыды аирвæзтысты, сæ кой-сæ хъæр фесæфт. Фæстагмæ адон дæр сæхи паддзахадæй ахызтысты æмæ, Стыр хохы фале цы Стыр Хъæд ис, уырдæм бафтыдысты. Ам дæр бирæ фæрахау-бахау кодтой, стæй фæстæмæ раздæхын куы сфæнд кодтой, уæд уыдон дæр уыцы æрдузмæ куы 'рбахауиккой. Суадоны цурмæ ссыдысты æмæ сæ фæллад уадзынц. Уæд сæ иу фæкаст, æмæ мæнæ зонгæ фаты саст. Æвæццæгæн, ам кæмдæр æввахс сты æмæ сæ тагъд ардæм хъæуы, зæгъгæ, дарддæр сæ фæллад уадзынц. 

Иу рæстæджы сæ цуанон куыдз бирæгъы туджы фæдтæ ссардта æмæ сыл райдыдта рæйын. Цæуыл рæйы, зæгъгæ, куы бабæрæг кодтой, уæд федтой тугвæд. Ныр дызæрдыг нал кодтой, æнæмæнг ам æввахс кæй сты, ууыл æмæ бафтыдысты бирæгъы тугвæдыл. Цас фæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ иу афон Стыр къæдзæхы рæбын лæгæтмæ бахæццæ сты. Сæ цæст алырдæм хæссынц æмæ дисы æфтынц: ай цавæр бынат у, ахæм ранмæ куы никуыма æрбафтыдыстæм! Ноджы кæсынц, æмæ алырдыгæй адæймаджы стджыты пырхæнтæ. 

Сæ сæртæ ныттылдтой, ныккатай кодтой, уæд сæ хистæр размæ рахызт æмæ афтæ зæгъы: 

– Æвæстиатæй лидзæм ацы æнæхайыры ранæй, æвæццæгæн, уæртæ уыцы лæгæт цавæрдæр сырдты æхсæвиуатгæнæн у. 

Уæд иу лæппу размæ ралæууыд æмæ дзуры сæ хистæрмæ: 

– Уæ бар уæхи, фæлæ æз демæ разы нæ дæн. Сымах аздæхут, фæлæ æз хъуамæ кæронмæ базонон, паддзахы цуангæнджытыл цы фыд æрцыд, уый. 

– Ард дæ хæдзары бацæуа, – дзуры йæм се 'мбал, – чидæр, дам, арсæн йæхи уыдта, афтæмæй ма йын йæ фæд агуырдта. 

– Æдыхст ут, исты мыл куы 'рцæуа, уæд сымах уый тыххæй дзуапдæттæг никæй раз уыдзыстут. Зæгъдзыстут паддзахæн, æз мæхи фæнд атардтон, зæгъгæ. 

Уæд сæ хистæр йæ цæст ахаста иннæтыл æмæ афтæ зæгъы: 

– Уынут? Уынут, цы йæ 'рфæндыд? Паддзахы раз мах хъуамæ æрæвæра тæппуды бынаты, йæхицæй та хъæбатыр сараза! Ха-ха-ха! – айзæлыдис йе 'нæуынон худт, стæй æнæуынон каст бакодта лæппумæ. Æвæццæгæн дæ паддзахы æгомыг чызг æрхъуыд, дæхи æндæр цæмæй равдисай, уый дæм ницы ис, æмæ хорз амал ссардтай. А, фæлæ дын мах уый бар нæ ратдзыстæм. Хъусут! – дзуры йе 'мбæлттæм, – райсут ын йæ бæх, рафтаут ын йæ фарсæй кард, стæй йæ фат æмæ йе 'рдын дæр, стæй уадз æмæ æхсынæд уæртæ уыцы стджытæ! 

Сæ хистæр сын куыд загъта, афтæ бакодтой: байстой йын, цыдæриддæр æм уыд – хæрынкъайы онг æмæ йæ уым ронбæгъдæй5 ныууагътой. Иу хордзены6 цуанæтты пысулты бызгъуыртæ æрбамбырд кодтой æмæ сæ лæппуйы бæхыл бабастой, фæстæмæ дæр нал фæкастысты, афтæмæй хъæды фæаууон сты. 

Здæхынц паддзахы адæм фæстæмæ æмæ хъуыды кæнынц, цы зæгъой, ууыл. Иу ран æрбадтысты æмæ тæрхон кæнынц. Ома, дам, лæгæтмæ бахизын кæй нæ бауæндыдысты, ууыл нæ басæтдзысты, фæлæ зæгъдзысты афтæ, зæгъгæ, бирæ сæ куы фæцагуырдтам, уæд иу афон бахаудтам æнахуыр тар хъæдмæ. Тар хъæды астæу стыр æрдузы цуангæнджытыл æртымбыл бирæгъты бал. Бирæгъты сухты цагъд ныккодтам7, фæлæ цуангæнджытæй иу дæр удæгасæй нал аирвæзт. Хъыгагæн, нæхиуæттæй дæр иу сæ амæттаг баци, равдисдзыстæм ын йæ хæцæнгæрзтæ, йæ бæх, афтæ иннæтæн дæр сæ пысулты бызгъуыртæ. Се 'ппæт дæр разыйæ баззадысты се 'рхъуыдыйæ. 

Куыд бадзырдтой, афтæ бакодтой. Паддзахы ма цы 'ууæндын хъуыд. 

Бæргæ йын зын уыдис уал лæджы фесафын, уæлдайдæр та уыцы бæзæрхыг æвзонг лæппу – йæ кæрты райгуырд, йæ кæрты байрæзт, йæ фидыц æмæ йæ хъаруйæ бæрæг дардта паддзахы утæппæт адæмы астæу. Паддзах æй бирæ уарзта. Йæхицæн зæнæг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ ацы лæппумæ уæлдай хъармдæр зæрдæ дардта, кæд æй зонын никуы никæмæн бакодта, уæддæр. 

