Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Зианы кæндтæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 

 

"Мах хуызæн зианмæ  

нæ цæуынц æндæр рæтты..."  

Къоста  

 

Зианы кæндтæ афæдзы дæргъы.  

Æрмæг ист у Агънаты Гæстæны чиныг "Ирон Æгъдæуттæй". 

Зæрдæбынæй арфæ кæнæм авторæн æмæ ма ноджы уыцы чиныгыл чи бакуыста, уыцы адæмæн сæ бæркадджын фæллойы фæдыл.  

 

ÆРТГÆНÆНТÆ  

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы сæ кæрты дуармæ арт скæнынц. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ бахæссынц, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгьгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ.  

Аходæнафон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц.  

Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, æмæ ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд.  

 

БАДÆНТÆ.  

Ног азæй къуыри куы рацæуы, уæд къуырисæразхсæв ног мæрдджынтæ фæкæнынц Бадæнтæ. Кусарт акæнынц, сцæттæ кæнынц нозт, алыхуызон хæринæгтæ, адджинæгтæ, дыргьтæ, халсартæ.  

Раздæр-иу Бадæнтæм зианæн йæхи номыл балхæдтой фынг, бандон, графин. Мардæн цы дзаумæттæ баззад, уыдоны-иу истытæ, зæгьæм, хъæмп кæнæ хос бакодтой æмæ-иу æй стъолы кæрон бандоныл сбадын кодтой. Марды æгьдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд марды уд йæ хæдзармæ азртæхы æмæ æхсæв-бонмæ адæммæ фæкæсы: куыд цæрынц, цы ми кæнынц, кæй нал и, ууыл куыд тыхсынц... Куы æрбарухс вæййы, уæд та, дам, йе 'нусон бынатмæ атæхы.  

Хистæр нæлгоймæгтæ бацæуынц, сойын цырæгьтæ ссудзынц. Бадæнтæм нозтæй, хойрагæй, адджинагæй, дыргъæй мардæн цы сцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Сылгоймæгтæ фæкæуынц, фæхъарæг кæнынц.  

Лæгтæ, сыхы, хъæуы цы ног зиантæ æрцыд, уыдоныл къордтæ-къордтæй фæзилынц, семæ бахæссынц сойын цырæгьтæ æмæ сæ ссудзынц, рухсаг фæзæгьынц.  

Раздæр хи бинонтæ, хæрзхæстæджытæ нæлгоймаджы мардæн Бадæнты кодтой æлæм. Æлæмтæ кодтой Зазхæссæнты дæр. Уыцы зианæн Бадæнты (Зазхæссæнты) уал æмæ уал æлæмы скодтой, зæгъгæ, уый кадджын уыди. Рог, рæсугьд хъилыл-иу фидар цыллæ бæхсныгæй сарæзтой хызы хуызæн, бæхсныджы хæлттыл алыхуызон адджинæгтæ æмæ дыргьтæ ауыгьд. Уыйбæрц адджинæгтæ æмæ дыргьтæ-иу ыл уыд, æмæ-иу зæу-зæу кодта. Ныр дæр ма арæх фæзæгьынц: ацы бæлас афтæ зад у, æмæ раст æлæмы хуызæн у. Æлæм дæр-иу ныххæлар кодтой. Кæд-иу иу уыд, уæд иу барæг, кæд цалдæр æлæмы уыдысты, уæд та-иу сæ цалдæр барæджы хъæуы уынгты ахастой, барæй-иу сæ ныууыгътой, æмæ-иу сывæллæттæ сæ фæстæ згьордтой, æлæмæй цы адджинæгтæ æмæ дыргътæ хауд, уыдон уыгьтой. Барджытæ-иу æлæмты уæлмæрдтæм бахастой, бæхтæй-иу æрхызтысты æмæ ма-иу сыл цы баззад, уыдон æртыдтой, уым-иу сæ сывæллæттæн байуæрстой, æлæмы хъилтæ та-иу ингæныл цырты цур сæвæрдтой.  

Бадæнæхсæвы раздæры æгъдæуттæй ныр дæр бирæтæ кæнынц адæм. Кусарт, фынджыдзаг. Къордтæ-къордтæй фæцæуынц æмæ цырæгьтæ ссудзынц. Сылгоймæгтæ ацæуынц уæлмæрдтæм, семæ ахæссынц хойраг, адджинæгтæ, дыргьтæ, нозт æмæ хæрд, фæкæуынц, семæ цы хæринæгтæ ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц.  

 

 

ЛАУЫЗГÆНÆН.  

Хорыбоны фæстæ сабатизæр вæййы Лауызгæнæн (Мартъийы мæйы. Р.К.). Уый у зæронд мæрдты мысæн бон.  

