Æгас цу, Уазæг
Регистраци| Бацæуын
Внимание! При любом использовании материалов сайта, ссылка на www.ossetians.com обязательна!
Ирон Русский English



Проект по истории и культуре Осетии и осетин - iriston.com iudzinad.ru





Rambler's Top100 Индекс цитирования

УАЛДЗÆДЖЫ КОМЫТÆФ
< фæстæмæ  Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын

Дзасохты Музафер. 

 

УАЛДЗÆДЖЫ КОМЫТÆФ 

 

Фæззæджы бонтæй бирæ нал баззад. Цыппурс сæумæрайсом фесты æмæ та нымайыныл фæвæййы. Ноджы мæлæты даргъ дæр ныйисты. Сæ кæрон нал æмæ нал хæццæ кæны. 

– Райсом куы райхъал уон, – дзуры йæхицæн, – уæд ма мæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн... иу, дыууæ, æртæ. – Зæронд йæ галиу къухы æнгуылдзтæ йæ рахиз къухæй фæрсæй-фæрстæм армытъæпæныл æвæргæ цæуы, – цыппар... фондз боны. – Цыма æнгуылдзтæ фæстæмæ куы рараст уой, уымæй тæрсы, уый хуызæн сыл рахиз къухæй фидар ныххæцыд æмæ хъуыдыты ацыд. 

Уæд та Фæззæгмæ лæбурджытæ арвитид. Нæ, уый бæсты уал йæ лæггадгæнджытæм фæдзурдзæн. Ахæм заман Дымгæйæ сæрæндæр ничи вæййы, фæлæ уый дæр кæмдæр бафынæй, йæ хъæр, йæ цъист никæцæйуал хъуысы. Цыппурс йæ бынаты базмæлыд. Йæ сæр æмæ зачъеты чырс1 æрцæгъдгæйæ, сдзырдта: 

– Кæм стут, иу змæлæг дæр уæ куы нæуал ис!.. 

Дымгæ йæ уайтæккæ дæр базыдта, уымæ кæй дзуры. Пыхсбыны йæ сыбар-сыбур ссыд, æмæ уайтагъд Зæронды цур æрбалæууыд. 

– Дзырдтай мæм? 

– Дзырдтон дæм, дзырдтон! Кæм та дзæгъæлдзу кодтай? Кæм сты иннæтæ та.  

Дымгæ ныффæлурс, фыр тæссæй змæлын дæр нал уæнды. 

– Дæумæ дзурын æз! 

Хæрдмæ фæхауд. Сындæггай йæхи æддæдæр айсынмæ хъавыд, фæлæ йæ Цыппурс бамбæрста. 

– Хæстæгдæр-ма æрбацу, – фæфæлмæндæр Зæронды хъæлæс. – Зымæг кæй ралæууы, уый дæ цæмæн рох кæны?.. Фондз боны фæстæ дуне иууылдæр нæ къухты уыдзæн, уый æмбарыс!.. 

Цыппурсмæ йæхи уавæр дæр хорз нал фæкаст. Æрдæбонсарæй бадгæйæ кæй дзырдта, уый йæм хардзау æркаст æмæ уыцы цæрдæгхуызæй йæ ихынкъах бандонæй фестад æмæ Дымгæмæ дзуры: 

– Марадз-ма, мæ чырс мын æрцæгъд. Дымгæ цалдæр хатты йæ алыварс æрзылд æмæ йыл цæсты фæныкъуылдмæ иу уæлдай мур дæр нал аззад. Цыппурс лæгæтæй рацыд. Йæ алыварс йæ цæст ахæсгæйæ сдзырдта: 

– Цы уавæры ис быру? 

Дымгæ ацы быруйы хъуыддагмæ тынг рæвдз у. Алы аз дæр æй ногæй аразын фæхъæуы, æмæ йæ цæттæдзинады тыххæй йæхæдæг дзуапп фæдæтты. Зæронд дзы иу зыхъхъыр кæнæ иу гом бынат дæр ссардта, зæгъгæ – бæстæ йæ сæрыл сисы. 