Лæппу бирæ фæбадт, бирæ фæхъуыды кодта, адæм афтæ æгъатыр цæмæн сты, ууыл, фæлæ йæ бон æрхъуыды кæнын ницы бацис. Сыстад, йæ алыварс акаст, бакаст цуанæтты урс-урсид стджытæм, æмæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта. Уæд Хуыцаумæ скуывта: 

– Хуыцау, ма мæ фесаф. Кæд зæххыл хæрам æмæ фыдæх ис, уæддæр æз зонын, ис дзы æгæрон хорз дæр. Ратт мын ныфс æмæ тых мæ мæгуыр къæсыл сæмбæлынæн. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй абонмæ ацы бынæтты хæтын, фæлæ ам ахæм лæгæтыл никуы сæмбæлдтæн. Ныр кæм сæмбæлдтæн, уым мын æй æнæ басгаргæ нæй, – йæхæдæг талынг лæгæты мидæгæй фæцис. 

Лæгæт мады гуыбынау уыдис талынг, лæппу æппындæр ницы æвзæрста. Иу бонцау8 дзы фæцыдис, фæлæ дзы мыстыл дæр нæ фæлæууыд. Дисы æфты лæппу, фæлæ йæ ныфс нæ сæтты, уæддæр размæ цæуы. Уалынмæ йæ акомкоммæ цавæрдæр мынæг рухс ферттывта. Лæппу йæ мидбынаты иу уысм фæлæууыд, уый фæстæ ногæй йæ цыд фæтагъддæр кодта. Ныр æм лæгæты къултæ дзæбæхдæр райдыдтой зынын. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ, лæппу æмæ мард чызг кæм уыдысты, уыцы уатмæ. Кæсы æдзынæг æмæ йæхиуыл не 'ууæнды, фын уынын æви хъал дæн, зæгъгæ. Акæсы фæстæмæ дæр – фæсте æмыр тар, разилы лæппу чызджы 'рдæм – уым бонау рухс, зыны дзы æнахуыр ныв: тæрхæгыл хуыссы æрдхæрæны рæсугъд чызг, йæ цæсгомæй мæйтæ æмæ хуртæ кæсынц, йæ цæсгомы рухсæй уаты у бонау рухс. Чызджы риуыл ныддæлгом сызгъæринкоцораджын9 лæппу, æмæ сæ иу дæр не змæлы. Лæппу уæддæр не 'ууæнды йæхиуыл. Фынæй дæр куы нæ дæн, зæгъгæ, йæ сæр лæгæты къулыл фæцæф кодта. Сæры туг акалд, йæ пырхæндæгæй лæппуйы цæсгомыл дæр бакалд. Уый йæ фынæйæ фехъал, йæ къæхтыл алæууыд, банкъардта æцæгæлон адæймаджы тæф. Уынгæ ницы кæны, фæлæ хаты, йæ уæлхъус чидæр кæй лæууы, уый. 

Ныр та æрбацæуæг лæппу ныхъхъус, тасы æнкъарæнтæ нæ хаты, фæлæ цы кæна, уымæн дæр ницы зоны. 

Сызгъæринкоцораджын æм дзуры: 

– Æз æнхъæлдтон, иу дæр уæ нал аирвæзт, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыдтæн. Ныр афтæ фæуæд, мæн дæу марын нал фæнды. Æрмæст дæ курын иу хъуыддаг. Ратт мын дзырд Хуыцауы раз, куыд æй сæххæст кæндзынæ, ууыл. 

Уæд æм лæппу æввахсдæр балæууыд æмæ зæгъы: 

– Ард дын хæрын Стыр Хуыцауы раз, цыдæриддæр мæ домай, уый дын сараздзынæн. 

– Уæдæ мын зæгъ, цыргъагæй дæм цы ис? 

– Ницы. 

– Æхсæнгарзæй та? 

– Ницы. 

– Сайыс! – фæбогъ кодта сызгъæринкоцораджын. 

– Ард хæрын Хуыцауы раз, куыд мæм мæ дыууæ цонгæй дарддæр хæцæнгарзæй æппындæр ницы ис. 

– Уæдæ дæ цы 'рхаста афтидармæй ахæм æлгъыст ранмæ? 

– Уый дардыл дзуринаг у, фæлтау уал мын зæгъ, цы мæ домыс, уый. 

– Уæдæ хъус. Исты уыныс? 

– Уынын. 

– Ам кæмдæр ахаудта иу фат. Мæнæ ацы чызджы цы фат амардта, уый. Мæ бон æй ссарын нал бацис. Хъæугæ та мæ тынг зæрдиагæй кæны. Ды йæ хъуамæ æнæмæнг ссарай æмæ мын æй бафтауай мæ къухы. 

– Хорз. Æз æй бацагурдзынæн, фæлæ дæ хъæугæ цæмæн кæны? 

– Хъæуы, æнæмæнг хъæуы, фæлæ цæмæн, уый дын фæстæдæр зæгъдзынæн. 

Лæппу æнæхъæн лæгæт фесгæрста, æмæ æппынфæстаг æрбахизæны цур разынд иу фат. Лæппу йæ йæ къухмæ систа, æмæ йæ уæнгтæ ауазал сты, фат йæ къухæй æрхауд. Цы зонын ма йын хъуыд, паддзахы цуанæтты фат кæй уыдис, уый. Бамбæрста, чызгыл цы бæллæх æрцыд æмæ кæй къухæй фæмард, уый. Бамбæрста, цуангæнджыты та сырдтæ нæ, фæлæ ацы лæппу кæй ныццагъта, уый дæр æмæ ныхъхъуыды кодта, баздæха ма лæгæтмæ фатимæ æви нæ, ууыл. О, фæлæ ахæм зын уавæры лæппуйы иунæгæй ныууадз, уый дæр æм сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæ фæкаст æмæ фæстæмæ баздæхт лæгæты арфмæ. Баздæхт æмæ дзуры лæппумæ: 

– Мæ бон ссарын ницы бацис. 

Уæд коцораджын лæппу лæгæты къулыл райдыдта йæ сæр цæвын, æмæ туг фæйнæрдæм цыхцырджытæй ныллæууыд. Лæппу архайдта йæ æрсабыр кæныныл, фæлæ йын йæ бон ницы бацис. Уæд æм дзуры: 

– Дæ Хуыцауы хатыр бакæн, чысыл дæхиуыл фæхæц. Æз ма йæм иу хатт ацæудзынæн агурынмæ. 

