Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Хетӕгкаты Георги
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

 
 

НОМДЗЫД ÆФСАДХОН 

 

Хетӕгкаты Георги - Советон Цæдисы хъæбатыр, инæлар. 

 

Советон дуджы Ирыстоны цы стыр лӕгтӕ рантыст, уыдонӕй иу уыдис Хетӕгкаты Иликъойы фырт Георги (Габо). Уый райгуырд 1903 азы 25 апрелы Зӕрӕмӕджы. Йӕ фыд уыдис цыбыркъух хохаг лӕг, куыста фӕндагаразӕг мастерӕй. Йӕ лӕппуйы номыл хъӕубӕстӕйӕн куывд куы скодта, уӕд ын кадджын хистӕртӕ Хуыцауӕй цыдӕриддӕр куырдтой, уыдон ыл уӕлдай- джынтӕй ӕрцыдысты. Кургӕ та дзы, фыццаджыдӕр, кодтой, цӕмӕй йӕ ноггуырдӕй афицер рауайа. Габойӕ канд афицер нӕ рауад, фӕлӕ ма сгуыхт инӕлар дӕр, ӕфсады инӕлар, ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг, суанг ма ССР Цӕдисы уӕлдӕр паддзахадон оргӕны — Сӕйраг Советы — депутат дӕр уыдис цалдӕр хатты, уыдис СЦКП-йы съездты делегат дӕр. 

Зӕрӕмӕджы цыппаркъласон скъола каст фӕуыны фӕстӕ ма дарддӕр ахуыр кӕнын бӕргӕ фӕндыд Габойы, фӕлӕ йын ахӕм фадат нӕ уыд. Лӕппу ӕххуыс кодта йӕ ныййарджытӕн. 1916 азы сӕрды ӕртындӕсаздзыдӕй кусын райдыдта йӕ фыдимӕ фӕндагаразӕгӕй. 1917 азы бацыд Садоны ӕрзӕткъахӕнмӕ. Уым кусгӕйӕ, Габо базыдта, Уӕрӕсейы революци кӕй ӕрцыд, уый. Цыбыр рӕстӕгмӕ революци бахӕццӕ Кавказы сӕйраг рагъмӕ дӕр. 

1920 азы 1 январы ӕвддӕсаздзыд Габо барвӕндонӕй бацыд Сырх ӕфсады рӕнхъытӕм, архайдта урсгвардионты ныхмӕ тохты. Ирыстоны Советон хицаудзинад куы ‘рфидар, уӕд ӕвзыгъд сырхӕфсӕддоны арвыстой Пятигорскмӕ Артемы номыл курсыты ахуыр кӕнынмӕ. Курсыты фӕстӕ Хетӕджы- фырты снысан кодтой Дзӕуджыхъӕуы 28-ӕм хӕххон дивизийы дивизионон скъолайы взводы командиры хӕдивӕгӕй, чысыл фӕстӕдӕр та — взводы командирӕй. Ацы бынаты уӕвгӕйӕ, ирон лӕппу кавказаг адӕмыхӕттыты минӕвӕрттӕй Сырх ӕфсадӕн цӕттӕ кодта кӕстӕр командиртӕ. 

Ӕфсӕддон службӕгӕнӕг зӕрдиагӕй тырныдта зонындзинӕдтӕм. Георгийы фӕндыд артиллерист суӕвын, ӕмӕ, 1926 азы Киевы ӕфсӕддон училищейы артиллерион хайад каст куы фӕци, уӕд ӕй сӕвӕрдтой 36 Фӕсбайкалаг дивизийы артиллерион дӕлхайады командирӕй. Китайаг-Скӕсӕйнаг ӕфсӕнвӕндаг сси дзырддаг ӕмӕ расайдта хӕстон быцӕумӕ. Уым 1929 азы ноябры хъӕбатырдзинад равдисыны тыххӕй 500 адӕймаджы схорзӕхджын кодтой Сырх Тырысайы орденӕй, уыдонимӕ — Хетӕджы-фырты дӕр. 