Ирон адæмы фыдæлтæм гæсгæ, майрæмбоны зæронд мæрдтæ уыдысты сæрибар. Ног мæрдтæй уый зæгьæн нæй: уыдон фæтæрсынц, сæ бынат сын исчи куы байса, исчи йæ куы бацахса, зæгьгæ, æмæ никуыдæм фæцæуынц. Зæронд мæрдты ницы фæуромы æмæ рацæуынц сæ бинонты, сæ хæдзæрттæ фенынмæ. Се ссыдмæ бинонтæ бафснайынц, ныссыгьдæг кæнынц хæдзар, сцæттæ кæнынц алыхуызон хæринæгтæ, фæлæ сæйрæдæр вæййынц лауызтæ.  

Изæры бинонты хистæр фынджыдзаг ныххæлар кодта. Иууылдæр сбадтысты. Бинонтæм афтæ кæсы: сæ зиан дæр фынджы уæлхъус бады семæ хæры, нуазы, ныхæстæм хъусы. Боныцъæхтæм хæдзары фæуыдзæн, стæй дымгæйы фыццаг улæфтимæ йе 'цæг дунемæ атæхдзæн.  

Уыцы фæндаг та у даргь, зын, бирæ цæлхдуртæ, бирæ фыдæбæттæ кæм бавзардзысты мæрдтæ, ахæм фæндаг. Фæлæ йыл ацæудзысты, азы дæргьы цы хæрдзысты, цæмæй цæрдзысты, уыцы «дзыджын» агурæг. Фæцæудзысты æнæхъæн къуыри æмæ бафæллайдзысты, бастайдзысты, сæххормаг уыдзысты æмæ сын се ссыдмæ саразын хъæуы фынджыдзаг. Уый та вæййы дыккаг Лауызгæнæн.  

Ис æндæр хъуыды дæр. Лауызгæнæнтæ вæййынц Комбæттæны. Æмæ-иу уæд ирон адæм сæ мæрдты тыххæй скодтой мархойы хист, ома нæ мæрдтæ дæр ком дарынц æмæ сын мархойы хæринæгтæ ныххæлар, кæнæм, зæгьгæ. Фынгыл-иу æрæвæрдтой лауызтæ, цæкуытæ, дзæрна мæнæу æмæ хъæдурæй, фых картæфтæ, картофджынтæ, хъæдурджынтæ, лакъамитæ, кæф, арахъ, бæгæны, къуымæл.  

 

ЗАЗХÆССÆН.  

Ног мæрдты уалдзыгон кæндтытæй иу у Зазхæссæн. Ирон адæмæн сæ иу хай кæнынц Зазхæссæнтæ, иннæтæ та Бадæнтæ, Бадæнæхсæв.  

Зазхæссæн вæййы, Куадзæнмæ ма къуыри куы баззайы, уæд, сабаты. Баст у заз бæласимæ. Æнусон цъæх - царды, фидæны нысан.  

Иæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ сцæттæ кæнынц фынгтæ алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозтытимæ.  

Заз кæнæ нæзы бæласыл æрцауындзынц адджинæггæ æмæ дыргьтæ. Заз бæлас арæхдæр кодтой сылгоймæгтæн, нæлгоймæгтæн та арæзтой æлæм. Цыллæ бæттæнтæй-иу скодтой хызы хуызæн, цыма тырыса у, афтæ. Æрцауыгьтой-иу ыл адджинæгтæ æмæ дыргьтæ, алыхуызон лыстæг дзаумæттæ: цъындатæ, къухмæрзæнтæ æмæ а.д. Ныххæлар-иу æй кодтой фынджыдзагимæ æмæ-иу æй бæхыл рахастой, уынгты-иу адæм фылдæр кæм лæууыд, уым-иу æй ныууыгьтой, æмæ-иу æлæм уæлмæрдмæ ахастой, ингæныл-иу æй ныссагьтой.  

Заз бæлас-иу уæлмæрдтæм арвыстой сылгоймæгтимæ, ныххæлар-иу æй кодтой, йæ уæлæ цы уыд, уыдон-иу æртыдтой æмæ-иу сæ сылгоймæгтыл байуæрстой, бæлас та-иу цырты цур сæвæрдтой.  

Ныры рæстæг, зæгъæн ис, æлæм ничиуал кæны, фæлæ ма заз бæлас саразынц. Аразынц ма хъæдæй кæнæ телтæй гыццыл бæласы хуызæн - цырагъдарæн, сфæлгонц, срæсугъд æй кæнынц, æрцауындзынц ыл адджинæгтæ, къафеттæ, дыргътæ. Хонынц æй цырагъ.  

 

МÆРДТЫ КУАДЗÆН.  

Куадзæны фæстæ къуырисæры мæрдджынтæ скæнынц Мæрдты Куадзæн, Куадзæны хист дæр æй хонынц.  