Лæппу ацыдис æмæ фатимæ фæстæмæ æрбаздæхт. Дзуры йæм: 

– Фат æрбахастон, фæлæ мын уæддæр нæ загътай, цæмæн дæ хъæуы, уый. 

– Ард мын бахордтай Хуыцауы раз, ныр дæ ардбахæрд хъуамæ сæххæст кæнай. Мæхицæн мæ хъару асаст, мæ бон йæ саразын нал бауыдзæн. Мæнæн мæ мæлæт æрмæстдæр мæ галиу дæлармæй у. Ныссадз мын уыцы фат мæ дæлармы, тынг арф дзы куыд бахиза, афтæ, стæй мæ ныууадз. Дæхæдæг аздæх, кæцæй æрцыдтæ, уырдæм. 

Лæппу ацы ныхæстæм сагъдауæй аззад. Стæй Хуыцаумæ скуывта: 

– Хуыцау, ныббар мын мæ ардбахæрд, фæлæ ахæм хъуыддаг саразын мæ бон нæ бауыдзæн, уый тæригъæд хъуыддаг у. 

Ныр та лæппумæ дзуры: 

– Æмбарын дын дæ рыст. О, фæлæ дæ лæмæгъдзинад нæлгоймагæн сæрмæхæссинаг нæу. Ды хъуамæ ахæм æбуалгъ фæндыл дæ къух сисай. Мæнæ дын мæ рахиз цонг, кæмдæриддæр дæ бахъæуа, уым дæ фарсмæ уыдзæнис, æрмæст аппар уыцы фæнд, курын дæ! 

– Кæд дæ сæрыл худ хæссыс æмæ дæхи лæг хоныс, уæд дæ дзырдæн хицау разын. Курын дæ, мауал мæ хъизæмарæй мар! 

Уый ма ацархайдта цыдæр зæгъыныл, фæлæ йæ бон нал бацис, чызджы фарсмæ зæххыл æдыхæй æрхауд. 

Лæппу фæлæбурдта сызгъæринкоцораджынмæ, асгæрста йын йæ тугдадзинты цавд – зæрдæ куыста. Бакаст чызджы 'рдæм, стæй та æркаст лæппумæ. 

Цы чындæуа, мардæн дæр афтæ уадзæн нæй, фæлæ ууыл архайынæн рæстæг хъæуы. Фелвæста лæппуйы, йе 'ккой йæ бакодта æмæ ратындзыдта лæгæтæй. Иу дзæвгар куы рауад, уæд йæ фæндагмæ чызджы цæсгомы рухс нал æххæст æмæ йын цæуын фæзындæр, къæхтæ бæрзонд исгæйæ, цыд уæддæр. Лæппу кæд æдых нæ уыд, уæддæр тынг зынæй хаста сызгъæринкоцораджыны. Иу афон арвы рухс фæзынд, æмæ лæппу ныццин кодта, ныр кæд аирвæзиккам, зæгъгæ. Æппынфæстаг сатæг уæлдæфмæ куы раирвæзтысты, уæд лæппуйы йе 'ккойæ æриста, бирæ йыл фæцархайдта, фæлæ уый йе 'муд не 'рцыд. Сæккой та йæ кодта æмæ та йæ райдыдта хæссын. Иу ран иу суадоны цурмæ бафтыд. Уым æй æрæвæрдта, суадонæй йын йæ къухтæ, йæ рустæ æмæ йæ къæбут æрæхсадта. Ауагъта йын дзы куыддæртæй йæ хъæлæсы дæр, æмæ лæппу цадæггай йæ цæстытæ байгом кодта. Гом сæ бæргæ скодта, фæлæ сæ йæ бон равзарын ницы бацис. Лæппу куы федта, сызгъæринкоцораджын йæ цæстытæй ракаст, уый, уæд æй фыр цинæй йæ риумæ нылвæста, йæ уадултыл йæ цины цæссыгтæ æрфæд кодтой. Сызгъæринкоцораджын лæппу йæм дзуры: 

– Уынгæ дæ нæ кæнын. Цыдæр фыд сæмбæлд мæ цæстытыл, фæлæ мæ зæрдæ хаты, хорз адæймаг кæй дæ, уый, æмæ ма дæ уымæ гæсгæ иу хатт курын: ракæ мын хорз, фервæзын мæ кæн мæ хъизæмарæй. 

Уæд лæппу сызгъæринкоцораджыны раз дзуццæг æрбадт, йæ дыууæ уæззау армы лæппуйы дыууæ фæтæн уæхскыл фæлмæн æруагъта, стæй сæ æрæлхъывта, ныккаст ын йæ ницыдзурæг цæстытæм æмæ йæм дзуры: 

– А зæххыл хъæды халонау иунæг дæн, никæмæндæр мæ хъыг зæгъдзынæн, никæмæндæр – мæ цин. Ныр табу Стыр Хуыцауæн, дæу мын æрхаста мæ фæндагмæ, уыдзынæ мын æфсымæр, æмæ дын æз дæр кæд бабæззин æфсымæрæн. Уæдæ дæ курын: ма мæ фенæхай кæн дæхицæй. Сис уыцы æнамонд фæнд дæ сæрæй. Бауарзæд мын дæ цæст уыцы хорз. 