Куыдфӕстӕмӕ, уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр бынӕттӕ ахсгӕйӕ, 1937 азы августы ирон афицер разамынд дӕттын райдыдта Дард Скӕсӕны хицӕн Сырхтырысахӕссӕг ӕфсады артиллерион полкъӕн, афӕдз фӕстӕдӕр та ссӕдзӕм фистӕг ӕфсады корпусы артиллерийы хицау архайдта япойнаг самурайтимӕ карз хӕстыты. 

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд булкъон Хетӕджы-фырт службӕ кодта, Прибалтикӕйы горӕт Идрицайы чи уыд, уыцы 21-ӕм механацигонд корпусы артиллерийы хицауӕй. Корпусы ӕфсӕддонтӕ горӕттӕ Даугавпилсмӕ, Резекнемӕ, Себежмӕ ӕмӕ Опочкамӕ ‘ввахс тугкалӕн тохты удуӕлдайӕ хӕцыдысты знаджы ӕрдонгтимӕ. 

1941 азы 8 декабры Георгийӕн радтой инӕлар- майоры цин, 1942 азы 12 апрелы та йӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй схорзӕхджын кодтой Сырх Тырысайы дыккаг орденӕй. 

1942 азы кӕрон ӕфсӕддон разамонӕджы сфидар кодтой Сталинградмӕ хӕстӕг хӕцӕг 3-аг гвардион ӕфсады штабы хицауӕй. Фӕлтӕрдджын инӕлар архайдта хӕстон операци «Малый Сатурн»-ы (уыцы операцийы рӕстӕг Хуссар- Ныгуылӕн ӕмӕ Воронежаг фронтты ӕфсӕдтӕ ныддӕрӕн кодтой Астӕуккаг Доны хӕцӕг гермайнаг ӕмӕ италиаг ӕфсӕдты). 

Фӕстӕдӕр инӕлар Хетӕджы-фырт 5 мӕйы дӕргъы уыдис 3-аг гвардион ӕфсады командӕгӕнӕг. Донбассы операци ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ схорзӕхджын кодтой Кутузовы 1 къӕпхӕны орденӕй. 

1944 азы уалдзӕджы Георги нысангонд ӕрцыд украинаг горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ гитлеронтӕй сӕрибаргӕнӕг фыццаг гвардион ӕфсады (йӕ командӕгӕнӕг уыд инӕлар-булкъон А.Гречко) штабы хицауӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайдта ӕфсады размӕбырстӕн фадӕттӕ аразыныл. Горӕттӕ Староконстантиновмӕ, Проскуровмӕ ӕмӕ Каменец — Подольскиймӕ ‘ввахс хӕстыты 1-аг ӕфсад знагыл фӕуӕлахиз. Уыцы аз майы инӕлар Хетӕджы-фырты бӕлвырд аххосаджы тыххӕй сӕвӕрдтой 82-ӕм дивизийы командирӕй. 

Георгийы разамындӕй 82-ӕм дивизи цалдӕр хатты карз хӕстыты фӕуӕлахиз знагыл, уӕлдай ирддӕрӕй инӕлары разамонӕджы курдиат рабӕрӕг цӕугӕдон Днестры сӕрты бырсыны рӕстӕг уӕззау хӕстыты. Фӕстӕдӕр 1-аг Белорусаг фронтмӕ ивд дивизи архайдта цӕугӕдон Вислӕйы сӕрты бырсыны, стӕй горӕттӕ Сарна ӕмӕ Головачевы хӕстыты. 8-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕг В. Чуйков йӕ чиныджы фыссы: «Хетӕджы-фырты разамындӕй 82-ӕм дивизийы ӕфсӕддонтӕ горӕт Головачевмӕ хӕстӕг тохы хӕцыдысты хъӕбатырӕй. Георги йӕ дӕлбар ӕфсӕдтӕн дӕсны разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы сырхӕфсӕддонтӕн бантыст знаджы ныббырстытӕн фидар фӕлӕууын ӕмӕ йын тыхджын ныхкъуырд раттын…» 

1945 азы Хетӕджы-фырты дивизи архайдта Вислӕ- Одераг, Варшавӕ-Познайнаг, Скӕсӕн-Помераниаг, Берлинаг ӕмӕ Харбинаг- Гиринаг хӕстон операциты. 

