Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

Ирон бæрæгбæттæ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Ацы æрмæг ист у фыссæг Агънаты Гæстæны чиныг "Ирон æгъдæуттæй". Дзæуджыхъæу, Рауагъдад "Урсдон", 1999.  

Зæрдæбынæй арфæ кæнæм авторæн æмæ ма чиныгыл ноджыдæр чи бакуыста, уыдонæн ацы ахсджиаг æмæ бæркадджын куысты фæдыл.  

 

Кучиты Руслан 

 

 
 

 

НОГ АЗ.  

Цыппурсы мæйы æртын фыццæгæмы адæм фæбæрæг кæнынц Ног азы фыццаг бон. Уый дунейы адæмтæн куыд æхсызгон, куыд уарзон бæрæгбон у, ахæм уарзон æмæ æхсызгон бæрæгбон у ирон адæмæн дæр. Сæхи йæм цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Фынгыл æрæвæрынц алы нозтытæ, алы хæринæгтæ, алы дыргьтæ, се 'хсæн - æртæ чъирииы, физонæг. Сывæллæттæ кæмæ ис, уыдон саразынц заз бæлас, сфæлгонц æй кæнынц рæсугьд, æрттивæ хъазæнтæ æмæ цырæгьтæй. 

Ног аз у бинонты бæрæгбон, фæлæ бирæтæ уыцы æхсæв згрбахонынц сзг сыхзггты, сæ хзгстæджыты. Ног азы бадт вæййы хъæлдзæг, фæкафынц, фæзарынц, фæхудынц. Хистæр скувы, цæмæй бинонтæн, сыхбæстæн, ирон адæмæн, æппæт дунейы дзыллæтæн дæр сæ фыдбылызтæ, сæ низтæ зæронд азы баззайой, зæронд азы хорздзинадæй цы уыд, уыдон та Ног азмæ рахизой. 

Ног аз куы ралæууы, уæд фынджы хистæр ногæй æртæ чъирииы скувы, цæмæй Ног аз ног хæрзтæ æрхæсса, бинонтæ æмæ, фынджы алыварс чи бады, уыдоны бафæдзæхсы Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. 

Бадт ахæссы фæсæмбисæхсæвмæ, иу куывд иннæйы фæивы. Алы хæдзарæй дæр цины зæлтæ æмæ цырæгьты рухс тынтæ æддæмæ фæивылынц. 

Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы сæ кæрты дуармæ арт скæнынц. Сыхæгтæй чи куыд раздазр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгьгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгьгæ. 

Аходæн афон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц. 

Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, æмæ ралæууыд тьæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæ¬дзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд. 

 

ДОНЫСКЪÆФÆН.  

Ног азæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм бæрæг кодтой Доныскъæфæн. Ног азы-иу скодтой бирæ алыхуызон басылтæ æмæ-иу сæ Доныскъæфæн бонмæ нывæрдтой. Райсомраджы-иу ног чындз, хæдзары ног чындз нæй, уæд чызджытæй, кæнæ сылгой-мæгтæй исчи басылтæ райста æмæ донмæ ацыд. Цас раздæр ацыдаид, цас раздæр æрбахастаид дон, уыйас хуыздæр. Адæммæ афтæ каст: Доныскъæфæнты дон раздæр чи æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх уыдзæн.  

Дондзау-иу скуывта, Хуыцау æмæ зæдтыл-иу бинонты бафæдзæхста. Куывта æмæ, йемæ цы басылтæ рахаста, уыдоны сæртæ уылæнтæм æппæрста: кæмдæр цæрынц доны чызджытæ æмæ сын барст фæуæнт, аз-азы дæргьы сын сæ бинонтæн æххуыс кæнæнт, хъуаг куыд ницæмæй æййафой. 

Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхтæйæ дæр ницы дзырдта. Донæй-иу хæдзары пъол, къултæ æмæ къуымтæ бапырх кодта. Уыцы донæй-иу скодтой кувинæгтæ, сæхи дæр æхсадтой уыцы донæй. Иу ран-иу дзы ныккодтой, æфтыдтой йæм æмæ дзы азы дæргьы хардз кодтой. 

Доныскъæфæнты цы дон хастой, уый уыд æппæты сыгьдæгдæр кувынæн. Уый уыд удтæ сыгьдæггæнæг дон. Æмæ алы бинонтæ дæр архайдтой, цæмæй уыцы æвæджиауы донæй хæдзарыл тæьддæр сæмбæла, фылдæр фæлæууа. 

 

БЫНАТЫ ХИЦАУЫ ÆХСÆВ.  

Ацы бæрæгбон фæкæнынц тьæнджы мæйы (январы Р.К.) фыццаг кæнæ дыккаг къуырийы æртыццæг æхсæв. Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, алы хæдзар, алы бинонтæн дæр ис йæхи бардуаг. Æмæ цæмæй дæ бынаты амондджынæй, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй цæрай, уый тыххæи йыл дæхи бафæдзæхс, дæ кæстæрты тыххæй йæм батабу кæн. Ирон адæм ын циндзинады алы фынгыл дæр арынц йæ ном, лæгьстæ йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа. 

Раздæр-иу Бынаты Хицауы æхсæвмæ снывонд код¬той кусæрттаг: сæгь кæнæ фыс, ныр арæхдæр аргæвдынц карк кæнæ уасæг. Нывондаг кусарт кæнæ маргь фыхтой афтæ, йæ уæнгтæ æнæхъæнæй куыд баззадаиккой. Куы-иу сфыхт, уæд-иу дзидза сивыры кæнæ æндæр исты кæхцмæ систои, истæмæй-иу æй æрæмбæрзтой, чъиритæ, нозт йæ цуры, æмæ-иу бинонты хистæр скуывта: 

«О Бынаты Хицау, дæ хорзæх нæ уæд! Рæдийын нæ ма бауадз, фыдæхæй нæ бахиз. Адæймагæй, бæхæй, фосæй - нæ сæртæ де уазæг уæнт. Нæ зæрдæбын куывд нын фехъус, нывондæй, хойрагæй, нозтæй дын цы сцæттæ кодтам, уыдон дын барст уæнт. Нæ фæстаг фиддон дын ма фæуæнт...» 

Бынаты Хицауы æхсæвы бæрæгбонмæ цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй æцæгæлонæн хæрыны бар нæй. Уыцы бон уазæгуаты цæуын дæр аив нæу.  

 

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВ.  

Кæддæр, дам, адæм æмæ хæйрæджытæ иумæ цардысты, сæ ныхас кæрæдзиуыл бадт, фæлæ иурæстæджы фæныхмæ сты, æмæ кæд Уастырджи хæйрæджыты фесæфта, уæддæр сæ адæм тарстысты æмæ сын сæрмагондæй сæ ном ардтой. 