Сыхбæсты æмæ хъæубæсты зæронд лæгтæ-иу Куадзæны арфæтæ кæнынмæ мæрдджынтæм æрбацыдысты. Бинонтæн дзырдтой, куырдтой сæ, цæмæй сæ ком суадзой. Æмæ-иу цалынмæ уыдон сæ ком суæьтой, уæдмæ лæгтæ хойрагæй дæр æмæ нозтæй дæр сæ дзыхмæ ницы схастой.  

Мæрдты Куадзæны-иу чи стур аргæвста, чи фыс, нозт æмæ-иу чъиритæ скодтой, зианджынтæ-иу баныхас кодтой æмæ-иу фыццаг хист кæныны бар радтой ногмæрдджынæн, уый фæстæ та иннæтæн. Мæрдты Куадзæны хист-иу дыгай-æртыгай мæрдджынтæ иумæ дæр скодтой.  

Сылгоймæгтæ-иу уæлмæрдмæ ацыдысты. Фæхъыг-иу кодтои, фæкуыдтой. Семæ цы ахастой, уыдон-иу ныххæлар кодтои мардæн.  

Мæрдты Куадзæны фынг абон дæр кæнынц. Æрбамбырд вæййынц сыхæгтæ, хионтæ, æмæ хистæртæ фынджыдзаг ныххæлар кæнынц. Сылгоймæгтæ хæрд æмæ нозтимæ ацæуынц уæлмæрдтæм. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц. Цы ахæссынц, уыдон мардæн ныххæлар кæнынц.  

 

ЗÆРДÆВÆРÆН  

У ног зианы кæндтытæй иу. Куыд равзæрд, уый ахуыргæндтæ амонынц дыууæ хуызы. Иутæ зæгьынц, бæрæгбон афтæ уымæн хуыйны, æмæ уыцы бон аргæвдынц фыс, далыс кæнæ уæрыкк æмæ йын йæ зæрдæ цырты цур баныгæнынц. Уый дзуры ууыл, æмæ мард йæ бинонтæ æмæ йæ хæстæджытæй рох нæу, мысынц æй, уæлæуыл куыд уыди, афтæ йæ нымайынц сæ бинойнагыл.  

Бæрæгбон Зæрдæвæрæн цæмæн хуыйны, уый тыххæй иннæ ахуыргæндтæ зæгьынц, зæгьгæ, ис дыгурон дзырд - зæлдæ - нæудзар. Уыцы бон, марды æгьдаумæ гæсгæ, зылдысты ингæнтæм, сæьтой дзы дидинджытæ, айв сæ кодтой, нæуу сыл æвæрдтой. Æмæ бæрæгбон нæууæвæрæн (зæлдæвæрæн) ивд æрцыд зæрдæвæрæнæй.  

Зæрдæвæрæны кæндмæ æрцæуынц хæрз хионтæ, сыхæгтæ. Фынгыл — алы хæринæгтæ, арахъ, бæгæны æмæ æндæр нозтытæ. Хистæр сæ ныххæлар кæны, стæй фынгмæ æрæвналынц.  

Сылгоймæгтæ цалдæрæй ацæуынц уæлмæрдтæм. Фæкæуынц, фæхьыг кæнынц, семæ ахæссынц цыппар кæрдзыны, адджинæгтæ, халсартæ, дыргьтæ, нозтытæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц.  

----------------------------------------- 

Фиппаинаг сайты администраторæй 

Зæрдæвæрæн вæййы уалдзæджы кæрон кæнæ сæрды райдайæны. 

Чырыстон дин Ирыстоны куы парахат кодта, уæд бæрæгбон Куадзæн (комуадзæн) раивта чырыстон дины Чырыстийы райгасы бонмæ. Æмæ йæ бæрæг кæнын райдыдтам чырыстон дины къæлиндармæ гæсгæ. Уымæй дыууиссæдз боны куы рацæуы, уæд та вæййы Зæрдæвæрæн. Уымæй алы хатт дæр — цыппæрæмы.  

 

 

МАЙРÆМТÆ  

Майрæмтæ сты ног æмæ зæронд мæрдты кæндтытæй иу. Фылдæр хатт æрцæуы мæйы (Августы) фæстаг майрæмбонмæ. Стъолыл æрæвæрынц дыргьтæ, халсартæ, нозт, алы хæринæгтæ, ныххæлар сæ кæнынц. Фынджыдзагмæ æрхонынц сыхæгты, хæрзхæстæдæыты. Сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм ацæуынц. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц. Цы дыргътæ, нозт, хойраг ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц æмæ дзы саходынц.  

Бæрæгбон амоны уый, æмæ мæрдтæн дæр ног дыргътæй, ног халсартæй хай ис. Æмæ уадз, уæлæуыл чи и, уыдоны цур куыд сты, мæрдтæн дæр афтæ сæ разы уæнт.  

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