Варшавӕ-Познайнаг операцийы рӕстӕг советон ӕфсӕдтӕ ныддӕрӕн кодтой знаджы цалдӕр дивизийы, бахӕццӕ сты цӕугӕдон Одермӕ ӕмӕ ӕрхъула кодтой фидар Познаныл. Фидар бацахсыны уӕззау хӕстыты рӕстӕг 82-ӕм дивизийы ӕфсӕддон дӕлхайӕдтӕ цалдӕр хатты фесгуыхтысты. Советон ӕфсӕдтӕ бахызтысты цӕугӕдон Вартӕйы сӕрты ӕмӕ знаджы позицитӕм цӕгатныгуылӕнырдыгӕй ныббырстой. Горӕты ацы кӕрон хъахъхъӕнӕг фашистон ӕфсӕдтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты, ӕмӕ 23 февралы 8-ӕм ӕфсад Познань ӕххӕстӕй бацахста. Цӕугӕдӕттӕ Вислӕ, Вартӕ ӕмӕ Пилицӕйыл бахизыны хӕстон операциты рӕстӕг ӕфсӕддон разамонӕджы курдиат ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдисыны тыххӕй 6 апрелы Георгийӕн радтой Советон Цӕдисы Хъӕбатыры кадджын ном.10 февралӕй 4 апрельмӕ Скӕсӕн-Помераниаг операцийы Сырх ӕф- сад ныддӕрӕн кодта знаджы 21 дивизийы ӕмӕ 8 бригады. Советон ӕфсӕдтӕ Балтийы денджызы былгӕрӕттӕм кӕй рацыдысты, уымӕй сӕхицӕн фадӕттӕ сарӕзтой Германы сӕйраг горӕт Берлинмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бырсынӕн. 

Ацы хӕстон операцийы рӕстӕг иннӕ цӕрӕн бынӕттимӕ иумӕ 12 мартъийы фашистон ӕфсӕдтӕй суӕгъд кодтой горӕт Кюстрин, горӕты 19 ӕнусы арӕзт фидар та мӕйы кӕронмӕ баззад знаджы къухы. Познаны куыд уыд, афтӕ ам дӕр фидары алыварс ӕмӕ йӕ мидӕгӕй агуыридурӕй амад хӕдзӕрттӕй знаг сарӕзта хӕстон гӕнӕхтӕ. Сгарджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй гарнизоны уыд 2000 ӕфсӕддоны бӕрц. 

Берлин байсыныл хӕсты рӕстӕг инӕлар Хетӕджы- фырт уыд 8-ӕм гвардион ӕфсады 29-ӕм корпусы командир. Размӕбырсӕг корпусы ӕфсӕдтӕ бацахстой Берлины цалдӕр районы, бахызтысты цӕугӕдон Шпрейыл, стӕй къанӕуттӕ Тельтов ӕмӕ Ландверы сӕрты, байстой аэропорт Темпельхоф, ӕфсӕнвӕндаджы дыууӕ вокзалы ӕмӕ императорон канцеляри, бахӕццӕ сты Тиргартенмӕ ӕмӕ афтӕмӕй 3-ӕм ӕфсадӕн баххуыс кодтой Рейхстаджы ал варс район знаджы ӕфсӕдтӕй ӕххӕстӕй ссӕрибар кӕнынӕн. Берлин байсыны тыххӕй 29-ӕм корпусӕн саккаг кодтой Сырх Тырысайы орден. 