Æлхъывта йын йæ уæхсчытæ тынгæй тынгдæр. Стæй йын радзырдта, цы хуызы йæ ссардта, чи у, кæцæй у, æппæт уыдæттæ. Сызгъæринкоцораджын лæппуйы риуы цыдæр хъарм уылæнтæ базмæлын кодта æнæзонгæ лæппуйы хъæлæсы уаг, стæй йын йæ зæрдæ кæй байгом кодта, уый дæр, æмæ уæд уый дæр куы радзурид æппæт дæр, æмæ дзургæ куыд кодта, афтæ йæ цæссыгтæ дæр йе ‘нæдаст рустыл ихуарæгау згъæлдысты. Дзырд куы фæцис, уæд йæ хъуырæй систа, Уациллайы чызг ын цы сызгъæрин хъуырдарæн балæвар кодта, уый æмæ йæ лæппуйы хъуырыл æркодта. Уый йын уæд афтæ зæгъы: 

– Мæнмæ балæвар кæнинаг ницы ис, фæлæ дын мæнæ мæ зæрдæ, мæнæ дын мæ дыууæ цонджы, – йæхæдæг лæппуйы ставд бæрзæйыл ныттыхст, уый дæр æй ныхъхъæбыс кодта, æмæ афтæмæй бирæ рæстæг фæлæууыдысты. Уæд арт скодта паддзахы фæсдзæуин, уайтагъд фатæй цалдæр хъæддаг карчы æрбамардта, афизонæг сæ кодта. Хорз куы базылди сызгъæринкоцораджынмæ, уæд йæхæдæг дæр цыдæртæ систа йæ дзыхмæ æмæ цъæх нæууыл фæрсæй-фæрстæм æрфынæй сты. Æхсæв сыл уым сбон кодта. Райсом куыддæр бон æрбацъæх, афтæ фæгæпп кодтой, ныр сæ дыууæйы риуы дæр тæлфыди иу фæнд, фæлæ сæ иу дæр ницы дзуры, – куырм лæппуйæн иунæгæй йæ саразын йæ бон нæ уыд, йе' мбалæй та æфсæрмы кодта, уыйбæрц æй йе 'ккойы фæхаста æмæ та йæ ногæй фыдæбоны баппар... Паддзахы фæсдзæуин та хъуыды кæны – ам æй иунæгæй ныууадзин, æмæ исчердæм куы адзæгъæл уа, мемæ йæ акæнин, æмæ та, чызджы фенгæйæ, куы фæсонт уа. Цæй, цы уа, уый уæд, æндæр гæнæн нæй, зæгъгæ, скарста æмæ дзуры лæппумæ: 

– Ме 'рдхорд æфсымæр, ды мæм хъуамæ ам банхъæлмæ кæсай, æз дæм тагъд зындзынæн. 

– Æмæ уæд ды та кæдæм цæуыс? 

– Иу чысыл нæ фæндагмæ исты æрцæттæ кæнон, нæ фæндаг даргъ у, хæрын та æнæмæнг хъуыддаг у. Чи зоны, иу хъæддаг хуы дæр æрмарон. 

– Хорз, æз дæм банхъæлмæ кæсдзынæн, – сразы лæппу, фæлæ йæ риуы цы фæнд тæлфыд, уый йын æнцой нæ лæвæрдта, уæддæр ницы загъта йе 'мбалæн. 

Паддзахы фæсдзæуин куыддæр хъæды бахызт, афтæ йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ, бон арвы астæу уыд, афтæ чызджы лæгæтмæ бахæццæ. Мардæн æгъдау цы 'мбæлы, уый сарæзта æмæ раздæхт фæстæмæ. Ныр цæугæ нал кодта, фæлæ згъоргæ, æмæ хур нæма аныгуылд, афтæ æрхæццæ, йе 'фсымæры кæм ныууагъта, уырдæм. 

Лæппуйы нымæтыл фынæйгæнгæ куы 'рæййæфта, уæд ныццин кодта. Уый дæр æй йæ къæхты уынæрæй базыдта æмæ фехъал. Кæрæдзийыл ныццин кодтой, стæй йæ лæппу фæрсы: 

– Куыд у дæ цуан? Исты æрхастай? 

– Тæрхъусæй дарддæр ницæуыл фембæлдтæн æмæ йæ мæ цæст марын нæ бакуымдта. 

Æхсæвы та бафынæй кодтой, уæдæ цы. Райсом куы 'рбабон, уæд хъуамæ сæ фæндаг адарддæр кодтаиккой. Куырм лæппу тынг нырхæндæг, æмæ йæ паддзахы фæсдзæуин фæрсы: 

– Ме 'фсымæр, дæ цæсгом тынг æрхæндæг у. Зон, уый мæнæн дæр тынг зын у. Кæд ма истæуыл, мыййаг, тыхсыс, уæд мын æй схъæр кæн. 

– Ме 'рдхорд æфсымæр, айбæрц хорзы мын кæм бацыдтæ, уым ма мын уыцы хорз дæр бауарзæд дæ цæст, æмæ Уациллайы чызджы йæ мæрдон сыджытыл бафтау, мæлæтмæ дын мæ дæндагыл цырагъ дардзынæн10

– Уæдæ ууыл уыд дæ катай, æмæ мын ницы дзырдтай? Æз æппæт дæр сарæзтон знон, дæуæн барæй ницы загътон, зæгъын, мемæ куы цæуай æмæ та дæ удæн ног зындзинад куы саразай. 

Уæд ыл сызгъæринкоцораджын лæппу ныттыхст æмæ йын зæгъы: 

– Ды æцæг диссаджы адæймаг дæ, дæ хорздзинад дын æз дæр мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн. Бавдæл æмæ мæ галиу дæлармæй фондз æрдуйы ратон, дæ галиу дæлармы бын сæ бакæн æмæ сæ бауадз, цалынмæ дæ буар зынгау цæхæр скала, уæдмæ, стæй-иу сæ раппар. Уæд де уæнгты хъару цы уыд, уымæй сæдæ хатты фæфылдæр уыдзæнис, æрмæст дæ галиу дæларм хъахъхъæн, æндæр дæ мæлæт никуыцæй уыдзæнис. 

Лæппу афтæ бакодта, æмæ йе уæнгты æгæрон тых бацыдис. Уæд цæуынц дарддæр. 