Йæ фадат кæмæн амыдта, уый æргæвста сæгь. Сæгь, дам, хæйрæджыты сфæлдыст у æмæ уый адджындæрæн исынц. Чи та-иу аргæвста фыс, уасæг кæнæ карк. Цы-иу аргæвстой, уымæн-иу йæ туг рауæьтой иу ранмæ æмæ-иу æй арф баныгæдтой, кæнæ-иу æй цæугæдоны ауагътой, куыдз кæнæ дзы гæды куыд нæ фæхъæстæ уыдаид, афтæ. 

Æмбисæхсæв-иу хæдзары бинонтæ чысылæй-стырæй кæртмæ рацыдысты. Афтæ дзырдтой, зæгьгæ, дам, уыцы рæстæг хæйрæджытæ хæдзары февзæрынц, ацаходынц кувинæгтæй æмæ æрбайсæфынц. 

Иуцасдæр-иу хæдзары бинонтæ кæрты алæууыдысты, стæй-иу мидæмæ хæдзармæ бацыдысты. 

Бынаты Хицауы æмæ Хæйрæджыты æхсæвы бæрæгбæттæ дзурынц ууыл, æмæ алы хæдзар, алы бынатæн дæр ис йæхи хæрзаудæг бардуаг æмæ хæйрæджы хай. Бынаты Хицауы бардуагмæ батабу кæн, цæмæй дæ хæдзар, дæ бынат амондджын уа, йæ хорзæх уа бынаты. Дæ бынат бафæдзæхс хæйрæджытыл, цæмæй йæм хæстæг ма цæуой, хæдзарæн фыдбылыз ма хæссой. 

Хæйрæджыты æхсæв ныр дæр бирæтæ бæрæг кæнынц. Аргæвдынц карк. Цы хæринаг конд æрцæуы, уымæй хъуамæ бинонтæ йеддæмæ мачи фæхъæстæ уа, науæд, дам, уый хæйрæгæн фæхъыг уыдзæн æмæ сын сæ кувинæгтæ нæ айсдзæн. 

 

НОГБОН.  

Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу у Ногбон. Куы мæйы (январы, Р.К.) дыууадæсæм, куы æртындæсæм, куы цыппæрдæсæм бонмæ æрцæуы. 

Ногбон баст у хурхæтæнимæ. Хистæртæ-иу хуымæтæджы не скуывтой: «Бон куыд даргьдæр кæны, афтæ адаргьдæр уæнт нæ цард, нæ амонд». Ногбоны-иу адæм дзырдтой: «Рæстæг ног цардырдæм акъул».Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта. Фæсивæд арт скæнынмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Уæдæ кæй арт тынгдæр ныррухс кæндзæн? Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æмæ дæсгай æртытæ арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой. Хистæрæй кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Арт-иу сыгьд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загьта: ацы арт куыд басыгьд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афта; фесæфæнт не ‘знæгтæ. 

Ногбоны фынгмæ бинонтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас хуыздæр, уыйас бæркадджындæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон — дынджыр дзаджджын гуыдын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, искæмæн дæттын дзы не 'мбæлд. 

Изæры-иу бинонтæ Ногбоны фынгмæ æрæмбырд сты, æмæ-иу хистæр нæлгоймаг фæкуывта, фæарфæтæ кодта, бинонтæй-иу алкæй дæр бафæдзæхста Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, аз-азы дæргьы амондджын куыд уой, æнæмаст, æнæфыдбылыз, зæрдæрухсæй куыд цæрой. 

Ногбоны сæрмагондæй æртыгай чъиритæ кодтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты Хицауæн, къутутæн, фосæн. 

Бинонтæй хуыздæр къах, амондджындæр къах кæмæн уыд, уый-иу скъæтты фосыл æрзылд. 

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ. Уæ лæг саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа!». 

Бинонтæ-иу Ногбон бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр æддæмæ чи ахызт, уый æрбацыд лыстытæ, хъæмп, кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд, зæгьгæ.  

Ногбон æхсæв-иу сылгоймæгтæ хыссæйæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ æмæ-иу сæ сфыхтой. Хæдзармæ арфæтæ кæнымæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы радтой. 

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбон æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой. 

 

 

КОМАХСÆН.  

Адæймаг æрмæст бахæрын æмæ баназынмæ нæ рантыст ацы дунемæ, хъуамæ рæстæгæй-рæстæгмæ ахъуыды кæна йæ уды сыгьдæгдзинадыл дæр. .Æмæ Комахсæнæн фыццаджы-фыццагдæр ис уыцы нысаниуæг. Бæрæгбон вæййы, Ногбонæй фондз-æхсæз къуырийы куы рацæуы, мæй куы сног вæййы, уæд. Фылдæр хатт вæййы æртхъирæны (февралы, Р.К.) мæйы дыккаг къуырийы Хуыцаубон. 

Бæрæгбон-иу райдыдта цыппæрæмæхсæв. Ахаста-иу дыууæ къуырийы. Фыццаг къуыри - Фыдыкомбæттæн, дыккаг - Урсы къуыри. Алы бонæн дæр - йæхи сæрмагонд нысаниуæг. Фыццаг къуыри-иу райдыдта хуыцаубоны, уæд-иу акусарт кодтой. Æмæ уымæ гæсгæ уыцы бон хуыйны Галæргæвдæн Хуыцаубон. Уæд ма къуырийы дæргьы уыд дзидза хæрæн. Къуырисæр - Алардыйы бон, табу æмæ йын лæгъстæ кодтой, фæдзæхстой йыл сабиты, йе 'ргом сæм куыд никæд раздаха, йæ чъылдыммæ йын кувдзысты. Адæм тарстысты, Алардыйы зæрдæхудты куы бацæуой æмæ сæ куы бафхæра, дзуарæй куы фæрынчын уой. Дыккаг - Уастырджийы бон. Адæм уыдысты хъæлдзæг, зарыдысты, кафыдысты. Цыппæрæмы мысыдысты сæ мæрдты, уыцы бон ма табу кодтой Мыкалгабыртæн дæр, цæмæй бæркадджын, хор æмæ фосæфсæст уой. Уыцы бон кусын не 'мбæлди. Майрæмбон - Мады Майрæмы бон. Сабаты мысыдысты сæ мæрдты, иумæ-иу сын хист скодтой. Къуырийы дæргъы-иу аргæвстой дыууæ-æртæ кусæрттаджы. Уый фæстæ-иу цæттæ кæнын райдыдтой Урсы къуыримæ. Къустæ æмæ иннæ мигæнæнтæ-иу сыгьдзгг ныхсадтой, сойы, дзидзайы фæд сыл куыд нæуал баззайа, уымæн æмæ уæд дзидза æмæ дзидзайæ конд хæринаг хæрæн нал уыд, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринæгтæ. Бæрæгбонмæ-иу сæрмагондæй бацахстой цыхтытæ, фæззæджы-иу царв скодтой æмæ-иу æй нывæрдтой Урсы къуыримæ. 