Знон изæрмæ Дымгæ кæм нæ балæууыд, ахæм нал баззад. Иуæндæс æмæ ссæдз ставд быцæуы æвæрд кæмæ ис, уыцы быруйыл æй зилын бахъуыд. Иу быцæуæй иннæйы æхсæн цыппар æмæ ссæдз михы сагъд, уыдоныл мингай уистæ быд. Алы быцæу, алы михы фидардзинадмæ дæр дзы дзæбæх æркæсын хъуыд. Æмæ бафæллад. Иу чысыл йæхи æруагъта, æмæ дын уый йæ фæлладуагъд. Зæронд та йæм фæдзырдта. 

– Ницы йын у, – дзуапп радта Дымгæ. 

– Ома, куыд «ницы йын у»? 

Зæронд Дымгæйы ныхæстыл ахуыр у. Цыдæр хъуагдзинæдтæ ма дзы кæй бафиппайдта, уый уайтæккæ дæр базыдта. 

– Иуæй-иу ран быцæутæ мæнгæфсон сагъд сты, михтæй дæр, змæлгæ чи кæны, ахæмтæ ис. 

Цыппурс йæ лæдзæг райста æмæ йæ зæххыл æрцавта. Цалдæр дихы фæци. Йæ маст рафыхт: 

– Уый уын уæ митæ!.. – сдзырдта, лæдзæджы сæстæгтæм æркæсгæйæ. – Фæхудинаг мæ кæндзыстут. Мæ лæдзæг дæр æддæгуæлæ куынæ хæцы, уæд ма уæ быцæутæ та цы уыдзысты!.. 

Дымгæ лæгæты фæмидæг æмæ тæккæ рæбинагдæр къуымæй айнæгцъæх ставд лæдзæг радавта. Цыппурс та уымæй дæр зæхх нытътъæпп кодта, фæлæ ацы хатт нал асаст. 

– Ныртæккæ-ма ардæм фæдзур Дон, Их, Тымыгъ, Мит, Уад æмæ Хъызтмæ. 

Дымгæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ фæцагайдта. Цыбыр рæстæгмæ хъæды къуымты æрзылд æмæ сæ Цыппурсы цур æрбалæууын кодта. Зæронд сыл уайдзæфгæнæгау йæ цæст æрхаста. Донмæ фæкомкоммæ: 

– Зымæджы ралæууынмæ ма цал боны баззад? 

Доны уæлцъар анцъылдтæ. Йæ хъуыдытæ сæмхæццæ сты. Хъызт ын йæ хъусы бадзырдта: 

– Фараст... Зæронд æй айхъуыста. 

– Фараст, зæгъыс? 

– О, – фæцырд Хъызт. 

– Уæдæ уымæн афтæ æнæмæтæй бадут уæ дыууæ дæр? – тынгæй-тынгдæр мæсты кæны Цыппурс. 

– Фондз боны йеддæмæ нал баззад, Дада, – сдзырдта Мит, цыма не 'мбæлттæ раст кæй нæ загътой, уым исты аххосджын у, уый хуызæн. 

– Дæ хъуыддаг раст, – фæбузныг дзы Цыппурс. – Æрмæстдæр ма фондз боны, æмæ дуне иууылдæр мах уыдзæн. Хъæдтæ æмæ быдыртæ, хæхтæ æмæ дæлвæзтæ... Иууылдæр митын дарæсы уыдзысты, тымыгъы хъæлæсæй зардзысты, уадын бæхтыл уайдзысты, ихын фæндæгтыл згъордзысты... 

Зæронд та йæ цæстæнгас Доныл æрæвæрдта: 

– Ды та нырма райвæз-байвæз кæныс!.. Иууылдæр мæнмæ хъусут. Æз цы зæгъон, уый уæм Дымгæ хæццæ кæндзæн. «Дон» дæ ном хуыйны, фæлæ дæ мах заман уый хъуамæ ферох уа. Мах доныл уыйас тыхст не стæм. Их у, Их, нæ дарæг дæр æмæ нæ ныфс дæр. Нæ быцæутæ дæр, нæ уистæ дæр, нæ михтæ дæр – иууылдæр ихæй конд сты, æмæ хъуамæ мах пайдайæн кусай. Хæстæгдæр æртæ мæйы Хъызт уыдзæн дæ хицау, æмæ дын цыдæриддæр зæгъа, уый кæн. Бамбæрстай? 

– О, – сдзырдта Дон æмæ йæ уæлцъарыл цалдæр тымбыл зиллаччы кæрæдзийы хуылфы базмæлыдысты. 