Иу изæрыгон дыууæ лæппуйы бынатмæ æрхæццæ сты. Адæм сæ куы федтой, уæд сæхиуыл дзуæрттæ æфтауын райдыдтой, ай мæрдтæйдзæуæг у, зæгъгæ. Уайтагъд паддзахæн дæр ног хабар йæ хъустыл æрцыд, æмæ йæхимæ басидтис лæппумæ. Уый йын радзырдта хабæрттæ сæрæй бынмæ, йе 'мбæлттæ йæ куыд ныууагътой, куыд ын байстой уыимæ йæ бæх æмæ йе 'хсæнгæрзтæ дæр. Уæд паддзах тынг смæсты, æвæстиатæй æрдомдта, цæмæй сæ æрцахстаиккой, фæлæ уыдон дæр афтæ кæм бадтысты – куы базыдтой, лæппу сæрæгасæй æрыздæхт, уæд лидзæг фесты сæ паддзахадæй. Асырдтой сæ фæстейæ æмæ сæ æркодтой паддзахы тæрхоны лæгтæм. Уыдон сын сæ мæнгарддзинады тыххæй рахастой мæлæты тæрхон, фæлæ лæппу паддзахы раз йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ сæ ссæрибар кæнын кодта. 

Иу хатт дын куы уыд, уæд паддзахы бæстæм æцæгæлон тыхгæнджытæ æнæнхъæлæджы куы 'рбабырсиккой. Сæ фæнд уыди паддзахы бæстæ æд мулк, æд адæм сæхи бакæнын. Райдыдта æнауæрдон хæст. Паддзахы æфсæдтæ цæттæ кæм нæ уыдысты, уым уайтагъд райдыдтой састы кæнын, æрмæст ма лæппу баззад, иннæтæй чи йæхи радта, чи цæф фæцис, чи æмбæхсгæ бакодта. Хæцы лæппу иунæгæй æмæ сæ цæгъдæн кæны. Бирæ фæхæцыд, бирæ сæ фæцагъта, фæлæ куыдфæстагмæ йæхи хъару дæр сæттын райдыдта. Ныр куырм лæппу зоны, йе 'фсымæр утæппæт æфсæдтимæ иунæгæй кæй баззад, уый, æмæ йæхицæн бынат нал ары. Уæд барвыста паддзахмæ, цæмæй йын болат уарт æмæ болат цирхъ сцæттæ кæной. Паддзах нæ разы кодта, цы хъуамæ бакæна, зæгъгæ, утæппæт æфсæдтæн куырм лæппу, уый дæр ма фесæфдзæнис, æндæр, фæлæ лæппу нæ уисæн кодта. Уæд цалдæр куырдæй сахаты æмгъуыдмæ кард æмæ уарт ацæттæ кодтой. Бакодтой йын бæхты хуыздæр. Лæппу бæхы раззаг къæхты 'хсæн фæкуыси æмæ йын йæ галиу дæлармы йæ комытæф бауагъта, æмæ бæх йæ фæстаг къæхтыл алæууыд, йæ буар фæздæг скалдта. Уæд ын лæппу йе рагъмæ йæхи бахста æмæ бæхы рохтæ суагъта. Бæх дымгæйау атахт. Уайсахат куырм лæппу йе 'рдхорд æфсымæры фарсмæ алæууыд æмæ йæм бахъæр кодта: 

– Фидар лæуу, ме 'фсымæр, æз дæр ам дæн! 

Лæппу йæ цæстытыл нæ баууæндыд æмæ уысммæ аджихау, стæй йын йæ бæхы рохтæм фæлæбурдта, цы ми бакодтай, зæгъгæ, цæстæй куы нæ уыныс, уæд кæдæм рацыдтæ. Бæх йæ фæстаг къæхтыл слæууыд, æмæ уыйадыл лæппуйы галиу дæларм гомæй аззад, йæ галиу къухæй рохтыл хæцыд, нæ сæ суагъта. Раст уыцы рæстæг знаджы цыргъ хъама лæппуйы галиу дæлармы бахызт, æмæ лæппу арсау ныббогъ кодта, бæхы рагъæй зæхмæ æртылд. Куырм лæппу бамбæрста, цы бæллæх сарæзта, уый. Бæхæй æргæпп кодта æмæ йæ уæгъдидонæй знæгтыл ауагъта, йæхæдæг лæппуйы йæ уæрджытыл авæрдта, йæ галиу дæларм ын йæ пысултæй абыгъдæг кодта æмæ хъæдгомы туг рацъырдта, стæй дзы йæ комытæф бауагъта, æмæ лæппу базмæлыд. Уæд æм куырм лæппу дзуры: 

– Ныббар, ме 'фсымæр, фæцæй дæ сæфтон æмæ йæ мæхицæн никуы ныббарстаин. Ныр уал афтæ хуысс. Æз дæм зындзынæн, – сызгъæринкоцораджын фæгæпп кодта лæппуйы цурæй, йæ бæхмæ бауасыд, æмæ бæх уадидæгæн йæ цуры февзæрд. Абадт ыл, æмæ ныр иумæ знæгты райдыдтой цæгъдын. Бæх сæ зæвæтдзæгъдæн кодта, лæппу та сыл йæ болат кард уагъта. 

Ныссабыр хæсты быдыр, рыг æрбадт. Куырм лæппу фыр фæлладæй æрхауд уæлгоммæ тугæвдылд зæххыл. Уæдмæ паддзахы адæм фæфæдис сты, хæст кæм цыдис, уыцы бынатмæ. Уыдон афтæ æнхъæлдтой, куырм лæппу дæр фæмард, фæлæ куы федтой, дыууæ лæппуйы дæр сæрæгас сты, уый, уæд паддзахмæ хæрзæггурæггаг фесты. 

Дыууæ лæппуйы дæр адæм сæ къухтыл бахастой паддзахы хæдзармæ. Цæф лæппу нырма дзыхæй нæ дзырдта, фæлæ куырм лæппу куыд загъта, афтæмæй йын мæлæтæй тас нæ уыд. Æнæхъæн æхсæв йæхæдæг йæ цурæй нæ ацыд. Райсом бон чысыл куы 'рбацъæх, уæд та йын ногæй йæ комытæф йæ хъæдгомыл бауагъта, æмæ та лæппуйæн бирæ фенцондæр. Иу мæйы бæрц рацыд, æмæ лæппуйы хъæдгом æгас кæнын райдыдта, йæ тых та йæ бынаты сбадт. 