Хуыцаубоны-иу изæрæй бинонтæм æнхъæлмæ каст дзаджджын фынг. Къуырисæры дардтой мархо, æхсæвæрæн-иу сцæттæ кодтой мисын, чъиритæ, хъайла, урсагæй конд хæринæгтæ. 

Урсы къуыри ныр адæм фылдæр зонынц Цæрвхæрæнтæй. Чъиритæ-иу царвæй парахат байсæрстой. Фæззæджы Цæрвхæрæнтæм цы царв сæвæрдтой, уый-иу систой. Уымæй фыццæаг бахæрыны бар уыди бинонты кæстæрæн. 

Комахсæны бæрæгбон ныр адæм фыццаджы хуызæн нал кæнынц, фæлæ бынтон рохуаты дæр нæ баззад. 

 

КОМБÆТТÆН.  

Æртъхъирæны мæйы Цæрвхæрæнты къуыри куы ахицæн вæййы, уæд къуырисæры райдайы Комбæттæн. Раздæр ирон адæмæй бирæтæ дардтой ком, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринаг. Дыццæджы мархо дардтой Уастырджийы тыххæй. Мархо дардтой нæлтоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæгтæ дæр. Æртыццæджы ком дардтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ, хуыдтой йæ цъиуты комдарæн. Сæ ком-иу куы суагьтой, уæд-иу скуывтой, цæмæй сæ мæргьтæ æнæфыдбылыз уой, фылдæрæй-фылдæр кæной, хорз хъуыддæгтæн хъæуой. Цыппæрæм уыд Рæстмæйы бон. Ком дардтой нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр. Сæ ком-иу куы суагьтой, уæд скуывтой, цæмæй сын рæстмæгæнджытæ, ома дзуæрттæ сæ хъуыддæгтæ рæстмæ кæной, фидæн аз сыл хуыздæрæй æрцæуа. 

 

СТЫР ТУТЫР.  

Мархо дарыны фыццаг бон æрцæуы Тутыры бæрæгбонмæ, ахæссы æнæхъæн къуыри. Хонынц ма йæ уалдзæджы Тутыр, Стыр Тутыр. Тутыр фыццаджы-фыццагдæр у бирæгьты бардуаг. Адæмон сфæлдыстады куыд у, афтæмæй бирæгътæ канд йæ коммæ нæ кастысты, фæлæ, дам, ма йын суанг йæ къæхтæ дæр сдæрдтой. Тутыры къуыри уæлдай тынгдæр ком дардтой къуырисæры, фæссихормæ-иу хистæрæй, кæстæрæй, нæлгоймагæй, сылтоймагæй дон дæр ничи банызта. Хистæртæ-иу Ныхасы æрæмбырд сты æмæ таурæгьтæ кодтой, лæппутæ-иу сæм хъуыстой. Уыцы бон ничи куыста. 

Тутыры бæрæгбонты арæзтой алы кусæнгæрзтæ. Дзырдтой, зæгьгæ, дам, Тутыры бæрæгбон цы хъæд ракæнай, цы дзаума саразай, уый фидардæр, амондджындæр уыдзæн, цæстдзыдæй йын тас нæ уыдзæн. 

Тутыры бæрæгбонты сывæллæтты хæдæтты рахизырдыгæй кодтой сырх æндахæй дзуары хуызæн сынчытæ, хуыдтой сæ Тутыры сынчытæ, арæзтой Тутыры чингуытæ. Нæ фыдæлтæм гæсгæ, уыдон сабиты хъахъхъæдтой фыдбылызæй æмæ фыдцæстæй. 

Бæрæгбæтты йæ хорæй ничи лæвæрдта, уæд азы дæргьы æбæркад уыдзыстæм, зæгьгæ. Бæрæгбоны чъиритæ кардæй нæ лыг кодтой. Тутыры зæрдæ ныл куы фæхуда, зæгьгæ-иу сæ къухæй асастой. 

Тутыры бонтæ, уæлдайдæр фыццаг æртæ боны, уæлдай кадджын уыдысты. Ирон адæмы фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, уæд цы загьтаис æмæ цы сфæнд кодтаис, уый æнæмæнгæй сæххæст уыдзæн. Уыцы бонты туджджынтæ сæ туг нæ истой, уыцы бонты цыфæнды æнæхатыр знæгтæ дæр сабыр уыдысты. 

Тутыры бæрæгбæтты цы сывæллæттæ райгуырд, уыдон нымад уыдысты стыр амондджыныл. 

Тутыр æрмæст бирæгьты бардуаг нæу, уый у уæларвон цæрæг, Хуыцауæй адæмæн хорздзинæдтæ курæг. Адæмы хъахъхъæны алы низтæй, фылдæр сын кæны сæ фос, æххуыс сын кæны зæххы куысты. Фæлæ кæмæ смæсты вæййы, уымæн йæ фос бирæгьты амæттаг бакæны. Йæхæдæг бирæгьтæм куы смæсты уа, уæд та сын цуанæттæй фервæзæн нал ис. 

Тутыры бæрæгбон баст у азы афонимæ, зæххы, фосдарыны, уалдзæджы куыстытимæ. Бæрæгбон ныр дæр адæмæй рох нæу. 

Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы тæргæйтты (февралы) мæймæ.  

 

КУАДЗÆН.  

Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. 325 азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг - æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæрæг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц. 

Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмæонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзæ кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суæьта. Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. 

Бинонтæ-иу фынджы уæлхъус куы 'рбадтысты, уæд-иу хæдзары хистæр скуывта: «Чырысти, кæм дæ, уыцы дзæнæты бæстæйæ ахъаз бакæн, дæ номыл ком чи бадардта, уыдонæн æцæг дунейы бынæттæ дæттыс, æмæ мæ мæгуыр бинонтæ дæуæн кад кæнгæйæ суанг сабийы онг иууылдæр ком фæдардтой. Барст дын уæд нæ комдард æмæ дзæнæты бынæттæ скæн махæн дæр æмæ нæ байзæддæгтæн дæр». 

Ссардта-иу Барастыры ном. Уый у Мæрдты бæстæйы хицау, æмæ йын цы нывонд скодтой, уый йын барст уæд, батабу кæнæд Чырыстийæн, цæмæй хорз бынæттæ саккаг кæна зæронд мæрдтæн, стæй рæхджы æцæг дунемæ чи ацæуа, уыдонæн дæр. 