– Ныр та цомут, æмæ нæ быруйы уавæрмæ лыстæгдæр æркæсæм. 

Бон-изæрмæ сæ зæххытыл фæзылдысты. Цыппурс дзы Дымгæйæ фылдæр аиппытæ ссардта. Быцæутæ кæрæдзимæ æмхуызон дард æвæрд нæ разындысты, ранæй-рæтты тæлмытæ уыдысты зылын-мылынтæ, кауы сæр митæй хорз æмбæрзт не ‘рцыд. 

Изæрæй та лæгæты цур æрæмбырд сты. 

– Ацы бонты уæ хъæддыхдæр фæлæууын бахъæудзæн, – сдзырдта, къæлæтджыныл йæхи æруадзгæйæ, Цыппурс. – Нæ Урсбоцъо фыд – Зымæг нæм бæрæггæнæг цы сахат фæзындзæн, уый зын зæгъæн у. 

Дымгæ Тымыгъы хъусы цыдæртæ дзуры. Салдбоцъо Дада йæм фæкомкоммæ: 

– Дымгæ, исты зæгъынмæ хъавыдтæ? Дымгæ фæхъус. Иу цасдæр æнæуынæрæй алæууыд, стæй Цыппурсы цур алæууыд: 

– Фæззæгмæ лæбурджытæ не 'рвитæм?.. Дада йæ зачъетæ адаудта: 

– Уый мæхи зæрды дæр уыди, фæлæ цалынмæ нæ быруйы цæттæдзинад нæ федтон, уæдмæ мæ ныфс нæ бахастон. Ахсæв ма уæ алчидæр дзæбæх бакусæд. Хъызт, Дон кæцырандæриддæр ис, уæлдайдæр та бырумæ хæстæг, уым æй их фестын кæн. Мит, кауы сæр ма зæрдæхсаинаг кæм у, уым æм базил. Уад æмæ Тымыгъ, кæрæдзийы къухтыл ныххæцут, быруйы фæрстыл иу уæлдай зылын уис дæр куыннæуал зына, ууыл бацархайут, иунæг зыхъхъыр, иунæг гом бынат дæр дзы мауал ныууадзут. 

Зæронд йæ бынатæй сыстад. Дымгæ йын лæгæты дуар байгом кодта. Цыппурс ма къæсæргæрон фæстæмæ ракаст: 

– Цæугæут ныр. Ахсæв бонмæ иу минут дæр дзæгъæл бадт ма фæкæнут. 

Дыккаг райсом Зæронд æхсæвыцъæхæй йæ къæхтыл лæууыд. Ацы хатт Дымгæмæ дзурын нал бахъуыд, йæхæдæг æм фæраздæр. 

– Куыд сты нæ хабæрттæ? 

– Тынг хорз! – дзуапп радта Дымгæ. – Нæ быру æндоны хуызæн фидарæй лæууы. Кæцырдыгæй йыл мæхи нæ рауагътон, ахæм нал баззад, фæлæ дзы иу хуынчъы алæсын дæр мæ бон нал баци. 

– Лæбурджытæ кæй арвитæм? – бафарста Урсбоцъо Дада. 

– Мæнмæ гæсгæ, Миты... 

– Иунæгæй ницы бакæндзæн, – хъуыдыты аныгъуылгæйæ, сдзырдта Зæронд. 

– Æмæ æз дæр иунæгæй нæ зæгъын. 

– Уæдæ йын кæй арвитæм йемæ? 

– Кæнæ Тымыгъы, кæнæ Уады. 

– Тымыгъ цыма тынгдæр сарæхсдзæн, афтæ мæм кæсы. 

– Æз ныртæккæ уымæ дæр æмæ Митмæ дæр фæдзурдзынæн. 

– Тымыгъ-иу йæ æхситгæнæн дæр йемæ рахæссæд, – йæ фæдыл ма адзырдта Салдбоцъо. 

– Æвæццæгæн æй бамбæрстат, цæмæн уæм фæдзырдтон, уый, – загъта Цыппурс, Мит æмæ Тымыгъ куы фæзындысты, уæд. 