Уæд паддзах хъуыды кæны, цы хорзы бацæуа ацы куырм лæппуйæн, ууыл. Фæсидтис æм æмæ йæм дзуры: 

– Мæ паддзахад мын худинаджы мæлæтæй фервæзын кодтай. Зæгъ, цыдæриддæр дæ зæрдæ зæгъы, уый, æмæ дын æй сæххæст кæндзынæн. 

Лæппу йын загъта: 

– Кæд мын исты хорзæй дæ цæст уарзы, уæд мын æрхон хосгæнæг æмæ мын мæ цæстытæн схос кæнын кæн. Уый мын уыдзæнис æппæтæй стырдæр хорзæх. 

Паддзах йæ фидиуджытæ фервыста фæйнæрдæм, æмæ уыдон фæзылдысты алы æмæ алы паддзахæдтыл, фехъусын кодтой, ахæм æмæ ахæм лæппуйæн чи схос кæна, уымæн паддзах балæвар кæндзæн йæ паддзахады æрдæг, зæгъгæ. 

Æппæт бæстæтæй райдыдтой цæуын хосгæнджытæ куырм лæппумæ. Бирæ йын фæхос кодтой, фæлæ никæй бон бацис лæппуйæн уæд та ма гыццыл дыдзы рухс11 фенын кæнын. Лæппуйæн йæ ныфс бынтондæр асаст. Хосгæнæг дæр æм ничиуал цыд. Уæд дын иу изæр иу фыдхуыз лæг, хосгæнæг дæн, зæгъгæ, паддзахы кæрты раз куы балæууид, йæ дарæсы бызгъуыртæй йæ буар ферттив-ферттив кодта, фыр фæлладæй йæ бон рæстмæ дзурын дæр нæ уыдис. Паддзахы лæггадгæнджытæ йæ фæнадтой æмæ йæ мардæфсон ныууагътой. Изæры хуыгæстæ сæ хуыты куы 'ртардтой, уæд лæджы сæхимæ бахастой, æрчъицын æй кодтой, стæй йын фæсдуар лыстæн æрцарæзтой. Куы сбон, уæд хуыгæстæ сæ фос хизынмæ ацыдысты, зæронд лæг та паддзахы дуармæ бараст: 

– Æз хосгæнæг дæн, фенын мын кæнут рынчыны! Фæсдзæуинтæ та йæ хъуамæ фæнадтаиккой. Уæд сæ иу афтæ зæгъы: 

– Фехъусын кæнæм паддзахæн, хуызмæ кæсæн нæй, чи зоны, æцæгæйдæр хосгæнæг у. 

Паддзах æм басидтис йæхимæ æмæ йæ бафæдзæхста: 

– Дæ ныфс кæм æрбахастай, уым, æвæццæгæн, дæ бон исты аразын у, фæлæ дæ бон куы ницы бауа, уæд дæ хъоргъы ауадзын кæндзынæн. 

Лæг ын загъта: 

– Зæххыл цæуынхъом куы фæдæн, уæд мæ цæстытæй æппындæр нæ уыдтон. Боны рухс мын сæ къахта, уымæ гæсгæ сæ æппынæдзух мæ армæй æмбæрзт дардтон. Иу ахæм æхсæв арв нæрыд, тарстæн йæ хъæрæй æмæ нæ фынæй кодтон. Мæ ахуыр куыд уыд, афтæмæй æхсæв дæр мæ цæстытыл хæцыдтæн. Арв афтæ нæрыд, æмæ хъустæ къуырма кодтой. Æз мæ хъустæ сæхгæдтон мæ дыууæ армæй. Ног та арв ныннæрыд, æмæ æз федтон, талынг уат æвиппайды куыд ныррухс, уый, стæй фæтар. Æз нæ баууæндыдтæн мæхиуыл. Фæлæ та уæдмæ ногæй ауыдтон, уат куыд фæрухс. Уыйадыл ракастæн мæ цæстытæй. Ныр мын бар ратт дæ рынчыны фенынæн. Кæд мæ бон исты бауа – хорз, науæд дæ цы фæнда, уый-иу мын бакæн, уæддæр а зæххыл мæ цард ницыуал у. Мæхи уды къоппайæ дарддæр мын а зæххыл «мæн у» зæгъæг ничиуал ис. 

Паддзахмæ диссаг фæкастысты лæджы ныхæстæ. Кæд сыл æууæндгæ нæ бакодта, уæддæр барвыстой лæппумæ, цæмæй йæхи æрцæттæ кæна, æмæ уæд бакодтой зæронд лæджы лæппуйы уатмæ. Авд боны 'мæ авд æхсæвы лæппуйы цæстытæ не суæгъд сты зæронд лæджы дыууæ дæрзæг армы бынæй, уæддæр лæппу нæ фæлладис. Уый нæ, фæлæ ма йын æнахуыр æхцон, æнахуыр хъарм дæр хастой. Авд боны 'мæ авд æхсæвы фæстæ хосгæнæг æппæт фæрссæгтæ дæр сæхгæнын кодта. Уат æмыр тар сси. Лæг уаты къуыммæ бацыд æмæ уым æхсон æркъæрцц кодта, лæппу ницы федта. Уæд та ногæй лæг авд боны æмæ авд æхсæвы йæ дæрзæг армæй лæппуйы цæстытæ фембæрзта, ацы хатт ын сæ сыгом кодта æхсæвыгон, фæрссаджы æмбæрзæныл ахæцыд, æмæ мæйы дыдзы рухс уатмæ æрбакалд. Лæппу фыр цинæй арвмæ фæхаудта, фелвæста зæронд лæджы йаа хъæбысмæ æмæ йæ цъилау ныззылдта. Æнахуыр диссаг æмæхсæвæджы айхъуыст æнæхъæн паддзахадыл. 

Райсом куы сбон, уæд зæронд лæгмæ паддзах йæхимæ басидт æмæ йын афтæ зæгъы: 

– Иугæр ахæм хосгæнæг дæ, уæд мын сдзæбæх кæн мæ чызджы дæр. 

Рахабар ын кодта йæ чызджы уавæр. Зæронд лæг скатай, фæлæ йын «нæ» зæгъæн дæр нал уыдис, æмæ сразы. Бакодтой йæ чызджы уатмæ æмæ та сæ иунæгæй ныууагътой. 