Куадзæны бон-иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагьд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæн-мæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ. 

 

 

ТАРАНДЖЕЛОЗ.  

Ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу у Таранджелоз. Нарты хъæбатыртæй иу -Батырадз — куы фæмард, уазд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз.  

Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Иæ кувæндон ис Тырсыгомы, бæрзонд хохы сæр. Бæрæгбон фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны. 

Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг. Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, æрхонынц сыхæгты. 

Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ-иу æй аластой æмæ-иу æй уым аргæвстой. Бæразгбон-иу ахаста цалдæр боны. Арахъ æмæ-иу бæгæны рагацау скодтой æмæ-иу хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд-иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой-иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты. 

Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц, фылдæр хатт майы мæйы. 

 

НИККОЛА.  

Ирон адæмы рагондæр бардуæгтæй иу у Никкола. Афтæ рагон у, æмæ махмæ æрбацыд алантæй. Уый у, зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Кæд зæдтимæ цæры, уæддæр зæхмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимаæ хуым фæкæны, хосгæрдджытимæ хос фæкæрды, æндæр хъæууонхæдзарадон куыстытæ куы бахъæуы, уæд та уыдон фæкæны.  

Алы уалдзæг хуымгæнæнты размæ алы хъæу дæр Никколайы бæрæгбон æргæвстой æхсæны мысайнæгтæй æлхæд нæл фыс. Æмæ дзуармæ куывтой, цæмæй хорз рæстæг скæна, цæмæй сæ уыгæрдæнты, сæ сæрвæтты хорз кæрдæг æрзайа, сæ хуымтæй фæззæг хъæздыг тыллæг сисой, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм æнæниз æмæ амондджын уой. 

 

РЕКОМ  

Реком у Ирыстоны зындгонддæр бæрæгбонтæй иу, ахæссы æнæхъæн къуыри. Раздæр Рекомы кувæндонмæ адæм цыдысты Ирыстоны алы хъæутæй, уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой Уæлладжыргомы цæрджытæ. Йæ бæрæгбон раздæр æмæ ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт. 

Ивгьуыд æнусты Рекомы кувæндонмæ уый бæрц адæм цыд, æмæ-иу йæ цурты къах айсæн нал уыд. Уый уыд ирон адæмæн Олимпаг хъæзтыты хуызазн. Уæдæ чи хуыздæр акафдзæн? Уæдæ чи хуыздæр азардзæн? Уæдæ йæ бæхыл чи хуыздæр ахъаздзæн? Уæдæ чи рæстдзæвиндæр разындзæн? Уæдæ хъæбысæй чи хуыздæр рахæцдзæн? Уæдæ бæхты дугьы чи фæразæй уыдзæн... 

Рекомы кувæндонмæ æрмæст ирæттæ нæ цыдысты, сæхи йыл фæдзæхстой гуырдзыйæ дæр бирæ адæм. Чи зоны, уыдон уыдысты, кæддæр Гуырдзымæ чи афтыд æмæ чи сгуырдзиаг, ахæм ирæттæ, фæлæ сæ фыдæлты туг нæма фесæфт æмæ сæхи фæдзæхстой ирон адæмы барджын, ирон адæмы кадджын дзуарыл. 

Зæгьынц, гуырдзиæгтæ, дам, Рекомы кувæндонмæ рацæйцыдысты. Бинонтæ: лæг, ус æмæ се 'нахъом сывæллон, - семæ кусæрттæ рацæйкодтой. Фыс цы бæттæнæй баст уыди, уым цыдæр æгьдауæй разынд хуыйы хъис. Лæг æмæ ус ницы зыдтой, иннæ адæмимæ сæ цыды кой кодтои. Æфцæгмæ куы æрхæццæ сты, Рекомы кувæндонмæ куы баввахс сты, уæд, дам, бинонтæ дуртæ фестадысты. Реком, фысы бæттæны хуыйы хъис кæй разынд, уый бинонтæн нæ ныххатыр кодта. 

Рекомы алыварс бирæ мыггæгтæн уыди дурæй конд рæстæгмæйы хаздзазрттæ. Бæрæгбоны-иу уыдысты уым. Дынджыр æрхуы æгты-иу сфыхтой бæзгæны. Чи гал æргæвста, чи фыс. Алы хъæуæн дæр уыд йæхи куывд, æмæ адæм кæрæдзийæн нуазæнтæ æрвыстой, кæрæдзийы хуыдтой. Æнæхъæн дзыллæтæ-иу кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ кувæндоны алыварс заргæ зылдысты. 

Рекомы кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты, сæ кувинæгтæ-иу барвыстой æмæ-иу сæ дзуары лæгтæ скуывтой. Алы хъæу дæр азвзазрста дзуары лæг. Уый йæ хъус дардта, бæрæгбон куыд цæуы, уымæ. Адæмы кувинæгтæ куывта, сæ мысайнæгтæ сын æвæрдта кувæндоны. 

Адæм бирæ кæй уыдысты, уый тыххæй-иу афтæ дæр рауад, æмæ дзуары лæгтæ адæмыл зылдысты æмæ мысайнæгтæ æмбырд кодтой. Сæ къухты — чысыл урс тырысатæ, цыдысты бæгьæввадæй, æнæ худтæй. 

Ивгьуыд рæстæджыты мысайнаг чи фат æвæрдта, чи æрдын, чи цæппузыр, чи фæрдыг, чи æвзист кæнæ æрхуы æхца. 

Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон арæзт æрцыд 1382 азы. Сарæзтой йæ, æнусты дæргьы æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм æнахуыр хъæдæй. 

Ис ахæм таурæгь, зæгьгæ, раджы кæддæр Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм хъæдæрмæгæй. Ахæм бæлæстæ та зади æрмæстдæр Рекомы фæсхох хъæды. Уастырджи йæ галтæн ныффæдзæхста цъитиджын хæхты сæрты ахизын, уыцы хъæдмæ фæцæуын æмæ уырдыгæй хъæдтæ æрласын. Бæлæстæ сæхæдæг калдысты, уæрдæттæ сæхæдæг дзаг кодтой, æмæ галтæ уыцы æнахуыр хъæдæрмæг амынд фæндагыл ластой. Кувæндоны бынаты-иу уæрдæттæ сæхæдæг равдæлон сты, галтæ та фæстæмæ Уастырджимæ здæхтысты. Уыйадыл, зæгьы, Рекомы кувæндон сырæзт æнæ адæймаджы æххуысæй... 

Рекомы бæрæгбон ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт, фæдзурынц сыхæгтæм, хионтæм æмæ фæбадынц, фæкувынц, фæзарынц.  

Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы хурхæтæны (июны) мæймæ. 