– Фæззæгмæ уæ лæбурæг æрвитын, – дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй загъта Цыппурс. – Уадз æмæ цырддæр февнала, кæннод та йæ хор æмæ йæ иннæ бæркад æрдæгæфснæйдтытæй баззайдзысты. Мах фыдæй йыл куы ницы æрцæуы, уæддæр аххос Зымæджы æккой баппары. 

– Мах ын ныртæккæ бацамондзыстæм! – йæ æхситгæнæны ныффутт кодта Тымыгъ. 

Цыппурс æй фæурæдта: 

– Тагъд ма кæн. Фæззæг дæр Афæдзы хъæбул у æмæ хъуамæ цардæй исты фена. Æрмæст йæ зарæг иуæй-иу хатт ныддæргъвæтин вæййы, æмæ уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. 

Цыппурс йæ лæдзæг мусонджы фарсмæ фæбыцæу кодта, йæ къахфындзтыл слæууыд æмæ, къухаууонæй акæсгæйæ, сдзырдта: 

– Далæ-ма уымæ акæс.... – Йæ мидбылты худгæйæ йæхицæн куыд зары... Зымæг йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Ницæмæ нæ дары, æмæ йыл уæхи ауадзут. Уадз æмæ бамбара, ацы зæххыл ма уымæй дарддæр змæлджытæ кæй ис. Æрмæст кæрæдзийæ ма фæхицæн ут, кæннод иугæйттæй афтæ тæссаг нæ уыдзыстут. Фыдмийæ мацы бакæнут. Хуымтыл азилут, быдыртыл уæхи ауадзут, æмæ сын æрмæст уый дæр фаг уыдзæн, цæмæй рæвдздæр февналой æмæ быдырты æнæфснайдæй мацы баззайа. 

Тымыгъ Миты мингай гæлæбутæ йæ базыртыл авæрдта æмæ Фæззæгмæ фæцагайдта. 

Изæрæй æнафон æрбаздæхтысты. Цыппурс сæ сæ фæллад уадзынмæ арвыста. 

Дымгæ ма йæ цуры æнæзмæлгæйæ лæууыд. Зæрондмæ йæ лæгæтмæ цæуыны зонд куы нæ уыд, уæд ма йын цы бамбарын хъуыд, йæ зæрды ма цыдæр зæгъын кæй ис. 

– Табу Хуыцауæн, сæ хортæ иууылдæр æфснайд фесты. Ныр сыл ауæрдын нал хъæуы, – загъта ихбоцъо Дада æмæ Дымгæмæ баздæхт: 

– Ныртæккæ Хъызты ам æрбалæууын кæн. Дымгæ йæ бæхыл абадт. 

Фæстæмæ дыууæйæ æрбалæууыдысты. 

– Æнцад бадынæй нæма сфæлмæцыдтæ? – фæрсы Хъызты. 

– Æз цæттæ дæн цыфæнды куыстмæ дæр, – йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд Хъызтæн. 

– Ахсæв дæ дæ тыхтæ фæлварын бахъæудзæн. 

Цыппурс йæ зачъетæ æрдаудта, æмæ йæм мæлæты хъæбæр фæкастысты. Хъызт æгæр хæстæг кæй æрбалæууыд, уый сыл уайтæккæ дæр фæзынди. 

– Фæззæг кæм цæры, уый ма хъуыды кæныс? – бафарста Цыппурс. 

– Тынг дзæбæх. 

– Уæдæ бавдæл, æмæ уырдæм ныффардæг у. Уæлвæзæй-дæлвæзæй, хохæй-быдырæй дзы иуы дæр ма ферох кæн. Дæ уазал комытæф сыл ауадз. Уадз æмæ нæ стъæлфой. 

– Уый дын мæ быгъдуан, – йæ базыртæ фæпака кæнгæйæ, дзуапп радта Хъызт. 

– Æрмæст райсом раджы фæстæмæ ам куыд уай, афтæ. Уымæй фылдæр рæстæг дзы нæма хъæуыс. 

– Хорз, – сдзырдта Хъызт æмæ Фæззæгыл йæхи айтыгъта. 