Зæронд лæг чызджы сынтæгмæ æввахс куы бацыд, уæд йæ уæнгтæ ризын райдыдтой. Кæсы чызгмæ, йæ аив цæсгом хурау худы. Лæг бандзыг. Чызг ын йе 'вæрæз уавæр фæхатыдта æмæ йын скаст йæ цæсгоммæ. Æвиппайды чызджы цъæхснаг хъæр уаты къуымты айзæлыд, стæй йæхи нал бамбæрста. Чызджы хъæрмæ фæсдзæуинтæ уатмæ бакалдысты. Чызджы афтæмæй куы ауыдтой, уæд сæ иутæ чызгмæ фесты, аннæтæ та сæхи зæронд лæгыл ныццавтой, цы ми бакодтай чызгæн, зæгъгæ, æмæ йæ нæмгæ хъоргъы смидæг кодтой. Чызджы йе 'муд æрцæуын кодтой, æмæ йæ цæстытæй куы скаст, уæд йæ алыварс йæ цæст ахаста, стæй йæ мидбынаты рабадт æмæ дзуры: 

– Мæ фыд? Кæм и мæ фыд? Ракæнут мын мæ фыды! Ракæнут мын мæ фыды! 

Ноджы стырдæр дисы бахаудтой адæм: чызг дзыхæй сдзырдта! О, фæлæ йæ фыд йæ разы куы лæууы. Цавæр фыды ма кæнын кæны? Æвæццæгæн, йæ зонд йæхимæ нал ис, сæрра, мæгуырæг, – сусу-бусуйыл систы адæм. 

Чызг та куыдта æмæ домдта: 

– Ракæнут мын мæ фыды, ракæнут мын мæ фыды! Уæд æм дзурынц: 

– Паддзах у дæ фыд æмæ мæнæ дæ цуры ис, æндæр ма дын цæй фыд ис? Чызг та сæм дзуры: 

– Ис мын фыд, ис мын. Ацы тæккæ мæ цуры уыдис, ракæнут мын æй. Ныр се 'ппæты дæр бæлвырд бауырныдта, чызг æцæгæй дæр йæ зондæй кæй фæиртæст, уый, фæлæ, цæмæй æрсабыр уа, уый тыххæй хъоргъæй æрбакодтой уыцы зæронд лæджы. Чызг зæронд лæджы куы ауыдта, уæд фæгæппп кодта æмæ йæ дæллагхъуыр ныттыхст. Йæ цæсты сыгтæ йæ рæсугъд уадултыл гæр-гæр кодтой, афтæмæй уыцы иу ныхас фæлхат кодта: 

– Мæхи баба! Мæхи баба! 

Ныр, куырм цы лæппу уыд, уый дæр уым, иннæ лæппу дæр уым, кæсынц æнахуыр диссагмæ. Зæронд лæгæн дæр ма цы базонын хъуыд йæ цыкурайы фæрдыджы. О, фæлæ йæ бон зæгъын дæр ницы уыдис: уал азы фæстæ дæ фидыцы хъæбулы ссар, æмæ кæм? Паддзахы хæдзары! Æууæндгæ та йыл чи бакæндзæн? 

Паддзах уайтагъд зæронд лæджы акæнын кодта, ай цыдæр кæлæнгæнæг у, æмæ йæ фæстæмæ хъоргъы ауадзут, зæгъгæ. Мæ чызджы, дам, мын кæд дзыхæй сдзурын кодта, уæд ын фыддæр та кæнгæ ракодта, йæ зонд ын схæццæ кодта. 

Уæд чызг ныккуыдта ноджы тынгдæр æмæ паддзахы раз йæ зонгуытыл æрхауд: 

– Æз мæ зондæй нæ фæцух дæн, ма мын акæнут мæ фыды, уый мæ фыд у, æцæг, мæ фыд, æз та – йæ чызг. Æз дзыхæй нæ дзырдтон, æмæ мæ бон ницы уыдис радзурын. Сымах нæ зонут, æз чи дæн, уый. Уæдæ байхъусут, æмæ уын æз æппæтдæр радзурдзынæн. 

Æмæ чызг райдыдта дзурын, райдыдта дзурын æмæ йæ цæсты сыгтæ йæ рустыл гæр-гæр кодтой, йæ кæуынмæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон – сылгоймагæй, нæлгоймагæй. 

Дзырд куы фæцис, уæд сызгъæринкоцораджын лæппу батахт чызджы рæмæ, ныттыхст ыл æмæ йæм дзуры: 

– О мæ иунæг хо, кæд раст дзурыс, уæд æз та де 'фсымæр куы дæн! Адæм сагъдауæй баззадысты. Хо æмæ æфсымæр кæрæдзийыл ныттыхстысты, афтæмæй сæ дыууæ дæр хæкъуырццæй куыдтой. Ныр та лæппу радзырдта адæмæн йæ хабæрттæ, æниу йæ кæнгæ æфсымæр зыдта æппæтдæр. Зыдта æппæтдæр, фæлæ, уый æгомыг чызджы æфсымæр у, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыдаид. Уæд арвыстой фæстæмæ зæронд лæджы суæгъд кæнынмæ. Ныр лæппу хъоргъмæ йæ фыдмæ йæхæдæг фæраздæр. Хъоргъы æфсæн дуар къахæй скъуырдта, æмæ дуар æрызгъæлæн. Мæгуыр лæг афтæ фенхъæлдта, марынмæ йæм æрбацыдысты æмæ сæм дзуры: 

– Иу хатт ма мæ бауадзут мæ чызгмæ бакæсын æмæ мæ стæй амардзыстут. 

Уæд æм йæ фырт дзуры: 

– О мæ фыд! Мæ мæгуыр фыд! Æз та дæ фырт куы дæн! Дæ фырт! – æмæ йыл йæхи баппæрста, стæй йæ разы зонгуытыл æрхауд. Йæ зонгуытыл æрхауд зæронд лæг дæр, æмæ, сæ кæрæдзийы уæхсчытыл ныххæцгæйæ, сæ сæртæ кæрæдзимæ банцой кæнгæйæ, хæкъуырццæй куыдтой. 