 

КÆРДÆГХÆССÆН  

Кæрдæгхæссæн вæййы, Куадзæнæй дæс æмæ ссæдз боны куы рацæуы, уæд, - хурхæтæны мæйы, арæхдæр æрцæуы мæйы фыццаг хуыцаубонмæ. 

Кæрдæгхæссæн у уалдзæдæы фæстаг бæрæгбон. Æрдз йæ хуыз раивы, цъæх дарæс скæны, кæрдæдæы уындæй зæрдæ рухс кæны, ног хоры азвзартæ арвы цъæх хъæбыс-мæ сæхи ивазынц... 

Ивгьуыд рæстæдæыты бæрæгбонмæ рагацау цæттæ кодтой. Къуыри раздæр-иу мæнæу бæстон ныхсадтой, куы бахус, уæд-иу æй æрыссадтой æмæ уымæй чъиритæ кодтой. Аргæвстой-иу фыс кæнæ далыс. 

Хъæуы цæрдæытæ-иу сæ кувинæгтимæ быдырмæ ацы-дысты. Æртыгай чъиритæн сæ фылдæр — цæхæрадæынтæ. Хистæр-иу скуывта, цæмæй хор æмæ фосæфсæст уой, сæ аз сыл дзæбæхæй куыд ацæуа, фæззæдæы сæ зæххытæй хорз тыллæг куыд сисой. 

Кæрдæгхæссæны Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кодтой стыр дзадæдæын чъири - гуыдын, уыд тынг хæрзад, хæрынæн бæзгæ ног кæрдæдæытæй æмæ ног зайæгойтæй. Гуыдынæй хъуамæ бинонтæй алчидæр ацахуыстаид, æцæгæлонæн дзы хæрын нæ фæччыди. 

Куывддзаутæ-иу сæ хæдзазрттæм куы здæхтысты, уæд-иу семæ æрбахастой алы кæрдæдæытæ æмæ дидиндæытæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты ныппырх кодтой. 

Кæрдæгхæссæны бæрæгбон ныр дæр бирæ адæм кæнынц, уæлдайдæр хæхбæсты æмæ быдыры хъæуты. 

 

ДАУДЖЫТЫ БОН  

Даудæыты Бон вæййы, Кæрдæгхæссæнæй иу къуыри куы рацæуы, уæд, хуыцаубоны. Скæнынц арахъ, бахсидынц бæгæны. Кæмæн куыд йæ фадат уыд, ахæм кусарт-иу акодта, фæлæ арæхдæр æрæгвстой уæрык. 

Бæрæгбоны фынгыл - æртæ чъирииы æмæ кусарты хуылфыдзаумæттæй физонæг, афтæмæй-иу скуывтой Даудæытæм. 

Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг-иу скуывта Даудæытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй азмæ сын æртыгайдзыхæттæй куыд кувой. Стæй-иу сбадтысты, алы æртæ адæймагæн дæр - фынг, æмæ райдыдта куывд. 

Кувæг адæм уыдысты алы хъæутæй æмæ кæрæдзийæн арфæйы нуазæнтæ æрвыстой. Бадт æрдæгмæ фæхæццæ кæны, зæгьгæ, уæд-иу лæппу-фæсивæд сыстадысты æмæ чыздæытимæ нæртон хъазт сарæзтой. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иу фынгыл нæ бадтысты. 

Куывддзаутæ-иу хъæутæм куы здæхтысты, уæд-иу хъæзтытæ сарæзтой. 

Хистæртæй алчидæр йæхицæн хæсыл нымадта, цæмæй бæрæгбоны йæ сыхæгты йæ хæдзармæ æрбахона æмæ сæ хорз фæхынца. 

Даудæыты бæрæгбон ныр фыццадæы хуызæн арæх нал кæнынц. 

 

 

УАЦИЛЛА  

Уацилла ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы. Тыллæдæы, хоры, зæххыл адæймадæы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг, арвнæрды бардуаг у. 

Уациллайыл сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн. 

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары, уæддæр Уациллайæн лæгъстæ кæнынц. 

Хистæр цины куывды бады, æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй гаджидау ма рауадза, уый арæх нæ вæййы. 

Уациллайы бæрæгбон кæнынц алы комы дæр, быдыры хъæуты, горæтты. Ис ын бирæ кувæндæттæ, фæлæ йæ сæйрæ кувæндон ис Дæргьæвсы, Тбауы хохы. Иæ бæрæгбон арæхдæр вæййы, Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд. Ахæссы цалдæр боны. Бирæтæ Уациллайы бæрæгбон кусарт акæнынц. Раздæрты, цыфæнды æнæбон бинонтæ уыдаиккой, уæддæр-иу уæрыкк ма аргæвстаиккой, уый гæнæн нæ уыд. Уациллайы бæрæгбон йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæйæ. Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф хыссæма; куыд нæ фæхæццæ уыдаид, афтæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой. 

Кусарт-иу куы кодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуа, се 'ртæ чъирийы сын барстæн айса. Кусæрттагæн-иу цæхх радтой. Йæ сæр-иу ын куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, йæ тæф куыд рацæуа, афтæ, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой. 

Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Кувæндонмæ хæстæг-иу æрлæууыдысты: дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн, уымæн æмæ Уацилла у карз, æнæхатыр дзуар. Йæ кувæндонмæ æнæ хъуыддагæй чи ссæуа, уымæн æй нæ ныббардзæн, адæймадæы бакуырм кæндзæн. 

Уациллайы бæрæгбоны-иу кувæндоны къусы дзаг бæгæны сæвæрдтой. Кæд афæдзмæ бæгæны нæ фæкъаддæр, уæд амондджын аз уыдзæн. Кæд фæкъаддæр, уæд хорз аз нæ уыдзæн. Адæм-иу дзуары лæджы рацыдмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, уæдæ нын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ. Дзуары лæг-иу бæгæны акалдта, æмæ-иу къус фæстæмæ ног бæгæныйæ байдзаг кодта, йæхæдæг-иу куывддзаутимæ хъæумæ рацыд æмæ-иу адæмæн хабар фехъусын кодта. 

Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу дзуары лæг æхсæвы кувæндоны баззад. Уыцы 'хсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы. Бæгæны кæд Ирыстонырдæм акæла, уæд уый амоны: ома, ирон адæм хорæфсæст уыдзысты, сæ зæххытæй сисдзысты хъæздыг тыллæг, сæ аз ацæудзæн æнæфыдбылызæй, æнæмастæй. 