Цыппурс æхсæв-бонмæ йæ хуыссæны рафт-бафт фæкодта. Марадз-зæгъай, кæд æм хуыссæг æмгæрон æрцыди. Куыддæр арвгæрон зына-нæзына фæрухс, афтæ лæгæты дуар йæ фæдыл ахгæдта. Йæ алыварс Хъызты фæдтæ мæлæты тынг зындысты, йæ цæст кæй онг æххæсти, уым иууылдæр ныссалд. Дымгæ Цыппурсы ауыдта æмæ йæм аивæй йæхи байста. Цыппурсы зæрдæмæ фæцыд, афтæ раджы кæй сыстад, уый, фæлæ дзургæ ницы скодта. 

– Хъызты фæдтæй бæстæ куы байдзаг, уæд йæхæдæг кæм ис? – бафарста Зæронд. – Æви цæугæ дæр нæма акодта? 

– Мах Тымыгъимæ йемæ æмбисвæндагмæ фæцыдыстæм. Йæхи афтæ тызмæгæй равдыста, æмæ йæ уазал махмæ дæр æрбахæццæ. 

– Æгæр æрæгмæ цæуы, – Фæззæджы зæхмæ йæ цæстæнгас саразгæйæ, загъта Цыппурс. – Фæлæ, æнхъæлдæн, дæлæ ссæуы. 

Дымгæ йæ къæдзилыл алæууыд æмæ фæндагмæ акаст. 

– Уый у, – бацин кодта Дымгæ æмæ йæ размæ фæцагайдта, – æз æй ныртæккæ ам æрбалæууын кæндзынæн. 

Дымгæ уайтæккæ дæр фæллад Хъызты цур балæууыд, æмæ йæ йæ фæсарц авæрдта. 

– Куыд æрæгмæ цыдтæ? – бафарста йæ Цыппурс, йæ цурмæ куы схæццæ сты, уæд. 

– Иу чысыл афæстиат дæн, – дзуапп радта Хъызт. – Адæммæ тынг смæсты дæн. Бирæтæ сæ фос скъæты бакæныны бæсты кæрты ныууагътой. Кæмæндæрты та ма суанг быдыры дæр баззадысты, æмæ сæ цалынмæ сæ бынæттыл сæмбæлын кодтон, уæдмæ мæхиуыл фæхæцыдтæн, кæннод басыдаиккой. Уæдæ сырдтæ дæр мæгуыр сты. Йæ хуыггоммæ дард чи уыд, уыдоныл хъавгæ мæхи ауагътон, æмæ афоныл сæ хæдзæрттæ бацагуырдтой, стæй уый фæстæ мæ хъару æвдисынмæ фæдæн. 

– Гъемæ тынг раст бакодтай, – раппæлыди дзы Цыппурс. – Æгъатырдзинад тыхджыны нысан нæу. 

– Фæлæ тынгдæр кæрдоты тыххæй бафæстиат дæн, – дзырдта дарддæр Хъызт. – Иу дыргъдоны уыйбæрц бурбурид кæрдотæ уыд, æмæ сæм кæд кæсыныл нæ фæдæн. Мæ цæст сæм хæстæг бацæуын нæ уарзта. Хæдзары алыварс разил-базил систон, фæлæ мæ дзы хъуыды дæр ничи кодта. Уæд цавæр у, дæ бæлæстæ æлæмы2 хуызæн æрзайæнт, æмæ сæ афоныл ма бафснай. Ноджы ма мидæгæй бинонты зарын дæр куы нæ хъуыстаид. Стæй сæ тæккæ фындзы бын кæй дæн, уый дæр куы нæ зыдтаиккой. Тынг сæм смæсты дæн. Бæлæстыл мæхи атыхтон, æмæ дæ балгъитæг афтæ. Се 'мбисæй фылдæр басыд. 

– Афтæ сын хъуыди, – йæ боцъойыл йæ къух æруагъта Цыппурс. – Хорзæй чи не 'мбары, уыимæ ахæм æвзагæй дзурын хъæуы. Ацу ныр, баулæф. Куыддæр дæ фæллад ссæуа, афтæ ног ныббырстмæ дæхи цæттæ дар. 

Цыппурс йæ лæгæтмæ бацыди. Цалдæр боны æддæмæ нал ракаст, уымæн æмæ йæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдта. Зымæджы фыццаг бон йæ бæрæгбоны дарæс скодта, йæ рæсугъддæр лæдзæг йæ къухы райста æмæ уынгмæ рахызт. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Дон их фестади, Дымгæ – сыф-сыф, Уад – къуыззитт, Мит – фæлдзæгъдæн, Тымыгъ – зилдух. Цыппурсмæ уазæгуаты æрцыди Зымæг йæхæдæг. Дыууæйæ фæзылдысты сæ зæххытыл æмæ фыр буцæй сæ цъенгæих зачъетæ даудтой. 