Æрвдзæфау фæцис паддзах, уайтагъд æруатон, нал бахордта, дон дæр нал банызта æмæ иунæг ныхас дæр никæмæнуал кодта. Уый хорз зыдта, ныр йæ чызг йæ фыдимæ кæй ацæудзæни, æмæ уыцы уазæау хъуыддагæн паддзах ницамалæй бафæраздзæн. О, фæлæ йæ йæ фыдæн ма раттын дæр тыхми уыдзæн, афтæ куы бакæна, уæд та чызгæн æнæуынон фестдзæни. Нæ! Фæлтау ацæуæд йæ фыдимæ. Паддзах ахæм хъуыдытæ куыд кодта, афтæмæй йæм чызг бацыд, сынтæгыл æрбадт, ныттыхст ыл æмæ йæм дзуры: 

– Ныббар мын, баба! Ныббар, мыййаг, кæд дæ фæрынчын мæн аххос у. Паддзах æрлæгъз кодта чызджы сæр æмæ йæм рæвдаугæ хъæлæсæй дзуры:  

– Нæ, мæ рæсугъд чызг, уый мын мæ хъысмæтæй фыст у, æвæццæгæн, уымæн æнæ 'рцæугæ нæ уыдис, æндæра... 

Паддзах ма цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ йын йæ цæсты сыгтæ ахгæдтой йæ хъуыр. Цæсты сыгтæ нынныхъуырдта тыххæйты фæстæмæ, нæ сын радта бар сæхи равдисынмæ, фæлæ йæ чызг уæддæр куыд нæ бамбæрстаид, ногæй йæ дæллагхъуыр ныттыхст æмæ йын зæгъы: 

– Ныр кæд мæ мæгуыр фыды ссардтон, уæддæр уал азы мидæг фыды рæвдыд, фыды æнæкæрон уарзт æрмæстдæр дæуæй базыдтон. Æз кæд æгæрон уарзтæй уарзын мæ фыды, уæд ахæм æгæрон уарзтæй уарзын дæу дæр. Нæ! Мæнæн мæ бон нæ бауыдзæн дæу иунæгæй ныууадзын, мæхи баба. Фæлæ дæ иу хорз курын, ныфс мæ ис, кæй йæ сæххæст кæндзынæ. 

– О мæ буц хъæбул, мæ арды ныфс æмæ мæ царды цин, зæгъ, цыдæриддæр мæ домыс, уый зæгъ! 

Паддзах рабадт, ныккаст йæ чызджы цæстытæм æмæ ацы хатт йæ цины цæсты сыгтæ нал баурæдта, гæр-гæр кодтой йæ урс боцъотыл. 

– Сæххæст кæн дæ ныхас, кæд дæ паддзахады æрдæг нæ, уæддæр иу гыццыл хай рауæлдай кæн дæ паддзахадæй мæ фыд æмæ мæ дыууæ æфсымæрæн, цæмæй мæ бон сæ фенын алы бон дæр уа. Курын дæ æрмæстдæр уыцы хорз. 

Паддзах æвзонг лæппуйау йæ чызджы йæ къухтыл фелвæста, зæрдиагæй ныххудт, стæй йын йæ ныхæн адджын ба акодта æмæ йæ сынтæгыл æрæвæрдта. 

Нæ фæсайдта паддзах йæ дзырд, радта мæгуыр лæгæн æмæ йæ дыууæ фыртæн йæ паддзахады æрдæг, æмæ ма абон дæр цæрынц æмæ сом дæр. 

Уыдоны æрцыдмæ бирæ, бирæ æнæнизæй фæцæрут. 

 

 

Фиппаинæгтæ:  

 

 

Мыхуырыгонд цæуы авторы аргъæуттæ æмæ радзырдты æмбырдгонд «Уызынæджы чызг Уырызæ»-мæ гæсгæ (2002). 

 

1. Цыкурайы фæрдыджы хуызæн – рæсугъд. Цыкурайы фæрдыг арæх æмбæлы адæмон сфæлдыстады. Кæй къухы-иу бафтыд, уымæн уыд амонды, бæркады хос; хæдзарæн уыд ахсджиаг хæзна, хъахъхъæдтой йæ, куывтой йæм. Аргъæутты дзæбæх кæны мæлæтдзаг цæфтæ, удæгас кæны мæрдты  

2. Цымгæ – тæнæг хæринаг алы хоры, кæнæ гагадыргъты хусты ссадæй. Цымгæтæ уыдысты алыхуызон – доныл, сылыйыл, хуырхыл, æхсырыл фых. Æфтыдтой ма сæм сой, фиу дæр.  

3. Сигæц – цыргъгæнæн дур. 

4. Уацилла, Елйа – ирон мифологийы æрвнæрды æмæ хорыконды бардуаг, хæйрæджытæ тынг тæрсынц йæ зынг рæхысæй (арвы цæфæй). 

5. Ронбæгъдæй – æнæ ронæй, æдзæлгъæдæй, куыдфæндыйæ (уырыс. «неряшливо, неопрятно»). 

6. Хордзен – дыууæрдæм хызын (уырыс. «переметная сума»). 

7. Сухты цагъд ныккодтам – бындзагъд сæ фæкодтой. Сух – цагъды чи фæцис, ахæм æбæрæг адæмыхатт. 

8. Бонцау – боны дæргъы цы фæцæуай, уый. 

9. Сызгъæринкоцораджын – сызгъæрин дзыккуджын, æмбæлы адæмон аргъæутты. 

10. Мæлæтмæ дын мæ дæндагыл цырагъ дардзынæн – ома дын дæ хорз никуы ферох кæндзынæн. 

11. Дыдзы рухс – мынæг рухс. Дзырд «дыдзы» арæхдæр æмбæлы ахæм хуызты: дыдзырухс – мынæг рухс, дыдзыхъарм – хъæрмуст; дыдзы хур – кадджыты, таурæгъты мæрдты хур, хур куы аныгуылы, уæд ма хæхты цъуппыл цы хуры тынтæ фæхъазы, уыдон.  

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