Уациллайы бæрæгбон ирон адæм абон дæр бæрæг кæнынц, Иæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ йын йæ ном ссары. Бирæ хъæуты скæнынц хъæугуывдтæ. Аргæвдынц гал кæнæ род, фыс. Уыцы бонмæ сæрмагондæй сфыцынц бæгæны æмæ рауадзынц арахъ, фæкувынц, фæбадынц, фæзарынц. 

 

КÆХЦГÆНÆН.  

Ирон адæмæй ацы бæрæгбон чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм нæй. Вæййы сусæны (июлы) мæйы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон афтæ кадджын уыди, æмæ бирæтæ уыцы мæй Кæхцгæнæны мæй хуыдтой. 

Алы ноггуырд лæппуйæн дæр скæнынц кæхц. Раздæрты æрмæстдæр фыццаг лæппуйæн кодтой кæхц, фæлæ куыдфæстæмæ кæхц кæнын райдыдтой алы ноггуырд лæппуйæн дæр. Ноггуырд лæппуйы фæзынд ирон хæдзары стыр хъуыддаг уыди, уымæн æмæ хæххон фыдуавæрты сæйраг уæз нæлгоймагыл хауд, уый уыди бинонтæн сæ ныфс, сæ дарæг. 

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу, фыццаг лæппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йæ сывæллонимæ хуынимæ йæ цæгатмæ кæхцагур арвыстой. Чызджы бинонтæ-иу хуынмæ сыхæгты æрхуыдтой, чызгæн йемæ чи уыд, уыдонæн-иу фæарфæтæ кодтой, хорз-иу сæ сбуц кодтой. 

Чызджы цæгат-иу, сывæллонæн цыдæриддæр хъуыд, уыдон сцæттæ кодтой. Бонджындæртæ сæ хæрæфыртæн лæвар кодтой бæх кæнæ байраг, науæд гал. Мæгуырдæр чи уыд, уыдон та-иу ын йемæ арвыстой хуын, кусæрттаг — фыр. Чызгæн-иу хæстæджытæ, зонгæтæ, сыхæгтæ алы лæвæрттæ кодтой. 

Æрыгон мадмæ-иу цы æрæмбырд, уыдон-иу уæрдоны сæвæрдтой, лæвар байраг кæнæ гал-иу уæрдоны фæстæ бабастой, лыстæг фос дæр скъæрдтой фæсте, æмæ-иу æй йæ хæдзармæ арвыстой. 

Кæхцагур сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты хуыцаубоны, æмæ-иу адæм æнхъæлмæ кастысты, уæдæ сывæллонæн йæ мадырвадæлтæ цы балæвар кодтой, зæгь-гæ. Кæд æмæ-иу сывæллонæн ницы балæвар кодтой, уæд-иу йæ бон уыд, куы бахъомыл, уæд йæ мадырвадæлтæй бæх аскъæрын. Афтæ дæр-иу уыд, æмæ, мадырвадæлтæм бæх нæй, зæгъгæ, уæд-иу лæппу, мадырвадæлты 'рдыгæй уæнгхæстæгдæр чи уыд, уыдонæй аскъæрдта бæх. 

Лæппуйы хæдзар дæр-иу сцæттæ кодтой сæхи кæхцгæнæнтæм, аргæвстой-иу уæныг, кæнæ фыркъа, кæмæн йæ фадат куыд амыдта, афтæ. Куывдмæ-иу æрхуыдтой хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты.  

Фынджы хистæрмæ-иу бахастой лæппуйы ногнадæй, ног уæлæдарæсы, æмæ-иу ын йæ мадырвадæлтæ цы хуын рарвыстой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мады Майрæммæ, Уастырджимæ. Хистæр-иу куы фæци куывд, уæд-иу сывæллоны райста, йæ рахиз къухы æнгуылдз ын-иу дзыккайы къусы атъыста. 

Кæхц не скæнын худинаг уыди, стæй-иу афтæ дæр дзырдтой, зæгьгæ, Кæхцгæнæны арфæтæ кæй номыл нæ уа, уыцы лæппу рынчынтæгæнаг уыдзæн. Уымæ гæсгæ-иу кæхц скæнын афоныл кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу æй фæстæдæр дæр сарæзтой. 

Куыдфæстæмæ сылгоймаг йæ цæгатмæ кæхцагур нал цыд, цæгат сæхæдæг райдыдтой кæхц хæссын. Чызджы бинонтæ хуын саразынц, ноггуырдæн алы дзаумæттæ æмæ хъазæнтæ балхæнынц, семæ æрбаласынц кусæрттаг — фыс. Лæппуйы хæдзармæ æрæмбырд вæййынц хионтæ, сыхæгтæ æмæ сæ уазджыты сбуц кæнынц. 

 

 

ДЖЕОРГУЫБА. 

Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Фæлæ уыцы дзуæртты 'хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццатты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр, цыфæнды уавæры дæр йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Уæдæ ахæм цины фынг дæр нæма уыд, æмæ Хуыцауы фæстæ куывд Уастырджийы тыххæй ма рацæуа. 

 

Уастырджи ирон адæммæ æрбацыд сæ рагфыдæлтæ — нартæй, цард радта нæртон сылгоймæгты фидауц Сатанайæн... 

Адæмæн сæ уарзон зæд, сæ уарзон дзуар хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Фырбуцæн æй хонынц «Сызгъæрин Уастырджи», «Хъæбатыр Уастыр¬джи», «Сызгьæринбазыр Уастырджи». У бæрзонд, фæтæнуæхск, хæрзконд урсзачъе лæг, бады урс æфсургьыл... Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй «Лæггы дзуар». 

 

Æвæццæгæн, Ирыстоны иу ахæм ком, иу ахæм хъæу нæ разындзæн, Уастырджийы кувæндон кæм нæй. Рекомы æмæ Ныхасы, Хетæджы æмæ Дзывгъисы, Къобы æмæ Хур-Хоры, Джер æмæ Дыгуры Уастырджи... 

Уастырджи афтæ кадджын уыд нæ фыдæлтæм, æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл — Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын уыцы мæйы, дæр ис сæрагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри - Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Уастырдæийы кувæн къуыри. Бæрæгбон фылдæр хатг æрцæуы мæйы нудæсæм, ссæдзæм кæнæ иу æмæ ссæдзæм бонмæ. 

 

Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал, уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц. 

Бæрæгбон ахæссы къуыри. Хуыцаубон — фæдзæхсæн бон, къуырисæр — йе 'рвитæн изæр. Уыцы бон дæр хæдзары скæнынц æртæ чъирийы, æмæ бинонты хистæр йæ кæстæрты бафæдзæхсы Уастырджийыл, азæй-азмæ бинонтæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæмастæй куыд æмбæлой, кæстæртæ амондджын куыд уой, иннæ аз Уастырджийæн ноджы стырдæр кусарт куыд акæной. 