– Бузныг, мæ хъæбул, – загъта рæвдаугæ хъæлæсæй Зымæг. – Мæ зæрдæ мын барухс кодтай, мæ цæстыты дзаг дæ ракастæн. Хæрз цæттæйæ сæмбæлдтæ дæ рæстæгыл. Иннæ азты-иу дæм аиппытæ уыд, фæлæ ныр зæрдиагæй бакуыстай. Дæ дæлбартæ дæр дæм хорз хъуыстой. Мæ номæй сын-иу арфæ ракæн... 

Иуæндæс æмæ ссæдз боны фæцыди йæ салд къæхтæй Цыппурс салд зæххыл, стæй йæ бартæ Тъæнджы мæймæ радта. 

– Æппæты фыццаг бацархай фидар кау сбийыныл, – фæдзæхста йæ кæстæр æфсымæрæн Цыппурс. – Иуæндæс æмæ йæм ссæдз стыр быцæуы сæвæр, раст дæ царды бонтæ цæйбæрц сты, уыйбæрц, быцæуæй быцæуы æхсæн та цыппар æмæ ссæдз михы ныссадз, уал сахаты ис алы боны дæр. Уистæ дæ дзæвгар фылдæр бахъæудзæн, фæлæ уыдоны нымæц дæр зындгонд у – цыппор цыппар мины æхсæзсæдæ цыппор – уал минуты у дæ цæрæнбон. Иу къаддæр дæр нæ, æмæ иу фылдæр дæр. Мæнæ дын Дымгæ дæр феххуыс кæндзæн. 

Аивгъуыдта та Тъæнджы мæй дæр. Æртхъирæнтæгæнæн мæй, йæ хистæр æфсымæрты ныфсæй уæндон уæвгæйæ, къæрццытæ кæнынмæ бавнæлдта. Адæмы йæ разæй айсы: «Æз уын афтæ бакæндзынæн, æз уын иннæрдæм фæуыдзынæн!» Сырдты скъуымбил кæны йæ разæй: «Чи куыдз, чи хæрæг, йæ хуыггомæй æддæмæ кæсын чи бауæндыд!..» Æппæты тынгдæр та сывæллæттæм æвзиды: «Йæхи хъуыдыйы дæр ма уæ исчи ракæсæд, кæддæра йын æз цы митæ бакæнин!..» 

Рæстæг куыд фылдæр цыди, афтæ йæ ныхæстæ йæ хъуыддæгтимæ нал иу кодтой. Уад æмæ йæм Тымыгъ фыццагау нал хъуыстой, Хъызт æмæ Дымгæ йæ коммæ нал кастысты. Дон æмæ Мит та бынтон æддæг-мидæг ауадысты. Чи дзы кæцы уыд, уый равзарæн нал уыд. Дон Митимæ куы балымæн вæййы, уæд дзы Ихмæ ныхасы бар нал фæхауы. Сæ дзырд кæрæдзиуыл куы нæуал бадт, уæд сæ Æртхъирæнтæгæн мæй йæ лæгæты цурмæ æрæмбырд кодта. Æмæ та йын æрæмбырд кæнын дæр æнцонæй куы бакуымдтаиккой. Алы æфсæнттæ йын кодтой. Чи загъта: «рынчын дæн», кæмæн йæ сæр рыст, кæуыл хуыфæг бахæцыд. Æппынæрæджиау уæддæр æрæмбырд сты. 

– Фæхудинаг мæ кодтат, – райдыдта Æртхъирæнтæгæнæн мæй. – Хынджылæггаг мæ сарæзтат! Æддæмæ ракæсын мæ цæсгом нал хъæцы. Адæм мыл худын райдыдтой. Хиппæлой мæ хонынц. Суанг ма мын ном дæр æрхъуыды кодтой – Æртхъирæнтæгæнæн мæй. Сырдтæ мæ ницæмæуал дарынц, сывæллæттæн худæджы хос фестадтæн... 

Йæ дæлбартæ аххосджынтау лæууыдысты. 