Ӕмцӕдисоны хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Советон Цӕдис Японимӕ хӕцын куы райдыдта, уӕд инӕлар-лейтенант Хетӕгкаты Георгийы снысан кодтой Дард Скӕсӕны 1-ӕм фронты 1-ӕм ӕфсады 59-ӕм корпусы командирӕй, ӕмӕ архайдта Харбин байсыныл карз хӕстыты. Бардзырд кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй корпусы командирӕн саккаг кодтой Кутузовы дыккаг къӕпхӕны орден. 

1949 азы Георги иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци Генералон штабы ӕфсӕддон академийы академион уӕлдӕр курсытӕ ӕмӕ уый фӕстӕ разамынд лӕвӕрдта корпусӕн, ӕфсадӕн, ӕфсӕдты цӕгатаг къорд (Польшӕ) ӕмӕ Прибалтикӕйы ӕфсӕддон зылдӕн. Бӕрнон бынӕтты уӕвгӕйӕ, Хетӕджы-фырт стыр ӕвӕрӕн бахаста не ‘фсады хъомыс фӕфидардӕр кӕнынмӕ, йӕ хъӕздыг хӕстон фӕлтӕрддзинадӕй рӕдауӕй хай кодта йӕ дӕлбартӕн, архайдта ӕфсӕдты хӕстхъомдзинад фӕнывылдӕр кӕныныл. Георгийы разамындӕй ӕфсӕддон зылды къухы хӕстон ӕмӕ политикон цӕттӕдзинады ӕфтыд стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ. 1968 азы йын радтой ӕфсады инӕлары цин. 

«Хетӕгкаты Георгийӕ фӕстӕмӕ мӕ заманы ӕфсӕддон зылды командӕгӕнджытӕ уыдысты И.Гусаковский, В.Говоров ӕмӕ А. Майоров. Георгиимӕ абаргӕйӕ, адон уыдысты бынтон ӕндӕр адӕм, — мысыд аст азы дӕргъы Хетӕджы-фыртимӕ бакусӕг, Прибалтикӕйы ӕфсӕддон зылды штабы оперативон уынаффӕйады раздӕры хистӕр афицер Иван Максимов. — Ацы адӕмӕй иуӕй-иутӕ се ‘ргом фылдӕр здӕхтой сӕхицӕн удӕнцойдзинӕдтӕ кӕнынмӕ, Хетӕджы-фырт та, фыццаджыдӕр, архайдта йӕ размӕ ӕвӕрд службӕйы хӕстӕ ӕмбӕлгӕ хуызы ӕххӕст кӕныныл. 

Георги зыдта йӕхицӕн кад кӕнын, фӕлӕ уӕлдай буц митӕ ӕмӕ хинӕйдзаг адӕмы нӕ уарзта. Мӕнгард митӕ ӕнӕрӕдыдӕй хицӕн кодта ӕцӕгдзинадӕй, кӕимӕ службӕ кодта, уыцы адӕмы зӕрдӕхудты никуы бацыд». 

Ӕфсады инӕлар Хетӕгкаты Георги амард 1975 азы 3 сентябры Мӕскуыйы. Кадимӕ йӕ баныгӕдтой Новодевичьейы уӕлмӕрды. Дзӕуджыхъӕуы рагӕй ис ӕфсады инӕлар Хетӕгкаты Георгийы номыл уынг. Фондз азы размӕ йын Алагиры ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕн. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма Советон Цӕдисы Хъӕбатыр, ӕфсады инӕлар Хетӕджы-фырт ноджы стырдӕр кады аккаг у, йӕ ном ма йын иу хатт сӕнусон кӕныны тыххӕй хорз уаид Ирыстоны сӕйраг горӕты йын искуы бюст сӕвӕрын. 

 

БАГАТЫ Аврам. 

 

Æрмæг ист у газет «Рæстдзинадæй» 

 

 



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