Уастырджийы бонтæ æрцæуынц фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор. Ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. Чызгæрвыстытæ æмæ чындзæхсæвтæ уæлдай арæхдæр вæййынц Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбайы бæрæгбон. 

 

Фæстаг азты Джеоргуыбайы бæрæгбон ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. Алы хæдзар, алы бинонтæ дæр æм рагацау сæхи бацæттæ кæнынц, кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ кусарт акæны. Æрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц сыхкуывдтæ, хъæугуывдтæ. 

 

 

ДЫГУРЫ ЗÆД.  

Кæддæр, дам, Астанты мыггагæй чидæр федта зæд тæхгæ æмæ сфæнд кодта йæ фæдыл ацæуын. Бафтыд иу стыр лæгæтмæ. Лæгæты астæу рæхысыл уыд аг ауыгъд. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат ссис Дыгуры зæды кувæндон. Кувæндон ис Задæлескы цæгатварс Седанты мæсыгмæ хæстæг æрдзон лæгæты. Йæ фæзуат у цыппарыссæдз квадратон метры. 

Дыгуры зæды бæрæгбон вæййы сусæны мæйы. Алы аз дæр куывдмæ бацæттæ кæныны æгьдау фæкæнынц радыгай, æртыгай хаздзæрттæй. Раздæр-иу сабаты изæрæй æргæвстой нывонд гал. Ныр та, йæ рад кæмæн у, уыдон раттынц фæйнæ фысы. Æртæ хæдзары нæлгоймæгтæй къухæй хуыздæр чи арæхсы, уый рæсугъд къæбæл скæны æмæ йыл аз ныффыссы, стæй иæ кувæндоны нывæрынц. 

Азы дæргъы лæппу кæмæн райгуыры, йæ бæлццон æфсадæй кæнæ æндæр искæцæй кæмæн ссæуы, уый бæрæгбоны кувæндонмæ сæрмагондæй æрбахæссы кусарт, чъиритæ, арахъ, бæгæны. Хистæртæ фæкувынц, цæмæй адæм æнæниз, æнæфыдбылызæй цæрой, Дыгуры зæды хорзæх сæ уа. 

 

ХОХЫ ДЗУАР.  

Фыдæй-фыртмæ ирон адæм хæхбæстимæ баст сты, уырдыгæй рацыдысты быдыры хъæутæм, уым сты сæ уидæгтæ, уырдыгæй рахастой сæ фарн, сæ удысконд. Абон дæр ирон адæймагæн хæхбæстæ сты йæ царды иу хай, æнæ хæхтæ ирон адæймаг ирон адæймаг нæу. Раздæр та... Адæймагæн æхсæвæй-бонæй, зымæгæй-сæрдæй йæ цард кæм цыд, уадз бæрзонд айнæг къæдзæхтæ дæр фæуæнт, уыдон ын зынаргъ куыд нæ уыдысты! Æмæ ирон адæмы фыдæлтæ куывтой хæхбæстæм, хохы дзуæрттыл фæдзæхстой сæхи. 

Ирыстоны кæмтты бирæ ис Хохы дзуары кувæндæттæ. Дзуары бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы сусæны мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. Кувæндонмæ аласынц æртæ чъирийы, арахъ, бæгæны, кусæрттаджы рахиз фарсы æртæ фæрскæй физонæг. Кувинæгтæ дзуары лæгмæ раттынц, æмæ сæ уый скувы, цæмæй бинонты, адæмы Хохы дзуары хорзæх уа, нæ фыдæлтæй нæм цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон ма фесæфой, хæхтæ æнусты дæргъы куыд фидар лæууынц, афтæ фидар лæууой адæм, цыфæнды зындзинæдты дæр макæд фæцудой, хор æмæ фосæфсæст уой. 

Раджы дæр Хохы дзуары бæрæгбон хъæлдзæг уыд. Адæм зарыдысты, кафыдысты, лæппу-фæсивæд бæхтыл сæ арæхстдзинад æвдыстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. 

Хохы дзуары бæрæгбон ныр дæр адæмæй рох нæу. 

 

ЗАДАЛЕСКЫ НАНАЙЫ БÆРÆГБОН.  

Ацы хабар раджы уыд. Тæтæр-мангол аланты зæхмæ куы 'рбабырстой æмæ сын сæ хъæутыл, сæ цæрæндæттыл арт куы бафтыдтой, уæд. Иу ацæргæ сылгоимаг — Нана йæ хуыдтой, уæдæ цæмæй аланты мыггаг быныскъуыд ма фæуа, ма фесæфа, зæгъгæ, хъæутыл зылд, æмæ ма дзы цы сидзæр сывæллæттæ баззад, уыдон æмбырд кодта æмæ сæ сусæгæй хæхбæстæм кодта. Сылгоимаг сывæллæтты хаста алы хъæддаг дыргътæй, уидæгтæй, цыбыр-дзырдæй, йæ къухы цы æфтыд, уымæй. 

Иу бон Нана æрбафтыд Задæлескмæ, Текъиты хæдзармæ. Фысымтæн цас сæ амал уыд, афтæ йæ барæвдыдтой. Уыдис, дам, ахæм зæгъджытæ дæр, цæй æмæ сывæллæтты хæдзæрттыл байуарæм, науæд фесæфдзысты, зæгъгæ, фæлæ Нана не сразы. Æмæ уæд хъæубæстæ бавдæлдысты æмæ сын сарæзтой хæдзар, уый æдде ма кæмæн куыд йæ бон уыди, афтæ æххуыс кодтой сабитæн. 

Цыд рæстæг. Рахъомыл сты сабитæ. Чызджытæ сæ амонд ссардтои, лæппутæ бинойнæгтæ æрхастой. Нанайы иу хæдзарæй рауад цалдæр хæдзары. 

Хъæуы цæрджытæ бауарзтой фæлмæн, ныфсхаст адæймагуарзон сылгоймаджы. Нана адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ, куы амард, уæд ын йæ хæдзарæй скодтой кувæндон. Æмæ уæдæй абонмæ Задæлескы алы аз дæр сусæны мæйы æртыккаг сабаты фæкæнынц йæ бæрæгбон. Куывд цæттæ кæнынц радыгай æртæ хæдзары. Уыцы æртæ хаздзары фæйнæ фысы саккаг кæнынц бæрæгбонмæ, сфыцынц бæгæны, рауадзынц арахъ. Бæрæгбон цæмæй аив, рæсугъд ацæуа, уый тыххæй се 'ппæт хъарутæй дæр бацархайынц. 

Чызг кæй хæдзары райгуырд, уый кувæндоны акæны кусарт. 