– Сымахæй та иумæ дæр нæ хъары. 

– Хъаргæ нæм бæргæ кæны, – куы ничи ницы дзырдта, уæд æппынфæстаг загъта Дымгæ, – фæлæ цы нæ бон у... 

– Куыд цы нæ бон у? Мæ хистæр æфсымæртæн дзæбæх куы лæггад кодтат, уæд уыл ныр цы 'рцыди? 

– Иууылдæр быруйы аххос у. 

– Цавæр быруйы? 

– Уалдзæгæй мах æхсæн цы быру ис, уыцы быруйы аххос. 

– Цыппурсæн дæр æмæ Тъæнджы мæйæн дæр раст ахæм бырутæ куы уыдис. 

– Бынтон ахæмтæ нæ уыдысты. 

– Куыннæ уыдысты? 

– Уыдонæн сæм иуæндæс æмæ ссæдзгай быцæутæ арæзт уыд, махæн та йæм аст æмæ ссæдз йеддæмæ нæй. Æнæбыцæу кау афæлдæхы, æмæ нæм ууылты Уалдзæг сыффытт кæны. 

– Æмæ мын æй ныронг цæуыннæ загътай? – мæстыхуызæй фæхъæр кодта Æртхъирæнтæгæнæн мæй. – Æз Зымæгмæ бацыдаин æмæ ма дзы уыцы æртæ быцæуы ракуырдтаин. 

– Мах æм бирæ фæцыдыстæм, æмæ нын дзы ницы рауад. Æрмæст ма нын иу хъуыддагæй феххуыс: алы цыппар азæй цыппар азмæ дæр нын нæ быцæутыл иу бафтауы æмæ дæ размæ цы Æртхъирæнтæгæнæн мæйтæ царди, уыдонæн тынг æххуыс фæвæййы. Иу быцæу фылдæр сæ кæмæ æрхауы, уый кау даргъдæр рауайы, æмæ нæм Уалдзæгæй къаддæр æрбахæццæ вæййы, æмæ уый тыххæй махæн дæр фылдæр бантысы. 

Дымгæйы ныхæстæ Æртхъирæнтæгæнæн мæймæ тынг бахъардтой. Ноджы быруйыл куы 'рзылд, уæд йæхи цæстытæй федта, цалдæр кулдуары йас дзы гомæй кæй лæууыд. Уыцы ран йæхи бон дæр бирæ лæууын нæ баци. Кæд дзы Уалдзæгæй галы комытæфы бæрц йеддæмæ нæ калди, уæддæр ын тынг тых кодта. Фæстæмæ лæгæты цурмæ æрбацыдысты. 

– Уæдæ ныр цы чындæуа... – сагъæсы бацыд Æртхъирæнтæгæнæн мæй. 

– Зымæгмæ цæуынæй ницы пайда ис, – загъта Дымгæ. – Дæу размæ дæр æм сæ хъаст бирæтæ бахастой, фæлæ дзы никæмæн баххуыс кодта, уымæн æмæ быцæутæ иууылдæр рагацау уæрст æрцыдысты. 

– Ехх! – ныхъхъæрзæгау кодта Æртхъирæнтæгæнæн мæй. – Мæнмæ Уалдзæгæй галы комытæфы бæрц куы нæ фæхæццæ уыдаид, уæд дуне иууылдæр их фестын кодтаин!.. 

 

 

Фиппаингтæ: 

 

1. Чырс – халас (уырыс. «иней, изморозь»). 

2. Æлæм – ам: бæркадджын, хъæздыг. Æлæм баст у марды кæндтимæ. Кодтой йæ бадæнтæм, зазхæссæнтæм, марды номыл дугътæм. Дыргътæ æмæ адджинæгтæ-иу æндахыл бакодтой, сарæзтой иу-сæ тырысагонд кæнæ нæлгоймаджы хæдоны хуызæн. Бафтыдтой-иу æй егъау хъилыл кæнæ бæласгондыл. Радтой-иу æй дугъæтты хистæрмæ. Уый йæ уигъгæ скъæфта. Сывæллæттæ-иу дугъæтты фæстæ згъордтой, адджинæгтæ, дыргътæ уидзгæ.  



 Фиппаинæгтæ (0)      Мыхуыры рауадзын
 
Зындгонд ирæттæ