Бæрæгбоны хистæр ракувы сывæллæтты, рæзинаг фæлтæры цардамонды тыххæй, бафаздзæхсы сæ Нанайыл, цæмæй æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой, царды гуыр-гьахъ фæндæгтыл макæд фæкæлой. 

Балцы цæуынмæ чи фæхъавы, уыдон мысайнаг æмæ чъиритæ схæссынц кувæндонмæ, хистæр сылгоймаг скувы, цæмæй амонддæын фæндагыл ацæуой, сæ къах дæр макæм бакъуырой, фæстæмæ сæ хæдзæрттыл дзæбæх, æнæнизазй сæмбæлой. 

Задæлескы Нанайы бæрæгбон фыццаджыдæр баст у сылгоймагимæ, фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, йæ хорз фидæнæн. 

 

ХУЫЦАУЫ ДЗУАР.  

Ирон адæм сæхи цы дзуæрттыл фæдзæхстой æмæ фæдзæхсынц, уыдонæн сæ кадджындæртæй иу у Хуыцауы дзуар. Хæхбæсты ахæм хъæу нæй, æмæ йæ номыл кувæндон кæм нæ ис. Иутæ бæрæгбон кодтой сусæны мæйы æртыккаг кæнæ цыппæрæм хуыцаубоны, иннæтæ та кæфты мæйы. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой сылгоймæгтæ. Чындз-иу чи æрхаста, йæ хаздзары сывæллон кæмæн фæзынд, уыдон-иу Хуыцауы дзуары бæрæгбоны сæрмагондæй акодтой кусарт. 

Хуыцауы дзуары номыл арæзтой хъæугуывд, æргæвстой гал. Адæм дзуары бынмæ цыдысты кувинæгтимæ. Фæсивæд-иу сарæзтой стыр хъазт, лæппутæ-иу бæхтыл хъазыдысты, алчидæр архайдта йæ арæхстдзинад равдисыныл. Хуыздæр-иу чи ахъазыд, дугьы-иу чи фæразæй, бæхыл бадынæй хуыздæр арæхстдзинад чи равдыстаид, уыдонæн лæвæрдтой кады нуазæн — бæгæныйы къус. Хуыцауы дзуары бæрæгбон уыцы лæппу йæ бæхыл стыр арæхстдзинад равдыста, зæгъгæ, уый стыр кад уыди. 

Циндзинад-иу ахаста изæрмæ. Хуыцауы дзуары бынмæ кувинæгтимæ чи цыд, уыдонæн фæстæмæ æвæрдтой фæдзæхсæн - нозтæй дæр, чъиритæй дæр, физонæгазй дæр. 

Кувæндонмæ æд хъама, æд дамбаца нæ цыдысты, йæ цурты-иу чи фæцæйцыд, уый-иу йæ худ систа, бæхыл бады, уæд-иу йæ бæхæй æрхызт. 

Ныртæккæ дæр Ирыстоны бирæ рæтты ис Хуыцауы дзуары кувæндæттæ. Фæстаг рæстæг уæлдай хъуыстгонддæр у, Дзæуджыхъæуы сæрмæ цы кувæндон ис, уый. Иæ бæрæгбон æм алы аз дæр æрбацæуы бирæ адæм. Æмæ канд горæтæй нæ, фæлæ горæтмæ хæстæг хъæутæй дæр. Адæм вæййынц хъæлдзæг, фæзарынц, фæкафынц. Хуыцауы дзуары бæрæгбон ссис Дзæуджыхъазуы ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. 

Хуыцауы дзуары бæрæгбон стыр хъæугуывдтæ вæййы Хъарманы, Дæргъæвсы æмæ иннæ хъæуты. 

 

НЫХАСЫ УАСТЫРДЖИ.  

Уастырджийы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Уыдонæн сæ зындгонддæртæй иу у Ныхасы Уастырджи. Уазлладжыргоммæ бæлццон цæуы кæнæ фæстæмæ здæхы æмæ Тæмисчъы сæрмæ, Ныхасы Уастырджийы кувæндон кæм ис, уым ма 'рлæууа, Уастырджийыл йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Циндзинады фынгыл хистæр кувы, æмæ Ныхасы Уастырджийы ном ма ссара, уымæн уæвæн нæй. 

Ныхасы Уастырджийы кувæндон фæзынд нудæсæм æнусы астæу. Уæд арæзт æрцыд Ирыстонæй Фæскавказмæ фæндаг. Уый стыр цау уыди канд ирон адæмы царды нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы адæмты царды дæр; фадат сын фæци кæрæдзийы базонынæн. Уыцы рæстæг адæм хæхбæстæй быдыртæм ивылын райдыдтой. Фæндагыл арæх цыдысты зæйтæ, æрдзон фыдбылызтæ, æмæ-иу бæлццæттыл æрцыд зиантæ. 

Кувæндонмæ хæстæг къардиуы цур стыр лæгæт, бæлццæттæ арæх æхсæвиуат кодтой уым. Æхсæв-бонмæ сыл-иу ныхас бацайдагъ, райсомæй та-иу дарддæр сæ балцы кой кодтой. 

Афтæ равзæрд Ныхасы Уастырджийы кувæндон. 

Алы аз дæр Ныхасы Уастырджийы тыххæй сусæны мæйы фыццаг хуыцаубонтæй иуы арæзтой куывд. Уæлладжыргомæй дзы-иу тынг бирæ адæм уыд. Ныхасы Уастырджийыл-иу фæдзæхстой сæхи, сæ бæлццæтты, амондджын фæндæгтыл куыд цæуой, сæ къахфындз дæр куыд никæд ницæуыл скъуырой, æнæфыдбылыз, æнæмаст куыд уой. 

 

ХУЫЦАУЫ КУВÆНДОН.  

Цины уа, зианы уа, ирон фынджы уæлхъус хистæр фыццаджыдæр ссары Хуыцауы ном. 

Хуыцау сфæлдыста Нарты. Сфæлдыста зæхх, дон æмæ уæлдæф. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр Йæ фæндæй цæуынц. Хуыцауимæ схæцын йæ ныфс никуы ничи бахаста, никуы Йыл ничи фæуæлахиз. «Батрадз зæдтæ æмæ дауджытыл сегасыл дæр тых уыд, — загъд и Нарты кадджыты, — Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Нæ Йыл фæтых сты Нарт дæр æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд». 

Хуыцауы сызгъæрин хæдзар ис уæларвы æппæты бæрзонддæр ран, сызгъарин къæлæтджыны бады æмæ фæлгæсы дун-дунетæм. Йæ цæст дары зæхмæ, адæмы цардмæ æмæ амæндтæ уары. Хæрзиуæг ракæнын кæмæн хъæуы, уый дæр зоны. Æфхæрын кæй



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